Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ цардӕмбалы зиан сфӕразынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн

Дӕ цардӕмбалы зиан сфӕразынӕн дын цы баххуыс кӕндзӕн

БИБЛИЙЫ ис ахӕм фӕдзӕхст, зӕгъгӕ, нӕлгоймаг «йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы дӕр». Ус дӕр хъуамӕ «йӕ лӕджы нымайа». Сӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ ӕххӕст кӕной, кӕрӕдзийы раз сыл цы хӕстӕ ис, уыдон, уымӕн ӕмӕ сты «иу буар» (Еф. 5:33; Райд. 2:23, 24). Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ дыууӕ уды кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр фӕкӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзи тынгдӕр фӕуарзынц. Уый абарӕн ис, фӕрсӕй-фӕрстӕм чи зайы, дыууӕ ахӕм бӕласӕн сӕ уидӕгтӕ кӕрӕдзийыл куыд стыхсынц, уыимӕ. Ахӕм амондджын бинонтӕн ӕнӕ кӕрӕдзийӕ ад ницы фӕкӕны.

Фӕлӕ адӕймагӕн мӕлӕт йӕ цардӕмбалы куы байсы, уӕд, раздӕр атонӕн кӕмӕн нӕ уыд, уыцы тӕгтӕ аскъуыйынц. Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никӕцӕйуал фӕкӕлы, афтӕ йӕм фӕкӕсы, цыма бынтон иунӕгӕй баззад, ӕмӕ ма, чи зоны, мӕсты кӕнын кӕнӕ йӕхи аххосджын кӕнын дӕр райдайа. Иу сылгоймаг, Даниеллӕ *, йӕ лӕгимӕ фӕцард 58 азы. Йӕ цардӕмбал кӕмӕн амард, Даниеллӕ бирӕ ахӕм адӕмы зыдта. Фӕлӕ йӕхи лӕг куы фӕзиан, уый фӕстӕ загъта: «Уый размӕ йӕ никуы ӕмбӕрстон, идӕдзӕй баззайай, уый цы у. Цалынмӕ уый дӕхиуыл нӕ бавзарай, уӕдмӕ йӕ ницы хуызы бамбардзынӕ».

БИРӔ ЧИ АХӔССЫ, АХӔМ РЫСТ

Иуӕй-иу иртасджытӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй адӕймагӕн йӕ зынаргъ цардӕмбалы мӕлӕт цы маст ӕрхӕссы, уыимӕ ницы ис абарӕн. Ӕмӕ, идӕдзӕй чи баззад, уыдонӕй бирӕтӕ уыимӕ сразы уыдзысты. Милли йӕ цардӕмбалимӕ фӕцарди 25 азы, ӕмӕ йын стӕй амард. Йӕ лӕджы мӕлӕтӕй бирӕ рацыд, фӕлӕ ма йӕ ныр дӕр тынг мысы. Мӕнӕ цы загъта уый тыххӕй: «Афтӕ мӕм кӕсы, цыма мӕ буары уӕнгтӕй иу фӕхъуыд».

Иу сылгоймаг, Сьюзен, раздӕр афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ, адӕймаг йӕ цардӕмбалы мӕлӕтыл бирӕ азты дӕргъы маст кӕна, уый бынтон раст нӕу. Сьюзен йӕ лӕгимӕ 38 азы куы фӕцард, уӕд ын амарди. Ӕмӕ кӕд уӕдӕй 20 азы рацыд, уӕддӕр загъта: «Иу бон дӕр мыл афтӕ нӕ ацӕуы, ӕмӕ йыл ма ахъуыды кӕнон». Сьюзен йӕ цардӕмбалы афтӕ тынг мысы, ӕмӕ арӕх йӕ цӕссыг дӕр ӕркӕлы.

Библийӕ дӕр бӕрӕг у, адӕймагӕн йӕ цардӕмбалы зиан стыр рыст кӕй бавзарын кӕны ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы уыцы хъӕдгом бирӕ азты дӕргъы кӕй нӕ байгас вӕййы. Зӕгъӕм, Саррӕ куы амард, уӕд ыл Авраам «тынг фӕмаст кодта, фӕкуыдта йыл» (Райд. 23:1, 2). Кӕд Авраамы фидарӕй уырныдта, йӕ зынаргъ цардӕмбал кӕй райгас уыдзӕн, уый, уӕддӕр ын тынг зын уыд (Дзут. 11:17–19). Иаковӕн та йӕ уарзон бинойнаг Рахил куы амард, уӕд ӕй бирӕ рӕстӕг бахъуыд, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы рыст ӕрсабыр уыдаид. Йӕ фырттӕн-иу Рахилы кой куы кодта, уӕд-иу йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уыди, фӕлмӕн уарзтӕй йӕ кӕй уарзта (Райд. 44:27; 48:7).

