КУСӔН ТЕТРАД Мартъи 2018

Куыд ис аныхас кӕнӕн

Куыд ис аныхас кӕнӕн ахӕм фарстатыл: Чырыстийы мӕлӕт адӕмы зындзинӕдтӕ аиуварс кӕнынимӕ куыд баст у? Адӕймаг цы хъуамӕ араза, цӕмӕй ӕнустӕм цӕра?

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

«Кӕй уӕ фӕнды, цӕмӕй кадджын уа, уый уын хъуамӕ уа лӕггадгӕнӕг»

Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ фылдӕр цавӕр хъуыддӕгтӕ аразынмӕ тырнӕм? Иннӕты цӕсты кӕй тыххӕй скадджын уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ кӕй тыххӕй ӕппӕлдзысты, ахӕм хъуыддӕгтӕм? Сӕрныллӕг чырыстонӕн йӕ лӕггад арӕх Йегъовӕ Хуыцау йеддӕмӕ ничи фӕуыны.

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Ӕппӕты сӕйрагдӕр чи у, уыцы дыууӕ фӕдзӕхсты ӕххӕст кӕн

Чырысти цавӕр дыууӕ фӕдзӕхсты кой кодта? Ӕппӕты сӕйрагдӕр чи у, уыцы дыууӕ фӕдзӕхсты кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Хуыцауы ӕмӕ адӕмы тынгдӕр цӕй фӕрцы уарздзыстӕм?

Хъуамӕ Хуыцауы ӕмӕ адӕмы уарзӕм. Уымӕн иу ахсджиаг мадзал у Библи алы бон дӕр кӕсын.

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Ацы фӕстаг бонты ма бафынӕй ут

Абон адӕмӕн сӕ фылдӕр ӕнӕуи хъуыддӕгтыл афтӕ систы, ӕмӕ сын Хуыцауӕн рӕстӕг нал ис. Къӕрцхъус чи у, уыцы чырыстӕттӕ сӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

«Ацы цардӕвӕрды кӕрон хӕстӕг у»

Кӕрон хӕстӕг кӕй у, уый Йесойы ныхӕстӕй куыд зыны? Ацы ӕмӕ ма ӕндӕр фарстатӕн дзуапп ис видеороликы «Ацы цардӕвӕрды кӕрон хӕстӕг у».

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

«Ма бафынӕй ут»

Дӕс чызджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы сиахс, зондджын чызджытӕ ӕмӕ ӕнӕзонд чызджытӕ кӕмӕ амонынц? Ацы фӕсномыг ныхас дӕуӕн цӕуыл дзурӕг у?

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Нӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амонӕм, ахуырмӕ цӕттӕ кӕнын куыд хъӕуы, уый

Нӕ ахуыргӕнинӕгтӕн-иу ӕппӕты райдианы хъуамӕ баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Библийы ахуырмӕ цӕттӕ кӕнын сахуыр уой ӕмӕ уыцы хорз ӕгъдауыл хӕст уой. Уый куыд аразӕн ис?