Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи ивы адӕймаджы цард

Библи ивы адӕймаджы цард

АДӔМИМӔ цӕрын чи нӕ зыдта, уыцы панк-рокер цӕй фӕрцы сахуыр иннӕты уарзын ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын? Мексикӕйӕ иу нӕлгоймагӕн цы баххуыс кодта йе ’нӕгъдау цард ныууадзынӕн? Японийӕ иу зындгонд велогонщик спорт куыд ныууагъта ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын куыд райдыдта? Дӕ хорзӕхӕй, бакӕс, уыцы адӕм сӕхи тыххӕй цы дзурынц, уый.

«Ӕз уыдтӕн дӕрзӕг, сӕрбӕрзонд, мӕстыгӕр адӕймаг» (ДЕННИС О’БЭРН).

РАЙГУЫРД 1958 АЗЫ

ЦӔРЫ АНГЛИСЫ

РАЗДӔР УЫД ПАНК-РОКЕР ӔМӔ АДӔМИМӔ ЦӔРЫН НӔ ЗЫДТА

Мӕ фыды ’рдыгӕй мӕ хӕстӕджытӕ сты ирландиӕгтӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ хӕст уыдтӕн Ирландиаг католикон диныл. Аргъуанмӕ-иу цыдтӕн иунӕгӕй, кӕд-иу мӕ тынг нӕ фӕндыд, уӕддӕр. Фӕлӕ мӕ фӕндыди Хуыцауы тыххӕй истытӕ базонын. Алы бон дӕр-иу дзырдтон Чырыстийы куывды ныхӕстӕ. Мӕ зӕрдыл лӕууы, ӕхсӕвы-иу мӕ хуыссӕны хуысгӕйӕ уыцы ныхӕстыл куыд хъуыды кодтон, уый. Уыцы куывды ныхӕстӕ-иу хицӕн хӕйттыл адих кодтон ӕмӕ-иу мӕ гыццыл зондӕй архайдтон, алкӕцы дӕр дзы цы нысан кӕны, уый бамбарыныл.

Рӕзгӕ кары куы уыдтӕн, уӕд сбӕндӕн дӕн, йӕхи растафари чи хоны, уыдонимӕ. Стӕй ма мӕ хъус дардтон, нацистты ныхмӕ чи тох кодта, уыцы политикон партитӕ куыд архайдтой, уымӕ. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг фӕхъӕстӕ дӕн, алкӕй ныхмӕ дӕр чи цыд, уыцы панк-рокерты зондӕй. Бафтыдтӕн наркотиктыл, уӕлдайдӕр та марихуанӕйыл, ӕмӕ йӕ, зӕгъӕн ис, алы бон дӕр дымдтон. Ӕппындӕр мӕ ницӕй мӕт уыди, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фыднозт кодтон, мӕ цард-иу арӕх тӕссаг уавӕры баппӕрстон, стӕй-иу иннӕтыл нӕ хъуыды кодтон. Мӕ алыварс цы адӕм уыди, уыдон мӕм нымады дӕр нӕ уыдысты. Кӕд-иу искуы иу хатт искӕимӕ аныхас кодтон, уӕд хорз, ӕндӕр мӕм афтӕ каст, ӕмӕ адӕм цӕуылты дзурынц, уыдон афтид ныхӕстӕ сты. Мӕ къам исын дӕр нӕ уарзтон. Ныр, фӕстӕмӕ акӕсгӕйӕ, ӕмбарын, куыд дӕрзӕг, сӕрбӕрзонд ӕмӕ мӕстыгӕр адӕймаг уыдтӕн. Лымӕн кӕимӕ уыдтӕн, ӕрмӕстдӕр уыдонмӕ дардтон хорз зӕрдӕ ӕмӕ сын ницы ’вгъау кодтон.

Иу-20 азы мыл куы цыди, уӕд мӕ бафӕндыд, Библийы цы фыст ис, уый базонын. Ме ’мбӕлттӕй сӕ иу уӕй кодта наркотиктӕ, ӕмӕ ахӕстонмӕ куы бахауд, уӕд уым Библи кӕсын райдыдта. Йемӕ-иу бирӕ фӕныхас кодтам дин ӕмӕ аргъуаны тыххӕй, стӕй, Хӕйрӕджы аххосӕй дунейы цытӕ цӕуы, уый тыххӕй дӕр. Гъемӕ Библи балхӕдтон ӕмӕ йӕ мӕхӕдӕг ахуыр кӕнын райдыдтон. Алчидӕр-иу нӕ Библийӕ иу скъуыддзаг бакаст, уый фӕстӕ-иу фембӕлдыстӕм, цӕмӕй-иу, цы базыдтам, ууыл аныхас кодтаиккам, ӕмӕ-иу цавӕрдӕр хъуыдымӕ ӕрцыдыстӕм. Афтӕ Библи иумӕ иртӕстам цалдӕр мӕйы дӕргъы.

