Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БАВВАХС У ХУЫЦАУМӔ

Йегъовӕ дын ӕцӕгдӕр аргъ кӕны?

Йегъовӕ дын ӕцӕгдӕр аргъ кӕны?

«Мӕхимӕ ӕппындӕр ницы фӕкӕсын, ӕмӕ мын уыцы хъуыдыимӕ тох кӕнынӕй зындӕр ницы у». Ацы ныхӕстӕ чи загъта, уыцы сылгоймагмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ цӕй тыххӕй уарза, ахӕмӕй йӕм ӕппындӕр ницы ис. Дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны? Кӕд о, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, фӕхъуыды кӕныс: «Цымӕ Хуыцау ӕцӕгдӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕй дӕр уарзы?» Ацы фарстайӕн йӕ дзуапп у «о»! Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр кӕй аргъ кӕны, уый базонӕн ис Чырыстийы ныхӕстӕй. (Бакӕс Иоанны 6:44.)

Йегъовӕйы фӕндон ӕмӕ йын йӕ миниуджытӕ Йесо Чырыстийӕ хуыздӕр ничи зоны (Лукайы 10:22). Йесо та афтӕ загъта: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу мӕнмӕ ӕрцӕуын, мӕ рарвитӕг Фыд ӕй куы не ’рбакӕна, уӕд». Уӕдӕ адӕймаг Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг, ома нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг, не суыдзӕн, Йегъовӕ йӕ куы не ’рбакӕна, уӕд (2 Фессалоникӕгтӕм 2:13). Йесо уымӕй цы зӕгъинаг уыд, уый куы бамбарӕм, уӕд ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, Хуыцау алкӕй дӕр кӕй уарзы, ууыл.

Йегъовӕ нӕ куыд «ӕрбакӕны»? Дзырд «ӕрбакӕнын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый ма нысан кӕны «ласын» дӕр, зӕгъӕм, донӕй кӕсӕгтӕ хызы ласын (Иоанны 21:6, 11). Цымӕ нӕ Йегъовӕ йӕхицӕн тыхӕй лӕггад кӕнын кӕны? Нӕ. Йегъовӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ тыхӕй нӕ гом кӕны, уымӕн ӕмӕ нын бар радта, цӕмӕй нӕхӕдӕг ӕвзарӕм, куыд кӕндзыстӕм, уый (Дыккаг закъон 30:19, 20). Йегъовӕ милуангай адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕм кӕсы, ӕмӕ агуры, чи йӕ агуры, уыдоны (1 Азфыстыты 28:9). Ахӕм адӕймаджы куы ссары, уӕд ӕм йе ’ргом раздахы. Куыд?

Йегъовӕ йӕхимӕ ӕрбакӕны, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕнды», уыдоны (Хъуыддӕгтӕ 13:48). Кӕнгӕ та сӕ ӕрбакӕны, Библийы цы хорз хабар фыст ис, уый хъуыстгонд кӕй цӕуы, уый фӕрцы ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы. Йегъовӕ куы фены, адӕймаг хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ кӕй айста, уӕд ын йӕ сыгъдӕг тыхы руаджы баххуыс кӕны, цӕмӕй рӕстдзинад бамбара ӕмӕ уыцы рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ йӕ цард араза (1 Коринфӕгтӕм 2:11, 12). Ӕнӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ, ома Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, никуы суыдаиккам.

«Йегъовӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ тыхӕй нӕ гом кӕны, уымӕн ӕмӕ нын бар радта, цӕмӕй нӕхӕдӕг ӕвзарӕм, куыд кӕндзыстӕм, уый»

Уӕдӕ Иоанны 6-ӕм сӕры 44-ӕм стихӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтам? Йегъовӕ адӕмы йӕхимӕ ’рбакӕны, сӕ зӕрдӕты сын хорзӕй цыдӕр кӕй фены, уый тыххӕй, стӕй йын алы адӕймаг дӕр зынаргъ у. Статьяйы райдианы кӕй кой кодтам, уыцы сылгоймаг уый куы бамбӕрста, уӕд ын тынг фенцон. Мӕнӕ цы загъта: «Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй кадджындӕр хъуыддаг а зӕххыл нӕй. Ӕмӕ мӕ кӕд Йегъовӕ равзӕрста, цӕмӕй йын лӕггад кӕнон, уӕд ын, ӕвӕццӕгӕн, зынаргъ дӕн». Ды та дӕхи тыххӕй цы хъуыды кӕныс? Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр зынаргъ кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ дӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базонай?

Майы Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Лукайы 22–24Иоанны 1–16