Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Райгуыр ӕмӕ амӕл – цард ӕндӕр ницы у?

Иуӕй-иу хатт дӕм афтӕ нӕ фӕкӕсы, ӕмӕ цард ӕгӕр цыбыр у?

Искуы хъуыды кодтай, зӕгъгӕ, цард ӕрмӕст уый у, цӕмӕй хъазай, кусай, бинонтӕ скӕнай, цот схъомыл кӕнай ӕмӕ стӕй базӕронд уай? (Иов 14:1, 2). Библийӕ бӕрӕг у, ууыл кӕй хъуыды кодтой, йӕ зондӕй хъуыстгонд чи уыди, суанг уыцы адӕм дӕр. (Бакӕс Екклесиаст 2:11.)

Уӕдӕ адӕймаг цӕй тыххӕй цӕры? Уый тыххӕй уал фыццаг базонын хъӕуы, цард куыд фӕзынд, уый. Нӕ буар ӕмӕ нӕ зонд куыд конд сты, уый раиртасгӕйӕ бирӕтӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдысты, ӕмӕ уыдӕттӕ зондджын Сфӕлдисӕг сарӕзта. (Бакӕс Псалом 139:14.) Ӕмӕ кӕд уый афтӕ у, уӕд нӕ, ӕвӕццӕгӕн, дзӕгъӕлы не сфӕлдыста! Цӕй тыххӕй нӕ сфӕлдыста, уый базоныныл куы архайӕм, уӕд хуыздӕр бамбардзыстӕм, цӕмӕн цӕрӕм, уый.

Хуыцау адӕмы цӕмӕн сфӕлдыста?

Хуыцау фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы куы сфӕлдыста, уӕд сын радта диссаджы хӕслӕвӕрд. Уый фӕндыд, цӕмӕй зӕхх адӕмӕй байдзаг кодтаиккой, дзӕнӕт дзы сарӕзтаиккой ӕмӕ ӕнустӕм цардаиккой. (Бакӕс Райдиан 1:28, 31.)

Хуыцауы фӕнд уыцы рӕстӕг нӕ сӕххӕст, уымӕн ӕмӕ адӕм йӕ разамынды ныхмӕ рацыдысты. Фӕлӕ сыл Хуыцау йӕ къух нӕ систа, ома йӕ фӕнд нӕ фӕивта. Библийы фыст ис, Хуыцау алцыдӕр кӕй аразы, цӕмӕй йыл иузӕрдион чи у, уыцы адӕм фервӕзой ӕмӕ йӕм зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст уа. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нӕхи цӕстӕй фенӕм, цавӕр цардӕн нӕ сфӕлдыста, уый. (Бакӕс Псалом 37:29.) Библийӕ базон, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕрмагондӕй дӕуӕн цы пайда ӕрхӕсдзӕн.