Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хӕйрӕджытӕй дӕхи бахъахъхъӕн

Хӕйрӕджытӕй дӕхи бахъахъхъӕн

ДЖЕЙМС схъомыл Малаитӕйы (Соломоны сакъадӕхтӕ). Йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ йӕ сахуыр кодтой ӕнӕуынгӕ тыхтӕн кад кӕнын. Джеймс дзуры: «Ӕнӕуынгӕ тыхтӕм никуы куывтон, цӕмӕй иннӕтӕн исты зиан ракодтаиккой, фӕлӕ сӕ ӕдзух куырдтон, цӕмӕй мӕ фыдбылызӕй хъахъхъӕдтаиккой *. Ӕнӕ уымӕй цӕрӕн куыд ис, уый не ’мбӕрстон».

Иннӕ бӕстӕты куыд у, афтӕ Соломоны сакъадӕхты дӕр бирӕты уырны, ӕнӕуынгӕ тыхтӕ адӕмӕн йе ӕххуыс кӕнынц, йе та сын фыдбылызтӕ кӕй аразынц. Бирӕтӕ ӕууӕндынц, хӕрзгӕнӕг тыхтӕ кӕй ис ӕмӕ сӕ тӕрсгӕ нӕ кӕнынц, фӕлӕ сын кад кӕнынц.

Адӕм ӕнӕуынгӕ тыхтыл кӕй ӕууӕндынц, уый бирӕ цӕмӕйдӕртӕй у бӕрӕг. Зӕгъӕм, Джеймс кӕм схъомыл, уыцы хъӕуы сылгоймӕгтӕ-иу маргъ «корокоройы» (кукушкӕйы мыггагӕй) уасын куы фехъуыстой, уӕд-иу уайтагъд сӕ сывӕллӕтты хӕдзармӕ бакодтой. Цӕмӕн? Уырныдта сӕ, уыцы маргъы уасын ууыл дзурӕг кӕй у, ӕмӕ дӕлимонтӕ цыдӕр знаггад ракӕнынмӕ хъавынц.

Иуӕй-иу хъӕуты хӕдзары уӕлкъӕсӕр сӕвӕрынц гыццыл урс дур. Джеймс дӕр-иу дзы сӕвӕрдта, уымӕн ӕмӕ йӕ уырныдта, уыцы дур ӕй хӕйрӕджытӕй кӕй хъахъхъӕны. Куысты та-иу йӕ хӕринаджы уӕлдӕйттӕ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ-иу сӕ аппӕрста. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ сӕ хингӕнӕг куы ссара, уӕд ын схинтӕ кӕндзӕн ӕмӕ фӕрынчын уыдзӕн.

Кӕд сымахмӕ ахӕм цыдӕртӕ нӕ кӕнынц, уӕддӕр, чи зоны, Джеймсау ды дӕр хъуыды кӕныс, цы ӕгъдӕуттӕ кӕнӕ уӕм цы бӕрӕгбӕттӕ ис, уыдон куы кӕнай, уӕд дын хӕйрӕджытӕ фыдбылыз нӕ сараздзысты. Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый фӕрцы дӕ хъуыддӕгтӕ размӕ цӕудзысты.

Кӕд Библи Хуыцауы Ныхасыл нымайыс, уӕд дӕ фӕнддзӕн базонын: 1) Хӕйрӕджытӕн сӕ бон куыд у адӕймагӕн фыдбылыз ракӕнын? 2) Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ цавӕрдӕр ӕгъдӕуттӕ кӕй кӕнын, уый тыххӕй мын хӕйрӕджытӕ исты фыдбылыз ракӕной? 3) Адӕймаг йӕхи хӕйрӕджытӕй куыд бахъахъхъӕна?

Хӕйрӕджытӕн сӕ бон куыд у фыдбылыз ракӕнын?

Библи ӕмбарын кӕны, фыдгӕнӕг тыхтӕ мӕрдты удтӕ кӕй не сты. Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты, мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц» (Екклесиаст 9:5). Фыдгӕнӕг тыхтӕ сты, Хуыцауы ныхмӕ чи сси, Хӕйрӕджы зондыл чи ацыд ӕмӕ адӕмы чи сайы, уыцы зӕдтӕ (Раргомад 12:9).

Библи нын ӕргом дзуры, нӕхи бон кӕй нӕу хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕууын. Уый тыххӕй фыста апостол Павел Ефесы чырыстӕттӕм: «Нӕ тох туг ӕмӕ фыдӕй конд адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ... уӕларвон фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ». Апостол Петр та дӕлимонтӕн сӕ хицауы, Хӕйрӕджы, тыххӕй загъта: «Богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра», уыдоны (Ефесӕгтӕм 6:12; 1 Петры 5:8).

Хӕйрӕг адӕмыл хинӕй цӕуы, цӕмӕй сӕ бафтауа, Хуыцауӕн хъыг чи уыдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтыл. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «Сайтан... йӕхи афтӕ ӕвдисы, цыма рухсы зӕд у» (2 Коринфӕгтӕм 11:14). Фӕнды йӕ, цӕмӕй йӕ нымайой, адӕмы чи хъахъхъӕны, ахӕм зӕдыл, фӕлӕ ӕцӕгӕй та йӕ нысан у ӕвзӕрдзинад аразын. Хӕйрӕг адӕмы зонд бакуырм кодта, цӕмӕй ма базоной рӕстдзинад йӕхи тыххӕй ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Цӕмӕн ӕй фӕнды адӕмы сайын?

Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй йын адӕм лӕггад кӕной, зонгӕ-зонын уа ӕви нӕ, уӕлдай йын нӕу. Хуыцауы Фырт, Йесо Чырысти зӕххыл куы уыди, уӕд ын Хӕйрӕг загъта, цӕмӕй йӕ зонгуытыл ӕрхауа ӕмӕ йын бакува. Фӕлӕ йын Чырысти загъта: «Ацу ардыгӕй, Сайтан! Фыст у: „Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн“» (Матфейы 4:9, 10). Чырысти йӕхи хызта, иу гыццыл дӕр Хӕйрӕджы хъуыддӕгтимӕ баст цы уыд, уымӕй, цӕмӕй афтӕ ма рауадаид, ӕмӕ йын лӕггад кӕны.

Йегъовӕ хӕйрӕджытӕй тыхджындӕр у ӕмӕ уый бар нӕ ратдзӕн, цӕмӕй, йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн зиан ӕрхӕссой (Псалом 83:18; Ромӕгтӕм 16:20). Кӕд нӕ Чырыстийау Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды, уӕд хъуамӕ нӕхи хизӕм, Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕн лӕггад кӕнынимӕ цыдӕриддӕр баст у, уымӕй. Цӕмӕй уымӕй нӕхи бахизӕм, уый тыххӕй нӕ базонын хъӕуы, хӕйрӕджытимӕ цавӕр ӕгъдӕуттӕ сты баст. Уый куыд базонӕн ис?

Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы ӕгъдӕуттӕ

Раджы заманты Йегъовӕ Хуыцау йӕ адӕмы, израилӕгты, фӕдзӕхста, цӕмӕй сын сӕ сыхаг адӕмы ӕгъдӕуттимӕ иумӕйагӕй мацы уыдаид: «Уе ’хсӕн хъуамӕ ма уа... дӕсны чи фӕрсы, кӕлӕнтӕ чи кӕны, нысӕнттӕ чи халы, хинтӕ чи кӕны... уыдон». Ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдоны тыххӕй Библийы фыст ис: «Ахӕм митӕ чидӕриддӕр кӕны, уый ӕлгъаг у Йегъовӕйы цӕсты» (Дыккаг закъон 18:10–12).

Уӕдӕ кӕм цӕрыс, уым цы ӕгъдӕуттӕ ис, уыдоныл ахъуыды кӕн: Цымӕ мӕнгуырнындзинӕдтимӕ баст сты? Адӕймаджы ууыл ахуыр кӕнынц, ӕмӕ йӕ цавӕрдӕр дзаума фыдбылызӕй хъахъхъӕны? Хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст сты? Йегъовӕ ӕмӕ Чырыстийӕ уӕлдай дзы цавӕрдӕр ӕнӕуынгӕ тыхтӕн кад кӕнын нӕ хъӕуы? (Ромӕгтӕм 14:11; Филиппӕгтӕм 2:9, 10).

Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕхи хизӕм, ахӕм хъуыддӕгтимӕ цы ӕгъдӕуттӕ сты баст, уыдонӕй. Цӕмӕн? Апостол Павел Хуыцауы фӕндӕй ныффыста: «Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ „Йегъовӕйы фынгӕй дӕр хӕрат“ ӕмӕ хӕйрӕджыты фынгӕй дӕр». Стӕй фӕдзӕхста, Хуыцауы зӕрдӕ дӕр ӕмӕ хӕйрӕджыты зӕрдӕ дӕр ссарын кӕй фӕнды, уыдон Йегъовӕйы кӕй мӕсты кӕнынц (1 Коринфӕгтӕм 10:20–22). Йегъовӕйы фӕнды ӕмӕ уый аккаг у, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уӕм иузӕрдион (Рацыд 20:4, 5).

Иу хъуыддагыл ма ахъуыды кӕнӕм: мыййаг, уыцы ӕгъдау ахӕм зондыл аразы, зӕгъгӕ, адӕймаг йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп нӕ дӕтты? Зӕгъӕм, бирӕ бӕстӕты хӕтындзинад ӕвзӕрдзинадыл нымад у, ӕмӕ Библи дӕр афтӕ дзуры (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10). Фӕлӕ Сабыр океаны цур чи цӕры, уыцы адӕмтӕй иуӕй-иутӕм чызг искӕимӕ ӕмуат куы ӕрцӕуы, уӕд фӕзӕгъы, «цъӕх сыфӕй» * мын схинтӕ кодтой, зӕгъгӕ.

Фӕлӕ Библи дзуры, нӕ хъуыддӕгты тыххӕй нӕхӕдӕг кӕй дӕттӕм дзуапп (Ромӕгтӕм 14:12; Галатӕгтӕм 6:7). Зӕгъӕм, фыццаг сылгоймаг Евӕ загъта, Хӕйрӕг ӕй кӕй фӕрӕдийын кодта, цӕмӕй Хуыцауы коммӕ ма бакастаид: «Уый калм уыди, уый мӕ асайдта, ӕмӕ дзы бахордтон». Фӕлӕ уӕддӕр Евӕ, цы бакодта, уый тыххӕй дзуапп радта Йегъовӕйӕн (Райдиан 3:13, 16, 19). Мах дӕр нӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп ратдзыстӕм Хуыцауӕн (Дзуттӕгтӕм 4:13).

Нӕхи куыд бахъахъхъӕнӕм?

Кӕд нӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ Библийы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын фӕнды, уӕд нӕ хъӕуы цыдӕр аразын, цӕмӕй Хӕйрӕгӕй ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕй нӕхи бахъахъхъӕнӕм. Фыццаг ӕнусы Ефесы цы адӕм цард, уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыцы хъуыддаджы фӕзминаг сты. Цӕмӕй хӕйрӕджытӕй сӕхи бахызтаиккой, уый тыххӕй ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ «се ’ппӕты раз басыгътой», цыдӕриддӕр сӕм хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст чингуытӕ уыд, уыдон (Хъуыддӕгтӕ 19:19).

Уыцы адӕм цалынмӕ сӕ чингуытӕ нӕ басыгътой, уӕдмӕ «ӕрбацыдысты ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ раргом кодтой» (Хъуыддӕгтӕ 19:18). Апостол Павел сын Чырыстийы ахуырӕдты тыххӕй цы радзырдта, уый сӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг бахъардта, ӕмӕ ӕрмӕст сӕ чингуытӕ нӕ фесӕфтой, фӕлӕ ма хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст ӕгъдӕуттӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын дӕр райдыдтой.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм ӕгъдӕуттӕ ныууадзын ӕнцон нӕ вӕййы. Уӕлдӕр цы Джеймсы кой кодтам, уымӕн дӕр зын уыди. Джеймс райдыдта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди, цы-иу базыдта, уый. Фӕлӕ уӕддӕр ӕххуыс куырдта ӕнӕуынгӕ тыхтӕй. Уыцы ӕгъдау цӕуылнӕ ныууадзы, ууыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кодта, уӕд бамбӕрста: Йегъовӕ фидӕны тыххӕй цы дзуры, уый йӕ уырны, фӕлӕ тӕрсы, ӕнӕуынгӕ тыхтӕ йӕ куы нӕ хъахъхъӕной, уӕд ыл исты фыдбылыз кӕй ӕрцӕудзӕн.

Джеймс йӕ зондахаст цӕй фӕрцы фӕивта? Йӕхӕдӕг афтӕ зӕгъы: «Йегъовӕмӕ куывтон, цӕмӕй мӕ хъахъхъӕна ӕмӕ мын баххуыс кӕна, ӕмӕ йыл мӕ ныфс дарын сахуыр уон. Стӕй уыцы ӕгъдӕуттӕ дӕр ныууагътон». Цымӕ йын хӕйрӕджытӕ исты фыдбылыз ракодтой? «Нӕ,– дзуры Джеймс.– Ӕз сахуыр дӕн мӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын. Бамбӕрстон, Йегъовӕ ӕмбалау мӕ фӕрсмӕ кӕй вӕййы». Ныр авд азы дӕргъы Джеймс иннӕтӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Библи хуыздӕр базоной.

Сымах дӕр ахъуыды кӕнут, кӕм цӕрут, уым цы ӕгъдӕуттӕ ис, уыдоныл, ӕмӕ «ут ӕмбаргӕ», цӕмӕй сбӕрӕг кӕнат, «Хуыцауы фӕндонмӕ» гӕсгӕ сты ӕви нӕ (Ромӕгтӕм 12:1, 2). Стӕй уӕм уыйбӕрц ныфс разынӕд, цӕмӕй сӕ ныууадзат. Афтӕ куы бакӕнат, уӕд уӕ Йегъовӕ «йе уазӕг бакӕндзӕн» ӕмӕ уӕ хъахъхъӕндзӕн (2 Коринфӕгтӕм 6:16–18). Джеймсау ды дӕр фендзынӕ, Библийы ныхӕстӕ ӕцӕг кӕй сты: «Йегъовӕйы ном у фидар мӕсыг. Рӕстгӕнӕг уырдӕм балидзы ӕмӕ йын тӕссаг ницӕмӕйуал вӕййы» (Ӕмбисӕндтӕ 18:10).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Ацы ӕгъдау сӕм хонынц «рарафоно».

^ 18 абз. «Цъӕх сыфӕй» схинтӕ кӕнын хонынц, цавӕрдӕр зайӕгойы сыф кӕнӕ хӕринагыл схинтӕ кӕнын ӕмӕ йӕ стӕй чызгӕн раттын. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый фӕстӕ чызджы зӕрдӕ нӕлгоймаг ӕрцагуры. Фӕлӕ, зӕгъӕм, нӕ йӕ зыдта, афтӕмӕй йын исты наркотик бадардтой ӕмӕ йын тыхми бакодтой, уӕд аххосджын нӕ уыдзӕн.

[Ныв 26 фарсыл]

«Корокоро»

[Барлӕвӕрдӕй]

Courtesy of Dr. Bakshi Jehangir

[Ныв 26 фарсыл]

Чызг хӕринаджы уӕлдӕйттӕ ӕмбырд кӕны, цӕмӕй йын мачи схинтӕ кӕна