Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Дзуттӕгтӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдтӕ ахсджиаг цӕмӕн уыдысты?

Хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фӕрцы уыд сбӕлвырд кӕнӕн, адӕймаг Израилы дыууадӕс мыггагӕй кӕцыйӕ уыд ӕмӕ кӕй хӕдзарвӕндагӕй уыд, уый. Уыцы номхыгъдты руаджы ма аскъуыддзаг кӕнӕн уыд, зӕхх ӕмӕ фыдӕлты бынтимӕ баст фарстатӕ дӕр. Дзуттӕгтӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр уыд зӕрдӕвӕрд Мессийӕйы хӕдзарвӕндаджы номхыгъд. Уыдон хорз зыдтой, Мессийӕ кӕй хъуамӕ уыдаид Иудӕйы мыггагӕй, бӕлвырдӕй та Давиды хӕдзарвӕндагӕй (Иоанны 7:42).

Библииртасӕг Иоахим Иеремиас загъта: «Сауджынты ӕмӕ левитты бартӕ фыдӕй фыртмӕ кӕй цыдысты... уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг уыд, цӕмӕй хӕдзарвӕндагӕн йӕ номхыгъдмӕ мацы фау ӕрхӕссӕн уыдаид». Израилаг сылгоймӕгтӕй-иу исчи сауджынты мыггагӕй искӕмӕ куы мой кодта, уӕд-иу ын йӕ хӕдзарвӕндаджы номхыгъд сбӕлвырд кодтой, цӕмӕй-иу сауджынтӕ «ӕнӕфауӕй ӕмӕ сыгъдӕгӕй» баззадаиккой. Неемийы рӕстӕджы Левийы мыггагӕй иуӕй-иу бинонты сауджынтӕй лӕггад кӕнын нал бауагътой, уымӕн ӕмӕ, «кӕцы мыггагӕй равзӕрдысты, уый сбӕлвырд кӕнынӕн мыггӕгты равзӕрды чиныджы сӕ нӕмттӕ агуырдтой, фӕлӕ сӕ не ссардтой» (Нееми 7:61–65).

Стӕй ма Моисейы закъоны фыст уыд, зӕгъгӕ, нӕдӕр «дзӕгъӕлзадӕн», нӕдӕр «аммонагӕн, нӕдӕр моавагӕн уый бар нӕй, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмбырды хай суой» (Дыккаг закъон 23:2, 3). Уымӕ гӕсгӕ, дарддӕр Иеремиас куыд фыссы, афтӕмӕй, «цӕмӕй адӕймагӕн исты бартӕ уыдаид, уый тыххӕй йӕ хӕдзарвӕндаджы номхыгъд хъуамӕ уыдаид ӕнӕфау, ӕмӕ нын уый бӕлвырд кӕны нӕ хъуыды... суанг хуымӕтӕг израилаг дӕр йӕ фыдӕлтӕй ӕппынкъаддӕр цалдӕр фӕлтӕры кӕй зыдта ӕмӕ, Израилы дыууадӕс мыггагӕй кӕцыйӕ уыд, уый йӕ бон зӕгъын кӕй уыд».

Дзуттӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдтӕ куыд арӕзтой ӕмӕ сӕ куыд хъахъхъӕдтой, цӕмӕй сын ма фесӕфтаикой?

Библийы фысджытӕй дыууӕ, Матфей ӕмӕ Лука, бӕстон ныффыстой Чырыстийы фыдӕлты номхыгъдтӕ (Матфейы 1:1–16; Лукайы 3:23–38). Уыцы замантӕй ма баззад ӕндӕр хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдтӕ дӕр. Зӕгъӕм, Чырыстийы рӕстӕг чи цард, иу ахӕм дзуттаг дины разамонӕг Гиллелы тыххӕй дзуттаг мидрашы, кӕнӕ ӕмбарынгӕнӕн чиныджы, фыст ис: «Иерусалимы ссардтой иу тыхтон хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдтимӕ, ӕмӕ дзы фыст уыд, Гиллель кӕй уыд Давиды байзӕддаг». Фыццаг ӕнусы цӕрӕг историк Иосиф Флавий йӕ чингуытӕй иуы ныффыста, йӕ фыдӕлтӕ кӕй уыдысты сауджынтӕ, йӕ мады ’рдыгӕй та йӕм кӕй хӕццӕ кодта „паддзӕхты туг“ (The Life). Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы хабӕрттӕ базыдта, хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдтӕн-иу цы «иумӕйаг архивтӕ» уыд, уырдыгӕй.

Иосиф Флавий йӕ чиныджы ныффыста, йӕ адӕмы ’хсӕн-иу сауджынты хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдтӕ фыссын кӕй бакодтой «ӕппӕты уӕздандӕр ӕмӕ ӕууӕнкджындӕр адӕмы» бар (Против Апиона). Иу энциклопедийы фыст ис: «Уыцы хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдтӕ-иу фыста сӕрмагонд адӕймаг; уымӕй уӕлдай Иерусалимы, ӕвӕццӕгӕн, уыд, хӕдзарвӕндӕгтимӕ баст фарстатӕ кӕм ӕвзӕрстой, ахӕм тӕрхондон» (The Jewish Encyclopedia). Сауджынты мыггӕгтӕй чи нӕ уыд, уыцы дзуттӕгтӕ та-иу сӕхи ныффыстой, сӕ фыдӕлтӕ кӕцӕй рацӕугӕ уыдысты, уыцы горӕтты (Лукайы 2:1–5). Матфей ӕмӕ Лука сӕ Евангелиты цы номхыгъдтӕ ныффыстой, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, райстой иумӕйаг архивтӕй. Уымӕй уӕлдай ма, ӕвӕццӕгӕн, алы бинонтӕн дӕр уыд йӕхи хӕдзарвӕндаджы номхыгъд.