Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

100 ЗАРӔГ

Уазӕгуарзон ут

Уазӕгуарзон ут

(Хъуыддӕгтӕ 17:7)

  1. 1. Йегъовӕ у цӕстуарзон ӕмӕ рӕдау.

    Йӕ уарзтӕй алкӕй тавы фӕлмӕн фыдау.

    Уый никӕй уадзы цух,

    лӕвар кӕны ӕдзух

    Къӕвда ’мӕ хур, бӕркад ӕмӕ фарн.

    Ӕххуыс кӕй хъӕуы, уый фарсмӕ балӕууӕм,

    Хуыцауы мах йӕ хъӕбултау бафӕзмӕм.

    Нӕ Фыд дӕр уый уындзӕн,

    йӕ хӕрзтӕй нын дӕтдзӕн,

    Нӕ хорздзинадӕн скӕндзӕни аргъ.

  2. 2. Ыстыр хӕрзтӕ ӕнӕмӕнг ӕркӕрддзыстӕм,

    Кӕд алкӕмӕн зын сахат ӕххуыс кӕнӕм.

    Ӕнӕзонгӕ куы уой,

    уӕд дӕр сын уӕм ӕнцой.

    Цы нӕм ис, уый нӕ кӕнӕм ӕвгъау.

    Уӕм уазӕгуарзон Лидийау алкӕддӕр,

    Нӕ къонайы фарн батавӕд алкӕй дӕр.

    Нӕ Фыд ӕрвтӕй уыны,

    зӕххыл ӕй чи фӕзмы.

    О, уыдонӕй у райгонд Хуыцау.