Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сывӕллон куы уыдтӕн, уӕд цы равзӕрстон

Сывӕллон куы уыдтӕн, уӕд цы равзӕрстон

Гыццылӕй

Ӕз схъомыл дӕн Колумбусы (штат Огайо, АИШ). 1985 азы не скъолайы ахуыр кӕнын райдыдтой камбоджӕйаг сывӕллӕттӕ. Уыдонӕй иу лӕппу англисагау зыдта цалдӕр ныхасы. Ӕмӕ-иу мын нывты фӕрцы бамбарын кодта, сӕ бӕстӕйы адӕмӕн фыдмитӕ куыд кодтой, куыд сӕ мардтой ӕмӕ-иу сӕ лидзын куыд бахъуыди, уыдӕттӕ. Ӕхсӕвыгон-иу уыцы сывӕллӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ фӕкуыдтон. Фӕндыди мӕ, цӕмӕй сын дзӕнӕты тыххӕй ӕмӕ, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй радзырдтаин, фӕлӕ мын уыдон ме ’взаг нӕ зыдтой. Кӕд нырма гыццыл лӕппу уыдтӕн, уӕддӕр мӕхицӕн загътон, камбоджӕйаг ӕвзаг кӕй сахуыр кӕндзынӕн, цӕмӕй мӕ бон уа ме ’мкъласонтӕн Йегъовӕйы тыххӕй радзурын. Уӕд мӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, уыцы уынаффӕ мӕ цардыл куыд тынг фӕзындзӕн, уый.

Камбоджӕйаг ӕвзаг ахуыр кӕнын зын уыди. Дыууӕ хатты уыцы хъуыддаг ныууадзынмӕ хъавыдтӕн, фӕлӕ-иу мӕ Йегъовӕ мӕ ныййарджыты уылты ныфс бауагъта. Фӕстӕдӕр мӕ мӕ ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ме ’мкъласонтӕ разӕнгард кӕнын райдыдтой, цӕмӕй ӕхцаджын куыстмӕ тырныдтаин. Фӕлӕ мӕн фӕндыд пионерӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ, ӕнӕхъӕн бон кусын кӕм нӕ хъуыдаид, ахӕм куыст ссарын. Ӕмӕ хистӕр кълӕсты равзӕрстон, уыцы хъуыддагӕн мын чи баххуыс кодтаид, ахӕм программӕ. Ахуыры фӕстӕ-иу лӕггад кодтон пионертимӕ. Уымӕй уӕлдай ма англисаг ӕвзаг амыдтон, уыцы ӕвзаг сахуыр кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕн, ӕмӕ мын уыцы хъуыддаг фӕстӕдӕр стыр ӕххуыс фӕци.

16 азы мыл куы цыд, уӕд базыдтон, горӕт Лонг Бичы (штат Калифорни, АИШ) кӕй ис камбоджӕйаг къорд. Ӕз дӕр уырдӕм цасдӕр рӕстӕгмӕ ацыдтӕн, ӕмӕ мӕ уым хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ камбоджӕйаг ӕвзагыл кӕсын сахуыр кодтой. Скъола куыддӕр фӕдӕн, афтӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон ӕмӕ хъусын кодтон, махмӕ хӕстӕг чи цард, уыцы камбоджӕйӕгтӕн. 18 азы мыл куы цыд, уӕд райдыдтон хъуыды кӕнын Камбоджӕмӕ ацӕуыныл. Уыцы рӕстӕг дзы нырма тӕссаг уыд, фӕлӕ йӕ ’мбӕрстон, хорз хабар дзы стӕмтӕ йеддӕмӕ кӕй нӕ фехъуыстой, афтӕмӕй та дзы царди дӕс милуан адӕймаджы бӕрц. Уӕд ӕнӕхъӕн бӕстӕйы уыди ӕрмӕстдӕр иу ӕмбырд ӕмӕ дзы уыд 13 хъусынгӕнӕджы. Камбоджӕмӕ фыццаг хатт ӕрцыдтӕн, 19 азы мыл куы цыд, уӕд. Дыууӕ азы фӕстӕ аскъуыддзаг кодтон, уырдӕм цӕрынмӕ кӕй ацӕудзынӕн. Ссардтон дзы, ӕнӕхъӕн бон кӕм нӕ хъуыд кусын, ахӕм куыст – тӕлмац кодтон ӕмӕ англисаг ӕвзаг амыдтон. Фӕстӕдӕр мӕ цард баиу кодтон, иухуызон нысӕнттӕ нын кӕимӕ уыд, ахӕм хоимӕ. Иумӕ бирӕ камбоджӕйӕгтӕн баххуыс кодтам Йегъовӕйы фӕндагыл слӕууынӕн.

Йегъовӕ мын мӕ «зӕрдӕйы фӕндтӕ сӕххӕст кодта» (Пс. 37:4). Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын у ӕппӕты ӕхсызгондӕр куыст. Ныр Камбоджӕйы дӕн 16 азы. Ӕмӕ райдианы 13 хъусынгӕнӕджы йеддӕмӕ кӕм нӕ уыд, уыцы гыццыл ӕмбырдӕй сырӕзт 12 ӕмбырды ӕмӕ 4 къорды! (Радзырдта йӕ Джейсон Блэквел.)