Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Писмотӕ фыссын куыд хъӕуы

Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Писмотӕ фыссын куыд хъӕуы

УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У. Апостол Павел цы 14 фыстӕджы ныффыста, уыдонӕй иу у 1 Коринфӕгтӕм ӕмӕ йӕ ныффыста, цӕмӕй йе ’мчырыстӕтты бафидар кодтаид. Адӕймаг искӕмӕ писмо куы фӕфыссы, уӕд дзӕбӕх ахъуыды кӕны, цы ныффысса, ууыл ӕмӕ йӕ кӕмӕ ныффыстой, уымӕн ӕй уый фӕстӕ дӕр йӕ бон вӕййы ногӕй бакӕсын. Писмоты фӕрцы нӕ бон у хорз хабары тыххӕй радзурын нӕ хиуӕттӕн, нӕ зонгӕтӕн ӕмӕ нӕ бон лӕгӕй-лӕгмӕ аныхас кӕнын кӕимӕ нӕу, уыдонӕн. Зӕгъӕм, чи зоны, адӕймаджы фӕнды фылдӕр базонын, фӕлӕ хӕдзары арӕх нӕ вӕййы. Иуӕй-иутӕн нын хорз хабар радзурыны фадат нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ цӕрынц, хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕнынц, ахӕм хӕдзӕртты кӕнӕ та дард рӕтты. Адӕймагӕн, уӕлдайдӕр та, кӕй нӕ зонӕм, уыдонӕн писмотӕ куы фӕфыссӕм, уӕд-иу цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН:

  • Ахъуыды кӕн, адӕймагӕн лӕгӕй-лӕгмӕ цы зӕгъис, ууыл. Писмойы райдиан дӕ ном ныффысс ӕмӕ йӕм цӕй тыххӕй фыссыс, уый дӕр. Уый фӕстӕ йӕ, чи зоны, дӕ бон у бафӕрсын, цавӕрдӕр фарстайы фӕдыл цы хъуыды кӕны, уымӕй. Ныффысс ын, иннӕтимӕ Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы публикациты цы темӕтӕ ис, уыдонӕй иуӕй-иуты тыххӕй ӕмӕ адӕмимӕ Библи лӕвар кӕй ахуыр кӕнӕм, уый тыххӕй.

  • Фысс цыбыртӕй. Дӕ писмо ӕгӕр даргъ хъуамӕ ма уа, цӕмӕй адӕймаг йӕ кӕсынӕй ма сфӕлмӕца.

  • Бацархай, цӕмӕй дӕ писмойы рӕдыдтытӕ ма уа, ӕнцон кӕсӕн уа ӕмӕ бӕрӕг уа, адӕймагӕн кӕй аргъ кӕныс. Кӕд дӕ писмо почтӕйӕ ӕрвитыс, уӕд-иу ыл фаг маркӕтӕ баныхас. Къонвертыл фаг маркӕтӕ куы нӕ уа, уӕд маркӕтӕн, чи зоны, писмо кӕмӕ ныффыстай, уый йӕхи бахъӕуа фидын.

  • Кӕд дӕ фӕнды ахӕм хуызы лӕггад кӕнын, уӕд дӕ бон у хистӕр нӕлгоймӕгтӕй дӕр уынаффӕ ракурын.