Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

23 ЗАРӔГ

Йегъовӕйы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста

Йегъовӕйы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста

(Раргомад 11:15)

  1. 1. Кадджын Хуыцауӕн йӕ Фырт

    Хицау ’мӕ Паддзах у ныр.

    Уый у йӕ уарзон Фырт, кад ын кӕнут!

    Хъӕлдзӕг ныр алчидӕр уӕд,

    Арфӕ Хуыцауӕн кӕнӕд –

    Сфидар йӕ Паддзахад, Чырысти Паддзах у.

    БАЗАРД

    Раст тӕрхон, сабырдзинад зӕхмӕ

    ’Рхӕсдзӕн Хуыцауы Паддзахад.

    Стӕй ма йӕ Паддзахад ӕрхӕсдзӕн

    Амонд ӕмӕ ӕнусон цард.

    Кадджын кӕн Ыстыр Хуыцауы,

    Иузӕрдион у йӕ уарзт.

  2. 2. Йесо ныр архайы, зон.

    Хӕстӕг у Армагеддон.

    Нал уыдзӕн Хӕйрӕджы дугӕн йӕ кой.

    Цӕй ӕмӕ хъусын кӕнӕм,

    Сабыртӕн баххуыс кӕнӕм,

    Слӕууой Хуыцауы фарс ӕмӕ йӕ дӕлбар уой.

    БАЗАРД

    Раст тӕрхон, сабырдзинад зӕхмӕ

    ’Рхӕсдзӕн Хуыцауы Паддзахад.

    Стӕй ма йӕ Паддзахад ӕрхӕсдзӕн

    Амонд ӕмӕ ӕнусон цард.

    Кадджын кӕн Ыстыр Хуыцауы,

    Иузӕрдион у йӕ уарзт.

  3. 3. Паддзахы кадджын кӕнӕм,

    Мах ыл ӕнувыд ыстӕм.

    Уый у Хуыцауӕй, нымайӕм ӕй мах.

    Ссарӕм Йегъовӕйы ном,

    Кад ын кӕнӕм алы бон.

    Алцыдӕр бакӕндзӕн йӕ Фырты бар уый тагъд.

    БАЗАРД

    Раст тӕрхон, сабырдзинад зӕхмӕ

    ’Рхӕсдзӕн Хуыцауы Паддзахад.

    Стӕй ма йӕ Паддзахад ӕрхӕсдзӕн

    Амонд ӕмӕ ӕнусон цард.

    Кадджын кӕн Ыстыр Хуыцауы,

    Иузӕрдион у йӕ уарзт.