Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Раджы заманты науаразджытӕ цы арӕзтой, цӕмӕй сӕ науты дон ма хъардтаид?

Лайонел Кассон, раджы заманты наутӕ куыд арӕзтой, уый иртасӕг, ӕмбарын кӕны, Ромы паддзахады рӕстӕг науаразджытӕ цы арӕзтой, цӕмӕй сӕ науты дон ма хъардтаид. Науаразджытӕ-иу науы зыхъхъыртӕ куы бампъызтой, уӕд-иу уый фӕстӕ «зыхъхъыртӕ дӕр кӕнӕ та нау ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕддейӕ писийӕ кӕнӕ писи ӕмӕ мыдадзӕй байсӕрстой, мидӕгӕй та-иу ӕй байсӕрстой писийӕ». Аккадӕгтӕ ӕмӕ вавилойнӕгтӕ наутӕ аразгӕйӕ писийӕ пайда кӕнын райдыдтой ромӕгтӕй бирӕ раздӕр.

Библийы цы бӕстӕты кой ис, уыдоны тӕнӕг писи тынг арӕх уыди

Дзуттаг Фыстыты дӕр Райдианы 6:14 стихы бакӕсӕн ис, нау мидӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕддейӕ дӕр писийӕ кӕй байсӕрстой.

Писи вӕййы тӕнӕг кӕнӕ хъӕбӕр. Раджы заманты-иу науаразджытӕ нау тӕнӕг писийӕ байсӕрстой, цӕмӕй-иу дзы ахъардтаид. Писи-иу куы бахус, уӕд-иу дзы хъӕбӕр цъар рауад, ӕмӕ-иу наумӕ дон хъарын нӕ уагъта.

Библийы цы бӕстӕты кой ис, уыдоны писи тынг арӕх уыди. Сиддимы дӕлвӕзы, Мард денджызмӕ хӕстӕг, «бирӕ уыди писийы дзыхъхъытӕ» (Райдиан 14:10).

Раджы заманты цы арӕзтой, цӕмӕй-иу кӕсаг ма сӕвзӕр уыдаид?

Кӕсаг рагӕй фӕстӕмӕ дӕр кадджын хӕринаг у. Йесо Чырыстийы апостолтӕй дӕр иуӕй-иутӕ раздӕр кодтой кӕсаг ахсыны куыст Галилейӕйы денджызы (Матфейы 4:18–22). Уым-иу цы кӕсӕгтӕ ӕрцахстой, уыдонӕн-иу сӕ кӕцыдӕр хай арвыстой, кӕсаджы куыст кӕм кодтой, уыцы бынӕттон «заводтӕм».

Ныв хъӕдыл: рагон египетаг кӕсагахсджытӕ

Кӕсаг ӕвзӕр кӕнынӕй бахъахъхъӕнынӕн рагон Галилейӕйы кӕмӕй пайда кодтой, уыцы мадзалӕй иуӕй-иу рӕтты пайда кӕнынц абоны онг дӕр. Кӕсагӕн фыццаг йӕ хуылф ныссыгъдӕг кӕнынц ӕмӕ йӕ ныхсынц. Дарддӕр цы фӕкусынц, уый тыххӕй иу чиныджы фыст ис: «Кӕсагӕн ставд цӕхх йӕ хъусауты (уырыссагау «жабры») ӕмӕ йӕ дзыхы ныннӕмынц ӕмӕ йын дзы йӕ хӕрв байсӕрдынц. Кӕсӕгтӕ кӕрӕдзи сӕрыл сӕвӕрынц, се ’хсӕн цӕхх, афтӕмӕй ӕмӕ сӕ хус кӕттагӕй бамбӕрзынц. 3–5 боны фӕстӕ сӕ иннӕрдӕм ӕрзилынц ӕмӕ та сӕ ногӕй 3–5 боны бауадзынц. Кӕсагӕн йӕ дон бахус вӕййы ӕмӕ дзы цӕхх ахъары. Ахӕм хус кӕсаг вӕййы хъӕбӕр» (Studies in Ancient Technology).

Уыцы кӕсӕгтӕ-иу цас фӕлӕууыдысты, уый бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ рагон египетӕгтӕ Сиримӕ хус кӕсаг кӕй ластой, уымӕй бӕрӕг у, цы мадзӕлтты фӕрцы йӕ хус кодтой, уыдон ӕвзӕр кӕй нӕ уыдысты.