Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нозтӕй хъӕуы бӕрц зонын

Нозтӕй хъӕуы бӕрц зонын

Нозтӕй хъӕуы бӕрц зонын

ФЫЦЦАГ статьяйы цы Тонийы кой уыд, уымӕн йӕ хабар, чи зоны, ӕндӕрхуызон дӕр рауадаид, ӕгӕр бирӕ кӕй нуазы, ууыл куы басастаид, уӕд. Фӕлӕ йӕм афтӕ каст, ӕмӕ цасфӕнды ма бануаза, уӕддӕр дзы нӕ расыг кӕны. Цымӕ йӕ рӕдыд цӕй мидӕг уыд?

Тони ӕгӕр бирӕ кӕй нуӕзта, уый тыххӕй йӕ бон нӕ уыд йӕ цардмӕ раст цӕстӕй кӕсын. Чи зоны йӕ йӕхӕдӕг дӕр не ’мбӕрста, фӕлӕ йыл нозт тынг фӕзынд. Цас фылдӕр нуӕзта, уыйас къаддӕр йӕ бон уыд йӕхи ӕмбарын.

Тонийы рӕдыд ма уый мидӕг дӕр уыдис, ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд йӕ нозт ныууадзын. Айразмӕ статьяты цы Аллены кой кодтам, уый-иу райдианы нӕ саст, нозтӕй бӕрц кӕй нӕ зоны, ууыл. Аллен загъта: «Нӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй иннӕтӕ базыдтаиккой, нуазгӕ кӕй кӕнын, уый ӕмӕ-иу мӕхи рӕстытӕ кодтон. Иудзырдӕй, нӕ мӕ фӕндыд мӕ нозт ныууадзын». Кӕд-иу иннӕтӕ уыдтой, Тони ӕмӕ Алленӕн ӕнӕ нозтӕй сӕ бон кӕй нал у, уӕддӕр-иу сӕхимӕ афтӕ каст, ӕмӕ алцыдӕр хорз у. Сӕ дыууӕйы дӕр хъуыди цыдӕр фӕивын. Фӕлӕ цы?

Исты фӕив!

Йӕ нозт чи ныууагъта, уыдонӕй бирӕтӕ, Чырысти куыд амыдта, афтӕ бакодтой: «Уӕдӕ дӕ кӕд дӕ рахиз цӕст рӕдийын кӕны, уӕд ӕй фелвас ӕмӕ йӕ аппар. Цӕйнӕфӕлтау дӕ буар ӕгасӕй дӕр гееннӕмӕ бахауа, фӕлтау де уӕнгтӕй иу фӕхъӕуӕд» (Матфейы 5:29).

Чырысти уымӕ нӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй исчи йӕхицӕн фыдми бакӕна. Фӕлӕ ӕмбарын кодта, адӕймагӕн фӕрӕдийынӕй тӕссаг куы уа, уӕд хъуамӕ цӕттӕ кӕй уа йӕ царды исты цӕхгӕр фӕивынмӕ. Ӕцӕгдӕр, чи зоны, тынг зын у царды исты фӕивын. Фӕлӕ афтӕмӕй нӕхи бахиздзыстӕм, фыднозтмӕ нӕ чи ’ркӕндзӕн, ахӕм уавӕртӕ ӕмӕ зондахастӕй. Уӕдӕ дын кӕд исчи зӕгъы, зӕгъгӕ, дын фегӕр вӕййы, уӕд дӕ цыдӕр фӕивын хъӕуы *. Кӕд нозтӕй бӕрц нӕ зоныс, уӕд ӕй бынтондӕр ныууадз. Чи зоны дын тынг зын уа, фӕлӕ дӕ цард куы фехӕла, уӕд дын уый ноджы зындӕр уыдзӕн.

Кӕд алкоголик нӕ дӕ, фӕлӕ дын арӕх фегӕр вӕййы, уӕд цы ис саразӕн, цӕмӕй нозтӕй бӕрц зонай?

Цы дын баххуыс кӕндзӕн?

1. Ӕдзух ӕмӕ зӕрдиагӕй Хуыцаумӕ кув. Хуыцау Йегъовӕйы зӕрдӕ ссарын кӕй фӕнды, уыдонӕн Библи уынаффӕ дӕтты: «Алы уавӕры дӕр кувут Хуыцаумӕ, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут, ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый, ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, адӕймаджы бон цас у бамбарын, уымӕй бирӕ уӕлдӕр чи у, уый, Йесо Чырыстийы фӕрцы бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Цӕмӕй дӕумӕ дӕр уа, дӕ зонд дын чи бахъахъхъӕндзӕн, ахӕм фарн, уый тыххӕй дӕ бон цӕуыл у кувын?

