Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырысти кӕй райгас, уый нын дӕтты ӕнустӕм цӕрыны ныфс!

Чырысти кӕй райгас, уый нын дӕтты ӕнустӕм цӕрыны ныфс!

ЧЫРЫСТИ кӕй райгас, уымӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, уый рагон хабар у ӕмӕ махмӕ ӕппындӕр ницы бар дары. Стыр нысаниуӕг ын кӕй ис, уый бӕрӕг у апостол Павелы ныхӕстӕй: «Чырысти ӕцӕгдӕр райгас – чи амард, уыдонӕй уый райгас фыццаг [«уыдонӕй фыццаг тыллӕг», фиппаинаг]. Мӕлӕт адӕймаджы аххосӕй куыд фӕзынд, афтӕ мӕрдтӕ дӕр адӕймаджы фӕрцы ӕгас кӕнынц. Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр куыд мӕлынц, афтӕ Чырыстийы фӕрцы та иууылдӕр райгас уыдзысты» (1 Коринфӕгтӕм 15:20–22).

Чырысти райгас нӕ эрӕйы 33 азы 16 нисаны. Уый уыд, дзуттӕгтӕ-иу Йегъовӕйы размӕ Иерусалимы кувӕндоны сыгъдӕг бынатмӕ кувинагӕн хъӕбӕрхоры тыллӕгӕй фыццаг куырис куы бахастой, уыцы бон. Апостол Павел Чырыстийӕ афтӕ кӕй загъта, уый фыццаг райгас, кӕнӕ фыццаг тыллӕг у, зӕгъгӕ, уымӕй йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ, чи амард, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ кӕй райгас уыдзысты.

Павел дарддӕр цы ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй бӕрӕг у, Чырысти кӕй райгас, уый фӕрцы гӕнӕн цӕмӕн ис, уый. Павел загъта: «Мӕлӕт адӕймаджы аххосӕй куыд фӕзынд, афтӕ мӕрдтӕ дӕр адӕймаджы фӕрцы ӕгас кӕнынц». Адамӕй нӕ туджы тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинад кӕй рахастам, уый тыххӕй адӕм иууылдӕр мӕлынц. Фӕлӕ Чырысти йе ’ххӕст цард мах тыххӕй нывондӕн кӕй радта, уый адӕмӕн фадат дӕтты, цӕмӕй райгасдзинады фӕрцы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты уацарӕй ссӕрибар уой. Ацы хъуыды апостол Павел хорз бахахх кодта Ромӕгтӕм 6:23 стихы: «Тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй, Хуыцау цы лӕвар дӕтты, уый та у ӕнусон цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы».

Чырысти нын йӕхӕдӕг ӕмбарын кӕны, кӕй амард ӕмӕ кӕй райгас, уый нын цавӕр ныфс дӕтты, уый. Йӕхи тыххӕй загъта: «Адӕймаджы Фырт дӕр уӕлӕмӕ ист ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый хайджын уа ӕнусон цардӕй. Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:14–16).

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: ӕнусон цард ӕнӕ низӕй, ӕнӕ хъизӕмарӕй ӕмӕ ӕнӕ мастӕй! (Раргомад 21:3, 4) Ӕвӕдза, цы диссаджы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы! Уый фӕдыл иу ахуыргонд загъта: «Кӕд уӕлмӕрдтӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдыл, бирӕ кӕй нӕ фӕцӕрдзӕн, уый ӕрлӕууын кӕнынц, уӕд, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый та йын ныфс дӕтты, тагъд мӕлӕтӕн йӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн». Ӕцӕгдӕр, Чырысти кӕй райгас, уый нын дӕтты ӕнустӕм цӕрыны ныфс!