Библийӕ цы бакастыстӕм, уымӕ гӕсгӕ скодтам ахӕм хатдзӕгтӕ: мах цӕрӕм ацы дунейы фӕстаг бонты, чырыстӕттӕ хъуамӕ хъусын кӕной Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар, ацы дунейӕ хъуамӕ ма уой, уыимӕ политикӕйӕ дӕр хъуамӕ дард лӕууой, ӕмӕ Библийы ис хорз уынаффӕтӕ, адӕймаг куыд хъуамӕ цӕра, уый фӕдыл. Афтӕмӕй бамбӕрстам, Библийы цы фыст ис, уый раст кӕй у ӕмӕ динтӕй кӕцыдӕр раст кӕй хъуамӕ уа. Фӕлӕ кӕцы? Хъуыды кодтам, адӕмӕн сӕ фылдӕр кӕдӕм цӕуынц, уыцы аргъуантыл, сӕ сауджынтӕ кад ӕмӕ цыт куыд агурынц, стӕй политикӕйы куыд архайынц, уыдӕттыл, ӕмӕ йӕ бамбӕрстам, Чырысти ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕй никуы кодта. Фидарӕй йӕ зыдтам, Хуыцауӕн уыцы динтимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр кӕй ницы ис, ӕмӕ не ’ргом аздӕхтам, афтӕ зындгонд чи нӕу, уыцы динтӕм, уыдон та цӕуыл ахуыр кӕнынц, зӕгъгӕ.

Уыцы динтыл хӕст адӕмимӕ-иу фембӕлдыстӕм ӕмӕ-иу сӕм алыхуызон фарстатӕ лӕвӕрдтам. Мах зыдтам, уыцы фарстатӕй алкӕцыйы тыххӕй дӕр Библи цы дзуры, уый, ӕмӕ нын ӕнцон уыди, Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ дзурынц ӕви нӕ, уый фенын. Уыцы фембӕлдты фӕстӕ-иу Хуыцаумӕ скуывтон, зӕгъгӕ, кӕд уыцы адӕм раст диныл хӕст сты, уӕд афтӕ бакӕн, цӕмӕй мӕ бафӕнда семӕ ногӕй фембӕлын. Фӕлӕ уымӕй цалдӕр мӕйы рацыд, ӕмӕ уӕддӕр не ссардтон, нӕ фарстатӕн Библийӕ дзуапп чи лӕвӕрдтаид, ахӕм адӕм. Стӕй, кӕимӕ ныхас кодтам, уыдонӕй искӕимӕ ногӕй фембӕлдаин, уый дӕр мӕ нӕ фӕндыд.

Ӕппынфӕстаг ме ’мбалимӕ фембӕлдыстӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ. Иннӕты-иу цӕмӕй фарстам, уыдоны дӕр уыдӕттӕй бафарстам, фӕлӕ нын уыдон дзуапп радтой Библийӕ. Сӕ ныхӕстӕ иууылдӕр уыдысты, Библийӕ цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ сӕ уӕд, Библийӕ нӕхӕдӕг дзуапп цӕмӕн нӕма ссардтам, уыдӕттӕй фӕрсын райдыдтам. Зӕгъӕм, бафарстам сӕ, адӕймаг тамако дыма ӕмӕ наркотиктӕ кӕна, уымӕ Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы. Ӕмӕ та нын ногӕй дзуапп радтой Хуыцауы Ныхасӕй. Паддзахады залмӕ нӕ ӕмбырдмӕ куы фӕхуыдтой, уӕд мах дӕр сразы стӕм.

