Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Ӕхцайӕ мӕгуыр, уырнындзинадӕй хъӕздыг

Ӕхцайӕ мӕгуыр, уырнындзинадӕй хъӕздыг

Мӕ фыдыфыд ӕмӕ мӕ фыд цардысты хъӕу Котюжаныйы иу ӕрдӕгарӕзт хӕдзары. Уыцы хъӕу ис абоны Молдовӕйы цӕгатаг хайы. Уым райгуырдтӕн ӕз дӕр 1939 азы декабры. 1930-ӕм азты райдианы мӕ фыдыфыд ӕмӕ мӕ фыд систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Мӕ мад дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси, мӕ фыдыфыд Библи, нӕ хъӕуы цы сауджын уыд, уымӕй хуыздӕр кӕй зыдта, уый куы бамбӕрста, уӕд.

Ӕртӕ азы мыл куы цыд, уӕд мын мӕ фыды, йӕ кӕстӕр ӕфсымӕры ӕмӕ мӕ фыдыфыды арвыстой, ахст адӕмы тыхкуыст кӕнын кӕм фӕкӕнынц, ахӕм лагермӕ, хӕстмӕ цӕуын кӕй нӕ куымдтой, уый тыххӕй. Ӕрмӕстдӕр ма дзы мӕ фыд баззад удӕгасӕй. 1947 азы, Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ, хӕдзармӕ ’рыздӕхт, йӕ астӕу саст, афтӕмӕй. Кӕд йе ’нӕниздзинад фӕцудыдта, уӕддӕр йӕ уырнындзинад уыд тынг фидар.

НӔ ЦАРД ЦӔХГӔР ФӔИВТА

Фараст азы мыл куы цыд, уӕд нын нӕ бинонты ӕмӕ ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй сӕдӕгӕйттӕ Сыбырмӕ ахастой. 1949 азы 6 июлы не ’ппӕты дӕр фосласӕн машинӕты бакалдтой. 12 боны дӕргъы 6 мин километрӕй фылдӕр фӕцыдыстӕм, ӕмӕ Лебяжьейы ӕфсӕнвӕндаджы вокзалы ӕрлӕууыдыстӕм. Уым нӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты милицӕйы кусджытӕ. Гыццыл къордтыл нӕ адих кодтой ӕмӕ нӕ алы рӕттӕм акодтой. Мах бакодтой иу гыццыл афтид скъоламӕ. Иууылдӕр уыдыстӕм тынг фӕллад ӕмӕ зӕрдӕсаст. Немӕ чи уыд, иу ахӕм ацӕргӕ сылгоймаг сабыр хъӕлӕсӕй зарын райдыдта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг кӕй ныффыстой, уыцы зарӕг. Ӕмӕ уӕд иннӕтӕ дӕр йемӕ хъӕрӕй зарын райдыдтой:

«Не ’фсымӕрты дард бӕстӕм фӕхастой.

Цӕгатмӕ ӕмӕ скӕсӕнмӕ.

Хуыцауы хъуыддаг кӕй арӕзтой, уый тыххӕй сӕ фыдӕвзарӕнты хай бакодтой. Мӕлӕты дзыхмӕ кастысты, фӕлӕ ӕппӕт дӕр сфӕрӕзтой».

Фӕстӕдӕр нӕ бон сси алы хуыцаубон дӕр ӕмбырдтӕм цӕуын. Кӕм-иу нын уыдысты, уырдӕм нӕ хъуыд 13 километры бӕрц цӕуын. Зымӕджы-иу, цӕст ницыма уыдта, афтӕ раджы сыстадыстӕм ӕмӕ-иу 40 градусы уазалы астӕуты онг миты лӕгӕрстам. Иу гыццыл агъуысты-иу 50 кӕнӕ ноджы фылдӕрӕй ӕрӕмбырд стӕм. Ӕмбырды райдианы-иу азарыдыстӕм иу, дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ зарӕджы. Уый фӕстӕ-иу скуывтам, ӕмӕ-иу Библийӕ исты фарстатӕ ӕвзӕрстам. Ууыл-иу нын ацыд иу сахаты бӕрц. Стӕй та-иу фылдӕр зарджытӕ азарыдыстӕм ӕмӕ-иу уый фӕстӕ фылдӕр фарстатӕ равзӕрстам. Куыд тынг фидар уыд нӕ уырнындзинад уыцы рӕстӕг!

НОГ ЗЫНДЗИНӔДТӔ

Джанкойы ӕфсӕнвӕндаджы вокзалы, 1974 аз

Сыбырмӕ кӕй ахастой, уыцы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн 1960 азы радтой фылдӕр сӕрибардзинад. Ӕмӕ кӕд мӕгуыр уыдыстӕм, уӕддӕр мӕ бон сси Молдовӕмӕ ацӕуын. Уым фембӕлдтӕн Нинӕимӕ. Йӕ ныййарджытӕ, йӕ мадыфыд ӕмӕ йӕ мадымад дӕр уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Гыццыл фӕстӕдӕр Нинӕимӕ нӕ цард баиу кодтам ӕмӕ фӕстӕмӕ Сыбырмӕ ацыдыстӕм. 1964 азы нын уым райгуырд чызг, Динӕ, 1966 азы та – лӕппу, Виктор. Дыууӕ азы фӕстӕ алыгъдыстӕм Украинӕмӕ ӕмӕ ӕрцардыстӕм иу гыццыл хӕдзары горӕт Джанкойы – Хъырымы, Ялтӕйӕ иу-160 километры дарддӕр.