Сӕрныллӕгӕй басӕтт, нозтмӕ ’мхиц кӕй дӕ ӕмӕ уавӕр фӕивын ӕрмӕстдӕр дӕхи бон кӕй у. Йегъовӕйӕн радзур, кӕй дӕ фӕнды дӕ нозт ныууадзын, цӕмӕй дӕхи ноджы стырдӕр бӕллӕхты ма баппарай. Ӕмӕ дын уӕд раарфӕ кӕндзӕн. «Йӕ тӕригъӕдтӕ чи ӕмбӕхсы, уымӕн ницы бантысдзӕн, чи сӕ раргом кӕны ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уымӕ та уыдзысты фӕлмӕнзӕрдӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 28:13). Чырысти ма амыдта афтӕ кувын дӕр: «Ма нӕ баппар фӕлварӕны ӕмӕ нӕ Фыдбылызӕй фервӕзын кӕн» (Матфейы 6:13). Дӕ бон куыд у дӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайын ӕмӕ сын дзуапп кӕм ссардзынӕ?

2. Хуыцауы Ныхас кӕс. «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых... ӕмӕ базоны зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ» (Дзуттӕгтӕм 4:12). Раздӕр фыднозт чи кодта, уыдонӕй бирӕтӕн баххуыс кодта, алы бон дӕр Библи кӕй кастысты ӕмӕ йыл кӕй хъуыды кодтой, уый. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй иу загъта: «Амондджын у уыцы адӕймаг, фыдгӕнджыты зондыл чи нӕ цӕуы..., уыцы адӕймагӕн циндзинад хӕссы Йегъовӕйы закъон, ӕмӕ йын йӕ закъон ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕмбынӕг кӕсы... Цыфӕнды ма араза – алцыдӕр ын бантысдзӕн» (Псалом 1:1–3).

Аллен Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи кӕй ахуыр кодта, уый фӕрцы йӕ бон сси йӕ нозт ныууадзын. Аллен загъта: «Библи ахуыр кӕнын куы нӕ райдыдтаин, уӕд афонмӕ мӕрдты ме стӕгдар дӕр нал уаид».

3. Ахуыр кӕн дӕхиуыл хӕцын. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, кӕддӕры расыггӕнджытӕ «ӕхсад ӕрцыдысты... Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы» (1 Коринфӕгтӕм 6:9–11). Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты? Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы сӕхиуыл хӕцын сахуыр сты ӕмӕ ныууагътой сӕ нозт ӕмӕ, кӕм минас кодтаиккой, уый нал агуырдтой. Библи зӕгъы: «Уӕхи сӕнӕй ма ныррасыг кӕнут – уый адӕймаджы ӕркӕны ӕнӕгъдау митӕм. Фӕлӕ ӕдзухдӕр хайджын ут сыгъдӕг удӕй» (Ефесӕгтӕм 5:18; Галатӕгтӕм 5:21–23). Йесо Чырысти зӕрдӕ бавӕрдта, уӕларвон Фыд кӕй ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн. Уӕдӕ сымах дӕр «курут, ӕмӕ уын ратдзысты» (Лукайы 11:9, 13).

Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ уой хиуылхӕцгӕ. Уыцы хъуыддаджы та сын баххуыс кӕндзӕн, Библи куы кӕсой ӕмӕ йӕ куы ахуыр кӕной, стӕй ӕдзух ӕмӕ зӕрдӕбынӕй куы кувой. Дӕ ныфс ма асӕттӕд, фӕлӕ дӕ зӕрдӕ дар Хуыцауы ныхӕстыл: «Йӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ ӕфсадынӕн чи тауы, уый йӕ тӕригъӕдджын буар ӕркӕндзӕн сӕфтмӕ. Сыгъдӕг уды цы фӕнды, уый чи тауы, уый та сыгъдӕг уд ӕркӕндзӕн ӕнусон цардмӕ. Уӕдӕ, хорз цы у, уый аразгӕйӕ нӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕджы ӕркӕрддзыстӕм тыллӕг, кӕд нӕ бафӕллайӕм, уӕд» (Галатӕгтӕм 6:8, 9).

4. Хорз ӕмбӕлттӕ ӕвзар. «Зондджынтимӕ чи цӕуы, уый суыдзӕн зондджын, ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕны, уый та фыдбылызы бахаудзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 13:20). Де ’мбӕлттӕн зӕгъ, кӕй дӕ фӕнды нозтӕй хи хизын. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхасы фыст ис, зӕгъгӕ, раздӕр сӕнӕй ӕфсис чи нӕ зыдта, цӕл кӕнын чи уарзта, чи фылдӕр бануаздзӕн, ууыл-иу чи ерыс кодта, уыдон сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ куы ныууадзынц, уӕд сӕ кӕддӕры ӕмбӕлттӕ ууыл «дис фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкӕнынц» (1 Петры 4:3, 4). Кӕд ацы ныхӕстӕ де ’мбӕлттӕй искӕмӕ хауынц, уӕд дын уыдон ӕцӕг ӕмбӕлттӕ не сты.

5. Дӕ бӕрц зон. «Ацы дунейы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ мауал цӕрут, фӕлӕ уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут. Афтӕмӕй-иу бамбардзыстут, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (Ромӕгтӕм 12:2). Цас нуаздзынӕ, уый дын де ’мбӕлттӕ ӕмӕ «ацы дуне» хъуамӕ ма амоной, фӕлӕ Хуыцауы Ныхас ӕмӕ дӕ уӕд Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕндзӕн. Фӕлӕ йӕ куыд ис сбӕрӕг кӕнӕн, дӕ бӕрц цас у, уый?

Кӕд бафиппайдтай, ӕмӕ дӕ зонд фӕкъуырма, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ бӕрцӕй ахызтӕ. Уымӕ гӕсгӕ раст нӕ уыдзӕн афтӕ хъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, кӕд нырма ӕрвонг дӕн, уӕд ма мӕ бон у ноджыдӕр аназын. Дӕхи ма сай, бӕрцӕй нуазыс ӕви нӕ, ууыл басӕтт. Рагацау аскъуыддзаг кӕн, цас нуаздзынӕ, уый, цӕмӕй-иу дын ма фегӕр уа.

6. «Фаг мын у» дзурын сахуыр у. «„О“ загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд „о“, „нӕ“ загътат, уӕд та – „нӕ“» (Матфейы 5:37). Сахуыр у «фаг мын у» дзурын, кӕд дын хӕдзары хицау фырбуцӕн тыххӕй фӕдары, уӕд дӕр. «Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ, цӕмӕй зонат, кӕмӕн цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый» (Колоссӕгтӕм 4:6).

7. Ӕххуыс бацагур. Де ’мбӕлттӕн зӕгъ, кӕй дӕ фӕнды дӕ нозт ныууадзын кӕнӕ дзы бӕрц зонын. Уыдон дын уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕндзысты. Библийы фыст ис: «Дыууӕ адӕймагӕн, иунӕгӕй чи у, уымӕй хуыздӕр у, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕу. Сӕ иу куы ахауа, уӕд иннӕ схӕцдзӕн йе ’мбалыл» (Екклесиаст 4:9, 10; Иаковы 5:14, 16). Нозтӕй бӕрц чи нӕ зоны, уыдонӕн ӕмӕ алкоголиктӕн чи ’ххуыс кӕны, иу ахӕм америкаг институт уынаффӕ дӕтты: «Нозт ныууадзын ӕнцон хъуыддаг нӕу. Дӕ бинонтӕй ӕмӕ де ’мбӕлттӕй ӕххуыс ракур, цӕмӕй дӕ нозт ныууадзай».

8. Фӕндфидарӕй архай. «Уыцы дзырд ӕххӕст дӕр кӕнут, ма ут, ӕрмӕстдӕр ӕй хъусгӕ чи кӕны ӕмӕ йӕхи алы мӕнг хъуыдытӕй чи сайы, ахӕмтӕ. Сӕрибардӕттӕг ӕнаипп закъон лӕмбынӕг чи иртасы ӕмӕ йыл фидар чи хӕцы, уый та уыдзӕн амондджын, уымӕн ӕмӕ, цы фехъусы, уый дзы нӕ ферох вӕййы, фӕлӕ йӕ ӕххӕст кӕны» (Иаковы 1:22, 25).

Куыд ис нозт ныууадзӕн?

Бирӕ чи нуазы, уыдонӕй алчи алкоголик не свӕййы. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ бирӕ ӕмӕ арӕх нуазын куы райдайынц, уӕд ӕнӕ нозтӕй сӕ бон нал вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй алкоголик йӕ низӕй фервӕза, уый тыххӕй, йӕхи тынг фӕнда ӕмӕ йын Хуыцауы ’ххуысӕй зӕрдӕ бавӕрай, ӕрмӕст уый фаг нӕу. Аллен загъта: «Мӕ нозт куы ныууагътон, уӕд мӕ буар афтӕ тынг рысти, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Уӕд бамбӕрстон, дохтырты ӕххуыс дӕр мӕ кӕй хъӕуы».

Алкоголикты хъӕуы дохтырты ӕххуыс, цӕмӕй сӕ нозтыл фӕтых уой ӕмӕ йӕ сӕ дзыхмӕ дӕр мауал схӕссой *. Иуӕй-иутӕ сӕ рынчындонмӕ дӕр бахауынц, сӕ нозт куы ныууадзынц ӕмӕ куы фӕриссынц, уӕд. Кӕйдӕр та бахъӕуы йӕхи дзӕбӕх кӕнын дӕр, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ нозт мауал агура, стӕй йӕ куы ныууадзы, уӕд та йӕм ӕмгӕрон дӕр мауал цӕуа. Кӕд Хуыцауы Фырт йӕхӕдӕг адӕмы диссаджы хуызы дзӕбӕх кодта, уӕддӕр загъта: «Дохтыр рынчынты хъӕуы, ӕнӕнизты нӕ, фӕлӕ» (Марчы 2:17).

Хуыцауы уынаффӕтӕм хъусын пайда у

Хуыцау нӕ тынг кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ нын йӕ Ныхас Библийы уылты ӕмбарын кӕны, нозтмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый. Ӕмӕ нын цы амоны, уый нын ӕрмӕст абон нӕу пайда, фӕлӕ ӕнустӕм дӕр. Аллен йӕ нозт ныууагъта 24 азы размӕ. Йӕ зӕрдыл лӕууынц йӕ царды хабӕрттӕ: «Тынг ӕхсызгон мын уыди базонын, мӕ цард фӕивын мӕ бон кӕй у ӕмӕ мын уыцы хъуыддаджы Йегъовӕ кӕй баххуыс кӕндзӕн». Уый фӕстӕ йӕ зӕрдӕ суынгӕг, йӕ цӕссыг асӕрфта ӕмӕ йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Йегъовӕ адӕймаджы куыд ӕмбары, куыд ыл тыхсы ӕмӕ йын куыд ӕххуыс кӕны, уый у стыр диссаг».

Уӕдӕ кӕд ды дӕр нозтӕй бӕрц нӕ зоныс, уӕд дӕ къухтӕ ма ауадз ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕн, ницыуал дын баххуыс кӕндзӕн. Дӕ уавӕры чи уыд, уыцы Аллен ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ, сӕ нозтӕн бӕрц скодтой, чидӕр та йӕ бынтондӕр ныууагъта. Уыдон фӕсмойнаг нӕ фесты ӕмӕ ды дӕр нӕ фӕуыдзынӕ.

Уӕдӕ бӕрцӕй нуазай ӕви бынтондӕр ма нуазай, уӕддӕр дӕ хъус дар, Хуыцау дын зӕрдиагӕй цы дзуры, уымӕ: «Тӕхуды, ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхстытӕм куы хъусис! Уӕд дӕ фарн суаид цӕугӕдоны хуызӕн, дӕ рӕстдзинад – денджызы уылӕнты хуызӕн» (Исай 48:18).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 7 абз. Кӕс рамкӕ  «Дӕхи уромын дӕ бон у?» 8 фарсыл.

^ 24 абз. Ис бирӕ рынчындӕттӕ, медицинон центртӕ ӕмӕ мадзӕлттӕ, алкоголиктӕн сӕ нозт ныууадзынӕн чи ’ххуыс кӕны. Журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» уыцы мадзӕлттӕй никӕцы амоны. Алчидӕр йӕхӕдӕг хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕна ӕмӕ равзара, Библийы ныхмӕ чи нӕ уыдзӕн, ахӕм мадзал.

[Рамкӕ/​Ныв 8 фарсыл]

 Дӕхи уромын дӕ бон у?

Ахъуыды кӕн:

• Фылдӕр нуазын нӕ райдыдтон?

• Арӕхдӕр нуазын нӕ райдыдтон?

• Карздӕр нозтмӕ нӕ рахызтӕн?

• Уый тыххӕй фӕнуазын, цӕмӕй мын фенцондӕр уа ӕмӕ мӕ зындзинӕдтӕ ферох кӕнон?

• Цымӕ ме ’мбал кӕнӕ мын мӕ бинонтӕй исчи фӕзӕгъы, ӕгӕр бирӕ кӕй нуазын?

• Кӕй нуазын, уый тыххӕй, мыййаг, мӕ бинонтимӕ кӕрӕдзи не ’мбарӕм кӕнӕ мыл куысты кӕнӕ ӕндӕр искуы исты бӕллӕхтӕ ’рцӕуы?

• Цымӕ ӕнӕ нозтӕй иу къуыри бафӕразин?

• Иннӕтӕ куы нӕ фӕнуазынц, уӕд мын зын вӕййы?

• Иннӕтӕй фембӕхсын, цас банызтон, уый?

Кӕд ацы фарстатӕй иу кӕнӕ фылдӕрӕн «о» загътай, уӕд дӕ хъӕуы исты фӕивын.

[Рамкӕ/​Ныв 9 фарсыл]

Нозтмӕ раст цӕстӕй кӕс

Цалынмӕ нӕ банызтай, уӕдмӕ ахъуыды кӕн:

Хуыздӕр уыдзӕн, куы бануазон ӕви куы нӕ бануазон, уӕд?

Уынаффӕ: нозтӕй бӕрц чи нӕ зоны, уый хъуамӕ бынтондӕр ма нуаза.

Цас хъуамӕ бануазон?

Уынаффӕ: цалынмӕ нӕ фӕнозтджын дӕ, уӕдмӕ рагацау дӕхицӕн зӕгъ, цас бануаздзынӕ, уый.

Кӕд бануаздзынӕн?

Уынаффӕ: ма бануаз машинӕйы сбадыны размӕ, къӕрцхъус кӕм хъуамӕ уай, ахӕм хъуыддаг бакӕныны размӕ, Хуыцауӕн лӕггад кӕныны размӕ, хостӕ нуазгӕйӕ ӕмӕ сывӕрджынӕй.

Кӕм нуаздзынӕн?

Уынаффӕ: фӕрӕдийынӕй тӕссаг кӕм у, ахӕм ран ма бануаз; сусӕгӕй ма нуаз; нуазгӕ кӕй кӕныс, уый кӕд искӕмӕн къуылымпыйы хос фӕуыдзӕн, уӕд уыдоны раз дӕр ма бануаз.

Кӕимӕ бануаздзынӕн?

Уынаффӕ: ӕвзӕр зондыл дӕ чи нӕ аразы, ахӕм ӕмбӕлттимӕ ӕмӕ дӕ бинонтимӕ; нозтӕй бӕрц чи нӕ зоны, уыдонимӕ ма нуаз.

[Рамкӕ/​Ныв 10 фарсыл]

Библи йын баххуыс кодта

Иу нӕлгоймаг Тайландӕй, Супот, зӕгъгӕ, фыднозт кодта. Райдианты-иу ӕрмӕстдӕр изӕрыгӕтты банызта. Сындӕггай фӕцахуыр райсомӕй дӕр ӕмӕ сихорӕй дӕр нуазын. Нуазгӕ та кодта ӕрмӕстдӕр хи аирхӕфсынӕн. Фӕлӕ уый фӕстӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ райдыдта Библи ахуыр кӕнын. Супот куы базыдта, фыднозт кӕнын Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, уӕд йӕ нозт ныууагъта. Фӕлӕ та иуцасдӕры фӕстӕ ногӕй райдыдта. Йӕ бинонтӕ та йӕ нозтджынӕй куы федтой, уӕд арвы цӕфау фесты.

Фӕлӕ уӕддӕр Супот Йегъовӕйы тынг уарзта ӕмӕ йӕ фӕндыд, куыд ӕмбӕлы, афтӕ йын лӕггад кӕнын. Йе ’мбӕлттӕ дӕр ыл сӕ зӕрдӕ не сивтой ӕмӕ йын йӕ бинонтӕн дӕр дзырдтой, цӕмӕй йыл сӕ къух ма ауигъой. Супот бамбӕрста, йӕ уавӕр тӕссаг кӕй у, 1 Коринфӕгтӕм 6:10 стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдон куы бакаст, уӕд. Уым та фыст ис, зӕгъгӕ, расыггӕнджытӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты. Хъуыди йӕ ӕппӕт хъарутӕй бацархайын, цӕмӕй йӕ нозт ныууагътаид.

Уыцы рӕстӕг Супот йӕхицӕн загъта, йӕ нозт бынтондӕр кӕй ныууадздзӕн. Ӕмӕ йӕ фӕстагмӕ ӕцӕгдӕр ныууагъта. Уыцы хъуыддаджы йын баххуыс кодта Хуыцауы сыгъдӕг тых, йӕ Ныхас, стӕй йӕ бинонтӕ ӕмӕ чырыстон ӕмбырд дӕр. Йӕ бинонты цинӕн ма кӕрон кӕм уыд, донаргъуыд куы райста ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы сси, уӕд. Супоты къухы бафтыд, афтӕ тынг цӕмӕ бӕллыд уый – Хуыцауы ӕмбал сси, ӕмӕ ныр иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йын лӕггад кӕнын райдайой.