Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

«Ӕппындӕр уӕ мацы бахъыгдарӕд!»

«Ӕппындӕр уӕ мацы бахъыгдарӕд!»

УЫЙ уыд 1931 азы, уалдзӕджы. Парижы зындгонд концертон зал Плейелы бахизӕны, 23 бӕстӕйӕ чи ӕрцыд, уыцы адӕмӕй азмӕлӕнтӕ дӕр нӕ уыд. Залы раз-иу такситӕй рӕсугъд арӕзт адӕм рахызтысты, ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ зал байдзаг. Ӕрбацыд 3 000 адӕймаджы бӕрц. Уыдон концертмӕ не ’рбацыдысты, фӕлӕ, уӕды рӕстӕджы хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕр Джозеф Рутерфордмӕ байхъусынмӕ. Йӕ диссаджы раныхӕстӕ йын тӕлмац кодтой французаг, немыцаг ӕмӕ польшӕйаг ӕвзӕгтӕм. Ӕфсымӕр Рутерфорды тыхджын хъӕлӕс залы нӕрыди.

Уыцы конгрессы фӕстӕ Францийы хъусын кӕныны хъуыддаджы хабар тынг фӕивта. Алыхуызон бӕстӕтӕй чи ӕрцыд, уыцы чырыстӕтты – уӕлдайдӕр та ӕрыгӕтты – ӕфсымӕр Рутерфорд баразӕнгард кодта, цӕмӕй Францийы чиныгхӕсджытӕй, ома пионертӕй, лӕггад кӕнын райдыдтаиккой. Английӕ чи ’рцыд, уыдонимӕ уыди Джон Кук дӕр, уӕд нырма ӕрыгон лӕппу уыди, ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм бахъуыды кодта Рутерфорды ныхӕстӕ: «Ӕрыгӕттӕ, ӕппындӕр уӕ мацы бахъыгдарӕд чиныгхӕсджытӕй лӕггад кӕнын!» *

Джон Кук фӕстӕдӕр миссионерӕй дӕр лӕггад кодта. Уый йеддӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сразы сты «Македонимӕ» ацӕуыныл (Хъуыд. 16:9, 10). 1930 азы Францийы чиныгхӕсджытӕ уыдысты 27, 1931 азы та систы 104 – иу азмӕ сыл дзӕвгар бафтыд! Фыццаг пионертӕн сӕ фылдӕр нӕдӕр французаг ӕвзаг зыдтой, нӕдӕр сӕм бирӕ ӕхца уыд, стӕй ма хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй дард уыдысты. Цымӕ сын цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй уыцы зындзинӕдты сӕрты хызтаиккой?

ЛӔГГАД КОДТОЙ, КӔД ӔВЗАГ НӔ ЗЫДТОЙ, УӔДДӔР

Фӕсарӕйнаг чиныгхӕсджытӕн стыр ӕххуыс уыдысты уацамынды карточкӕтӕ – уыдоны фӕрцы адӕмӕн «дзырдтой», Хуыцауы Паддзахад цы ныфс дӕтты, уый тыххӕй. Немыцаг ӕвзагыл чи дзырдта ӕмӕ Парижы зынгзӕрдӕйӕ чи хъусын кодта, иу ахӕм ӕфсымӕр радзырдта: «Мах зыдтам, нӕ Хуыцау хъомысджын кӕй у. Кӕд-иу уацамынды фыртыхстӕй нӕ зӕрдӕтӕ нӕ риуӕй рацӕйгӕпп кодтой, уӕддӕр афтӕ уымӕн нӕ уыд, ӕмӕ адӕмӕй тарстыстӕм. Хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ тарстыстӕм, мыййаг нӕ куы ферох уой, французагау кӕй сахуыр кодтам, уыцы ныхӕстӕ: „Voulez-vous lire cette carte, s’il vous plaît? [Дӕ хорзӕхӕй, ацы карточкӕйы цы фыст ис, уый-ма бакӕс]“. Мах фидарӕй зыдтам, тынг ахсджиаг куыст кӕй кӕнӕм».

Чиныгхӕсджытӕ Францийы хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ пайда кодтой велосипедтӕй ӕмӕ мотоциклтӕй

Чиныгхӕсджытӕ-иу бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты куы хъусын кодтой, уӕд-иу сӕ арӕх хъахъхъӕнджытӕ ратардтой. Английӕ дыууӕ хойы французаг ӕвзаг тынг ӕвзӕр зыдтой ӕмӕ иу бон уацамынды куы уыдысты, уӕд сӕ хъахъхъӕнӕг мӕстыйӕ бафарста, кӕмӕ цӕут, зӕгъгӕ. Хотӕй сӕ иу фӕкомкоммӕ, дуарыл цы гыццыл ӕфсӕйнаг тӕбӕгъгонд уыди, уымӕ. Фыст ыл уыди: «Турне лё бутон [Дзӕнгӕрӕгыл ныххӕц]». Хо ахъуыды кодта, уый хӕдзары хицауы ном кӕй у, ӕмӕ цӕмӕй уыцы хъахъхъӕнӕджы ӕрсабыр кодтаид, уый тыххӕй йын йӕ мидбылты худгӕйӕ загъта: «Мах ӕрбацыдыстӕм мадам Турне лё бутон-мӕ». Уыцы зынгзӕрдӕ чиныгхӕсджытӕ ахудын кӕй зыдтой, уый сын стыр ӕххуыс уыди!

ӔХЦАЙӔ ХЪУАГ КӔЙ ӔЙЙӔФТОЙ ӔМӔ ХОТӔ ӔМӔ ӔФСЫМӔРТӔЙ ДАРД КӔЙ УЫДЫСТЫ, УЫЙ СӔ НӔ БАХЪЫГДАРДТА

1930-ӕм азты Францийы адӕмӕн сӕ фылдӕр мӕгуыр цардысты ӕмӕ фӕсарӕйнаг чиныгхӕсджытӕн дӕр сӕ уавӕр хуыздӕр нӕ уыд. Монӕ Бжоскӕ, англисаг ӕвзагыл чи дзырдта, иу ахӕм хо, радзырдта, йе ’мбал пионер-хоимӕ куыд цардысты, уый тыххӕй. Монӕ загъта: «Тынг хуымӕтӕг цард кодтам. Не стырдӕр зындзинӕдтӕй иу уыд, зымӕджы-иу нӕм уаты тынг уазал кӕй уыди, уый. Нӕ уаты-иу арӕх афтӕ уазал уыд, ӕмӕ-иу нӕм дурыны цы дон уыд, уый-иу их сӕвӕрдта. Ӕмӕ-иу цӕмӕй нӕхи ныхсадтаиккам, уый тыххӕй уал-иу ын хъуамӕ йӕ их ныцъцъӕл кодтаиккам». Цымӕ уыцы пионертӕ ахӕм уавӕрты кӕй цардысты, уый тыххӕй сӕ ныфс асаст? Ӕппындӕр нӕ! Уыцы пионертӕй сӕ иу цы ныхӕстӕ загъта, уыдонимӕ иннӕ пионертӕ дӕр сразы уыдаиккой: «Ницы нӕм уыди, фӕлӕ цух дӕр ницӕмӕй ӕййӕфтам» (Матф. 6:33).

1931 азы Английӕ Парижмӕ конгресмӕ чи ӕрцыд, уыцы пионертӕ

Уыцы хъӕбатыр чиныгхӕсджытӕ ма ӕмбӕлдысты ноджыдӕр иу зындзинадыл – хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй дард уыдысты. 1930-ӕм азты райдианы Францийы хъусынгӕнджытӕ 700 дӕр нӕ уыдысты ӕмӕ сӕ фылдӕр лӕггад кодтой бӕстӕйы алы рӕтты. Цымӕ сын цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй сӕ циндзинад ма фесӕфтаиккой? Монӕ загъта: «Иннӕтӕй дард уыдыстӕм. Ӕмӕ цӕмӕй нӕ ныфс ма асастаид, уый тыххӕй ӕдзухдӕр иумӕ ахуыр кодтам нӕ организацийы публикацитӕ. Уыцы рӕстӕг адӕммӕ ногӕй нӕ цыдыстӕм ӕмӕ семӕ хӕдзары Библи нӕ ахуыр кодтам, гъемӕ-иу нын изӕрыгӕтты рӕстӕг уыди, цӕмӕй писмотӕ фыстаиккам. Фыстам нӕ бинонтӕм, уӕлдайдӕр та иннӕ пионертӕм, цӕмӕй-иу сын цымыдисаг хабӕрттӕ радзырдтаиккам. Афтӕмӕй кӕрӕдзи фидар кодтам» (1 Фес. 5:11).

Кӕд уыцы удуӕлдай чиныгхӕсджытӕ алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уӕддӕр сӕ ныфс нӕ асаст. Уый бӕрӕг у, филиалмӕ цы писмотӕ фыстой, уыдонӕй. Чидӕртӕ сӕ ныффыстой, Францийы пионертӕй куы лӕггад кодтой, уымӕй дӕсгай азты фӕстӕ. 1931–1935 азты йӕ цардӕмбалимӕ Францийыл ӕнӕхъӕнӕй дӕр чи ’рзылд, иу ахӕм сӕрст хо, Энни Крегин, уыцы рӕстӕджыты тыххӕй ныффыста: «Тынг амондджын уыдыстӕм ӕмӕ ныл бирӕ цымыдисаг цаутӕ ӕрцыд! Мах, пионертӕ, кӕрӕдзиимӕ тынг ӕнгом уыдыстӕм. Ӕмӕ апостол Павелау махӕн дӕр нӕ бон уыди зӕгъын: „Ӕз сагътон, Аполлос дон кодта, фӕлӕ... рӕзын та кодта Хуыцау“. Бирӕ азты размӕ нӕ бон ахӕм хуызы лӕггад кӕнын кӕй уыди, уый нын у, зӕгъӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр цины хос» (1 Кор. 3:6).

Ӕцӕгдӕр, уыцы пионертӕ сӕ фидардзинад ӕмӕ сӕ зынгзӕрдӕдзинады тыххӕй фӕзминаг сты, фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн. Абон Францийы ис иу-14 000 пионеры. Бирӕтӕ сӕ лӕггад кӕнынц, ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзы цы ӕмбырдтӕ ӕмӕ къордтӕ ис, уым *. Ӕмӕ сӕ размӕ чи лӕггад кодта, уыдонау ацы пионертӕ дӕр уый бар ӕппындӕр ницӕмӕн дӕттынц, цӕмӕй сӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын бахъыгдара! (Нӕ архивтӕй Францийы.)

^ 4 абз. Францимӕ Польшӕйӕ чи ралыгъд, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куыд хъусын кодтой, уый тыххӕй кӕс брошюрӕ «Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтыл хъуыды кӕн», статья «Йегъовӕ уӕ Францимӕ ӕркодта, цӕмӕй рӕстдзинад базыдтаиккат».

^ 13 абз. 2014 азы Францийы филиал йӕ хъус дардта 900 ӕмбырд ӕмӕ къордӕй фылдӕрмӕ ӕмӕ рӕстдзинад базонынӕн ӕххуыс кодта, 70 алыхуызон ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн.