Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

Царды мӕхи йеддӕмӕ никӕуыл хъуыды кодтон

Царды мӕхи йеддӕмӕ никӕуыл хъуыды кодтон
  • РАЙГУЫРД: 1951 АЗ

  • БӔСТӔ: ГЕРМАНИ

  • РАЗДӔР: СӔРБӔРЗОНД, ХИВӔНД АДӔЙМАГ

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.

Мӕ райгуырды фӕстӕ фыццаг цалдӕр азы нӕ бинонтӕ цардысты Лейпцигмӕ хӕстӕг, Скӕсӕн Германийы, Чехи ӕмӕ Польшӕйы арӕнтӕм ӕввахс. Ӕхсӕз азы мыл куы цыд, уӕд мӕ фыд фӕсарӕнты кусын райдыдта, ӕмӕ фыццаг ацыдыстӕм Бразилимӕ, стӕй та Эквадормӕ.

14-аздзыдӕй мӕ арвыстой Германимӕ, скъола-интернатмӕ. Мӕ ныййарджытӕ уыдысты тынг дард, Хуссар Америкӕйы, ӕмӕ мыл уымӕ гӕсгӕ мӕхи йеддӕмӕ чи батыхстаид, уый нӕ уыд. Ӕз сдӕн тынг хивӕнд. Мӕ митӕй искӕй фӕхъыг кӕндзынӕн, уый мӕм нымады дӕр нӕ уыд.

17 азы мыл куы цыд, уӕд мӕ ныййарджытӕ фӕстӕмӕ Германимӕ ӕрыздӕхтысты. Фыццаг рӕстӕг цардтӕн семӕ. Фӕлӕ хивӕнд кӕй уыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ мын мӕ ныййарджыты коммӕ кӕсын зын уыди ӕмӕ 18-аздзыдӕй хӕдзарӕй ацыдтӕн.

Адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый бамбарын мӕ тынг фӕндыд. Алыхуызон адӕм ӕмӕ организацитӕ куыд цӕрынц, уый куы базыдтон, уӕд ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдтӕн, ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр уыдзӕн нӕ диссаджы зӕххы къуымтӕ басгарын, цалынмӕ йӕ адӕм нӕ фесӕфтой, уӕдмӕ.

Ӕз Германийӕ ацыдтӕн, мӕхицӕн мотоцикл балхӕдтон ӕмӕ мӕ фӕндаг Африкӕмӕ скодтон. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ мотоцикл фехӕлд ӕмӕ фӕстӕмӕ Европӕмӕ ӕрыздӕхтӕн. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр балӕууыдтӕн денджызы был Португалийы. Мотоциклыл цӕуыны бӕсты ныр сфӕнд кодтон науыл ленк кӕнын.

Цалдӕр ӕрыгон лӕппу ӕмӕ чызджы сӕхи цӕттӕ кодтой науыл Атлантикон океаны сӕрты ахизынмӕ, ӕмӕ ӕз дӕр семӕ бамбал дӕн. Уым базонгӕ дӕн Лориимӕ, фӕстӕдӕр кӕй ракуырдтон, уыцы чызгимӕ. Фыццаг ацыдыстӕм Карибы денджызы сакъадӕхтӕм. Уым иу гыццыл Пуэрто-Рикойы аулӕфыдыстӕм ӕмӕ фӕстӕмӕ Европӕмӕ аздӕхтыстӕм. Мах Лориимӕ фӕндыд иу гыццыл нау ссарын ӕмӕ йӕ афтӕ саразын, цӕмӕй йыл цӕрӕн ӕмӕ дард рӕттӕм цӕуӕн уыдаид. Фӕлӕ ӕртӕ мӕйы фӕстӕ нӕ фӕндтӕ бакъуылымпы сты. Германийы ӕфсадмӕ мӕм фӕсидтысты.

15 мӕйы фӕдӕн Германийы ӕфсӕддон-денджызон флоты. Уыцы рӕстӕг Лориимӕ нӕ цард баиу кодтам ӕмӕ нӕхи ногӕй балцмӕ цӕттӕ кодтам. Ӕфсадмӕ ацӕуыны хӕдразмӕ мах балхӕдтам ирвӕзынгӕнджыты лодкӕйы корпус. Цалынмӕ ӕфсады уыдтӕн, уӕдмӕ йӕ сабыргай арӕзтам, цӕмӕй йыл фӕстӕдӕр нӕ бон ленк кӕнын уыдаид. Фӕндыд нӕ уыцы науыл цӕрын ӕмӕ нӕ рӕсугъд зӕххы къуымтӕ сгарын. Ӕфсадӕй куы ссӕрибар дӕн, фӕлӕ нӕ нау арӕзт куы нӕма фӕци, раст уыцы рӕстӕг фембӕлдыстӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтам.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.

Фыццаг мӕм афтӕ каст ӕмӕ мӕ мӕ царды бирӕ цыдӕртӕ ивын нӕ хъӕуы: Лориимӕ лӕг ӕмӕ ус уыдыстӕм закъонмӕ гӕсгӕ, стӕй уыцы рӕстӕгмӕ мӕ тамако дӕр ныууагътон (Ефесӕгтӕм 5:5). Дунейыл зилын кӕй фӕнд кодтам, уый тыххӕй дӕр хъуыды кодтон, зӕгъгӕ, нӕ цард Хуыцауы диссаджы сконд хъуыддӕгтӕм кӕсынӕн снывонд кӕнӕм, уымӕй хуыздӕр ницы ис.

Фӕлӕ мӕ ӕцӕгӕй та аивын куыннӕ хъуыди – уӕлдайдӕр та мӕ удыхъӕд. Ӕз уыдтӕн тынг сӕрбӕрзонд ӕмӕ хъал адӕймаг, ӕндӕвтой мӕ ӕрмӕст мӕхи курдиӕттӕ ӕмӕ мӕхи ӕнтыстдзинӕдтӕ. Царды мӕхи йеддӕмӕ никӕуыл хъуыды кодтон.

Иухатт Библийы кастӕн, Чырысти адӕмӕн хохыл цы дзырдта, уый (Матфейы 5–7 сӕртӕ). Амондджын схонӕн кӕй ис, уый тыххӕй Чырысти цы загъта, уый фыццаг не ’мбӕрстон. Зӕгъӕм, загъта, амондджын кӕй сты, ӕххормаг ӕмӕ дойны чи сты, уыдон (Матфейы 5:6). Диссаг мӕм фӕкаст, адӕймаг исты хъуаг куы уа, уӕд амондджын куыд уыдзӕн, уый. Библи дарддӕр куы ахуыр кодтон, уӕд мӕм бахъардта, не ’ппӕт дӕр кӕй хъуамӕ бамбарӕм, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый. Фӕлӕ ууыл куы нӕ басӕттӕм, уӕд ӕм нӕ баввахс уыдзыстӕм. Йесо афтӕ дӕр уый тыххӕй загъта: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон» (Матфейы 5:3).

Лориимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтам Германийы, фӕлӕ стӕй ацыдыстӕм Францимӕ, уый фӕстӕ та Италимӕ. Кӕдӕмфӕнды ма ацыдаиккам, алы ран дӕр-иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ссардтам. Мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, кӕрӕдзи тынг кӕй уарзтой ӕмӕ се ’хсӕн иудзинад кӕй уыди, уый. Ӕз федтон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ӕцӕгдӕр, ӕнӕхъӕн дунейы дӕр иу бинонты хуызӕн кӕй сты (Иоанны 13:34, 35). Фӕстӕдӕр Лориимӕ донаргъуыд райстам ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ систӕм.

Донаргъуыды фӕстӕ дӕр мӕ удыхъӕд ивтон. Лориимӕ сфӕнд кодтам нӕ гыццыл науыл аленк кӕнын Африкӕйы былгӕронмӕ ӕмӕ уырдыгӕй та Атлантикон океаны сӕрты Америкӕйы Иугонд Штаттӕм. Океаны астӕу куы уыдыстӕм,– дыууӕйӕ нӕ гыццыл науы, нӕ алыварс мингай километртӕ дон,– уӕд бамбӕрстон, нӕ хъомысджын Сфӕлдисӕгимӕ абаргӕйӕ ӕз ӕппындӕр кӕй ницы дӕн. Дуне рӕстӕг мын кӕй уыд (океаны астӕу адӕймагӕн цас куыст хъуамӕ уа!), уымӕ гӕсгӕ бон-изӕрмӕ Библи кастӕн. Уӕлдай тынгдӕр мын мӕ зӕрдӕ бацагайдтой Йесойы царды хабӕрттӕ. Йесо уыд ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ йӕм ахӕм диссаджы курдиӕттӕ уыди, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй, фӕлӕ йӕхицӕй хъал никуы уыд. Йӕхицӕй тынгдӕр хъуыды кодта йӕ уӕларвон Фыды фӕндон ӕххӕст кӕныныл.

Бамбӕрстон, царды мын сӕйрагдӕр кӕй хъуамӕ уа Хуыцауы Паддзахад

Чырысти куыд цард, ууыл куы хъуыды кодтон, уӕд бамбӕрстон, царды мын сӕйрагдӕр кӕй хъуамӕ уа Хуыцауы Паддзахад, мӕхи цы аразын фӕндыд, уыдӕттӕ нӕ, фӕлӕ (Матфейы 6:33). Лориимӕ Иугонд Штаттӕм куы бахӕццӕ стӕм, уӕд сфӕнд кодтам уым ӕрцӕрын ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын фыццаг бынаты сӕвӕрын.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.

Раздӕр, цалынмӕ мӕ ныфс мӕхиуыл дардтон, уӕдмӕ-иу арӕх не ’мбӕрстон, дарддӕр мын куыд цӕргӕ у, уый. Фӕлӕ ныр ссардтон, раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн мын чи ӕххуыс кӕны, ахӕм ӕнӕкӕрон зонды суадон (Исай 48:17, 18). Стӕй ма мӕ цардӕн фӕзынд нысан – Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕ уыдон дӕр базоной.

Библийы уагӕвӕрдты фӕрцы Лориимӕ кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарын райдыдтам. Ис нын диссаджы хорз чызг. Уый дӕр зоны ӕмӕ уарзы Йегъовӕйы.

Нӕ цард алкӕд афтӕ нӕ уыд, цыма сабыр доны ленк кӕнӕм. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы нӕ фидар фӕнд у, цӕмӕй нӕ къухтӕ макуы ӕруадзӕм ӕмӕ йыл алкӕддӕр нӕ зӕрдӕ дарӕм (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6).