Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр цӕмӕн фӕбӕрӕг кӕнӕм?

Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр цӕмӕн фӕбӕрӕг кӕнӕм?

«Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (1 КОР. 11:24).

1, 2. Нӕ эрӕйы 33 азы 14 нисаны Йесо цы сарӕзта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

ХАБАР уыд нӕ эрӕйы 33 азы 14 нисаны. Уыди ӕхсӕв. Иерусалимы сӕрмӕ ссыди цалхыдзаг мӕй ӕмӕ горӕтыл фӕлмӕн рухс кодта. Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ Куадзӕн сбӕрӕг кодтой, ӕмӕ афтӕмӕй сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, 1 500 азы размӕ Йегъовӕ израилӕгты Египеты цагъарадӕй кӕй ссӕрибар кодта, уый. Ӕмӕ уый фӕстӕ Йесо йӕ 11 иузӕрдион апостолимӕ сбӕрӕг кодта ног бӕрӕгбон – уыцы бӕрӕгбон хъуамӕ бӕрӕг кодтаиккой алы аз дӕр ӕмӕ-иу ын хъуамӕ йӕ мӕлӕт сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтаиккой. Мӕлгӕ та хъуамӕ акодтаид уыцы бон фӕстӕдӕр (Матф. 26:1, 2).

2 Йесо Хуыцаумӕ скуывта, йӕ апостолтӕм донгонд дзул алӕвӕрдта ӕмӕ сын загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут». Уый фӕстӕ райста сӕны къус, ногӕй та Хуыцаумӕ скуывта ӕмӕ загъта: «Уе ’ппӕт дӕр дзы бануазут» (Матф. 26:26, 27). Уыцы дзул ӕмӕ сӕнӕн уыди бӕлвырд нысан, ӕмӕ уый фӕдыл Йесойы иузӕрдион апостолтӕ уыцы изӕр хъуамӕ бирӕ ахсджиаг хабӕрттӕ базыдтаиккой.

3. Ацы статьяйы цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ алы аз дӕр йӕ мӕлӕт сӕ зӕрдыл лӕууын кодтаиккой. Уыцы бӕрӕгбон фӕстӕдӕр хуынд ӕрцыд «Хицауы ӕхсӕвӕр», хонынц ма йӕ Ӕрымысӕн изӕр дӕр (1 Кор. 11:20). Фӕлӕ, чи зоны, кӕмӕдӕр фӕзына ахӕм фарстатӕ: «Йесойы мӕлӕт нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ лӕууын кӕнӕм? Дзул ӕмӕ сӕн цӕмӕ амонынц? Ӕрымысӕн изӕрмӕ-иу нӕхи куыд хъуамӕ бацӕттӕ кӕнӕм? Дзул ӕмӕ сӕнӕй чи хъуамӕ ахода? Чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у равдисын, цы ныфс сын ис, уымӕн кӕй аргъ кӕнынц?»

ЙЕСОЙЫ МӔЛӔТ НӔ ЗӔРДЫЛ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ЛӔУУЫН КӔНӔМ?

4. Йесойы мӕлӕты фӕрцы нын цавӕр ныфс фӕзынд?

4 Не ’ппӕт дӕр Адамӕй нӕ туджы рахастам тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт (Ром. 5:12). Ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕмӕй иуӕн дӕр йӕ бон нӕу йӕхи царды тыххӕй кӕнӕ иннӕты царды тыххӕй Хуыцауӕн «ахӕсты аргъ бафидын» (Пс. 49:6–9, фип.). Фӕлӕ Йесо мах тыххӕй йе ’ххӕст цард радта ӕмӕ Хуыцауы раз ахӕсты аргъимӕ ӕрлӕууыд. Уый фӕрцы нын фӕзынди диссаджы ныфс – тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй кӕй ссӕрибар уыдзыстӕм ӕмӕ ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм (Ром. 6:23; 1 Кор. 15:21, 22).

5. а) Хуыцау ӕмӕ нӕ Йесо кӕй уарзынц, уый кӕцӕй зонӕм? ӕ) Ӕрымысӕн изӕр цӕмӕн хъуамӕ бӕрӕг кӕнӕм?

