Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...

Цымӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ политикӕйы хъуыддӕгты архайдтой?

Цымӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ политикӕйы хъуыддӕгты архайдтой?

▪ Уӕлӕрвтӕм ацӕуыны размӕ Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бӕлвырд бамбарын кодта, Хуыцауы фӕндон куыд хъуамӕ ӕххӕст кодтаиккой, уый, фӕлӕ сын политикӕйы тыххӕй ӕппындӕр ницы загъта (Матфейы 28:18–20). Уымӕ гӕсгӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кодтой, уымӕй размӕ сын куыд загъта, афтӕ. Зӕгъгӕ та сын кодта: «Уӕдӕ, паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (Марчы 12:17).

Цымӕ уыцы уынаффӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй дунейы цӕргӕйӕ дунейӕ ма уыдаиккой? Куыд уыд сӕ бон базонын хицауады, ома паддзахы, цы уыд ӕмӕ Хуыцауы цы уыд, уый?

Апостол Павелӕн политикӕйы хъуыддӕгты архайын Чырыстийы ныхасы сӕрты ахизынӕй уӕлдай нӕ уыд. Иу чиныджы фыст ис: «Павелӕн закъонмӕ гӕсгӕ уыд, ромӕгтӕн цы бартӕ уыд, ахӕм бартӕ. Ӕмӕ кӕд Павел уыцы бартӕй пайда кодта, цӕмӕй тӕрхондоны йӕ бон уыдаид йӕхи сӕрыл сдзурын, уӕддӕр политикӕимӕ баст фарстаты никуы никӕй фарс хӕцыд» (Beyond Good Intentions—A Biblical View of Politics).

Павел чырыстӕттӕн цы бафӕдзӕхста? Уыцы чиныджы фыст ис: «Зындгонд горӕтты, зӕгъӕм, Коринфы, Ефесы ӕмӕ суанг Ромы чи цард, уыцы чырыстӕттӕм цы писмотӕ ныффыста, уым политикӕйы кой ӕппындӕр не скодта». Уымӕй уӕлдай ма уыцы чиныджы бакӕсӕн ис, зӕгъгӕ сӕ Павел «фӕдзӕхста, цӕмӕй хицауады коммӕ кастаиккой, фӕлӕ ӕмбырдтӕм цы бирӕ фыстӕджытӕ ныффыста, уыдонӕй иуы дӕр ахӕмӕй ницы ис фыст, зӕгъгӕ, хъуамӕ хицауадӕй домат, цӕмӕй адӕмы царды исты ивддзинӕдтӕ скӕной» (Ромӕгтӕм 12:18; 13:1, 5–7).

Павел куы амард, уымӕй бирӕ азтӕ фӕстӕдӕр чи цард, уыцы чырыстӕттӕ дӕр хорз ӕмбӕрстой, Хуыцауы раз ӕмӕ сыл паддзахады раз цы хӕстӕ уыд, уый. Уыдон хицауады коммӕ кастысты, фӕлӕ политикӕйы хъуыддӕгты нӕ архайдтой. Уӕлдӕр цы чиныджы кой кодтам, уым уыцы чырыстӕтты тыххӕй фыст ис: «Фыццаг чырыстӕттӕ сӕ хӕсыл нымадтой хицауады коммӕ кӕсын, фӕлӕ сӕм политикӕимӕ баст хъуыддӕгты архайын раст нӕ каст».

Фӕлӕ Чырыстийы мӕлӕтӕй иу-300 азы фӕстӕдӕр уавӕр тынг фӕивта. Диниртасӕг Чарльз Вилья-Висенсио загъта: «Паддзах Константины рӕстӕджы политикӕйы стыр ивддзинӕдтӕ куы ’рцыд, уӕд чырыстӕттӕй бирӕтӕ райдыдтой паддзахадон куыст кӕнын, ӕфсадмӕ цӕуын ӕмӕ политикӕимӕ баст куыстыты кусын» (Between Christ and Caesar). Цымӕ уый цӕмӕ ӕркодта? Н. э. 4 ӕнусы кӕрон дин политикӕйӕ нал хицӕн кодта, ӕмӕ уыцы дин сси Ромы паддзахады сӕйраг дин.

Абон афтӕ чи дзуры, мах Чырыстийы фӕдыл цӕуӕм, зӕгъгӕ, уыцы динтӕй бирӕты разамонджытӕ адӕмӕн дзурынц, цӕмӕй политикӕйы хъуыддӕгты архайой. Фӕлӕ афтӕмӕй уыдон нӕдӕр Чырыстийы фӕзмынц, нӕдӕр фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕтты.