Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ЙЕРЕМИ 12–16

Израил ферох кодта Йегъовӕйы

Израил ферох кодта Йегъовӕйы

Йегъовӕ Йеремийӕн цы зын хъуыддаг бахӕс кодта, уымӕй бамбарын кодта, хивӕнд ӕмӕ сӕрбӕрзонд Иудӕйы ӕмӕ Иерусалимы цӕрджыты кӕй бафхӕрдзӕн.

Йереми кӕттаг рон балхӕдта

13:1, 2

  • Рон астӕуыл ӕнгом баст кӕй уыд, уый ӕвдыста, Йегъовӕ ӕмӕ йӕ адӕм тынг ӕввахс уой, уымӕн гӕнӕн кӕй уыд

Йереми рон Евфраты цӕугӕдонмӕ ахаста

13:3–5

  • Къӕдзӕхы скъуыды йӕ бамбӕхста ӕмӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхт

Йереми ногӕй Евфраты цӕугӕдонмӕ ацыд, цӕмӕй фӕстӕмӕ рон райстаид

13:6, 7

  • Рон бамбыд

Йегъовӕ Йеремийӕн хабар бамбарын кодта, цы йын бахӕс кодта, уый куы сӕххӕст кодта, уый фӕстӕ

13:8–11

  • Кӕд дзырд цыдӕр хъуымацы гӕбазыл цыди, уӕддӕр Йереми Йегъовӕйы ныхасмӕ ӕнӕзивӕгӕй байхъуыста; афтӕмӕй Йегъовӕ йӕ адӕмӕн бамбарын кодта, цы уавӕры уыдысты, уый