Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорз хабар мӕгуыртӕн

Хорз хабар мӕгуыртӕн

Хорз хабар мӕгуыртӕн

ХУЫЦАУЫ НЫХАС нын зӕрдӕ ’вӕры: «Мӕгуыр адӕймаг цӕрӕнбонты нӕ уыдзӕн рохуаты» (Псалом 9:18). Уымӕй уӕлдай ма дзы не Сфӕлдисӕджы тыххӕй фыст ис: «Дӕ къух байгом кӕныс ӕмӕ алкӕмӕн дӕр раттыс, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» (Псалом 145:16). Ацы ныхӕстӕ ӕрмӕст бӕллиц не сты. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау кӕрон скӕндзӕн мӕгуырдзинадӕн. Куыд?

Иу африкӕйаг экономист куыд загъта, афтӕмӕй мӕгуыр адӕмы сӕйраджыдӕр хъӕуы «фӕлмӕнзӕрдӕ, фӕлӕ хъӕддых хицау». Ома йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ, хъӕуы ахӕм хицау, йӕ бон мӕгуырдзинадӕн кӕрон скӕнын кӕмӕн уа ӕмӕ уый фӕндгӕ дӕр кӕй кӕна. Зӕгъын ма хъӕуы уый, ӕмӕ уыцы хицауӕн хъуамӕ йӕ бар цӕуа ӕнӕхъӕн дунейыл, уымӕн ӕмӕ мӕгуыр адӕм ис ӕнӕхъӕн дунейы дӕр. Уымӕй уӕлдай, хъуамӕ йӕ бон уа мӕгуырдзинады аххосагӕн дӕр исты бакӕнын, ома адӕймаджы хиуарзон зондахаст фӕивын. Цымӕ ахӕм диссаджы хицау кӕм ссарӕн ис?

Хуыцау зӕхмӕ ӕрӕрвыста Йесо Чырыстийы, цӕмӕй мӕгуыр адӕмӕн хорз хабар радзырдтаид. Хуыцау ын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый тыххӕй иухатт Чырысти Сыгъдӕг Фыстадӕй бакаст иу скъуыддзаг: «Ӕз хайджын дӕн Йегъовӕйы тыхӕй, уымӕн ӕмӕ мӕ уый байсӕрста, цӕмӕй мӕгуыртӕн хорз хабар хъусын кӕнон» (Лукайы 4:16–18).

Хорз хабармӕ цы хауы?

Хуыцау Чырыстийӕн радта паддзахы бартӕ. Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр у хорз хабар. Чырыстийӕ хуыздӕр Хицау нӕй ӕмӕ мӕгуырдзинадӕн кӕрон ӕрмӕстдӕр уый скӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ 1) у ӕнӕхъӕн дунейы паддзах ӕмӕ йын лӕвӕрд ис стыр бартӕ, 2) йӕ зӕрдӕ риссы мӕгуыртыл ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты дӕр ахуыр кӕны, цӕмӕй сыл уыдон дӕр тыхсой, стӕй 3) йӕ бон у мӕгуырдзинады аххосаг бындзарӕй стонын, ома нӕ туджы кӕй рахастам, уыцы хиуарзон зондахаст фӕивын. Ацы ӕртӕ хъуыддаджы хауынц хорз хабармӕ. Цӕй ӕмӕ сыл аныхас кӕнӕм.

1. Чырысти у хицау ӕппӕт адӕмтӕн дӕр. Библийы Чырыстийы тыххӕй фыст ис: «Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыдысты хицауы бартӕ... цӕмӕй адӕмтӕ, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи у ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдон се ’ппӕт дӕр уымӕн лӕггад кӕной» (Данел 7:14). Ахъуыды-ма кӕн, куыд хорз уыдзӕн, ӕппӕт адӕмтӕн дӕр иу хицауад куы уа, уӕд! Зӕххы хъӕздыгдзинӕдтыл кӕрӕдзиимӕ ничиуал тох кӕндзӕн. Се ’ппӕт дӕр сӕ ӕмхуызон пайда кӕндзысты. Чырысти йӕхӕдӕг загъта, ӕнӕхъӕн дунейы Хицау кӕй уыдзӕн ӕмӕ йӕ бар алцӕуыл дӕр кӕй цӕудзӕн. Матфейы 28:18 фыст ис: «Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр».