Ацы дыууӕ хабары нын цӕуыл дзурӕг сты? Арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ, йӕ цардӕмбал кӕмӕн амард, уыдон бирӕ азты дӕргъы вӕййынц зӕрдӕсаст. Фӕлӕ кӕд хатт ӕнкъард вӕййынц ӕмӕ кӕугӕ дӕр фӕкӕнынц, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ лӕмӕгъ сты. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сыл цы зиан ӕрцыд, ууыл сӕ зӕрдӕ тынг кӕй риссы. Ӕмӕ сӕ хъуамӕ ӕмбарӕм. Уӕдӕ сӕ, чи зоны, бирӕ рӕстӕджы дӕргъы хъӕуа фидар кӕнын ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын.

ДАРДДӔР КУЫД ЦӔРДЗЫНӔ, УУЫЛ ӔГӔР МА МӔТ КӔН

Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ, идӕдзӕй чи баззайы, уый, кӕддӕр иунӕгӕй куыд цард, ногӕй та афтӕ цӕрын кӕй райдайы. Лӕг ӕмӕ ус иумӕ цас фылдӕр фӕцӕрынц, уыйас кӕрӕдзи хуыздӕр базонынц. Зӕгъӕм, лӕг фӕзоны, йӕ бинойнаг ӕнкъард кӕнӕ ныфссаст куы уа, уӕд ын йӕ зӕрдӕ куыд бахъӕлдзӕг кӕна кӕнӕ дзы ныфс куыд бауадза. Ӕмӕ, зӕгъгӕ, лӕг амард, уӕд усӕн, йӕ уарзтӕй йӕ чи батава ӕмӕ йӕ фӕлмӕн ныхасӕй чи барӕвдауа, уый нал вӕййы. Раст афтӕ ус дӕр фӕзоны, цы хъӕуы, цӕмӕй йӕ сӕрыхицау амондджын ӕмӕ ныфсджын уа. Нӕлгоймагӕн йӕ бинойнаджы фӕлмӕн ныхас ӕмӕ рӕвдыд куыд ӕхсызгон вӕййы, афтӕ ницы. Уый хуызӕн ыл ничи батыхсы ӕмӕ ничи баузӕлы. Ӕмӕ, зӕгъгӕ, йӕ бинойнаг амард, уӕд ын цард ад нал фӕкӕны. Идӕдзӕй чи баззайы, уыдонӕй бирӕтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕнӕ уымӕй ма куыд базондзынӕн цӕрын, зӕгъгӕ. Уӕдӕ сын Библийӕ цавӕр хъуыды баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, дарддӕр цы уыдзӕн, ууыл ӕгӕр ма мӕт кӕной?

Хуыцау дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕт кӕнай, дарддӕр куыд цӕрдзынӕ, ууыл

«Райсом цы уыдзӕн, ууыл макуы катай кӕнут, уымӕн ӕмӕ райсомы бонӕн уыдзӕн йӕхи катӕйттӕ. Алы бонӕн дӕр йӕхи зындзинӕдтӕ фаг сты» (Матф. 6:34). Ацы ран Йесо сӕйраджыдӕр кодта, адӕймаджы цардӕн ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕтты кой. Фӕлӕ уыцы ныхӕстӕ стыр ӕххуыс фӕуыдзысты, йӕ зынаргъ цардӕмбал кӕмӕн фӕзиан, уыдонӕй бирӕтӕн. Чарлзӕн йӕ бинойнаджы зианыл цалдӕр мӕйы куы рацыд, уӕд ныффыста: «Ныр дӕр ма Моникӕйы тынг мысын. Иуӕй мӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ мын ӕнцондӕр нӕ кӕны, фӕлӕ зындӕр. Иннӕмӕй та йӕ ӕмбарын, уым диссагӕй кӕй ницы ис. Зонын уый дӕр, ӕмӕ мын ӕппынфӕстаг фенцондӕр уыдзӕн».

Ӕцӕгдӕр, Чарлзы хъуыди бафӕразын, цалынмӕ рӕстӕг нӕ рацыдаид, уӕдмӕ. Ӕмӕ йын уымӕн цы баххуыс кодта? Чарлз загъта: «Йегъовӕйы фӕрцы мӕ уавӕрмӕ раст цӕстӕй кӕсын райдыдтон ӕмӕ, дарддӕр куыд цӕрдзынӕн, ууыл ӕгӕр нал мӕт кодтон». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Чарлзӕн йӕ зӕрдӕйы рыст иу ӕхсӕвмӕ не ’рбайсӕфт, фӕлӕ уӕддӕр йӕхимӕ нӕ ныхъхъуыста. Кӕд дӕуӕн дӕр мӕлӕт дӕ цардӕмбалы байста, уӕд, дарддӕр куыд цӕрдзынӕ, ууыл ӕгӕр ма мӕт кӕн. Чи йын цы зоны, райсом дӕм цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ дын дӕ ныфс цы бафидар кӕндзӕн.

