Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн

Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн

«Рынчын куы уа, уӕд ын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн» (ПС. 41:3).

ЗАРДЖЫТӔ: 23, 138

1, 2. Рагзаманты-иу Хуыцау цы сарӕзта ӕмӕ нӕ рӕстӕджы, рынчын чи у, уыдон, чи зоны, цӕуыл хъуыды кӕной?

КӔД искуы цавӕрдӕр уӕззау низӕй рынчын уыдтӕ, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дӕхинымӕр хъуыды кодтай, сдзӕбӕх ма уыдзынӕн, зӕгъгӕ. Кӕнӕ, чи зоны, дӕ бинонтӕй кӕнӕ де ’мбӕлттӕй чидӕр рынчын у, ӕмӕ мӕт кӕныс, фӕхуыздӕр ма уыдзӕн ӕви нӕ, ууыл. Нӕхи ӕнӕниздзинадыл ӕмӕ нын зынаргъ чи у, уыдоны ӕнӕниздзинадыл кӕй тыхсӕм, уым диссагӕй ницы ис. Библийы дӕр фыст ис, рынчын чи уыд ӕмӕ ма сдзӕбӕх уыдзӕн ӕви нӕ, ууыл чи мӕт кодта, ахӕм адӕймӕгты тыххӕй. Зӕгъӕм, иухатт паддзах Охози, Ахав ӕмӕ Иезавелы фырт, йӕ уӕллаг уаты цары цы рудзынг уыд, уырдыгӕй рахауд ӕмӕ йӕхи ныппырх кодта. Охози мӕт кодта, йӕ къахыл ма слӕудзӕн ӕви нӕ, ууыл. Фӕстӕдӕр та Сирийы паддзах Венадад, куы фӕрынчын, уӕд Хуыцауы фарста, сдзӕбӕх ма уыдзынӕн, зӕгъгӕ (2 Пад. 1:2; 8:7, 8).

2 Уӕды заманты-иу Хуыцау хатгай адӕмы диссаджы хуызы сдзӕбӕх кодта ӕмӕ ма-иу суанг, чи амард, уыдонӕй дӕр кӕйдӕрты йӕ пехуымпарты уылты райгас кодта (1 Пад. 17:17–24; 2 Пад. 4:17–20, 32–35). Нӕ рӕстӕджы, рынчын чи у, уыдонӕй чидӕртӕ, чи зоны, сӕхинымӕр хъуыды кӕной: «Цымӕ Хуыцауӕн йӕ бон нӕу, ӕмӕ ныр дӕр адӕмы диссаджы хуызы дзӕбӕх кӕна?»

3–5. Йегъовӕмӕ ӕмӕ Йесомӕ цавӕр хъару ис ӕмӕ цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Йегъовӕмӕ ис уыцы хъару, цӕмӕй адӕмы ӕнӕниздзинадыл бандава. Адӕймаджы бафхӕрыны тыххӕй-иу ыл низ бафтыдта, зӕгъӕм, Авраамы рӕстӕджы фараоныл ӕмӕ фӕстӕдӕр та Моисейы хо Мариамыл (Райд. 12:17; Ным. 12:9, 10; 2 Сам. 24:15). Кӕнӕ-иу ыл израилӕгтӕ сӕ зӕрдӕ куы сивтой, уӕд-иу сыл «низтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ» бафтыдта (Дык. з. 28:58–61). Ӕндӕр хӕттыты та-иу Йегъовӕ йӕ адӕмы низтӕй хъахъхъӕнгӕ бакодта (Рац. 23:25; Дык. з. 7:15). Ӕмӕ ма-иу кӕйдӕрты сӕ низӕй дӕр фервӕзын кодта. Зӕгъӕм, Иов тынг рынчын куы уыд ӕмӕ мӕлӕтмӕ куы бӕллыд, уӕд ӕй Йегъовӕ сдзӕбӕх кодта (Иов 2:7; 3:11–13; 42:10, 16).

4 Ӕцӕгдӕр, Хуыцаумӕ ис уыцы хъару, цӕмӕй рынчын адӕймаджы сдзӕбӕх кӕна. Ӕмӕ уый зӕгъӕн ис йӕ Фыртӕй дӕр. Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд дзӕбӕх кодта хъотырджынты, куырмыты, стӕй, суртӕ чи кодта кӕнӕ паралич кӕй ныццавта, уыдоны. (Бакӕс Матфейы 4:23, 24; Иоан. 9:1–7.) Уыцы хабӕртты тыххӕй кӕй зонӕм, уый фӕрцы нын ӕнцондӕр у, Йесо ног дунейы цы диссӕгтӕ скӕндзӕн, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Уыцы рӕстӕг «адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Ис. 33:24).

5 Фӕлӕ, зӕгъӕм, цавӕрдӕр уӕззау низӕй фӕрынчын стӕм, уӕд, мыййаг, хъуамӕ уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ кӕнӕ Йесо диссаджы хуызы сдзӕбӕх кӕндзӕн? Ӕмӕ, нӕхи куыд дзӕбӕх кӕндзыстӕм, уый ӕвзаргӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

РЫНЧЫН КУЫ УАЙ, УӔД-ИУ ДӔ ЗӔРДӔ ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ДАР

6. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм цы диссаджы курдиӕттӕ уыд, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис?

6 Фыццаг ӕнусы Йегъовӕ чырыстӕтты йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста ӕмӕ сӕ кӕйдӕрты диссӕгтӕ аразыны курдиатӕй схайджын кодта (Хъуыд. 3:2–7; 9:36–42). Цы бирӕ курдиӕттӕй схайджын сты, уыдонӕй иу уыд «иннӕты дзӕбӕх кӕныны курдиат» (1 Кор. 12:4–11). Фӕлӕ фӕстӕдӕр уыцы курдиатӕн ӕмӕ ма уыимӕ ӕндӕр курдиӕттӕн дӕр, зӕгъӕм, ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕныны курдиӕттӕн, хъуамӕ кӕрон ӕрцыдаид (1 Кор. 13:8). Ӕмӕ абон уыцы курдиӕттӕ нал сты. Уӕдӕ раст нӕ уыдзӕн, Хуыцау нын нӕхи кӕнӕ нын зынаргъ чи у, уыдоны диссаджы хуызы кӕй сдзӕбӕх кӕндзӕн, уымӕ куы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм.

7. 41-ӕм псаломы 3-аг стихы цы фыст ис, уый нӕ ныфс куыд уадзы?

7 Фӕлӕ кӕд, мыййаг, рынчын дӕ, уӕд дӕ фидар ныфс уӕд, Йегъовӕ Хуыцау дын удӕнцой кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ дын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, раздӕр-иу йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ. Паддзах Давид ныффыста: «Амондджын у, мӕгуыры чи ӕрхъуыды кӕны, уыцы адӕймаг. Бӕллӕхы бон ӕй Йегъовӕ фервӕзын кӕндзӕн. Йегъовӕ йӕ хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ йӕ мӕлӕтӕй бахиздзӕн» (Пс. 41:1, 2). Мах ӕй ӕмбарӕм, Давиды уый зӕгъын кӕй нӕ фӕндыд, ӕмӕ уӕды заман мӕгуыртӕн чи ӕххуыс кодта, уыцы хорз адӕймӕгтӕн мӕлӕтӕй тӕссаг нӕ уыд. Уӕдӕ сын уӕд Йегъовӕ цы хуызы ӕххуыс кодта? Давид бамбарын кодта: «Рынчын куы уа, уӕд ын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн. Рынчынӕй йӕ ды фидар кӕндзынӕ» (Пс. 41:3). Йегъовӕ бӕлвырдӕй фӕзоны, йӕ лӕггадгӕнджытӕ цӕмӕй хъӕрзынц, уый ӕмӕ йӕ рох нӕ вӕййынц. Хуыцауӕн йӕ бон у, ӕмӕ сӕ фидар кӕна ӕмӕ сӕ зондӕй хайджын кӕна. Стӕй ма Йегъовӕ адӕймаджы буар дӕр афтӕ скодта, цӕмӕй йӕхӕдӕг йӕхи дзӕбӕх кӕна.

8. 41-ӕм псаломы 4-ӕм стихмӕ гӕсгӕ Давид Йегъовӕйӕ цы куырдта?

8 41-ӕм псаломы 4-ӕм стихы Давид йӕхи тыххӕй дӕр ныффыста: «Ӕз та загътон: „О Йегъовӕ, батӕригъӕд мын кӕн. Мӕ уд мын сдзӕбӕх кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ разы тӕригъӕд сарӕзтон“». Давид ацы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, ныффыста, йӕ фырт Авессалом ын йӕ паддзахы бынат бацахсынмӕ куы хъавыд, уӕд. Уыцы рӕстӕг Давид уӕззау рынчын уыди ӕмӕ йӕ бон нӕ уыд Авессаломы бауромын. Уый ӕмбӕрста, йӕ бинонтыл уыцы ӕвзӕр хабӕрттӕ кӕй цӕуынц, Вирсавиимӕ тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый тыххӕй (2 Сам. 12:7–14). Давид зыдта, Йегъовӕ йын йӕ тӕригъӕд кӕй ныххатыр кодта, ӕмӕ йӕ фидар ныфс уыд, рынчын куы уа, уӕд дӕр ын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ, мыййаг, Давид Йегъовӕмӕ уымӕ ӕнхъӕлмӕ касти, ӕмӕ йӕ диссаджы хуызы сдзӕбӕх кӕндзӕн?

9. а) Йегъовӕ паддзах Езекийӕн куыд баххуыс кодта? б) Давид Йегъовӕйӕ цавӕр ӕххуыс агуырдта?

9 Ӕцӕгдӕр, хатгай-иу Хуыцау иуӕй-иу адӕймӕгты диссаджы хуызы сдзӕбӕх кодта. Зӕгъӕм, паддзах Езеки «мӕлӕтдзаг рынчын [куы] фӕци», уӕд ӕй Йегъовӕ сдзӕбӕх кодта. Уый фӕстӕ ма Езеки фӕцарди 15 азы бӕрц (2 Пад. 20:1–6). Фӕлӕ Давид Хуыцаумӕ уымӕ не ’нхъӕлмӕ каст, ӕмӕ йӕ диссаджы хуызы сдзӕбӕх кӕндзӕн. Давиды ныфс уыди, Хуыцау ын кӕй баххуыс кӕндзӕн, «мӕгуыры чи ӕрхъуыды кӕны, уыцы адӕймагӕн» куыд баххуыс кӕны, афтӕ. Давид уыд Йегъовӕйы хӕлар, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыди Йегъовӕйӕ удӕнцой агурын ӕмӕ йӕ рынчынӕй кӕй фидар кӕндзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Ноджыдӕр ма Давид Хуыцауӕй куырдта, цӕмӕй йе ’нӕниздзинад фӕхуыздӕр уыдаид. Уӕдӕ махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕмӕ ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй кувын (Пс. 103:3).

10. Трофим ӕмӕ Епафродитыл цы ’рцыд ӕмӕ сын сӕ хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

10 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй рынчын чи уыд, уыдон-иу се ’ппӕт дӕр диссаджы хуызы не сдзӕбӕх сты, кӕд апостол Павелӕн ӕмӕ ма иннӕтӕн сӕ бон рынчынты дзӕбӕх кӕнын уыди, уӕддӕр. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 14:8–10.) Апостол Павел сдзӕбӕх кодта Публийы фыды. Уыцы нӕлгоймагӕн «йӕ тӕвд нӕ хауд ӕмӕ хъӕрзыд гуыбыннизӕй». Павел «скуывта, стӕй йыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта» (Хъуыд. 28:8). Фӕлӕ Павел йӕ зонгӕты се ’ппӕты нӕ дзӕбӕх кодта. Иухатт йе ’мбӕлттӕй иу, Трофим, йемӕ ацыди уацамындон балцы (Хъуыд. 20:3–5, 22; 21:29). Фӕлӕ куы фӕрынчын, уӕд ӕй Павел не сдзӕбӕх кодта. Уымӕ гӕсгӕ Трофимы бахъуыд Милеты баззайын, цалынмӕ не сдзӕбӕх уыдаид, уӕдмӕ (2 Тим. 4:20). Иухатт та фӕрынчын ӕмӕ мӕлӕты къахыл ныллӕууыд Епафродит. Уый дӕр уыди Павелы ӕмбал. Фӕлӕ Библийы фыст нӕй, Павел ӕй диссаджы хуызы кӕй сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй (Фил. 2:25–27, 30).

ЦАВӔР УЫНАФФӔМӔ ХЪӔУЫ ХЪУСЫН?

11, 12. Лукайы тыххӕй цы зонӕм ӕмӕ Павелӕн куыд ӕххуыс кодтаид?

11 Хъуыддӕгты чиныг чи ныффыста, уыцы «уарзон ӕфсымӕр, дохтыр Лука» дӕр Павелимӕ цыди уацамындон балцыты (Кол. 4:14; Хъуыд. 16:10–12; 20:5, 6). Ӕвӕццӕгӕн, Лука Павелӕн цавӕрдӕр хос кӕныны мадзӕлттӕ амыдта ӕмӕ Павелӕн йӕхи ӕмӕ ма йемӕ уацамындон балцыты чи цыди, уыдоны дзӕбӕх кодта (Гал. 4:13). Йесо загъта: «Дохтыр рынчынты хъӕуы, ӕнӕниз чи у, уыдоны нӕ, фӕлӕ» (Лук. 5:31). Уӕдӕ-иу сӕ Лукайы ӕххуыс дӕр уымӕн хъуыди.

12 Лука уыди дохтыр, ӕнӕуи цавӕрдӕр хос кӕныны мадзӕлттӕ амонын чи уарзта, ахӕм адӕймаг нӕ, фӕлӕ. Библийы бӕлвырд фыст нӕй, дохтырыл кӕм ӕмӕ кӕд сахуыр кодта, уый. Фӕлӕ, зӕгъӕм, Павел Колоссты цӕрӕг чырыстӕттӕм Лукайы номӕй ӕрвыста салӕмттӕ. Уӕдӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ Лука ахуыр кодта, Колосстӕм ӕввахс, горӕт Лаодикийы, дохтыртыл кӕм ахуыр кодтой, уыцы скъолайы. Лука дохтыр кӕй уыди, уый ма бӕрӕг у, йӕ Евангелийы ӕмӕ Хъуыддӕгты чиныджы, дохтыртӕ кӕмӕй фӕпайда кӕнынц, ахӕм ныхӕстӕй кӕй пайда кодта, уымӕй дӕр. Стӕй, Йесо адӕмы куыд дзӕбӕх кодта, уый тыххӕй Лукайӕ фылдӕр ничи ныффыста.

13. Мах искӕмӕн йе та махӕн исчи цавӕрдӕр хос кӕныны мадзӕлттӕ куы амона, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

13 Абон не ’фсымӕртӕй йӕ бон никӕмӕн у иннӕты диссаджы хуызы дзӕбӕх кӕнын. Фӕлӕ сӕ кӕйдӕрты баххуыс кӕнын кӕй фӕфӕнды, уымӕ гӕсгӕ нын, чи зоны, цавӕрдӕр хос кӕныны мадзӕлттӕ амоной, уымӕй сӕ фӕрсгӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы мадзӕлттӕй кӕцыдӕртӕ адӕймагӕн ницы зиан хӕссынц. Зӕгъӕм, Павел Тимофейӕн бауынаффӕ кодта, цӕмӕй-иу иу гыццыл сӕн анызтаид, йӕ ахсӕн кӕй рысти, уый тыххӕй. Ахӕм уынаффӕ йын уымӕн радта, ӕмӕ, Тимофей кӕм уыди, уым дон сыгъдӕг нӕ уыд. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 5:23.) * Фӕлӕ хъуамӕ уӕм къӕрцхъус. Чи зоны ныл ӕфсымӕртӕй исчи ныттыххӕй уа, цӕмӕй цавӕрдӕр хостӕ кӕнӕ кӕрдӕджытӕ нуазын райдайӕм кӕнӕ нын цавӕрдӕр диетӕйӕ тынг ӕппӕла. Чи зоны нын дзура, йӕ бинонтӕй ахӕм низ кӕмӕн уыди, уымӕн кӕй баххуыс кодта. Фӕлӕ иугӕр кӕмӕндӕр баххуыс кодта, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ махӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм: бирӕтӕ кӕй нуазынц, уыцы хостӕн дӕр сӕ бон у, ӕмӕ адӕймагӕн стыр зиан ӕрхӕссой. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:12.)

ӔМБАРГӔ У

14, 15. а) Нӕхи цавӕр адӕмӕй хъуамӕ хизӕм? б) Ӕмбисӕндтӕ 14:15 стихы цы фыст ис, уый нын цӕуыл дзурӕг у?

14 Махӕй алкӕй дӕр фӕнды, цӕмӕй ӕнӕниз уа, йӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ райа ӕмӕ йӕ бон уа Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ низтӕй хызт не стӕм. Куы фӕрынчын вӕййӕм, уӕд нын уый бар вӕййы, цӕмӕй, цы алыхуызон хос кӕныны мадзӕлттӕ ис, уыдонӕй искӕцы равзарӕм. Иуӕй-иу адӕймӕгтӕ ӕмӕ организацитӕ адӕмӕн фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ уын уӕ низӕн хос ӕрхъуыды кодтам. Фӕлӕ, хъыгагӕн, арӕх уыдон вӕййынц афтид ныхӕстӕ, фӕфӕнды сӕ адӕмыл ӕхца бакусын. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дзурой, зӕгъгӕ, уыцы хосӕй бирӕтӕ сдзӕбӕх сты. Ӕмӕ адӕймаг рынчын куы вӕййы, уӕд, сдзӕбӕх уа ӕмӕ фылдӕр фӕцӕра, уый тыххӕй арӕх цӕттӕ вӕййы цыфӕнды хос бафӕлварынмӕ дӕр. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый: «Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды, ӕмбаргӕ адӕймаг та хъуыды кӕны йӕ къахдзӕфтыл» (Ӕмб. 14:15).

15 Ӕмбаргӕ, ома зондджын, куы уӕм, уӕд алы ныхасыл дӕр не ’ууӕнддзыстӕм, уӕлдайдӕр та нын, уыцы дӕсниадыл чи нӕ ахуыр кодта, уынаффӕ ахӕм адӕймаг куы дӕтта, уӕд. Хъуамӕ-иу ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнӕм: «Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ ацы витаминтӕ, кӕрдӕджытӕ кӕнӕ диетӕ бирӕтӕн баххуыс кодтой, фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ ӕцӕг кӕй сты, ууыл ӕууӕндӕн ис? Ӕмӕ кӕд иннӕтӕн баххуыс кодта, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мӕнӕн дӕр ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн? Хуыздӕр нӕ уаид, фылдӕр информаци куы бацагурин ӕмӕ, мӕ низӕн чи хос кӕны, ахӕм дохтырмӕ куы ацӕуин?» (Дык. з. 17:6).

16. Ӕнӕниздзинадимӕ баст фарстатӕ скъуыддзаг кӕнгӕйӕ цӕуыл фӕхъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын?

16 Нӕ низы хатт куы бӕрӕг кӕнӕм кӕнӕ, нӕхи куыд дзӕбӕх кӕндзыстӕм, уый куы ӕвзарӕм, уӕд хъуамӕ ӕмбаргӕйӕ архайӕм (Тит. 2:12). Уый уӕлдай ахсджиаг у, низ сбӕрӕг кӕныны кӕнӕ хос кӕныны мадзал цыдӕр ӕнахуыр куы вӕййы, уӕд. Цымӕ, хос кӕнынмӕ кӕмӕ бацыдыстӕм, уымӕн йӕ бон у бӕлвырд бамбарын кӕнын, уыцы мадзӕлттӕ адӕймагӕн куыдӕй ӕххуыс кӕнынц? Уыцы мадзӕлттӕй бирӕ дохтыртӕ хос кӕнынц? (Ӕмб. 22:29). Чи зоны нын исчи зӕгъа, кӕмдӕр цавӕрдӕр ног хос кӕй ӕрхъуыды кодтой ӕмӕ йӕ дохтыртӕй бирӕтӕ нырма зонгӕ дӕр кӕй нӕ кӕнынц. Фӕлӕ цымӕ уымӕн исты бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис? Чидӕртӕ нын, чи зоны, дзурой, зӕгъгӕ, цавӕрдӕр сусӕг хосӕй, кӕнӕ, буарӕн йӕхи мидӕг цы тых ис, уый фӕрцы дзӕбӕх кӕнӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ахӕм цыдӕртӕ тынг тӕссаг сты. Рох нӕ ма уӕд, Хуыцау нӕ кӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи хизӕм, хинтӕ-кӕлӕнтимӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттимӕ баст цыдӕриддӕр у, уыдӕттӕй (Ис. 1:13; Дык. з. 18:10–12).

«ДЗӔБӔХ УТ!»

17. Махӕй алкӕй дӕр цы фӕнды?

17 Фыццаг ӕнусы разамонӕг совет ӕмбырдтӕм ахсджиаг фыстӕг арвыста, цӕмӕй сӕ бафӕдзӕхстаид, сӕхи кӕмӕй хъуамӕ хызтаиккой, уыцы хъуыддӕгтӕй. Уыцы фыстӕджы кӕрон разамонӕг совет ныффыста: «Адӕттӕй уӕхи куы хъахъхъӕнат, уӕд уыдзыстут фӕрнӕйдзаг. Дзӕбӕх ут!» (Хъуыд. 15:29). Иуӕй-иу ӕвзӕгтыл ацы стихы фӕстаг ныхӕстӕ тӕлмацгонд ӕрцыдысты, «ӕнӕниз ут», зӕгъгӕ, ӕмӕ сын ис ахӕм нысаниуӕг дӕр, «фидар ут», зӕгъгӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах фӕнды, цӕмӕй «дзӕбӕх уӕм» ӕмӕ нӕ бон уа Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын.

Мах фӕнды, цӕмӕй ӕнӕниз уӕм ӕмӕ нӕ бон уа Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (кӕс 17 абзац)

18, 19. Ног дунемӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?

18 Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон нӕу нӕхи алы низӕй дӕр бахизын. Ӕмӕ куы фӕрынчын вӕййӕм, уӕд нӕ фенхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нӕ диссаджы хуызы кӕй сдзӕбӕх кӕндзӕн, уымӕ. Фӕлӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, фидӕны нӕ Хуыцау ӕппӕт низтӕй куы сдзӕбӕх кӕна, уыцы рӕстӕгмӕ. Раргомады 22:1, 2 стихты апостол Иоанн ныффыста, адӕм ӕнӕниз кӕй фӕрцы суыдзысты, уыцы «царды дон» ӕмӕ «царды бӕлӕсты» тыххӕй. Уыдон, ӕнӕниздзинадӕн хорз чи у ӕмӕ абон чи ис кӕнӕ ног дунейы чи уыдзӕн, уыцы кӕрдӕджытӕм нӕ амонынц, фӕлӕ, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм, уый тыххӕй Йегъовӕ ӕмӕ Йесо цыдӕриддӕр сараздзысты, уымӕ (Ис. 35:5, 6).

19 Мах тынг бӕллӕм уыцы рӕстӕгмӕ. Фӕлӕ ныр дӕр фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ махӕй алкӕй дӕр кӕй уарзы ӕмӕ исты низӕй куы фӕтыхсӕм, уӕд ныл йӕ зӕрдӕ кӕй фӕриссы. Давидау мах дӕр ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, рынчын куы уӕм, уӕд нын Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у зӕгъын: «Ды мын баххуыс кодтай, рӕстӕй кӕй цӕрын, уый тыххӕй, ӕмӕ мӕ дӕ цӕсгомы раз ӕрлӕууын кӕндзынӕ ӕнустӕм» (Пс. 41:12).

^ 13 абз. Иу чиныджы фыст ис: «Ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй тифы бактеритӕ ӕмӕ, цардӕн тӕссаг чи у, ӕндӕр ахӕм микробтӕ сӕнимӕ куы схӕццӕ вӕййынц, уӕд уайтагъд амӕлынц» (The Origins and Ancient History of Wine).