Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй сын фылдӕр ӕнтыса

Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй сын фылдӕр ӕнтыса

«Ратдзынӕн дын уынаффӕ ӕмӕ дӕм мӕ цӕст дардзынӕн» (ПС. 32:8).

1, 2. Йегъовӕ йӕ зӕххон лӕггадгӕнджытӕм цы цӕстӕй кӕсы?

НЫЙЙАРДЖЫТӔ, сӕ сывӕллӕттӕ куыд фӕхъазынц, уымӕ куы фӕкӕсынц, уӕд сӕ арӕх сӕ курдиӕттӕ дисы бафтауынц. Чи зоны, дӕхи сывӕллӕтты хабар дӕр афтӕ у. Сывӕллӕттӕй иутӕ вӕййынц рӕвдз ӕмӕ сӕ гыццылӕй дӕр бӕрӕг вӕййы, спортмӕ кӕй арӕхсдзысты. Иннӕтӕ та хорз фӕарӕхсынц, ахъуыды кӕнын кӕм фӕхъӕуы, ахӕм хъӕзтытӕй хъазынмӕ кӕнӕ сӕхи къухӕй истытӕ аразынмӕ. Цӕмӕфӕнды ма арӕхсой, уӕддӕр ныййарджытӕн ӕхсызгон вӕййы сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сын уыцы хъуыддаджы фылдӕр бантыса.

2 Йегъовӕйы дӕр фӕнды, цӕмӕй йӕ зӕххон сывӕллӕттӕ ӕнтыстджын уой. Уый йӕ лӕггадгӕнджыты нымайы «ӕппӕт адӕмты зынаргъ хӕзнатыл» (Аг. 2:7). Афтӕ зынаргъ ын фыццаджыдӕр сты сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм ис бирӕ алыхуызон курдиӕттӕ. Ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ хорз арӕхсынц раныхӕстӕ дзурынмӕ, кӕмӕндӕрты та сӕ хорз уайы ӕмбырды алыхуызон хъуыддӕгтӕ пълан кӕнын. Хотӕй та бирӕтӕм ахӕм курдиат ис, ӕмӕ ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнынц ӕмӕ уыцы ӕвзагыл фӕхъусын кӕнынц. Чидӕртӕ та сӕ фӕзминаг сты, ныфссаст чи у, уыдоны кӕй бафидар кӕнынц ӕмӕ рынчынтӕн кӕй баххуыс кӕнынц, уымӕй (Ром. 16:1, 12). Ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ иу ӕмбырды кӕй стӕм, уый махӕн арфӕдзинад куыннӕ у!

3. Ацы статьяйы цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

 3 Фӕлӕ не ’мчырыстӕттӕй кӕмӕдӕрты, уыимӕ, ӕрыгон чи у кӕнӕ донаргъуыд ӕрӕджы чи райста, уыцы ӕфсымӕртӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕмбырдӕн ницы пайда сты. Нӕ бон сын куыд у баххуыс кӕнын, цӕмӕй сын Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр ӕнтыса? Йегъовӕйы цӕстӕй сӕм цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм ӕмӕ сын сӕ хорз миниуджытӕ цӕмӕн хъуамӕ уынӕм?

ЙЕГЪОВӔ УЫНЫ, ЙӔ ЛӔГГАДГӔНДЖЫТӔМ ХОРЗӔЙ ЦЫ ИС, УЫЙ

4, 5. Йегъовӕ Гедеонмӕ хорзӕй цы федта? Уыцы хабарӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?

4 Библийы фыст хабӕрттӕй зыны, Йегъовӕ кӕй уыны, йӕ лӕггадгӕнджытӕм ныртӕккӕ хорзӕй цы ис, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма ноджыдӕр цӕмӕ сарӕхсдзысты, уый дӕр. Зӕгъӕм, Хуыцау Гедеоны куы равзӕрста, цӕмӕй йын йӕ адӕмы мадиамӕгты къухӕй фервӕзын кодтаид, уӕд Гедеон, ӕвӕццӕгӕн, бадис кодта, зӕд ын афтӕ куы загъта: «Йегъовӕ демӕ ис, мӕнӕ хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕг!» Фӕлӕ уыцы рӕстӕг Гедеон йӕхицӕй афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ «хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕг» у. Уый дызӕрдыг кодта, йӕ бон кӕй бауыдзӕн Хуыцауы адӕмы фервӕзын кӕнын, ӕмӕ ма йӕхицӕй афтӕ дӕр загъта, «мӕ фыды хӕдзары куы ничи дӕн», зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕм Йегъовӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй каст. (Бакӕс Тӕрхонгӕнджыты 6:11–16.)

5 Йегъовӕ Гедеонӕн израилӕгты фервӕзын кӕнын уымӕн бахӕс кодта, ӕмӕ йын йӕ хорз миниуджытӕ уыдта. Иуӕй, Йегъовӕ федта, Гедеон мӕнӕу куы хоста, уӕд куыд зӕрдиагӕй архайдта, уый. Фӕлӕ ма Йегъовӕ йӕ хъус ӕрдардта ӕндӕр хъуыддагмӕ дӕр. Рагзаманты-иу зӕхкусджытӕ мӕнӕу най кодтой быдыры, цӕмӕй-иу ын йӕ зыгуым дымгӕ ахастаид. Фӕлӕ Гедеон мӕнӕу хоста сӕндуцӕны, цӕмӕй, мыййаг исты, уӕд ӕй мадиамӕгтӕй амбӕхстаид. Куыд зондджынӕй архайдта! Йегъовӕ уыдта, Гедеон ӕрмӕст ӕнӕзивӕг зӕхкусӕг кӕй нӕу, фӕлӕ ма ӕмбаргӕ адӕймаг дӕр. Уӕдӕ Йегъовӕ Гедеоны уымӕн равзӕрста, ӕмӕ йӕ зыдта, йӕ бон бирӕ кӕй бауыдзӕн.

6, 7. а) Израилӕгтӕй чидӕртӕ пехуымпар Амосмӕ цы цӕстӕй кастысты, ӕмӕ йӕм Йегъовӕ та цы цӕстӕй каст? ӕ) Цӕмӕй у бӕрӕг, Амос бынтон хуымӕтӕг адӕймаг кӕй нӕ уыд?

6 Ӕркӕсӕм-ма пехуымпар Амосы хабармӕ дӕр. Йегъовӕ уыдта, Амосӕн йӕ бон бирӕ кӕй уыд, кӕд бирӕты цӕсты хуымӕтӕг адӕймаг йеддӕмӕ ницы уыд, уӕддӕр. Амос уыди фыййау ӕмӕ ма зылди легъуибӕлӕстӕм дӕр, ӕмӕ уыцы куыстытӕ та нымад уыдысты хуымӕтӕг адӕмы куыстытыл. Кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр Йегъовӕ Амосӕн бахӕс кодта, цӕмӕй Израилы дӕсмыггаг паддзахадӕн фехъусын кодтаид, Хуыцауы тӕрхон сӕ кӕй баййафдзӕн, мӕнгхуыцӕуттӕн кӕй кувынц, уый тыххӕй. Фӕлӕ израилӕгтӕй чидӕртӕ, ӕвӕццӕгӕн, Амосӕй ахъуыды кодтой, ай та чи у, ӕмӕ нын зӕндтӕ амона, зӕгъгӕ. (Бакӕс Амосы 7:14, 15.)

7 Кӕд Амос хъӕуккаг лӕг уыд, уӕддӕр зыдта, иннӕ адӕмыхӕттытӕ цы ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ чи уыдысты, уый тыххӕй. Уыцы хабӕрттӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, базыдта, йӕ хъӕуы рӕзты-иу чи цыди, уыцы сӕудӕджертӕй. Зӕгъӕм, Амос хорз зыдта сӕ сыхаг бӕстӕты хабӕрттӕ, стӕй зыдта Израилы кӕуинаг уавӕры тыххӕй дӕр (Амос 1:6, 9, 11, 13; 2:8; 6:4–6). Абон библииртасджытӕй бирӕтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Амос фыссынмӕ хорз арӕхст. Пехуымпар пайда кодта хуымӕтӕг, фӕлӕ, зӕрдӕ чи агайдта, ахӕм ныхӕстӕй, стӕй ма арӕхстджынӕй пайда кодта абарстытӕй дӕр. Амос мӕнгард сауджын Амасийы ныхмӕ куыд фидарӕй дзырдта, уымӕй дӕр бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй нӕ фӕрӕдыд, йӕ тӕрхӕттӕ фехъусын кӕнынӕн Амосы куы равзӕрста, уӕд. Хуыцау Амосмӕ федта, иннӕтӕ йӕм кӕй нӕ уыдтой, уыцы курдиӕттӕ (Амос 7:12, 13, 16, 17).

8. а) Йегъовӕ Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? ӕ) Афтӕ кӕмӕ кӕсы, ӕмӕ ницӕмӕ арӕхсы, уыдоны 32-ӕм псаломы 8-ӕм стихы фыст ныхӕстӕ ныфс куыд бауадздзысты?

8 Бӕлвырд у, Йегъовӕ уыны, йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон цы у, уый. Хуыцау паддзах Давидӕн зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ дӕ раст фӕндагыл араздзынӕн ӕмӕ дӕм мӕ цӕст дардзынӕн. (Бакӕс Псалом 32:8.) Цымӕ мах та уыцы ныхӕстӕ ныфс куыд уадзынц? Кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ницӕмӕ арӕхсӕм, уӕддӕр  Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ нын нӕ къухы бафтын кӕна, раздӕр хъуыды дӕр кӕуыл нӕ акодтаиккам, ахӕм нысӕнттӕ. Хорз ахуыргӕнӕг ӕвӕлтӕрд ахуыргӕнинагӕн алы къахдзӕфыл дӕр куыд ӕххуыс кӕны, афтӕ нын Йегъовӕ дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕнтыстджын уӕм. Йегъовӕ ма нын не ’мчырыстӕтты уылты дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нын фылдӕр ӕнтыса. Цымӕ куыд?

ИННӔТӔМ ХОРЗӔЙ ЦЫ ИС, УЫЙ ФИППАЙ

9. Нӕ бон куыд у Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын?

9 Павел чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй, сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл хъуыды кодтаиккой. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:3, 4.) Павелы уынаффӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, иннӕтӕм хорзӕй цы ис, уый хъуамӕ фиппайӕм ӕмӕ-иу сын уый тыххӕй зӕгъгӕ дӕр кӕнӕм. Исчи нын не ’нтыстдзинӕдтӕ куы бафиппайы, уӕд нын ӕхсызгон нӕ вӕййы? Уӕд нӕ тынгдӕр бафӕнды, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын ӕмӕ размӕ цӕуын. Уӕдӕ-иу мах дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕнтыстдзинӕдтӕ куы бафиппайӕм ӕмӕ-иу сӕ куы раппӕлӕм, уӕд сын афтӕмӕй ӕххуыс кӕндзыстӕм, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайой ӕмӕ сын фылдӕр ӕнтыса.

10. Уӕлдай тынгдӕр кӕмӕн хъӕуы йӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын?

10 Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ алкӕй дӕр фӕхъӕуы, цӕмӕй йын йӕ ныфсыл ныфс бафтауой. Фӕлӕ уӕлдай ахсджиаг у, цӕмӕй, ӕрыгон чи у кӕнӕ донаргъуыд ӕрӕджы чи райста, уыцы ӕфсымӕртӕ уыной, ӕмбырды сӕ лӕггад кӕй хъӕуы ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн стыр ӕххуыс кӕй сты. Библи ӕфсымӕрты разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕмбырды фылдӕр хӕстӕм тырной (1 Тим. 3:1). Фӕлӕ сын мах сӕ фыдӕбонӕн куы нӕ аргъ кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ къухтӕ ’руадзой ӕмӕ сӕ Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын мауал фӕнда.

11. а) Иу хистӕр нӕлгоймаг иу ӕфсӕрмыгӕнаг ӕфсымӕрӕн куыд баххуыс кодта? ӕ) Жюльены цӕвиттонӕй ды та цӕуыл ахуыр кӕныс?

11 Иу хистӕр нӕлгоймаг, Людовик, зӕгъгӕ, ӕрыгондӕр куы уыд, уӕд-иу ӕм ӕмбырды иннӕтӕ сӕ хъус фӕдардтой, ӕмӕ йын уый стыр ӕххуыс фӕци. Ныр йӕхӕдӕг дӕр афтӕ архайы, ӕмӕ мӕнӕ цы зӕгъы: «Ӕфсымӕртӕй искӕмӕ мӕ хъус куы фӕдарын, уӕд Хуыцауы хъуыддаджы зӕрдиагдӕрӕй архайын райдайы ӕмӕ йын фылдӕр бантысы». Кӕмӕн баххуыс кодта, уыцы ӕфсымӕртӕй сӕ иу уыд Жюльен. Людовик куыд зӕгъы, афтӕмӕй Жюльен уыди ӕфсӕрмыгӕнаг ӕмӕ ӕнӕныфсхаст лӕппу, ӕмӕ-иу ӕмбырды фылдӕр аразыныл куы архайдта, уӕд-иу йӕхи куыддӕр ӕнахуыр дардта. Людовик зӕгъы: «Ӕз ӕй уыдтон, хӕларзӕрдӕ лӕппу кӕй у ӕмӕ йӕ иннӕтӕн лӕггад кӕнын ӕцӕгдӕр кӕй фӕнды. Ӕмӕ йӕм фаутӕ хӕссыны бӕсты хъуыды кодтон йӕ хорз миниуджытыл ӕмӕ архайдтон, цӕмӕй йын йӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдтаин». Ӕппынфӕстаг Жюльен сси кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр, стӕй ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын дӕр райдыдта.

ӔХХУЫС СЫН КӔН, ЦӔМӔЙ СЫН ХУЫЦАУЫ ХЪУЫДДАДЖЫ ФЫЛДӔР ӔНТЫСА

12. Нӕ бон куыд у не ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

12 Кӕд нӕ не ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын фӕнды, цӕмӕй сын Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр ӕнтыса, уӕд сын хъуамӕ сӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕм ма кӕсӕм, фӕлӕ сын сӕ курдиӕттӕ ӕмӕ сӕ хорз миниуджытӕ фиппайӕм. Йесо Чырысти дӕр апостол Петрмӕ раст ахӕм цӕстӕй касти. Кӕд-иу Петр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ лӕмӕгъ разынд ӕмӕ-иу кӕд искӕмӕ афтӕ фӕкаст, ӕмӕ йыл ӕууӕнк нӕй, уӕддӕр ыл Йесо нӕ дызӕрдыг кодта ӕмӕ йӕ схуыдта Кифӕ. Уыцы ном нысан кӕны «къӕдзӕхдур». Уымӕй Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ фӕстӕдӕр Петр къӕдзӕхдурау фидар суыдаид (Иоан. 1:42).

13, 14. а) Варнавӕ ӕрыгон Маркмӕ цы зӕрдӕ дардта? ӕ) Иу хистӕр нӕлгоймаг ӕфсымӕр Александрӕн куыд баххуыс кодта? (Кӕс нывмӕ 28 фарсыл.)

13 Ӕркӕсӕм ма Варнавӕ ӕмӕ Марчы хабармӕ дӕр (Хъуыд. 12:25). Павел Варнавӕимӕ йӕ фыццаг уацамындон балцы куы уыд, уӕд Марк дӕр семӕ уыди ӕмӕ сын фӕндагыл ӕххуыс кодта. Фӕлӕ Памфилимӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сӕ Марк ӕнӕнхъӕлӕджы ныууагъта. Ӕмӕ ныр Павел ӕмӕ Варнавӕ дыууӕйӕ хъуамӕ сӕ балц адарддӕр кодтаиккой, бирӕ абырджытӕ-иу кӕм уыди, ахӕм фӕндагыл (Хъуыд. 13:5, 13). Цымӕ уыцы хабары фӕстӕ Варнавӕ Маркмӕ цы  зӕрдӕ дардта? Уый Маркӕн йӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕм нӕ каст, фӕлӕ йӕ хорз миниуджытӕм. Варнавӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Маркыл ӕууӕнк нал ис. Уый нӕ, фӕлӕ ма йӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр кодта, ӕмӕ уый фӕрцы Марк сси фӕлтӕрд чырыстон (Хъуыд. 15:37–39). Цалдӕр азы фӕстӕ, Павел Ромы ахӕстоны куы уыд, уӕд Марк дӕр Ромы уыди ӕмӕ йын ӕххуыс кодта. Ӕмӕ Павел колоссӕгтӕм фыстӕг куы фыста, уӕд Марчы хорзы кой дӕр скодта (Кол. 4:10). Йӕ иннӕ фыстӕджы та Павел ныффыста, цӕмӕй йӕм Марчы ӕххуысмӕ ӕрбарвитой. Ахъуыды-ма кӕн, уый Варнавӕйӕн куыд ӕхсызгон уыдаид (2 Тим. 4:11).

14 Ӕрӕджы хистӕр нӕлгоймагӕй кӕй снысан кодтой, иу ахӕм ӕфсымӕр, Александр, дзуры, йӕ рӕстӕджы йын иу хистӕр нӕлгоймаг куыд баххуыс кодта, уый тыххӕй: «Ӕрыгондӕр куы уыдтӕн, уӕд мын ӕмбырды номӕй кувын тынг зын уыди. Фӕлӕ мын хистӕр нӕлгоймаг бамбарын кодта, мӕ бон куыд у уыцы хъуыддагмӕ мӕхи бацӕттӕ кӕнын ӕмӕ цы ис саразӕн, цӕмӕй-иу ма стыхсон. Йӕ бон уыди, ӕмӕ мын ӕмбырды номӕй скувын макуыуал бахӕс кодтаид. Фӕлӕ-иу мын уый арӕх бахӕс кодта, цӕмӕй-иу уацамындон фембӕлды скуывтаин. Гъемӕ цасдӕры фӕстӕ уыцы хъуыддаджы фӕныфсджындӕр дӕн».

15. Павел куыд равдыста, йе ’фсымӕртӕн кӕй аргъ кодта, уый?

15 Не ’мчырыстӕттӕй искӕмӕ исты хорз миниуӕг куы бафиппайӕм, уӕд дзы раппӕлӕм? Ромӕгтӕм 16 сӕры кӕсӕм, Павел салӕмттӕ кӕй арвыста 20 чырыстонӕй фылдӕрӕн ӕмӕ сын сӕ хорз миниуджыты кой дӕр кӕй скодта (Ром. 16:3–7, 13). Зӕгъӕм, Павел загъта, Андроник ӕмӕ Юний чырыстӕттӕ йӕхицӕй раздӕр кӕй систы, ӕмӕ сӕ раппӕлыд сӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй. Ӕфсымӕр Руфы мадӕй та загъта, зӕгъгӕ мын мады хуызӕн сси.

Фредерик (галиуырдыгӕй) Рикойӕн баххуыс кодта, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл размӕ цыдаид (кӕс 16 абзац)

16. Ӕрыгӕттӕй зӕрдиагӕй куы ’ппӕлӕм, уӕд сын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

16 Иннӕтӕй зӕрдиагӕй куы ӕппӕлӕм, уӕд сын уый стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн. Ӕркӕсӕм-ма Францийӕ иу ӕрыгон лӕппу Рикойы хабармӕ. Рикойы фыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ донаргъуыд райсын нӕ уагъта, ӕмӕ-иу уый тыххӕй Рико ӕрӕнкъард. Афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йыл цалынмӕ 18 азы нӕ сӕххӕст уа, уӕдмӕ йӕ бон нӕ бауыдзӕн донаргъуыд райсын. Рикойӕн ма зын уый тыххӕй дӕр уыди, ӕмӕ-иу ыл скъолайы иннӕ сывӕллӕттӕ худтысты. Фредерик, Рикоимӕ Библи чи ахуыр кодта, уыцы хистӕр нӕлгоймаг, дзуры: «Ӕз Рикойӕ раппӕлыдтӕн, уымӕн ӕмӕ, йӕ ныхмӕ афтӕ тынг кӕй цыдысты, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йӕ уырнындзинады тыххӕй иннӕтӕн уӕндонӕй дзырдта». Фредерикы ныхӕстӕ Рикойӕн йӕ ныфсыл ныфс бафтыдтой, ӕмӕ йӕхицӕн фидарӕй загъта, рӕстдзинады фӕндагыл размӕ кӕй цӕудзӕн. Стӕй йӕ фыдимӕ дӕр кӕрӕдзиимӕ ӕнгомдӕр систы. Рико донаргъуыд райста, 12 азы йыл куы цыди, уӕд.

Жером (рахизырдыгӕй) баххуыс кодта Райанӕн, цӕмӕй миссионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтаид (кӕс 17 абзац)

17. а) Нӕ бон куыд у не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй ӕнтыстджындӕр уой? ӕ) Иу миссионер ӕрыгон ӕфсымӕртӕн куыд феххуыс кӕны ӕмӕ сын уый цавӕр пайда ӕрхӕссы?

17 Хорз уаид, не ’фсымӕртӕ сӕ хӕслӕвӕрд дзӕбӕх куы сӕххӕст кӕнынц йе та сын исты хъуыддаг хорз куы рауайы, уӕд-иу сӕ куы раппӕликкам. Афтӕмӕй сӕ разӕнгард кӕндзыстӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕн ноджы зӕрдиагдӕрӕй лӕггад кӕной. Бирӕ азтӕ Францийы Вефилы чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хо, Сильви *,  загъта, зӕгъгӕ, хотӕн дӕр сӕ бон у ӕфсымӕртӕй ӕппӕлын. Сильви загъта, нӕлгоймагӕй уӕлдай сылгоймаг алыхуызон лыстӕг хабӕрттӕм дӕр йӕ хъус кӕй ӕрдары. Ӕмӕ, дам, уый фӕрцы хотӕн сӕ бон вӕййы ӕфсымӕртӕй раппӕлын, фӕлтӕрд ӕфсымӕртӕ кӕй нӕ бафиппайынц, уыдӕтты тыххӕй. Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Иннӕтӕй ӕппӕлын мӕхицӕн хӕсыл нымайын» (Ӕмб. 3:27). Жером миссионерӕй лӕггад кӕны Францийы Гвианӕйы ӕмӕ бирӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕн баххуыс кодта, цӕмӕй миссионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтаиккой. Уый дзуры: «Ӕфсымӕртӕн уацамынды исты куы бантысы кӕнӕ ӕмбырды хорз дзуапп куы раттынц, уӕд сӕ раппӕлын. Афтӕмӕй сӕ ныфс бауадзын, ӕмӕ сын уыцы хъуыддӕгты ноджы фылдӕр бантысы».

18. Ӕрыгон ӕфсымӕртимӕ иумӕ алыхуызон хъуыддӕгты архайын хорз цӕмӕн у?

18 Не ’мчырыстӕтты ма Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын фӕнддзӕн, алыхуызон хъуыддӕгты семӕ иумӕ куы архайӕм, уӕд дӕр. Зӕгъӕм, хистӕр нӕлгоймагӕн йӕ бон у ӕрыгон ӕфсымӕртӕй искӕмӕн зӕгъын, цӕмӕй, ацӕргӕ хотӕ кӕнӕ ӕфсымӕртӕй компьютер кӕмӕ нӕй, уыдонӕн нӕ сайтӕй (jw.org), ныфсы хос ын чи фӕуыдзӕн, ахӕм ӕрмӕг гӕххӕттыл рауадза. Кӕнӕ кӕд уӕ Паддзахады зал ӕфснаинаг кӕнӕ цалцӕггӕнинаг у, уӕд дӕр дӕ бон у ӕрыгон ӕфсымӕрӕн зӕгъын, цӕмӕй дӕм фӕкӕса. Уыдӕтты фӕрцы дын фадат уыдзӕн, цӕмӕй-иу, ӕрыгон ӕфсымӕртӕ цӕмӕ арӕхсынц, уый бафиппайай, раппӕлай-иу сӕ ӕмӕ сын уый цы пайда ӕрхаста, уый-иу фенай (Ӕмб. 15:23).

НӔ ОРГАНИЗАЦИЙӔН РАЗМӔ ЦӔУЫНӔН ӔХХУЫС КӔНӔМ

19, 20. Иннӕтӕн Хуыцауы хъуыддаджы размӕ цӕуынӕн цӕмӕн хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм?

19 Йегъовӕ Йесо Навины куы равзӕрста, цӕмӕй израилӕгты Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бакодтаид, уӕд Моисейӕн бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «йӕ ныфсыл ын ныфс бафтау ӕмӕ йӕ бафидар кӕн». (Бакӕс Дыккаг закъон 3:28.) Абон Йегъовӕйӕн ӕгас зӕххыл цы лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдонӕн сӕ нымӕц кӕны фылдӕрӕй-фылдӕр. Уымӕ гӕсгӕ хъӕуы, разамынд сын чи дӕтта, ахӕм фӕлтӕрд ӕфсымӕртӕ. Ӕмӕ ӕмбырды алкӕмӕн дӕр йӕ бон у, ӕрыгон чи у кӕнӕ донаргъуыд ӕрӕджы чи райста, уыцы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сын Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр ӕнтыса. Афтӕмӕй ноджы фылдӕр ӕфсымӕртӕн сӕ бон уыдзӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын райдайын, стӕй Хуыцауы Ныхас «иннӕтӕн амонын» (2 Тим. 2:2).

20 Махӕй чидӕртӕ лӕггад кӕнынц, бирӕ фӕлтӕрд ӕфсымӕртӕ кӕм ис, ахӕм ӕмбырды, чидӕртӕ та – нырма ӕмбырд чи не сси, ахӕм гыццыл къорды. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр нӕ бон у нӕ организацийӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй размӕ цӕуа. Ӕмӕ уый нӕ къухы бафтдзӕн, Йегъовӕйы куы фӕзмӕм ӕмӕ иннӕтӕн сӕ хорз миниуджытӕ куы фиппайӕм, уӕд.

^ 17 абз. Ном ивд у.