5 Хуыцау адӕмы тыххӕй ахӕсты аргъ кӕй бафыста, уымӕй равдыста, куыд тынг сӕ уарзы, уый (Иоан. 3:16). Ӕмӕ Йесо дӕр, мах тыххӕй йӕ цард кӕй радта, уымӕй равдыста, уый дӕр нӕ кӕй уарзы. Цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ дӕр «[йе] стыр цин уыдысты зӕххон адӕм» (Ӕмб. 8:30, 31). Хуыцау ӕмӕ Йесо мах тыххӕй цы сарӕзтой, уымӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ бӕрӕг кӕнӕм Ӕрымысӕн изӕр ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кӕнӕм Йесойы фӕдзӕхст, «афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй», зӕгъгӕ (1 Кор. 11:23–25).

ДЗУЛ ӔМӔ СӔН ЦӔМӔ АМОНЫНЦ?

6. Ӕрымысӕн изӕры цы дзул ӕмӕ цы сӕн вӕййы, уыдоны тыххӕй цы зонӕм?

6 Йесо Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд диссаг нӕ сарӕзта, ӕмӕ дзул йӕ буар, сӕн та – йӕ туг нӕ фестын кодта. Дзулы тыххӕй загъта: «Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар». Сӕны тыххӕй та загъта: «Ацы сӕн нысан кӕны мӕ туг – „бадзырды туг“, ӕмӕ ныккӕлдзӕн бирӕты тыххӕй» (Мар. 14:22–24). Уӕдӕ бӕрӕг у, дзул ӕмӕ сӕн нысӕнттӕ кӕй сты, ома цӕмӕдӕр кӕй амонынц.

7. Донгонд дзул цӕмӕ амоны?

7 Уыцы ахсджиаг изӕр Йесо спайда кодта, Куадзӕны ӕхсӕвӕры сӕм цы дзул уыди, уымӕй. Уыцы дзул уыди донгонд, ома ӕнӕ ӕнхъизӕнӕй конд (Рац. 12:8). Библийы ӕнхъизӕн иуӕй-иу хатт фӕамоны тӕригъӕдмӕ (Матф. 16:6, 11, 12; Лук. 12:1). Уӕдӕ Йесо ӕнӕ ӕнхъизӕнӕй конд дзулӕй кӕй спайда кодта, уый хуымӕтӕджы нӕ уыд – уыцы дзул амыдта йӕ ӕнӕтӕригъӕд буармӕ (Дзут. 7:26). Уымӕ гӕсгӕ Ӕрымысӕн изӕры дӕр вӕййы донгонд дзул.

8. Ӕрымысӕн изӕры цы сӕн вӕййы, уый цӕмӕ амоны?

8 Йесо цы сӕнӕй спайда кодта, уый амыдта йӕ тугмӕ, кӕнӕ йӕ цардмӕ, ӕмӕ, нӕ рӕстӕджы Ӕрымысӕн изӕры цы сӕн вӕййы, уый дӕр уымӕ амоны. Иерусалиммӕ хӕстӕг цы бынат уыд, Голгофӕ, зӕгъгӕ, уым Йесо адӕмы тыххӕй йӕ туг ныккалдта, «цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой» (Матф. 26:28; 27:33). Ӕмӕ уыцы зынаргъ лӕварӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд-иу алы аз дӕр Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ нӕхи бацӕттӕ кӕндзыстӕм. Цымӕ уый нӕ бон куыд у аразын?

НӔ БОН КУЫД У НӔХИ БАЦӔТТӔ КӔНЫН?

9. а) Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг нын Библийӕ цы скъуыддзӕгтӕ вӕййы кӕсинаг, уыдон цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм? ӕ) Йесойы нывондмӕ цы цӕстӕй кӕсыс?

9 Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг брошюрӕйы «Алы бон дӕр Фыстад иртас» амынд вӕййы, Библийӕ цы скъуыддзӕгтӕ бакӕсын хъӕуы, уый. Ӕмӕ нын уыдон стыр ӕххуыс уыдзысты нӕхи бацӕттӕ кӕнынӕн. Уыцы скъуыддзӕгтӕ кӕсгӕйӕ нӕ бон уыдзӕн ахъуыды кӕнын, Йесо йӕ мӕлӕты размӕ цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоныл *. Мӕнӕ цы ныффыста иу хо: «Тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Ӕрымысӕн изӕрмӕ. Азӕй-азмӕ йын тынгдӕр аргъ кӕнӕм. Хъуыды йӕ кӕнын... папӕйы зианы рӕстӕг мӕм куыд тынг бахъардта, Чырыстийы нывондӕн цӕй стыр аргъ ис, уый. Уыцы нывонды тыххӕй уӕд куыд бузныг уыдтӕн, афтӕ никуы. [...] Библийы уый тыххӕй кӕм фыст ис, уыцы стихтӕ иууылдӕр зыдтон ӕмӕ сӕ мӕ бон уыди бамбарын кӕнын дӕр. Фӕлӕ мыл зиан куы ’рцыд, ӕрмӕстдӕр уӕд бамбӕрстон, мӕлӕты раз куыд ӕдых стӕм, ӕмӕ мӕм кӕронмӕ ӕрмӕстдӕр уӕд бахъардта, уыцы зынаргъ нывонды фӕрцы нын цы диссаджы ныфс ис, уый». Ӕцӕгдӕр, хорз уаид, Ӕрымысӕн изӕрмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ нӕ алчидӕр куы ахъуыды кӕнид, Йесойы нывонды фӕрцы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй куыд фервӕздзыстӕм, ууыл.

Библи иртасынӕн нын цы ӕрмӕг ис, уый фӕрцы Ӕрымысӕн изӕрмӕ дӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кӕн (кӕс 9 абзац)

10. Ӕрымысӕн изӕрмӕ бацӕттӕ кӕныны тыххӕй ма ноджыдӕр нӕ бон цы у аразын?

10 Ӕрымысӕн изӕрмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн ма ноджыдӕр иу хорз мадзал у фылдӕр хъусын кӕнын ӕмӕ уыцы ахсджиаг хабармӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмы фӕхонын. Чи зоны, нӕ бон уа ӕххуысгӕнӕг пионертӕй балӕггад кӕнын дӕр. Адӕмӕн Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырты тыххӕй, стӕй ӕнусон царды тыххӕй куы дзурӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм, ӕмӕ нын уый стыр циндзинад хӕсдзӕн (Пс. 148:12, 13).

11. Павел афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, коринфӕгтӕй чидӕртӕ, аккаг нӕ уыдысты, афтӕмӕй-иу Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг дзул ӕмӕ сӕнӕй сахуыстой?

11 Ӕрымысӕн изӕрмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ-иу ахъуыды кӕн, апостол Павел Коринфы ӕмбырдмӕ цы ныффыста, ууыл. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 11:27–34.) Павел ныффыста, зӕгъгӕ, «кӕд исчи, аккаг нӕу, афтӕмӕй уыцы дзулӕй хӕры кӕнӕ Хицауы сӕны къусӕй нуазы, уӕд ууыл уыдзӕн тӕригъӕд Хицауӕн [Йесо Чырыстийӕн] йӕ буар ӕмӕ йӕ туджы ныхмӕ». Уӕдӕ абон дӕр сӕрст чырыстӕттӕй хъуамӕ «алчидӕр йӕхимӕ ӕркӕса ӕмӕ сбӕлвырд кӕна, аккаг у ӕви нӕ», ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕн дзул ӕмӕ сӕнӕй аходын. Афтӕ куы нӕ кӕна, уӕд «йӕхи тӕрхоны аккаг кӕндзӕн». Коринфӕгтӕй бирӕтӕ, чырыстӕттӕн куыд ӕмбӕлы, сӕхи афтӕ кӕй нӕ дардтой, уый тыххӕй уыдысты «лӕмӕгъ ӕмӕ рынчын», стӕй, Хуыцауы цӕсты «мард чи у, ахӕмтӕ». Ӕвӕццӕгӕн-иу Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕнгӕйӕ кӕнӕ уый размӕ ӕгӕр бирӕ бахордтой ӕмӕ банызтой, ӕмӕ-иу уый тыххӕй ӕнӕуи дӕр, стӕй уырнындзинады хъуыддаджы дӕр къӕрцхъус нал уыдысты. Дзул ӕмӕ-иу сӕнӕй афтӕмӕй кӕй сахуыстой, уымӕй бӕрӕг уыди, уыцы ахсджиаг хабарӕн ӕппындӕр кӕй нӕ аргъ кодтой, ӕмӕ уый тыххӕй Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай уыдысты.

12. а) Павел Ӕрымысӕн изӕры фынг цӕимӕ абарста ӕмӕ дзы чи фӕаходы, уыдоны цӕмӕй бафӕдзӕхста? ӕ) Нысӕнттӕй чи фӕаходы, уыдонӕй исчи уӕззау тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд цы хъуамӕ сараза?

12 Павел Ӕрымысӕн изӕры фынг абарста ӕнӕуи фынгимӕ ӕмӕ-иу дзы чи сахуыста, уыдоны бафӕдзӕхста: «Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Йегъовӕйы нуазӕнӕй дӕр нуазат ӕмӕ хӕйрӕджыты нуазӕнӕй дӕр. Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ „Йегъовӕйы фынгӕй дӕр хӕрат“ ӕмӕ хӕйрӕджыты фынгӕй дӕр» (1 Кор. 10:16–21). Нысӕнттӕй чи фӕаходы, уыдонӕй исчи уӕззау тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракура. (Бакӕс Иаковы 5:14–16.) Кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый хъуыддагӕй куы равдиса ӕмӕ афтӕмӕй нысӕнттӕй куы сахода, уӕд дзы афтӕ зӕгъӕн нӕ уыдзӕн, ӕмӕ Йесойы нывондӕн нӕ аргъ кӕны (Лук. 3:8).

13. Хуыцау нын цы ныфс дӕтты, уый тыххӕй йӕм цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?

13 Ӕрымысӕн изӕрмӕ бацӕттӕ кӕныны тыххӕй ма хорз уыдзӕн, Хуыцаумӕ-иу куы скувӕм ӕмӕ-иу афтӕмӕй куы ахъуыды кӕнӕм, цы ныфс нын дӕтты, ууыл. Махӕй никӕй фӕнды Йесойы нывонд хынджылӕггаг кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ, сыгъдӕг тыхӕй сӕрст кӕй стӕм, уый фидарӕй куы нӕ зонӕм, уӕд нысӕнттӕй нӕ аходдзыстӕм. Уӕдӕ Ӕрымысӕн изӕры цы нысӕнттӕ вӕййы, уыдонӕй чи хъуамӕ ахода?

ДЗУЛ ӔМӔ СӔНӔЙ ЧИ ХЪУАМӔ АХОДА?

14. Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй чи фӕаходы, уыдонмӕ ног бадзырд куыд хауы?

14 Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй аходыны аккаг чи у, уыдон ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнынц, Йесо Чырысти цы ног бадзырды кой кодта, уый семӕ арӕзт кӕй ӕрцыд. Йесо сӕны тыххӕй загъта: «Ацы сӕны къус нысан кӕны ног бадзырд – уый фидаргонд цӕуы мӕ тугӕй» (1 Кор. 11:25). Уымӕй бирӕ раздӕр Йегъовӕ пехуымпар Йеремийы уылты загъта, израилӕгтимӕ цы Закъоны бадзырд скодта, уый бӕсты кӕй скӕндзӕн ног бадзырд. (Бакӕс Йереми 31:31–34.) Ӕмӕ уыцы бадзырд арӕзт ӕрцыд «Хуыцауы Израилимӕ», ома сӕрст чырыстӕттимӕ (Гал. 6:15, 16). Ног бадзырд йӕ тыхы бацыд Йесойы мӕлӕты руаджы (Лук. 22:20). Уый у ног бадзырды ӕхсӕны лӕг ӕмӕ, уыцы бадзырд кӕимӕ ӕрцыд арӕзт, уыцы иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ йемӕ уӕлӕрвты уыдзысты (Дзут. 8:6; 9:15).

15. Паддзахады тыххӕй бадзырд кӕимӕ ӕрцыд арӕзт? Иузӕрдион куы уой, уӕд сӕм цавӕр кад ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

15 Сӕрст чырыстӕттӕ ма зонынц, Паддзахады тыххӕй бадзырд дӕр сӕм кӕй хауы. (Бакӕс Лукайы 22:29.) Уыцы бадзырд арӕзт ӕрцыд Йесо ӕмӕ йӕ иузӕрдион сӕрст фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн, йӕ хъизӕмӕрттӕй «хайджын» чи уыд, уыдоны ’хсӕн (Фил. 3:10). Иузӕрдион сӕрст чырыстӕттимӕ Паддзахады тыххӕй бадзырд кӕй ӕрцыд арӕзт, уый фӕрцы Чырыстиимӕ уӕлӕрвты ӕнустӕм уыдзысты паддзӕхтӕ (Рарг. 22:5). Уыцы чырыстӕттӕ уый аккаг сты, цӕмӕй Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй аходой.

16. Ромӕгтӕм 8:15–17 стихтӕн сӕ хъуыды цыбыртӕй бамбарын кӕн.

16 Сӕрст чырыстӕттӕ фидарӕй зонынц, «Хуыцауы хъӕбултӕ» кӕй сты, уый, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕстдӕр уыдонӕн у сӕ бон Ӕрымысӕн изӕры дзул ӕмӕ сӕнӕй аходын. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:15–17.) Павел загъта, уыдон Хуыцаумӕ кӕй дзурынц, «Аввӕ, нӕ Фыд!», зӕгъгӕ. Цы арамейаг дзырдӕй спайда кодта, «аввӕ», зӕгъгӕ, уый комкоммӕ нысан кӕны «фыд». Уыцы дзырд ӕвдисы фӕлмӕн уарзт дӕр, стӕй дзы ис кад кӕныны хъуыды дӕр, ӕмӕ-иу афтӕ дзырдтой сывӕллӕттӕ сӕ фыдмӕ. Уыцы дзырдӕй бӕрӕг у, Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕхицӕн фырттӕ кӕмӕй скодта, уыдон йемӕ куыд ӕнгом сты, уый. 16-ӕм стихы фыст ныхӕстӕ, «Хуыцауы сыгъдӕг тых нӕ удимӕ иумӕ ӕвдисӕн лӕууы», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнынц, Йегъовӕйы ӕвзӕрст фырттӕ кӕй сты, ууыл. Хъуыддаг уый мидӕг нӕй, ӕмӕ сӕ зӕххыл цӕрын нӕ фӕнды. Уыдон зонынц, мӕлӕты онг иузӕрдионӕй куы баззайой, уӕд уӕлӕрвты Йесоимӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты. Абон уыцы 144 мин сӕрст чырыстонӕй зӕххыл гыццыл йеддӕмӕ нал баззад (1 Иоан. 2:20; Рарг. 14:1). Уыдон Йегъовӕимӕ афтӕ ӕнгом сты, ӕмӕ йӕм дзурынц, «Аввӕ, нӕ Фыд!», зӕгъгӕ.

ХУЫЦАУ ДЫН ЦЫ НЫФС ДӔТТЫ, УЫМӔН АРГЪ КӔН

17. Сӕрст чырыстӕттӕн цавӕр ныфс ис ӕмӕ йӕм цы цӕстӕй кӕсынц?

17 Кӕд сӕрст чырыстон дӕ ӕмӕ дын уӕлӕрвты цӕрыны ныфс ис, уӕд уый тыххӕй дӕ куывдтыты арӕх куыннӕ дзурдзынӕ. Ӕмӕ Библийы уыцы ныфсы тыххӕй цы стихтӕ ис, уыдон дӕр дӕуӕн уӕлдай ахсджиаг сты. Зӕгъӕм, Йесойӕн уӕлӕрвты йӕ «усагимӕ» чындзӕхсӕв кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй куы фӕкӕсыс, уӕд ӕй фембарыс, уый дӕумӕ дӕр кӕй хауы, ӕмӕ уыцы хабармӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй фенхъӕлмӕ кӕсыс (2 Кор. 11:2; Иоан. 3:27–29; Рарг. 21:2, 9–14). Кӕнӕ, Хуыцау йӕ «хъӕбулты», сӕрст чырыстӕтты, куыд уарзы, уый тыххӕй куы фӕкӕсыс, уӕд ӕй фӕзоныс, уыцы ныхӕстӕ дӕумӕ дӕр кӕй хауынц. Стӕй, Хуыцауы Ныхасы сӕрст чырыстӕттӕн цы уынаффӕтӕ ис, уыдон куы фӕкӕсыс, уӕд дӕ сыгъдӕг тых фӕразӕнгард кӕны, цӕмӕй уыдонмӕ гӕсгӕ архайай. Афтӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг тых демӕ иумӕ «ӕвдисӕн лӕууы», уӕларвон ныфс дын кӕй ис, уымӕн.

18. «Ӕндӕр фыстӕн» цавӕр ныфс ис? Уыцы ныфсмӕ ды цы цӕстӕй кӕсыс?

18 Кӕд «тынг бирӕ адӕммӕ», кӕнӕ «ӕндӕр фыстӕм», хауыс, уӕд дын Хуыцау ныфс дӕтты, ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзынӕ (Рарг. 7:9; Иоан. 10:16). Ахӕм фидӕн дӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ цы цӕстӕй кӕсыс? Дӕ зӕрдӕ цинӕй куыннӕ байдзаг вӕййы, Библийы ног дунейы тыххӕй цы фыст ис, ууыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд. Ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсыс, дӕ бинонтимӕ ӕмӕ де ’мбӕлттимӕ сабырӕй ӕмӕ фӕрнӕй куы цӕрай, уыцы рӕстӕгмӕ. Тынг дӕ фӕнды, Хуыцау ӕххормагдзинадӕн, мӕгуырдзинадӕн, хъизӕмӕрттӕн, низтӕн ӕмӕ мӕлӕтӕн кӕрон куыд скӕндзӕн, уый фенын (Пс. 37:10, 11, 29; 67:6; 72:7, 16; Ис. 33:24). Ды бӕллыс, чи дын амард, уыдон куы райгас уой, уыцы бонмӕ (Иоан. 5:28, 29). Йегъовӕ дын ахӕм диссаджы ныфс кӕй радта, уый тыххӕй дзы бузныг куыннӕ дӕ! Ӕмӕ кӕд, Ӕрымысӕн изӕры цы нысӕнттӕ вӕййы, уыдонӕй нӕ фӕаходыс, уӕддӕр ӕрбацӕуыс, уымӕн ӕмӕ Йесо Чырыстийы нывондӕн аргъ кӕныс.

ДЫ ТА ӔРБАЦӔУДЗЫНӔ?

19, 20. а) Ӕнусон цардӕй цӕй фӕрцы схайджын уыдзынӕ? ӕ) Ӕрымысӕн изӕрмӕ цӕмӕн ӕрбацӕудзынӕ?

19 Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс дын ис ӕви зӕххыл – уыцы цардӕй схайджын уыдзынӕ, Йегъовӕ Хуыцауыл ӕмӕ Йесо Чырыстийыл, стӕй йӕ нывондыл куы ӕууӕндай, ӕрмӕстдӕр уӕд. Ӕрымысӕн изӕры куы уай, уӕд дын хорз фадат уыдзӕн, цӕмӕй ахъуыды кӕнай, цы диссаджы ныфс дын ис ӕмӕ Йесойы мӕлӕт куыд ахсджиаг у, ууыл. 2015 азы 3 апрелы, майрӕмбоны, хурныгуылды фӕстӕ, ӕгас дунейы дӕр милуангай адӕм ӕрбацӕудзысты Паддзахады залтӕм ӕмӕ ӕндӕр бынӕттӕм, цӕмӕй Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кӕной. Ӕмӕ дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕр, цӕмӕй ды дӕр уыдоны ’хсӕн уай.

20 Ӕрымысӕн изӕрмӕ нӕхи хорз куы бацӕттӕ кӕнӕм, уӕд Йесойы нывондӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Цы раныхас дзы уыдзӕн, уымӕ лӕмбынӕг куы байхъусай, уӕд дӕ бафӕнддзӕн, иннӕты кӕй уарзыс, уый хъуыддагӕй ӕвдисын, ӕмӕ сын Йегъовӕйы уарзондзинады тыххӕй ӕмӕ йӕм адӕмы тыххӕй цы диссаджы фӕнд ис, уый тыххӕй дзурын (Матф. 22:34–40). Уӕдӕ-иу ӕнӕмӕнгӕй ӕрбацу Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ!

^ 9 абз. Кӕс брошюрӕ «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн», 16 хай.