Фӕлӕ мын ӕмбырдмӕ ацӕуын ӕнцон нӕ уыди. Мӕхи иннӕтӕй дард кӕй ластон, уымӕ гӕсгӕ мын зын уыди, уыцы хӕларзӕрдӕ, аивконд адӕм мыл кӕй цин кодтой, уый. Афтӕ мӕм фӕкаст, ӕмӕ сӕ иуӕй-иутӕ цӕстмӕ митӕ кӕнынц, ӕмӕ мӕ иннӕ хатт ӕмбырдмӕ ӕрбацӕуын нал бафӕндыд. Фӕлӕ та Хуыцаумӕ скуывтон, зӕгъгӕ, кӕд ацы адӕм раст диныл хӕст сты, уӕд мын баххуыс кӕн, цӕмӕй мӕ бафӕнда семӕ ногӕй фембӕлын. Ӕмӕ мӕ зӕрдӕйы зынг ссыгъд – бафӕндыди мӕ Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Ӕмбӕрстон ӕй, наркотиктӕ ныууадзын мӕ кӕй хъӕуы, ӕмӕ мын уый ӕнцонтӕй бантыст. Фӕлӕ мын бирӕ зындӕр уыди тамако ныууадзын. Цалдӕр хатты фӕлвӕрдтон, фӕлӕ та-иу мын дзы ницы рауад. Иннӕтӕ куыд ӕнцонтӕй аппарынц сӕ тамако, уый тыххӕй куы фехъуыстон, уӕд Йегъовӕмӕ кувын райдыдтон, мӕн дӕр уыцы ӕвзӕр хъуыддаг ныууадзын кӕй фӕнды, уый тыххӕй. Ӕмӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй уый мӕ къухы бафтыд. Уӕд бамбӕрстон, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый Йегъовӕйӕн ӕргом дзурай, уый тынг ахсджиаг кӕй у.

Уымӕй уӕлдай ма мӕ бынтондӕр фӕивын хъуыди мӕ конд ӕмӕ мӕ уынд дӕр. Паддзахады залмӕ фыццаг хатт ӕрбацыдтӕн, мӕ сӕрыхъуынтӕ хӕрдмӕ хъен лӕууыдысты, афтӕмӕй, астӕуӕй та мӕ сӕр уыди цъӕх-цъӕхидӕй ахуырст. Фӕстӕдӕр ӕй сахуырстон бур-буридӕй. Дардтон джинсытӕ ӕмӕ, алыхуызон фыстытӕ кӕуыл уыд, ахӕм сӕрак къурткӕ. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕ уыцы хъуыддаджы ивын ницы хъӕуы, кӕд мын ӕй Ӕвдисӕнтӕ фӕлмӕнӕй ӕмбарын кодтой, уӕддӕр. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ахъуыды кодтон, 1 Иоанны 2:15–17 стихты цы ныхӕстӕ ис, уыдоныл, зӕгъгӕ, «ма уарзут дуне, нӕдӕр, дунейы цы ис, уый. Дуне чи уарзы, уый Фыды нӕ уарзы». Ӕмӕ бамбӕрстон: цы кондӕй цӕуын, уымӕй ӕвдисын, ацы дуне кӕй уарзын, уый, ӕмӕ цӕмӕй, Йегъовӕйы кӕй уарзын, уый бӕрӕг уа, уый тыххӕй мӕ хъӕуы фӕивын. Ӕмӕ ӕз дӕр фӕивтон.

Цасдӕры фӕстӕ бамбӕрстон, ӕмбырдтӕм цӕуон, уый ӕрмӕст Ӕвдисӕнты кӕй нӕ фӕнды. Дзуттӕгтӕм 10:24, 25 стихты цы фыст ис, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ мӕхицӕн загътон, уый Хуыцауы куы фӕнды, зӕгъгӕ. Гъемӕ алы ӕмбырдмӕ дӕр цӕуын куы райдыдтон ӕмӕ дзы цы адӕм ис, уыдоны хуыздӕр куы базыдтон, уӕд аскъуыддзаг кодтон, мӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кӕндзынӕн ӕмӕ донаргъуыд кӕй райсдзынӕн.

МӔ ЦАРД ФӔХУЫЗДӔР. Мӕ зӕрдӕ мын тынг бацагайдта, Йегъовӕ нӕ уый аккаг кӕй скодта, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суӕм. Куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у ӕмӕ адӕмыл куыд тыхсы, уый куы базыдтон, уӕд мӕ бафӕндыд, цӕмӕй йӕ фӕзмон ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы къахвӕдтыл цӕуон (1 Петры 2:21). Ӕз бамбӕрстон, мӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ куы фидар кӕнон, уӕд уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ мын мӕхи хъуыды, мӕхи миниуджытӕ нал уыдзӕн. Мӕхиуыл куыстон, цӕмӕй сахуыр уыдаин иннӕты уарзын ӕмӕ сыл тыхсын. Ӕмӕ ныр дӕр архайын, цӕмӕй, Чырысти иннӕтӕн куыд уыд, ӕз дӕр мӕ ус ӕмӕ мӕ фыртӕн афтӕ уон. Стӕй ма зӕрдиагӕй тыхсын, уырнындзинады фӕрцы мын цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ фӕзынд, уыдоныл дӕр. Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг кӕй сдӕн, уый фӕрцы мӕхи адӕймагыл нымайын райдыдтон ӕмӕ ныр мӕ бон у, иннӕты кӕй уарзын, уый ӕвдисын.

«Уыдон мӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй нӕ кастысты» (ГВАДАЛУПЕ ВИЛЬЯРРЕАЛЬ).

РАЙГУЫРД 1964 АЗЫ

ЦӔРЫ МЕКСИКӔЙЫ

РАЗДӔР ӔНӔГЪДАУ ЦАРД КОДТА

Ӕз схъомыл дӕн, адӕм тынг мӕгуыр кӕм цардысты, уыцы горӕт Эрмосильойы (штат Сонорӕ, Мексикӕ). Уыдыстӕм авд сывӕллоны. Гыццыл ма куы уыдтӕн, уӕд мӕ фыд амард, ӕмӕ нӕ цӕмӕй нӕ мад дардтаид, уый тыххӕй йӕ хъуыди бирӕ кусын. Дзабыртӕ балхӕнынӕн нӕм ӕхца кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ-иу цыдтӕн бӕгъӕмвадӕй. Хӕрзӕрыгонӕй райдыдтон кусын, цӕмӕй мӕ мадӕн ӕххуыс кодтаин. Бирӕ ӕндӕр бинонтау мах дӕр цардыстӕм тынг къуындӕг уавӕрты, иу гыццыл къуымы.

Мӕ мад-иу райсомӕй-изӕрмӕ кусынмӕ уыди, мах та-иу иунӕгӕй баззадыстӕм. Ӕхсӕз азы мыл куы цыди, уӕд иу 15-аздзыд лӕппу мемӕ ӕвзӕр митӕ кӕнын райдыдта. Ӕмӕ афтӕ ахаста дзӕвгар рӕстӕг. Ахӕм уавӕрмӕ ӕрцыдтӕн, ӕмӕ мын куыд кӕнгӕ у, уый нал зыдтон. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ нӕлгоймӕгты ’рдӕм кӕй ӕхсайы, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Дохтыртӕм кӕнӕ-иу сауджынтӕм ӕххуысмӕ куы бацыдтӕн, уӕд-иу мӕ ӕрсабыр кодтой, тыхсгӕ дӕр мацӕуыл кӕн, уым диссагӕй ницы ис, зӕгъгӕ.

Цыппӕрдӕс азы мыл куы цыд, уӕд сфӕнд кодтон, гомосексуалисттӕ сӕхи куыд дарынц, ӕз дӕр мӕхи афтӕ кӕй дардзынӕн ӕмӕ уыдон цы кондӕй цӕуынц, ахӕм кондӕй кӕй цӕудзынӕн. Суанг ма цалдӕр нӕлгоймагимӕ дӕр цардтӕн. Афтӕ ахаста 11 азы. Уӕдмӕ парикмахерыл дӕр сахуыр кодтон ӕмӕ салон байгом кодтон. Фӕлӕ мӕ цардӕй мӕ зӕрдӕ нӕ рухс кодта. Арӕх-иу удхар кодтон, афтӕ мӕм каст, ӕмӕ никӕй хъӕуын. Кӕмдӕр ӕй ӕмбӕрстон, цы аразын, уый раст кӕй нӕу. Ӕмӕ хъуыды кӕнын райдыдтон, цымӕ искуы хорз, хӕрзӕгъдау адӕм ис, зӕгъгӕ.

Ӕмӕ мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд мӕ хистӕр хо. Уый Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ донаргъуыд райста. Библийӕ-иу цы базыдта, уый-иу мӕнӕн дӕр радзырдта, фӕлӕ-иу ын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтон. Афтӕмӕй та, куыд цӕры, стӕй йӕ лӕгимӕ кӕрӕдзийӕн куыд сты, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Уыдтон ӕй, кӕрӕдзи ӕцӕгдӕр кӕй уарзынц ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕн кӕй аргъ кӕнынц. Сӕ иу иннӕмӕн схуыст, дӕрзӕг ныхас загътаид, уый никуы фехъуыстон. Цасдӕры фӕстӕ Йегъовӕйы Ӕдисӕнтӕй сӕ иу мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Фыццаг афтӕ ӕнӕбары ахуыр кодтон. Фӕлӕ стӕй, цы ахуыр кодтам, уый мӕ зӕрдӕмӕ цӕуын райдыдта.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Иу бон мӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ се ’мбырдмӕ фӕхуыдтой, ӕмӕ ӕз дӕр ацыдтӕн. Уым мӕм цы цӕстӕй ракастысты, ахӕм цӕстӕй мӕм никуы ничи каст. Иннӕ адӕм-иу мыл худгӕ кодтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ та бынтон ӕндӕрхуызон адӕм разындысты. Уыдон мыл зӕрдиагӕй бацин кодтой. Сӕ иу дӕр мӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй нӕ каст, ӕмӕ мын уый мӕ зӕрдӕ бацагайдта.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы диссаджы адӕм сты, уый ноджы хуыздӕр бамбӕрстон, конгресмӕ куы ацыдтӕн, уӕд. Мӕхи цӕстӕй йӕ федтон, уыцы адӕм мӕ хойау ӕнӕхин кӕй сты ӕмӕ сӕм цӕстмӕ митӕ дӕр кӕй нӕй, тынг бирӕйӕ иумӕ куы вӕййынц, уӕд дӕр. Ӕмӕ ахъуыды кодтон, зӕгъгӕ, кӕд адон сты, уал азы дӕргъы кӕй агурын, уыцы хорз ӕмӕ хӕрзӕгъдау адӕм. Се ’хсӕн цы уарзондзинад ӕмӕ цы иудзинад ис, стӕй алы фарстайӕн дӕр дзуапп Библийӕ куыд фӕдӕттынц, уый мӕ дисы ӕфтыдта. Ӕмӕ бамбӕрстон, сӕ цард хуыздӕрырдӕм Библийы фӕрцы кӕй аивта. Стӕй ма бамбӕрстон, цӕмӕй ӕз дӕр уыдоны хуызӕн суон, уый тыххӕй мӕ мӕ царды бирӕ цыдӕртӕ кӕй хъӕуы фӕивын.

Раздӕр, цыма сылгоймаг уыдтӕн, ахӕм цард кодтон. Ӕмӕ мӕ ныр фӕивын хъуыди алцыдӕр: куыд ныхас кодтон, мӕхи куыд дардтон, цы кондӕй, цы прическӕимӕ цыдтӕн, уыдӕттӕ, стӕй мӕ хъуыди ӕндӕр ӕмбӕлттӕ ссарын дӕр. Мӕ раздӕры ӕмбӕлттӕ мыл худтысты ӕмӕ мын дзырдтой: «Гъеныр дӕ уый цӕмӕн хъӕуы? Афтӕ дӕр тынг хорз дӕ. Ныууадз-ма уыцы Библийы ахуыр. Куы ницы цух дӕ». Фӕлӕ мын ӕппӕты зындӕр та уыди ме ’нӕгъдау цардыл мӕ къух сисын.

Кӕд мын ӕнцон нӕ уыди, уӕддӕр ӕй зыдтон, цыфӕнды ивындзинӕдтӕ дӕр мӕ бон кӕй бауыдзӕн скӕнын. Стыр ныфс мӕ бауагътой, 1 Коринфӕгтӕм 6:9–11 стихты цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон: «Ӕви йӕ нӕ зонут, ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕм Хуыцауы паддзахад бынӕн кӕй нӕ райсдзысты? Уӕхи ма сайут. Нӕдӕр хӕтаг адӕм, нӕдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ; нӕдӕр, йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдон; нӕдӕр, нӕлгоймӕгтӕ хӕлд митӕ цы нӕлгоймӕгтимӕ кӕнынц, уыдон; нӕдӕр, нӕлгоймӕгтимӕ ӕмуат чи ’рцӕуы, уыцы нӕлгоймӕгтӕ... Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты. Ӕмӕ сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты. Фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут». Йегъовӕ уӕды рӕстӕджы адӕмӕн ӕххуыс кодта сӕ цард фӕивынӕн, ӕмӕ мӕн дӕр ӕнӕ ӕххуысӕй нӕ ныууагъта. Цалдӕр азы мӕ бахъуыди тох кӕнын, фӕлӕ мын Ӕвдисӕнтӕ Библийӕ уынаффӕтӕ кӕй лӕвӕрдтой ӕмӕ мӕ сӕ уарзондзинадӕй кӕй тавтой, уый мын тынг баххуыс кодта.

МӔ ЦАРД ФӔХУЫЗДӔР. Ныр ӕз цӕрын, нӕлгоймаг куыд хъуамӕ цӕра, афтӕ. Ис мын бинонтӕ, ӕмӕ мӕ бинойнагимӕ иумӕ нӕ фырты ахуыр кӕнӕм, Библи куыд дзуры, афтӕ цӕрыныл. Раздӕр куыд цардтӕн, уый цыма фын уыди, афтӕ мӕм фӕкӕсы. Ныр хайджын дӕн бирӕ арфӕдзинӕдтӕй ӕмӕ мын Хуыцау мӕ бӕрны бакодта бирӕ кадджын хӕстӕ. Ӕмбырды лӕггад кӕнын хистӕр нӕлгоймагӕй, стӕй мӕ бон у иннӕтӕн дӕр Хуыцауы Ныхасӕй рӕстдзинад базонынӕн ӕххуыс кӕнын. Мӕ цард куыд фӕивта, уый мӕ мадӕн афтӕ ӕхсызгон уыди, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр сразы Библи ахуыр кӕныныл ӕмӕ донаргъуыд райста. Мӕ кӕстӕр хо дӕр раздӕр ӕнӕгъдау цард кодта, фӕлӕ уый дӕр сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн.

Мӕ цард хуыздӕрырдӕм кӕй фӕивта, уый уынынц мӕ раздӕры ӕмбӕлттӕ дӕр, ӕмӕ сӕ чидӕртӕ уый тыххӕй ӕргом фӕдзурынц. Ӕз ӕй зонын, ӕппӕт уыцы ивындзинӕдтӕ мӕ къухы кӕй фӕрцы бафтыдысты, уый. Кӕддӕр ӕххуыс куырдтон дохтыртӕй ӕмӕ сауджынтӕй, фӕлӕ мын хорзӕй ницы бацамыдтой. Йегъовӕ та мын ӕцӕгдӕр баххуыс кодта. Кӕд мӕхи зӕххӕй сисинагыл дӕр нӕ нымадтон, уӕддӕр мӕм уый ӕркаст ӕмӕ мӕм стыр уарзондзинад ӕмӕ фӕразондзинад равдыста. Ӕмбал кӕмӕн нӕй, йӕ зонд ӕмӕ йӕ уарзт ӕгӕрон кӕмӕн сты, уыцы Хуыцау мӕм йӕ хъус кӕй ӕрдардта ӕмӕ мӕ хорздзинадыл кӕй хъуыды кӕны, уый фӕрцы сдӕн ног адӕймаг.

«Цард мын ад нӕ кодта, афтӕ мӕм каст, ӕмӕ никӕй хъӕуын» (КАДЗУХИРО КУНИМОТИ).

РАЙГУЫРД 1951 АЗЫ

ЦӔРЫ ЯПОНИЙЫ

РАЗДӔР УЫД ЗЫНДГОНД ВЕЛОГОНЩИК

Ӕз схъомыл дӕн сабыр наулӕууӕн горӕты, Сидзуокӕйы районы (Япони). Нӕ бинонтӕ уыдысты аст адӕймаджы ӕмӕ цардыстӕм гыццыл хӕдзары. Мӕ фыд уӕй кодта ӕмӕ цалцӕг кодта велосипедтӕ. Гыццылӕй фӕстӕмӕ мӕ йемӕ кодта велогонкӕтӕм ӕмӕ мын уыцы спорт бауарзын кодта. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй зындгонд велогонщик суыдаин. Ӕмӕ нырма астӕуккаг кълӕсты куы ахуыр кодтон, уӕд йӕ удӕй бацыд, цӕмӕй ӕдзухдӕр тренировкӕтӕ кодтаин. Хистӕр кълӕсты куы уыдтӕн, уӕд ӕртӕ хатты фӕд-фӕдыл фыццаг бынат бацахстон Японийы велогонщикты ӕрвылазон ерысты. Уый фӕстӕ мӕ университетмӕ фӕхуыдтой, фӕлӕ ӕз не сразы дӕн. Аскъуыддзаг кодтон, велоспортыл кӕм ахуыр кодтой, уыцы скъоламӕ кӕй бацӕудзынӕн. Ӕмӕ 19-аздзыдӕй сдӕн дӕсны велогонщик.

Уыцы рӕстӕг мӕ царды нысан сси, цӕмӕй Японийы хуыздӕр велогонщик суыдаин. Фӕндыд мӕ бирӕ ӕхца бакусын, цӕмӕй мӕ бинонтӕ мацы цух уыдаиккой ӕмӕ ӕнӕмӕт цард кодтаиккой. Ӕмӕ мӕ хъарутӕ иууылдӕр тренировкӕтӕм сарӕзтон. Тренировкӕты рӕстӕг-иу кӕй ныффӕладтӕн кӕнӕ-иу трассӕйыл иуӕй-иу рӕтты зын цӕуӕн кӕй уыди, уый тыххӕй-иу хатт мӕ ныфс асаст. Фӕлӕ та-иу мӕхицӕн загътон, зӕгъгӕ, уый тыххӕй райгуырдтӕ, цӕмӕй велогонщик уай ӕмӕ цыфӕндыйӕ дӕр хъуамӕ размӕ бырсай! Гъемӕ-иу дарддӕр архайдтон. Ӕмӕ мӕ къухы бирӕ цыдӕртӕ бафтыд. Фыццаг аз ног велогонщикты ’хсӕн бацахстон фыццаг бынат. Иннӕ аз та бахаудтӕн, Японийы чемпион чи уыдзӕн, уый сбӕрӕг кӕнынӕн цы ерыстӕ уыд, уыдонмӕ, ӕмӕ ӕхсӕз хатты бацахстон дыккаг бынат.

Японийы хуыздӕр велогонщиктӕй сӕ иу кӕй уыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ мӕ схуыдтой «Токайы фидар къӕхтӕ» (Токай у Японийы районтӕй сӕ иу). Мӕ разӕй исчи фӕуыдаид, уый мӕ сӕрмӕ нӕ хастон. Ерысты рӕстӕг уыдтӕн тынг ӕгъатыр, ӕмӕ мӕ уый тыххӕй се ’ппӕт дӕр тарстысты. Бонӕй-бонмӕ фылдӕр ӕхца куыстон, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр загътаид, уый мӕ бон уыди балхӕнын. Ӕз балхӕдтон, йӕ мидӕг спортзал ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр тренажертӕ кӕмӕн уыд, ахӕм хӕдзар. Стӕй ма балхӕдтон, ӕнӕхъӕн хӕдзары аргъ чи уыд, ахӕм иномаркӕ. Цӕмӕй ме ’хцайӕн фесӕфынӕй тӕссаг ма уыдаид, уый тыххӕй ӕлхӕнын райдыдтон акцитӕ, стӕй алыхуызон бӕстыхӕйттӕ ӕмӕ зӕххытӕ.

Фӕлӕ мын уӕддӕр цард царды ад нӕ кодта, афтӕ мӕм каст, ӕмӕ никӕй хъӕуын. Уыди мын ус ӕмӕ ӕртӕ фырты, фӕлӕ семӕ уыдтӕн тызмӕг, сдзырд дӕр-иу мӕм нӕ уыд. Гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр-иу сыл мӕ маст ныккалдтон. Ӕмӕ-иу мын уыдон дӕр мӕ цӕсгоммӕ тарстхуызӕй кастысты, кӕд та истӕуыл мӕсты у, зӕгъгӕ.

Фӕлӕ иуафон мӕ бинойнаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Уый фӕрцы нӕ царды бирӕ цыдӕртӕ фӕивта. Иубон мын афтӕ куы бакодта, зӕгъгӕ мӕ фӕнды Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ ацӕуын, уӕд ӕз загътон, ӕнӕхъӕн бинонтӕй кӕй ацӕудзыстӕм. Ныр дӕр ма мӕ зӕрдыл лӕууы, иу изӕр нӕм ӕмбырды хистӕр нӕлгоймаг куыд ӕрбацыд ӕмӕ мемӕ Библи ахуыр кӕнын куыд райдыдта, уый. Библийӕ цы базыдтон, уый мын мӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Никуы мӕ ферох уыдзӕн, Ефесӕгтӕм 5:5 стихы цы ныхӕстӕ бакастӕн, уыдон мыл куыд фӕзындысты, уый. Фыст дзы ис: «Чырысти ӕмӕ Хуыцауы паддзахады бынтӕй хай... нӕ уыдзӕн иу хӕтагӕн дӕр, иу чъизи ӕмӕ иу зыд адӕймагӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ зыд адӕймаг у мӕнгхуыцауӕн кувӕг». Ӕмӕ йӕ бамбӕрстон, велогонкӕтӕ ӕхцайыл хъазынӕй уӕлдай кӕй не сты, стӕй адӕймаг спорты куы фӕархайы, уӕд зыдгӕнаг кӕй свӕййы. Ӕмӕ мӕ зӕрдӕ мӕхиуыл ӕрхудти. Ӕмбӕрстон ӕй, кӕд мӕ Йегъовӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды, уӕд мӕ кӕй хъӕуы велогонкӕтӕ ныууадзын. Фӕлӕ мын уыцы къахдзӕф скӕнын ӕнцон нӕ уыд.

Уыцы аз мын цас бантыст, уыйбӕрц никуы, фӕлӕ мӕ ноджы фылдӕр хъуыди. Иннӕмӕй та бамбӕрстон, Библи ахуыр кӕнгӕйӕ кӕй сдӕн сабыр, фарнуарзаг адӕймаг, ӕмӕ ахӕм миниуджытимӕ та спорты дард нӕ ацӕудзынӕ. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уый фӕстӕ ма ӕрмӕстдӕр ӕртӕ хатты архайдтон ерысты, фӕлӕ уӕддӕр кӕронмӕ цӕттӕ нӕ уыдтӕн спорт ныууадзынмӕ. Стӕй нӕ зыдтон, мӕ бинонты куыд дардзынӕн, уый дӕр. Цы ма кодтаин, уымӕн ницыуал зыдтон. Уымӕй уӕлдай ма, Библи ахуыр кӕнын кӕй райдыдтон, уый тыххӕй мӕ мӕ хӕстӕджытӕ дӕр сӕ ныхтӕ ныссагътой. Алкӕмӕй зындӕр та уый уыди мӕ фыдӕн. Уыдӕтты тыххӕй мӕхимидӕг афтӕ тыхстӕн, ӕмӕ мын ахсӕны низмӕ расайдта.

Уыцы зын рӕстӕг мын стыр ӕххуыс уыд, дарддӕр Библи кӕй ахуыр кодтон ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм кӕй цыдтӕн, уый. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ мӕ уырнындзинад фидардӕр кодта. Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мын мӕ куывдтытӕ хъуыстаид ӕмӕ-иу мын равдыстаид, кӕй мӕ хъусы, уый. Ноджы тынгдӕр та мын фенцондӕр, мӕ бинойнаг мын афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, ма тыхс, цӕмӕй амондджын уон, уый тыххӕй мӕ стыр хӕдзӕрттӕ нӕ хъӕуы. Гъемӕ рӕстдзинады фӕндагыл сындӕггай размӕ цыдтӕн.

МӔ ЦАРД ФӔХУЫЗДӔР. Чырысти ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр уыдзӕни» (Матфейы 6:33). Ӕмӕ ӕз мӕхиуыл бавзӕрстон, ацы ныхӕстӕ ӕцӕгдӕр раст кӕй сты, уый. Чырысти куыд загъта, афтӕ «ӕппӕт уыдӕттӕй», ома, цардӕн ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕй, цух никуы уыдыстӕм. Спорты куы архайдтон, уӕд мын цас фыстой, уымӕй ныр 30 хатты къаддӕр исын. Уӕдӕй нырмӕ рацыд 20 азы, фӕлӕ ӕз дӕр ӕмӕ мӕ бинонтӕ дӕр никуы ницы цух уыдыстӕм.

Зӕгъын ма мӕ фӕнды уый дӕр, ӕмӕ ме ’мчырыстӕттимӕ Хуыцауы хъуыддӕгты иумӕ куы фӕархайын, уӕд мӕ зӕрдӕ байдзаг вӕййы, раздӕр зонгӕ дӕр кӕй нӕ кодтон, ахӕм циндзинадӕй. Бонтӕ куыд тӕхынц, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнын. Ныр мӕ бинонтимӕ, зӕгъӕн дӕр куыд нӕй, афтӕ адджынӕй цӕрӕм. Ме ’ртӕ фырты дӕр ӕмӕ сӕ устытӕ дӕр систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц.