Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесо Чырыстимӕ кувын хъӕуы?

Йесо Чырыстимӕ кувын хъӕуы?

ӔРӔДЖЫ иу иртасӕг алыхуызон динтыл хӕст ӕрыгӕттӕй 800 фылдӕры бафарста: «Уырны дӕ, Йесо куывдтытӕ кӕй хъусы, уый?» Сӕ 60 процентӕй фылдӕр загътой, фидарӕй сӕ кӕй уырны. Фӕлӕ иу чызг Йесойы ном ахахх кодта ӕмӕ дзы ныффыста «Хуыцау».

Ды та куыд хъуыды кӕныс? Кӕмӕ хъуамӕ кувӕм: Йесомӕ ӕви Хуыцаумӕ? * Цӕмӕй дзуапп базонӕм, уый тыххӕй уал ӕркӕсӕм, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын куыд ахуыр кодта, уымӕ.

КУВЫН КӔМӔ ХЪӔУЫ, УЫЙ ФӔДЫЛ ЙЕСО ЦЫ ЗАГЪТА?

Йесо бацамыдта, кӕмӕ хъӕуы кувын ӕмӕ равдыста, уый куыд аразын хъӕуы.

Йесо йӕ уӕларвон Фыдмӕ куыд куывта, уымӕй нын ныууагъта цӕвиттон

ЦӔУЫЛ АХУЫР КОДТА. Иухатт Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу загъта: «Хицау, сахуыр-ма нӕ кӕн кувын». Уӕд ын Йесо загъта: «Куы фӕкувут, уӕд-иу дзурут: „Нӕ Фыд“» (Лукайы 11:1, 2). Стӕй ма, Йесо адӕмы хохыл куы ахуыр кодта, уӕд дӕр сӕ разӕнгард кодта кувынмӕ. Уый сын загъта: «Скув дӕ уӕларвон Фыдмӕ». Ныфс дӕр ма сӕ бауагъта йӕ ныхӕстӕй: «Уӕ уӕларвон Фыд, кургӕ дӕр дзы ницыма ракӕнут, афтӕмӕй фӕзоны, цы хъуаг стут, уый» (Матфейы 6:6, 8). Йесо зӕххыл фӕстаг ӕхсӕв куы уыди, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ Фыдӕй цыфӕнды ма ракурат мӕ номӕй,– ратдзӕн уын ӕй» (Иоанны 16:23). Уӕдӕ нӕ Йесо ахуыр кодта, цӕмӕй кувӕм йӕ Фыдмӕ ӕмӕ нӕ Фыдмӕ – Йегъовӕ Хуыцаумӕ (Иоанны 20:17).

ЙӔ ЦӔВИТТОН. Йесо иннӕты куыд ахуыр кодта, йӕхӕдӕг дӕр афтӕ куывта: «Дзыллӕты раз кадджын кӕнын дӕу, мӕ Фыд» (Лукайы 10:21). Иу хатт та «Йесо арвмӕ скаст ӕмӕ загъта: „Мӕ Фыд, бузныг дын, кӕй мӕ фехъуыстай“» (Иоанны 11:41). Ӕмӕ куы марди, уӕд та скуывта: «Мӕ Фыд, дӕ къухтӕм дӕттын мӕ уд» (Лукайы 23:46). Йӕ уӕларвон Фыдмӕ – «арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕгмӕ» – кувгӕйӕ Йесо не ’ппӕтӕн дӕр ныууагъта цӕвиттон, цӕмӕй мах дӕр афтӕ кӕнӕм (Матфейы 11:25; 26:41, 42; 1 Иоанны 2:6). Цымӕ Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ, кувын куыд хъӕуы, уый раст бамбӕрстой?

ФЫЦЦАГ ӔНУСЫ ЧЫРЫСТӔТТӔ КӔМӔ КУЫВТОЙ?

Йесо уӕлӕрвтӕм куы ацыд, уӕд цалдӕр къуырийы фӕстӕ знӕгтӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты бафхӕрдтой ӕмӕ сӕм ӕртхъирӕн кодтой (Хъуыддӕгтӕ 4:18). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕххуысы тыххӕй куывтой. Фӕлӕ цымӕ кӕмӕ? «Уыдон... иумӕ Хуыцаумӕ скуывтой» йӕ «сыгъдӕг лӕггадгӕнӕг Йесойы номӕй» (Хъуыддӕгтӕ 4:24, 30). Уӕдӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куывтой, Йесо сӕ куыд сахуыр кодта, афтӕ. Уыдон куывтой Йесомӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцаумӕ.

Цалдӕр азы фӕстӕ апостол Павел ныффыста, йӕхӕдӕг ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ куыд куывтой, уый тыххӕй. Уый йе ’мчырыстӕттӕм фыста: «Сымах тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд алкӕддӕр бузныг фӕзӕгъӕм Хуыцауӕн, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Фыдӕн» (Колоссӕгтӕм 1:3). Павел ма афтӕ дӕр ныффыста, зӕгъгӕ, «алкӕддӕр алцӕй тыххӕй дӕр арфӕ кӕнут нӕ Хуыцауӕн ӕмӕ нӕ Фыдӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй» (Ефесӕгтӕм 5:20). Ацы ныхӕстӕй федтам, Павел-иу иннӕты кӕй разӕнгард кодта, цӕмӕй алцӕй тыххӕй дӕр куывтаиккой «Хуыцаумӕ, нӕ Фыдмӕ», фӕлӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесойы номӕй (Колоссӕгтӕм 3:17).

Фыццаг чырыстӕттау махӕн дӕр нӕ бон у нӕ уарзондзинад Йесомӕ ӕвдисын, кувыны тыххӕй цы уынаффӕ радта, уымӕ куы хъусӕм, уӕд (Иоанны 14:15). Ӕрмӕстдӕр нӕ уӕларвон Фыдмӕ куы кувӕм, уӕд Псаломы 116:1, 2 стихты ныхӕстӕ хуыздӕр ӕмбардзыстӕм: «Мӕ зӕрдӕ уарзондзинадӕй байдзаг, уымӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ хъусы мӕ хъӕлӕс... Ӕмӕ йӕм ӕз ӕххуысмӕ сиддзынӕн, цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ».

^ 3 абз. Фыстадмӕ гӕсгӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо иу не сты. Кӕс БИБЛИЙЫ АХУЫРӔДТӔ > БИБЛИ: ФАРСТАТӔ ӔМӔ ДЗУАППЫТӔ > ХУЫЦАУ.