2. Чырысти тӕригъӕд кодта мӕгуыртӕн. Йесо мӕгуыр адӕмӕн кӕй тӕригъӕд кодта, уый бӕрӕг уыд йӕ хъуыддӕгтӕй. Зӕгъӕм, иухатт, 12 азы тугцыдӕй чи удхар кодта ӕмӕ йе ’хцатӕ иууылдӕр дохтыртыл чи бахардз кодта, уыцы сылгоймаг Чырыстийы уӕлӕдарӕсыл андзӕвыд, кӕд мӕ низӕй фервӕзин, зӕгъгӕ. Ахӕм рынчын кӕуыл андзӕвыдаид, уый Хуыцауы Закъонмӕ гӕсгӕ нымад уыд чъизийыл. Фӕлӕ Йесо сылгоймагӕн фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Фарнимӕ цу. Дӕ удхайраг низӕй макуыуал схъӕрз» (Марчы 5:25–34).

Чырыстийы ныхӕсты ахӕм тых ис, ӕмӕ сӕ бон у адӕмы зондахаст фӕивын, цӕмӕй уыдон дӕр иннӕты рис сӕ зӕрдӕмӕ арф исой. Зӕгъӕм, иухатт иу нӕлгоймаг Йесойы бафарста, цы кӕнын мӕ хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнон, зӕгъгӕ. Уыцы адӕймаг зыдта, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй иннӕты уарзӕм, фӕлӕ уӕддӕр Чырыстийы бафарста: «Ӕмӕ, кӕй хъуамӕ уарзон, уыцы иннӕтӕ чи сты?»

Чырысти йын ракодта иу хабар. Иу лӕг Иерусалимӕй Иерихонмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕй абырджытӕ бастыгътой ӕмӕ йӕ «ӕрдӕгмардӕй» фӕндагыл ныууагътой. Йӕ рӕзты сауджын куы фӕцӕйцыд, уӕд фӕндагӕн йӕ иннӕ фарсмӕ ахызт. Афтӕ бакодта левит дӕр. «Фӕлӕ ма уыцы фӕндагыл фӕцӕйцыд иу самариаг лӕг дӕр. Уый йӕ цурмӕ куы бахӕццӕ ӕмӕ йӕ куы ауыдта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта». Йӕ цӕфтӕ йын ныхсадта, стӕй йӕ фысымуатмӕ аласта ӕмӕ йын йӕ хицауӕн бафыста, цӕмӕй йӕм йӕ хъус фӕдардтаид. Уый фӕстӕ Чырысти уыцы лӕджы бафарста: «Абырджыты къухтӕм чи бахауд, уыцы адӕймаджы уыцы ӕртӕйӕ чи уарзта?». Уый йын дзуапп радта: «Чи йын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын чи баххуыс кодта, уый». Уӕд ын Йесо загъта: «Ды дӕр афтӕ кӕн» (Лукайы 10:25–37).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи свӕййынц, уыцы адӕм лӕмбынӕг фӕхъуыды кӕнынц Чырыстийы ахуырӕдтыл, зӕгъӕм, уӕлдӕр цы хабӕрттӕ фыст ис, ахӕмтыл ӕмӕ сӕ бафӕнды, ӕххуысхъуаг чи у, уыдоны фарсмӕ ӕрбалӕууын. Зӕгъӕм, иу латвиаг фыссӕг йӕ чиныджы ныффыста, 1960 азты Советон Цӕдисы хъӕу Потьмӕйы ахӕстоны куыд фӕрынчын, уый тыххӕй. «Рынчын куы уыдтӕн, уӕд мӕм [Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ] тынг хорз зылдысты. Уыдонӕй хуыздӕр мӕм йӕ хъус ничи фӕдардтаид». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ хӕсыл нымайынц алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кӕнын, цыфӕнды диныл хӕст ма уой ӕмӕ цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, уӕддӕр» («Women in Soviet Prisons»).