Уыцы рӕстӕг Хъырымы, стӕй ӕнӕхъӕн Советон Цӕдисы дӕр, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар нӕ уыд. Фӕлӕ хицауад нӕ ныхмӕ тынг нӕ цыдысты, стӕй нӕ фӕдыл дӕр уыйас нӕ зылдысты. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуӕй-иутӕ раздӕрау зынгзӕрдӕ нал уыдысты. Уыдон хъуыды кодтой, Сыбыры фаг хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзӕрстой, ӕмӕ сӕ ныр иу гыццыл сӕхи царды кой дӕр кӕй хъӕуы бакӕнын.

ДИССАДЖЫ ИВЫНДЗИНӔДТӔ

1991 азы 27 мартъийы ӕнӕхъӕн Советон Цӕдисы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хицауад радта сӕрибарӕй хъусын кӕныны бар. Ӕмӕ уӕд уынаффӕ рахастой, цӕмӕй нӕ бӕстӕйы 7 сӕрмагонд дыууӕбонон конгрессы скодтаиккой. Махӕн нӕ конгресс хъуамӕ уыдаид 24 августы Одессӕйы (Украинӕйы). Фӕлӕ ӕз иу мӕй раздӕр ацыдтӕн, цӕмӕй нын конгресс кӕм хъуамӕ уыдаид, уыцы стыр стадион бацӕттӕ кӕнынмӕ фӕкастаин.

Ӕнӕхъӕн бон-иу фӕкуыстам ӕмӕ-иу арӕх ӕхсӕвы стадионы дӕр баззадыстӕм, бандӕттыл-иу фынӕй кодтам. Хотӕ ныссыгъдӕг кодтой, стадионы алыварс цы парк уыд, уый. Иу-70 тоннӕйы бӕрц дзы бырӕттӕ раластам. Конгресмӕ хъуамӕ ӕрцыдаид 15 мин адӕймаджы. Цӕрӕнбынӕтты хайады чи лӕггад кодта, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕнӕхъӕн горӕтыл ӕрзылдысты, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр бынӕттӕ ссардтаиккой. Фӕлӕ ӕнӕнхъӕлӕджы фехъуыстам ӕвзӕр хабар.

19 августы, конгресмӕ ма фондз боны куы хъуыд, уӕд, Ялтӕмӕ хӕстӕг ӕрцахстой Советон Социалистон Республикӕты Цӕдисы президент Михаил Горбачевы. Конгресс скӕныны бар нын нал радтой. Уӕд нӕм ӕфсымӕртӕ дзурын райдыдтой: «Автобустӕ ӕмӕ поездтӕ баххуырстам, ӕмӕ ныр куыд кӕнӕм?» Конгресс чи цӕттӕ кодта, уыцы ӕфсымӕртӕ зӕрдиагӕй фӕкуывтой ӕмӕ сын уый фӕстӕ загътой: «Рацӕут!»

Ӕфсымӕртӕ дарддӕр дӕр конгресмӕ цӕттӕ кодтой ӕмӕ куывтой. Конгрессы транспортон хайады ӕфсымӕртӕ, Советон цӕдисы алы къуымтӕй чи цыд, уыдоны вокзалтӕй сӕ цӕрӕн бынӕттӕм ласын райдыдтой. Алы райсом дӕр-иу конгрессы комитет ацыд хицауадимӕ ныхас кӕнынмӕ. Фӕлӕ та-иу изӕры ӕфсымӕртӕ ӕрбацыдысты, ӕмӕ-иу загътой, хицауад бар кӕй нӕ дӕтты.

ХУЫЦАУ НЫН НӔ КУЫВДТЫТӔ ФЕХЪУЫСТА

22 августы цыппӕрӕмы, конгресмӕ ма дыууӕ боны куыд хъуыди, уӕд, конгрессы комитеты ӕфсымӕртӕ хорз хабаримӕ ӕрбаздӕхтысты: хицауад разыйы дзуапп радта! Сабаты конгрессы райдианы зарӕг куы азарыдыстӕм ӕмӕ куы скуывтам, уӕд нӕ цинӕн кӕрон нал уыд. Уыцы бон конгрессы фӕстӕ суанг изӕрмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ фӕныхас кодтам, фӕзынд нын ног ӕмбӕлттӕ дӕр. Уым ма уыдысты, сӕ фидар уырнындзинады фӕрцы фыдӕвзарӕнты иузӕрдионӕй чи баззад, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ.

Конгресс Одессӕйы, 1991 аз

Уыцы конгрессӕй рацыд 22 азӕй фылдӕр. Уӕдӕй нырмӕ нӕ организаци тынг сырӕзт. Украинӕйы алы рӕтты сарӕзтой Паддзахады залтӕ ӕмӕ дзы кӕд 1991 азы 25 мин хъусынгӕнӕджы уыд, уӕд дзы ныр та ис 150 минӕй фылдӕр!

АБОНЫ ОНГ ДӔР УЫРНЫНДЗИНАДӔЙ ХЪӔЗДЫГ

Ныр дӕр ма цӕрӕм уыцы хӕдзары горӕт Джанкойы. Йӕ цӕрджыты нымӕц у 40 мин адӕймаджы бӕрц. 1968 азы Сыбырӕй куы ссыдыстӕм, уӕд дзы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй уыд ӕрмӕстдӕр цалдӕр бинонтӕ, ныр та дзы ис ӕхсӕз ӕмбырды.

Нӕ бинонтӕ дӕр фӕфылдӕр сты. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм цыппар фӕлтӕрӕй – ӕз ӕмӕ мӕ бинойнаг, нӕ цот, нӕ цоты цот ӕмӕ уыдоны цот.