Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Павелӕн Ромы гражданство кӕй уыд, уый йын цавӕр бартӕ лӕвӕрдта?

Павел загъта: «Ӕз домын Ромы паддзахы тӕрхон!»

Ромы гражданство адӕймагӕн лӕвӕрдта цавӕрдӕр бартӕ, ӕмӕ уыцы бартӕн тых уыд ӕнӕхъӕн паддзахады дӕр. Ромы гражданство кӕмӕн уыд, уый ӕрмӕстдӕр Ромы закъӕтты коммӕ касти, провинциты закъӕттӕ йӕ ӕххӕст кӕнын нӕ хъуыди. Истӕмӕй йӕ куы фӕаххосджын кодтаиккой, уӕд йӕ бон уыд, ӕмӕ сразы уыдаид, цӕмӕй йын тӕрхон кодтаиккой бынӕттон закъонмӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ бон уыд ӕрдомын, цӕмӕй йын йӕ хъуыддаг Ромы тӕрхондоны равзӕрстаиккой. Мӕлӕты тӕрхон ын куы рахастаиккой, уӕд ын бар уыди, цӕмӕй йӕ хъаст паддзахмӕ бахастаид ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг ногӕй равзӕрстаиккой.

Ромы гражданство адӕймагӕн цы пайда уыд, уый тыххӕй н. э. размӕ 1 ӕнусы цӕрӕг ромаг политик Цицерон ныффыста: «Ромы гражданины сбӕттын у фыдракӕнд; фӕнӕмай йӕ, уый у ноджы фыддӕр хъуыддаг; амарай йӕ, уый та, дӕ фыды амарай, уымӕй уӕлдай нӕу».

Апостол Павел зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта ӕгас Ромы паддзахады. Павелӕн Ромы гражданство цы бартӕ лӕвӕрдта, уыдонӕй куыд спайда кодта, уый фӕдыл Библийы фыст ис ӕртӕ хабары: 1) Филиппты горӕты хицӕуттӕн загъта, кӕй йӕ фӕнадтой, уымӕй равдыстой, йӕ бартӕ йын кӕй ницӕмӕ ӕрдардтой. 2) Иерусалимы йӕ фӕнӕмынмӕ куы хъавыдысты, уӕд йӕ барты кой скодта, цӕмӕй йӕ ма фӕнадтаиккой. 3) Ӕрдомдта, цӕмӕй йын йӕ хъуыддаг равзӕрстаид Ромы паддзах йӕхӕдӕг (Хъуыддӕгтӕ 16:37–39; 22:25–28; 25:10–12).

Раджы заманты фыййӕуттӕ цавӕр мыздыл куыстой?

Бадзырд фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ балхӕныны фӕдыл, н. э. размӕ 2050 азмӕ ӕввахс

Иудейты фыдӕл Иаков 20 азы дӕргъы хызта йӕ мадыфсымӕр Лаваны дзугтӕ. Фыццаг 14 азы куыста лӕвар йӕ дыууӕ усы тыххӕй, Лаваны чызджыты тыххӕй. Иннӕ 6 азы та йын Лаван мызд фыста хӕдзарон фосӕй (Райдиан 30:25–33). Иу журналы куыд фыст ис, афтӕмӕй «раджы заманты Библийы текст чи фыста ӕмӕ йӕ чи касти, уыдон хорз зыдтой, фыййӕуттимӕ-иу бадзырдтӕ кӕй скодтой. Ахӕм бадзырд скодтой Лаван ӕмӕ Иаков дӕр» (Biblical Archaeology Review).

Археологтӕ ахӕм бадзырдтӕ ссардтой, Нузи, Ларс ӕмӕ ӕндӕр рагон горӕттӕ (абоны Иракы территори) куы къахтой, уӕд. Арӕхдӕр-иу бадзырд скодтой иу азмӕ, иу фысӕлвынӕн афонӕй иннӕ фысӕлвынӕн афонмӕ. Фыййауӕн-иу загътой, цал сӕры хиздзӕн, фосыл цас цӕуы, цал дзы ис нӕлтӕ ӕмӕ цал та – сылтӕ. Афӕдзы кӕрон-иу хицау райста, цӕуыл баныхас кодтой, уый – къуымбилӕй, урсагӕй, уӕрыччытӕй, сӕныччытӕй ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Цы ма-иу дзы баззад, уый та уыд фыййауы мызд.

Дзугыл цас бафтыдаид, уый кӕнгӕ уыд, сыл фос дзы цал уыди, уымӕй. 100 фысӕн-иу арӕхдӕр уыд 80 уӕрыччы. Фосӕй-иу цы фӕхъуыди, уый-иу хицауӕн бафыста фыййау. Уымӕ гӕсгӕ, фыййауӕн йӕхицӕн хуыздӕр уыди, йӕ бӕрны йын кӕй бакодтой, уыцы фосмӕ хорз кӕсын.