Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цымӕ адӕймаджы цард дзӕгъӕлы у?

Цымӕ адӕймаджы цард дзӕгъӕлы у?

Цымӕ адӕймаджы цард дзӕгъӕлы у?

«ЦЫМӔ адӕймаг цӕмӕн цӕры?» Ацы фарста бирӕтӕн нӕ дӕтты ӕнцой. Уыцы адӕм цардмӕ цыфӕнды цӕстӕй ма кӕсой, уӕддӕр, хъыгагӕн, сӕ цардӕй зӕгъиккой, австриаг дохтыр Виктор Франкл куыд загъта афтӕ, зӕгъгӕ, у «дзӕгъӕлы ӕмӕ афтид».

Цӕмӕн фӕзыны бирӕтӕм ахӕм хъуыдытӕ? Иу хъуыддаг уый, ӕмӕ ӕнӕхъӕн дунейы милуантӕ цӕрынц тынг тӕригъӕддаг уавӕрты. Уыдонмӕ кӕсгӕйӕ зӕрдӕ бамӕгуыр вӕййы. Мӕгуыр цард, низтӕ, тыхми ӕмӕ ’фхӕрд йеддӕмӕ ницы уынынц. Сӕ цард у, раджы заманты иу нӕлгоймаг, Иов, зӕгъгӕ, куыд загъта, афтӕ, ома «цыбыр ӕмӕ мастӕй дзаг» (Иов 14:1). Уыцы адӕм хъуыды кӕнынц ӕрмӕстдӕр иу хъуыддагыл: абон мыл дзӕбӕхӕй куы ацӕуид.

Милуанты та кӕд мӕгуыр схонӕн нӕй ӕмӕ кӕд ӕппындӕр ницы хъуаг ӕййафынц, уӕддӕр сӕ бирӕтӕ цардӕй райгонд не сты. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ хатт маст ӕмӕ алыхуызон бӕллӕхты аххосӕй сӕ рӕсугъд фӕндтӕ ӕмӕ бӕллицтӕ райсомы мигъау атайынц, зӕгъӕм, чидӕр сӕ ӕхцайӕ кӕй фӕтыхсы, кӕмӕндӕр та йӕ сывӕллон кӕй амӕлы, уый тыххӕй (Псалом 90:10).

Адӕммӕ сӕ цард «дзӕгъӕлы ӕмӕ афтид» кӕй кӕсы, уый ма баст у ӕндӕр хъуыддагыл дӕр – цард у тынг цыбыр. Бирӕтӕ не ’мбарынц, зӕгъгӕ, кӕд адӕймагӕн йӕ бон уыйбӕрц диссӕгтӕ аразын у, уӕд афтӕ гыццыл цӕмӕн цӕры? Сӕ зонд иу хъуыддаг нӕ ахсы: ӕвирхъау бӕллӕх ныл куы не ’рцӕуа, уӕддӕр, абон уа ӕви райсом – не ’ппӕт дӕр амӕлдзыстӕм ӕмӕ нӕм цы уыд, уыдӕттӕй ӕнӕхай фӕуыдзыстӕм (Екклесиаст 3:19, 20).

Цымӕ адӕммӕ алкӕддӕр афтӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ цард дзӕгъӕлы у?

Рагон Израилы паддзах Соломон уыдта, адӕм куыд цардысты, уый. Нӕ рӕстӕджы куыд у, афтӕ уӕды заманты дӕр адӕм уӕззау фыдӕбон кодтой – дыргъдӕттӕ сагътой, зылдысты сӕм, хӕдзӕрттӕ арӕзтой ӕмӕ сӕ бинонты кой кодтой. Уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ Соломон, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта: «Цымӕ ӕппӕт уыдӕттӕ цы пайда сты?» Ӕмӕ ’рцыд ахӕм хъуыдымӕ: адӕм цы аразынц, уыдӕттӕ иууылдӕр сты «дзӕгъӕлы, дымгӕ сурӕгау» (Екклесиаст 2:17).

Фӕлӕ, цымӕ, паддзах Соломон афтӕ зӕгъынмӕ хъавыд, ӕмӕ, адӕм цы аразынц, уыдӕттӕ алкӕддӕр уыдзысты «дзӕгъӕлы ӕмӕ дымгӕ сурӕгау»? Нӕ, Соломон дзырдта, ацы ӕнӕххӕст дунейы цард куыд у, уый тыххӕй. Хуыцауы Ныхасӕй дӕ бон у базонын, цард алкӕддӕр афтӕ кӕй нӕ уыдзӕн.

Цымӕ ууыл ӕцӕгдӕр ӕууӕндӕн ис? Дӕ хорзӕхӕй, иннӕ дыууӕ статьяйы бакӕс. Уыдоны руаджы базондзынӕ, адӕймагмӕ афтӕ цӕмӕн фӕкӕсы, ӕмӕ цард дзӕгъӕлы у. Базондзынӕ ма, абоны уавӕр куыд фӕивдзӕн, стӕй цы у дӕ бон аразын, цӕмӕй абон дӕр дӕ цардӕй райгонд уай ӕмӕ уай амондджын.