Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

«Афтӕ нал хъуыды кӕнын, ӕмӕ дуне ӕз хъуамӕ аивон»

«Афтӕ нал хъуыды кӕнын, ӕмӕ дуне ӕз хъуамӕ аивон»
  • РАЙГУЫРД: 1966 АЗ

  • БӔСТӔ: ФИНЛЯНДИ

  • РАЗДӔР УЫД: АДӔМЫ ӔМӔ ЦӔРӔГОЙТЫ БАРТЫЛ ТОХГӔНӔГ

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.

Мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ ӕрдз тынг уарзын. Ӕз цардтӕн горӕт Ювяскюляйы, Централон Финляндийы. Нӕ горӕты алыварс уыд рӕсугъд хъӕдтӕ ӕмӕ цадтӕ, ӕмӕ-иу ӕнӕхъӕн бинонтӕй уырдӕм улӕфынмӕ арӕх ацыдыстӕм. Стӕй цӕрӕгойты дӕр тынг уарзтон. Гыццылӕй-иу цыфӕнды гӕды кӕнӕ куыдз ма федтаин – се ’ппӕты дӕр мӕ фӕндыд мӕ хъӕбысы акӕнын. Куы фестырдӕр дӕн, уӕд базыдтон, адӕм цӕрӕгойтӕн цы фыдмитӕ кӕнынц, уый ӕмӕ мӕхицӕн ӕнцой нал ардтон. Фӕстӕдӕр бацыдтӕн цӕрӕгойты бартӕ хъахъхъӕнӕг организацимӕ. Уым цы адӕм уыд, уыдонимӕ уыдтӕн иу зондыл хӕст.

Мах тох кодтам цӕрӕгойты бартыл. Алы мадзӕлттӕй дӕр пайда кодтам, цӕмӕй иууылдӕр базыдтаиккой, цы фыдмитӕ сын кӕнынц, уый ӕмӕ-иу демонстрацитӕ скодтам, цӕмӕй, цӕрӕгойты цӕрмттӕй хуыд дзаумӕттӕ кӕм уӕй кодтой, уыцы дуканитӕ ӕмӕ, цӕрӕгойтыл алыхуызон эксперименттӕ кӕм кодтой, уыцы лабораторитӕ сӕхгӕдтаиккой. Суанг ма сарӕзтам, цӕрӕгойты чи хъахъхъӕны, иу ахӕм ног организаци дӕр. Цӕрӕгойты бартыл тынг карзӕй тох кодтам, ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ хицауад нӕ ныхмӕ арӕх рацыд. Цалдӕр хатты мӕ ӕрцахстой ӕмӕ-иу мыл тӕрхондонмӕ бахъаст кодтой.

Фӕлӕ ӕрмӕст цӕрӕгойтыл нӕ мӕт кодтон. Тынг мӕ тыхсын кодтой, ӕнӕхъӕн дунейы адӕм цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдон дӕр. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг уыдтӕн цалдӕр организацийы, уыдонӕй дыууӕ уыдысты «Ӕхсӕнадӕмон Амнисти» ӕмӕ «Гринпис». Мӕ тыхтӕ иууылдӕр сарӕзтон уыцы организациты хъуыддӕгтӕм. Тох кодтон мӕгуырты, хӕринагцух чи ӕййафы, уыдоны ӕмӕ ӕндӕр цардӕфхӕрд адӕмы бартыл.

Фӕлӕ сабыргай ӕмбарын райдыдтон, мӕ бон дуне аивын кӕй нӕ бауыдзӕн. Кӕд-иу уыцы организацитӕн гыццыл цыдӕр хъуыддӕгтӕ сраст кӕнын сӕ бон баци, уӕддӕр стырдӕр хъуыддӕгтӕ фыддӕрӕй-фыддӕр цы кодтой, ӕндӕр ницы. Раст цыма цавӕрдӕр сау тыхтӕ ӕнӕхъӕн дуне сӕ къухтӕм ӕрбассывтой ӕмӕ уый ӕппындӕр никӕй ӕндӕвта, уыйау. Мӕ бон кӕй ницы у, уый ӕмбӕрстон.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.

Мӕ бон кӕй ницы уыд аивын, уый мын мӕ хъару асаста, ӕмӕ уӕд Хуыцауыл ӕмӕ Библийыл хъуыды кӕнын райдыдтон. Уымӕй размӕ кӕддӕр Библи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ахуыр кодтон. Зӕрдӕхӕлар кӕй уыдысты ӕмӕ мыл кӕй тыхстысты, уый кӕд мӕ зӕрдӕмӕ цыд, уӕддӕр мӕ цард аивынмӕ цӕттӕ нӕма уыдтӕн. Фӕлӕ ацы хатт афтӕ нал уыд.

Мӕ Библи райстон ӕмӕ йӕ кӕсын райдыдтон. Уый мын мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кодта. Библийы бирӕ стихтӕ ис, адӕм цӕрӕгойтӕн ӕгъатыр митӕ кӕй хъуамӕ ма кӕной, уый фӕдыл. Зӕгъӕм, Ӕмбисӕндты 12:10 стихы фыст ис, «рӕстгӕнӕг тыхсы йӕ фосыл дӕр», зӕгъгӕ. Бамбӕрстон ма уый дӕр, ӕмӕ зӕххыл цытӕ цӕуы, уым Хуыцау аххосджын кӕй нӕу. Адӕмӕн та сӕ уавӕр ноджы фыддӕр кӕны, сӕ фылдӕр Хуыцауы разамындмӕ кӕй нӕ хъусынц, уый тыххӕй. Йегъовӕ уарзӕгой ӕмӕ бирӕфӕразон кӕй у, уый куы базыдтон, уӕд уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг бахъардта (Псалом 103:8–14).

Уыцы рӕстӕг мӕ къухмӕ ӕрбахауд, чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» рафыссӕн кӕмӕй уыд, ахӕм купон. Ӕз ӕй байдзаг кодтон ӕмӕ йӕ арвыстон. Цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ мӕм ӕрбацыдысты дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны, ус ӕмӕ лӕг, ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кӕныныл сразы дӕн. Уымӕй уӕлдай ма ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтон. Библийӕ-иу цы базыдтон, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынгӕй-тынгдӕр цыд.

Библийы фӕрцы мӕ царды бирӕ цыдӕртӕ аивтон: тамако нал дымдтон, фыднозт нал кодтон, мӕхимӕ зилын райдыдтон, ӕвзӕр дзыхӕй нал дзырдтон, стӕй хицӕуттӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтон (Ромӕгтӕм 13:1). Уымӕй уӕлдай, ӕнӕгъдау цард нал кодтон, кӕд мӕм раздӕр уый худинаг нӕ каст, уӕддӕр.

Фӕлӕ мын ӕппӕты зындӕр уыд адӕмы ӕмӕ цӕрӕгойты бартӕ хъахъхъӕнӕг организацитӕм раст цӕстӕй кӕсын райдайын. Уымӕн мӕ бирӕ рӕстӕг бахъуыд. Фыццаг мӕм афтӕ каст, ӕмӕ уыцы организацитӕй куы рацӕуон, уӕд сыл цыма гадзрахатӕй рацӕудзынӕн. Фӕлӕ фӕстӕдӕр бамбӕрстон, дуне ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй фӕивдзӕн. Уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ тыхтӕ иууылдӕр радтон Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕм ӕмӕ иннӕтӕн уыцы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынмӕ (Матфейы 6:33).

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.

Раздӕр адӕмы дих кодтон ӕвзӕртыл ӕмӕ хӕрзтыл, ӕмӕ ӕвзӕр кӕй хуыдтон, уыдоны ныхмӕ тох кӕнынмӕ цӕттӕ уыдтӕн. Фӕлӕ Библийы фӕрцы ме сӕфт никӕмӕйуал уынын ӕмӕ архайын, цӕмӕй ӕппӕт адӕмы дӕр уарзон, Чырысти куыд дзырдта, афтӕ (Матфейы 5:44). Уыцы уарзондзинад ма ӕвдисын, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар кӕй хъусын кӕнын, уымӕй дӕр. Тынг ӕхсызгон мын у, хорз хабар адӕмӕн фарн ӕмӕ амонд кӕй хӕссы ӕмӕ сын фидӕнӕй фидар ныфс кӕй дӕтты.

Алцыдӕр Йегъовӕйы бар куы бакодтон, уӕд мӕ зӕрдӕйы фарн ӕрцард. Ӕз ӕй зонын, не Сфӕлдисӕг Хуыцау нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй цӕрӕгойтӕ ӕмӕ адӕм ӕнустӕм хъизӕмар кӕной, стӕй нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй нӕ диссаджы зӕхх фесӕфа. Йӕ Паддзахады фӕрцы Хуыцау тагъд сраст кӕндзӕн, зӕххыл цыдӕриддӕр ӕвзӕрдзинад ис, уый (Исай 11:1–9). Стыр циндзинад мын хӕссы, рӕстдзинад кӕй базыдтон, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма йӕ иннӕтӕн дӕр кӕй амонын, уый. Афтӕ нал хъуыды кӕнын, ӕмӕ дуне ӕз хъуамӕ аивон.