Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

139 ЗАРӔГ

Кӕс-ма, ног дуне!

Кӕс-ма, ног дуне!

(Раргомад 21:1–5)

  1. 1. Кӕс-ма, ды дӕр ӕмӕ ӕз дӕр

    Дзӕнӕты стӕм, сты уым иннӕтӕ дӕр.

    Кӕдӕй-уӕдӕй цӕрыс фӕрнӕй,

    Уыныс ӕцӕг цард дӕхи цӕстӕй!

    Фыдгӕнджытӕ уым нал уыдзӕн –

    Зӕххыл уӕд алчи рӕстӕй цӕрдзӕн.

    Ӕрцыди рӕстӕг, цӕмӕй алцы уа ног!

    Нӕ зарӕгӕй сисӕм

    Хуыцауы кад бӕрзонд:

    БАЗАРД

    «Йегъовӕ Хуыцау, куыд бузныг дӕ стӕм!

    Дӕ Фырты руаджы ысног и ӕппӕт!

    Уадз айхъуысӕд ныр алкӕм нӕ зарӕджы зӕлд.

    Ӕрмӕстдӕр дӕумӕ ’мбӕлы кад ӕмӕ ӕппӕлд!»

  2. 2. Уыныс ды дӕр, уынын ӕз дӕр

    Хуыцауы ног дуне ’гас зӕххыл дӕр.

    Ныр ма кӕнӕд дӕ зӕрдӕ мӕт –

    Нӕ баззад тас ӕмӕ мастӕй фӕд.

    Хуыцауы фӕнд ныр сӕххӕст ис,

    ’Мӕ нал дӕр хъарӕг и, нал дӕр рис.

    Чи амарди, уыдоны райгас кӕндзӕн,

    Уӕд зардзысты немӕ,

    нӕ зарӕг уӕд нӕрдзӕн:

    БАЗАРД

    «Йегъовӕ Хуыцау, куыд бузныг дӕ стӕм!

    Дӕ Фырты руаджы ысног и ӕппӕт!

    Уадз айхъуысӕд ныр алкӕм нӕ зарӕджы зӕлд.

    Ӕрмӕстдӕр дӕумӕ ’мбӕлы кад ӕмӕ ӕппӕлд!»