Эквадоры, горӕт Анконы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуӕй-иутӕ экономикон кризисы тыххӕй ӕгуыстӕй баззадысты. Уымӕ гӕсгӕ сын ӕмбырдӕй се ’фсымӕртӕ ӕмӕ сӕ хотӕ сфӕнд кодтой баххуыс кӕнын. Уыдон-иу хӕринаг ӕрцӕттӕ кодтой, ӕмӕ-иу ӕй уӕй кодтой, ӕхсӕвы-иу кӕсаг ахсынӕй чи ӕрбаздӕхт, уыдонӕн (ныв рахизырдыгӕй). Ӕмбырдӕй фӕстейӕ ничи фӕлӕууыд, суанг сывӕллӕттӕ дӕр ӕххуыс кодтой. Хӕринаг кӕнын-иу райдыдтой фӕсӕмбисӕхсӕв, цӕмӕй-иу цӕттӕ уыдаид райсомы цыппар сахатмӕ, кӕсагахсджытӕ-иу денджызӕй куы ’рбаздӕхтысты, уӕдмӕ. Цы ’хца-иу бакуыстой, уый-иу байуӕрстой, чи куыд хъуаг ӕййӕфта, уымӕ гӕсгӕ.

Ӕппӕт ацы хабӕрттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ адӕм Чырыстийы ныхӕстыл ӕмӕ, куыд цард, ууыл куы фӕхъуыды кӕнынц, уӕд сӕ бафӕнды ӕххуысхъуаг адӕммӕ истӕмӕй фӕкӕсын.

3. Чырыстийӕн йӕ бон у адӕймаджы зондахаст фӕивын. Адӕймаг хиуарзон кӕй у, уый алчидӕр зоны. Библимӕ гӕсгӕ, афтӕ уый тыххӕй у, ӕмӕ стӕм тӕригъӕдджын. Апостол Павел ныффыста: «Ӕмӕ афтӕмӕй рабӕрӕг, мӕ уавӕры кӕй архайы ахӕм закъон: раст цы у, уый саразын мӕ куы фӕфӕнды, уӕд мӕ разы ӕрбалӕууы ӕвзӕрдзинад». Уый фӕстӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Чи мӕ фервӕзын кӕндзӕн, мӕлӕтмӕ мӕ чи кӕны, уыцы буарӕй? Ӕз бузныг зӕгъын Хуыцауӕн, уый мӕ фервӕзын кӕндзӕн... Йесо Чырыстийы фӕрцы» (Ромӕгтӕм 7:21–25). Ацы ныхӕстӕй Павел бамбарын кодта, Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты Чырыстийы фӕрцы тӕригъӕдӕй куыд ирвӕзын кӕны, уый. Тӕригъӕды тыххӕй адӕймагмӕ цы миниуджытӕ фӕзыны, уыдонӕй иу у хивӕнд зондахаст – мӕгуырдзинады аххосаг. Цымӕ Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты куыд ирвӕзын кӕны?

Чырысти донаргъуыд куы райста, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Аргъауӕг Иоанн Йесойы тыххӕй загъта: «Уӕртӕ Хуыцауы Уӕрыкк, уый дунейы тӕригъӕдтӕ ахӕсдзӕн!» (Иоанны 1:29). Тагъд зӕххыл цӕрдзӕн ӕххӕст адӕм. Хуыцау сӕ ссӕрибар кӕндзӕн, сӕ туджы цы тӕригъӕд рахастой, уымӕй ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ адӕм хиуарзон нал уыдзысты (Исай 11:9). Чырысти фесафдзӕн мӕгуырдзинады аххосаг.

Куыд ӕхсызгон нын вӕййы, нӕ цӕстытыл куы ауайын кӕнӕм, тагъд цы цард уыдзӕн, уый – иу адӕймаг дӕр хъуаг ницӕмӕй ӕййафдзӕн! Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Алчидӕр сӕ баддзӕн йӕ сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕ легъуибӕласы бын, ӕмӕ сын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн» (Михей 4:4). Ацы рӕсугъд ныхӕстӕ ӕвдисынц, адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр кӕй уыдзӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ куыст, тӕссаг сын кӕй ницӕмӕй уыдзӕн, мӕгуырдзинадӕн йӕ кой дӕр кӕй нӕ уыдзӕн. Алцыдӕр уыдзӕн Йегъовӕйы кадӕн!