Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

«Мӕ цардыл хъуыды кӕнын райдыдтон»

«Мӕ цардыл хъуыды кӕнын райдыдтон»
  • РАЙГУЫРД: 1941 АЗ

  • БӔСТӔ: АВСТРАЛИ

  • РАЗДӔР: ТАМАКО ДЫМДТА, ФЫДНОЗТ КОДТА

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.

Ӕз схъомыл дӕн хъӕуы хуызӕн гыццыл горӕт Вариалдӕйы, Ног Хуссар Уэльсы. Вариалдӕйы цӕрджытӕ дарынц фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ ӕмӕ кӕнынц зӕххы куыст – садзынц мӕнӕу ӕмӕ ӕндӕр цыдӕртӕ. Горӕт у сыгъдӕг ӕмӕ сабыр.

Мах уыдыстӕм дӕс сывӕллоны, ӕз уыдтӕн се ’ппӕты хистӕр. 13 азы мыл куы сӕххӕст, уӕд райдыдтон кусын, цӕмӕй нӕ бинонтӕн ӕххуыс кодтаин. Цалдӕр къласы йеддӕмӕ кӕй нӕ фӕдӕн, уымӕ гӕсгӕ куыстон фермӕйы. 15-аздзыдӕй уыдтӕн фосгӕс ӕмӕ хъӕддаг бӕхты ӕрмахуыр кодтон.

Фермӕйы кӕй куыстон, уый иуӕй хорз уыд, иннӕмӕй та – ӕвзӕр. Хорз уымӕй уыд, ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд мӕ куыст дӕр, стӕй, мӕ алыварс цы ӕрдз уыд, уый дӕр. Изӕрыгӕтты-иу рог дымгӕ быдыртӕй ӕхсызгон тӕф хаста, ӕз та-иу арты фарсмӕ бадтӕн ӕмӕ-иу стъалытӕм ӕмӕ мӕймӕ кастӕн. Хъуыды-иу кодтон, зӕгъгӕ, ӕппӕт уыцы диссӕгтӕн хъуамӕ Сфӕлдисӕг уа. Фермӕйы кусын та ӕвзӕр уымӕй уыд, ӕмӕ мыл иннӕты зондахаст фӕзынд. Арӕх-иу хъуыстон, ӕвзӕр дзыхӕй куыд дзырдтой, уый. Стӕй уыдонмӕ кӕсгӕйӕ тамакойыл фӕцахуыр дӕн, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй нал фӕрӕзтон. Уымӕй уӕлдай ма ӕвзӕр дзыхӕй дзурын дӕр райдыдтон.

18 азы мыл куы сӕххӕст, уӕд цӕрынмӕ ацыдтӕн Сиднеймӕ. Фӕндыд мӕ, цӕмӕй мӕ ӕфсадмӕ айстаиккой, фӕлӕ мӕм ахуырад кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй мӕ нӕ айстой. Уӕд кусынмӕ бацыдтӕн ӕмӕ иу аз Сиднейы баззадтӕн. Уыцы рӕстӕг фыццаг хатт аныхас кодтон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ. Ӕмбырдмӕ мӕ фӕхуыдтой, ӕмӕ сӕм бацыдтӕн. Ӕз уайтагъд бамбӕрстон, цӕуыл ахуыр кӕнынц, уый раст кӕй у.

Фӕлӕ гыццыл фӕстӕдӕр мӕ зӕрдӕ ногӕй ахсайдта Австралийы ӕнӕкӕрон быдыртӕм, ӕмӕ ацыдтӕн иу гыццыл горӕт Гундивиндимӕ, Квинслендмӕ. Уым куыст ссардтон, ус ракуырдтон, фӕлӕ ма, хъыгагӕн, нуазын дӕр райдыдтон.

Райгуырд нын дыууӕ лӕппуйы, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ цардыл хъуыды кӕнын райдыдтон. Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Сиднейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды цы фехъуыстон, уый, ӕмӕ бамбӕрстон, цыдӕр аразын мӕ кӕй хъӕуы.

Журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы зӕронд номыртӕй иу ссардтон. Уым уыд Австралийы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалы адрис ӕмӕ сӕм ныффыстон, ӕххуыс мӕ хъӕуы, зӕгъгӕ. Цасдӕры фӕстӕ мӕм ӕрбацыд иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Уый уыд фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг, ӕмӕ гыццыл фӕстӕдӕр мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.

Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд бамбӕрстон, мӕ царды мӕ бирӕ цыдӕртӕ аивын кӕй хъӕуы. Библийӕ мӕ иу стих, 2 Коринфӕгтӕм 7:1, уӕлдай тынгдӕр бафтыдта дисы. Уыцы стих нӕм сиды, цӕмӕй «нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, нӕ буар... нын цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уыдӕттӕй».

Ӕз мӕхицӕн загътон, мӕ тамако ӕмӕ мӕ нозт кӕй ныууадздзынӕн. Уый ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ сыл тынг ахуыр уыдтӕн. Фӕлӕ мӕ фидар фӕнд уыд мӕ цардӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын. Ӕппӕты тынгдӕр мын баххуыс кодта, Ромӕгтӕм 12:2 стихы цы уынаффӕ ис, уый: «Ацы дуне мауал фӕзмут, фӕлӕ уӕ зонд ног кӕнут». Бамбӕрстон ӕй, цӕмӕй мӕ раздӕры митӕ ныууагътаин, уый тыххӕй мӕ зондахаст кӕй хъуамӕ аивтаин ӕмӕ мӕ митӕм Хуыцауы цӕстӕй кӕй хъуамӕ кастаин, ома сӕ ӕвзӕрыл нымадтаин. Хуыцауы ӕххуысӕй нал дымдтон ӕмӕ фыднозт нал кодтон.

«Бамбӕрстон ӕй, цӕмӕй мӕ раздӕры митӕ ныууагътаин, уый тыххӕй мӕ зондахаст кӕй хъуамӕ аивтаин»

Фӕлӕ ӕвзӕр дзыхӕй мауал дзырдтаин, уымӕй зындӕр мын ницы уыд. Бӕргӕ йӕ зыдтон, Ефесӕгтӕм 4:29 стихы цы фыст ис, уый: «Уӕ дзыхӕй иу ӕмбыд ныхас дӕр ма схауӕд». Фӕлӕ уый мӕ къухы уайтагъд нӕ бафтыд. Баххуыс мын кодта, Исайы 40:26 стихыл-иу кӕй хъуыды кодтон, уый. Уӕлӕрвты тыххӕй дзы фыст ис: «Уӕ цӕстытыл-ма хӕрдмӕ схӕцут ӕмӕ акӕсут. Ӕппӕт уыдӕттӕ чи сфӕлдыста? Сфӕлдыста сӕ, стъалыты ӕфсад чи ракӕны, уый – алкӕцы дӕр йӕхи нымӕцмӕ гӕсгӕ, алкӕцы дӕр дзы хоны йӕ номӕй. Йе стыр хъаруйы ӕмӕ йе стыр тыхы фӕрцы иууылдӕр лӕууынц сӕ бынӕтты». Хъуыды-иу кодтон, кӕд Хуыцаумӕ уыйбӕрц хъару ис, цӕмӕй, кӕсынӕй кӕмӕ не ’фсӕстӕн, уыцы ӕнӕкӕрон Дун-дуне сфӕлдыстаид, уӕд мын ахӕм тых нӕ ратдзӕн, цӕмӕй аивон ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнон? Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй кӕй куывтон ӕмӕ мӕхиуыл кӕй куыстон, уый мын баххуыс кодта, цӕмӕй ӕвзӕр дзыхӕй мауал дзырдтаин.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.

Фосы куыст куы кодтон, уыцы рӕстӕг мын адӕмимӕ ныхас кӕнынӕн уыйбӕрц фадӕттӕ нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ фермӕты бирӕ адӕм нӕ цард. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты фӕрцы мӕ хъуыдытӕ дзурын сахуыр дӕн. Уымӕй уӕлдай ма цы хорз хъуыддӕгтӕ базыдтон, уыдонӕй иу у, адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар кӕй дзурын, уый (Матфейы 6:9, 10; 24:14).

Фӕстаг цалдӕр азы ӕмбырды дӕн хистӕр нӕлгоймаг. Мӕнӕн стыр кад у, мӕ бон цӕмӕй у, уымӕй хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын.

Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн, мӕн – цалдӕр къласы йеддӕмӕ чи нӕ фӕци каст, ахӕм адӕймаджы – кӕй ахуыр кӕны (Исай 54:13). Ӕз разы дӕн, Ӕмбисӕндты 10:22 цы ныхӕстӕ ис, уыдонимӕ: «Йегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы кӕны хъӕздыг».