Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Хуыцауы миниуджытӕ уыныс?

Хуыцауы миниуджытӕ уыныс?

Рӕсугъд дидинӕгмӕ, стъалыджын арвмӕ кӕнӕ стыр ӕхсӕрдзӕнмӕ куы фӕкӕсыс, уӕд нӕ ахъуыды кӕныс, ацы диссӕгтӕ чи сфӕлдыста, ууыл? Дун-дунейы цыдӕриддӕр ис, уымӕй Хуыцауы миниуджытӕ ирдӕй зынынц (Ро 1:20). Хуыцау цы сфӕлдыста, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ын фенӕм йӕ миниуджытӕ – тых, уарзондзинад, зонд, рӕстдзинад ӕмӕ рӕдаудзинад (Пс 104:24).

Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдонӕй алы бон дӕр цы феныс? Кӕд горӕты цӕрыс, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, цъиутӕ кӕнӕ бӕлӕстӕ феныс. Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгтӕм лӕмбынӕг куы кӕсӕм, уӕд къаддӕр мӕт кӕндзыстӕм, ахсджиагдӕр цы у, ууыл хъуыды кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ тынгдӕр уырндзӕн, Йегъовӕ ныл алкӕддӕр кӕй тыхсдзӕн (Мф 6:25–32). Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд сын ӕххуыс кӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы диссаджы миниуджытӕ уыной. Нӕ алыварс цы ис, уымӕй цас тынгдӕр бузныг уӕм, уыйас не Сфӕлдисӕгмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм (Пс 8:3, 4).

БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЧУДЕСА ТВОРЕНИЯ ПРОСЛАВЛЯЮТ БОГА. СВЕТ И ЦВЕТ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТУТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Нӕ бон хуызтӕ ӕвзарын цӕй фӕрцы у?

  • Хуызтӕ цӕмӕн аивынц?

  • Арвыл алыхуызон хуызтӕ цӕмӕн вӕййы?

  • Дӕ алыварс цы диссаджы хуызтӕ ис, уыдонӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцы цӕуы?

  • Рӕстӕг-иу цӕмӕн хъуамӕ рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй-иу ӕрдзы диссӕгтыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм?

Рухс ӕмӕ хуызтӕ кӕй уынӕм, уый фӕрцы Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?