Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

135 ЗАРӔГ

Йегъовӕ фӕлмӕнӕй дзуры: «Зондджын у, мӕ хъӕбул»

Йегъовӕ фӕлмӕнӕй дзуры: «Зондджын у, мӕ хъӕбул»

(Ӕмбисӕндтӕ 27:11)

  1. 1. Ӕрыгӕттӕ, раттут

    уӕ зӕрдӕтӕ мӕнӕн.

    Уӕ фидар фӕнд ме знаг

    йӕхи цӕстӕй уындзӕн.

    Уӕ хъару, уӕ тых мын

    ӕнӕвгъауӕй дӕттут.

    Ӕппӕт дуне зонӕд,

    мӕн тыххӕй кӕй цӕрут.

    БАЗАРД

    Мӕ буц хъӕбул! У зондджын алкӕд,

    Мӕ зӕрдӕ дӕ куыд рухс кӕна.

    Дӕ лӕггад мӕнӕн кад хӕсдзӕни,

    Кӕд дын ӕппӕт зӕрдӕйӕ уа.

  2. 2. Рӕдауӕй мын раттут,

    хуыздӕрӕй уӕм цы ис.

    Ӕххуыс уын кӕндзынӕн

    зын рӕстӕджыты ӕз.

    Кӕд уӕ искуы исчи

    фӕфыдӕнхъӕл кӕна,

    Уӕддӕр зонут алкӕд:

    мӕнӕн ыстут зынаргъ.

    БАЗАРД

    Мӕ буц хъӕбул! У зондджын алкӕд,

    Мӕ зӕрдӕ дӕ куыд рухс кӕна.

    Дӕ лӕггад мӕнӕн кад хӕсдзӕни,

    Кӕд дын ӕппӕт зӕрдӕйӕ уа.