Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

20 ЗАРӔГ

Ды радтай дӕ уарзон Фырты

Ды радтай дӕ уарзон Фырты

(1 Иоанны 4:9)

  1. 1. Нӕ Хуыцау, Йегъовӕ,

    Нӕ нын уыд раздӕр ныфс.

    Цы нывонд ӕрхастай,

    Уый нын ныфс дӕтты!

    Ныр мах дӕуӕн цӕрӕм,

    Дӕуӕн лӕггад кӕнӕм.

    Мах дзурӕм алкӕмӕн,

    Ныфс сын кӕй дӕттыс ды.

    БАЗАРД

    Ды бафыстай стыр аргъ

    Дӕ уарзон Фырты цард.

    Нӕ зарӕг у дӕ кадӕн,

    Дӕ лӕвар махӕн у зынаргъ.

  2. 2. Дӕ хӕрзтӕй, дӕ уарзтӕй

    Рӕвдауыс абон мах.

    Стӕм демӕ хӕлӕрттӕ,

    Уый нын у зынаргъ.

    Фӕлӕ дӕ лӕвӕрттӕй

    Зынаргъдӕр, стырдӕр нӕй,

    Дӕ Фырт кӕй ’рцыд, цӕмӕй

    Цӕрӕм ӕнустӕм мах.

    БАЗАРД

    Ды бафыстай стыр аргъ

    Дӕ уарзон Фырты цард.

    Нӕ зарӕг у дӕ кадӕн,

    Дӕ лӕвар махӕн у зынаргъ.

    КӔРОНБӔТТӔН

    Нӕ Хуыцау, Йегъовӕ, куыд бузныг дӕ ыстӕм,

    Дӕ уарзон хъӕбулы мах тыххӕй кӕй рарвыстай.

(Ноджыдӕр кӕс Иоан. 3:16; 15:13.)