Адӕм мӕлой, уый Йегъовӕйы фӕнд нӕ уыд. Мӕлӕт у «Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕй» сӕ иу (1 Иоан. 3:8; Ром. 6:23). Адӕм кӕй мӕлынц ӕмӕ мӕлӕтӕй кӕй тӕрсынц, уый тыххӕй Хӕйрӕджы къухы цагъартӕй уӕлдай не сты ӕмӕ сӕ фидӕнӕй ницы ныфс ис (Дзут. 2:14, 15). Хӕйрӕг цин фӕкӕны, адӕймаг йӕ къухтӕ куы ’руадзы ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнын куы райдайы, зӕгъгӕ, ӕз ӕцӕг амондджын никуыуал уыдзынӕн, суанг ног дунейы дӕр. Уӕдӕ, йӕ цардӕмбал кӕмӕн амард, уыдон уыцы рыст бавзарынц, Хӕйрӕг Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыд ӕмӕ Адам тӕригъӕд кӕй ракодта, уый аххосӕй (Ром. 5:12). Фӕлӕ Йегъовӕ Хӕйрӕджы ӕвирхъау хӕцӕнгарз, ома мӕлӕт, бынтондӕр фесафдзӕн ӕмӕ, Хӕйрӕг адӕмӕн цы зиан ӕрхаста, уымӕй фӕд дӕр нал ныууадздзӕн. Суанг абон дӕр бирӕтӕ мӕлӕтӕй нал тӕрсынц, ӕмӕ се ’хсӕн ис, идӕдзӕй чи баззад, уыдонӕй бирӕтӕ.

Мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ цыдӕртӕ фӕивдзӕн, адӕм кӕрӕдзимӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уыцы хъуыддаджы. Ахъуыды-ма кӕн, нӕ ныййарджытӕ, уыдоны ныййарджытӕ, стӕй нӕ рагфыдӕлтӕ дӕр куы райгас уой, уӕд сӕ цотимӕ ӕмӕ сӕ цоты цотимӕ иумӕ ӕххӕстдзинадмӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр куыд кӕндзысты. Зӕронд дзы ничиуал уыдзӕн. Ӕмӕ адӕм сӕ фыдӕлтӕм бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсдзысты. Уыцы ивындзинӕдтӕ адӕмыл се ’ппӕтыл дӕр хуыздӕрырдӕм куыннӕ фӕзындзысты!

Чи райгас уыдзӕн, уыдоны тыххӕй нӕм бирӕ фарстатӕ фӕзыны. Зӕгъӕм, цалдӕр цардӕмбалы кӕмӕн уыд, уыдонӕн сӕ хабар куыд уыдзӕн? Иухатт саддукейтӕ Йесойы бафарстой, иу иннӕйы фӕдыл авд лӕджы кӕмӕн амард, ахӕм сылгоймаджы тыххӕй (Лук. 20:27–33). Куы райгас уой, уӕд сӕ кӕимӕ цӕрдзӕн? Уый мах нӕ зонӕм. Ӕмӕ, цы нӕ зонӕм, ууыл ӕгӕр мӕт кӕнын ӕмӕ, куыд уыдзӕн ӕмӕ цы уыдзӕн, ууыл рахъуыды-бахъуыды кӕнын нӕ хъӕуы. Ацы хъуыддаджы нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр хъуамӕ Йегъовӕйыл сӕвӕрӕм. Бӕлвырдӕй зонӕм иу хъуыддаг – Йегъовӕ фидӕны цыфӕнды ма араза, алцыдӕр уыдзӕн хорз. Уӕдӕ хъуамӕ фидӕнӕй ма тӕрсӕм, фӕлӕ йӕм зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм.

РАЙГАСДЗИНАДЫ НЫФС – УДӔНЦОЙЫ ХОС

Библи бӕлвырдӕй дзуры, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты. Хуыцауы Ныхасы фыст ис, чидӕртӕ куыд райгас сты, уый тыххӕй, ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фидӕны, «ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон [Йесойӕн] фехъусдзысты йӕ хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (Иоан. 5:28, 29). Уыцы рӕстӕг удӕгас чи уыдзӕн, уыдон тынг цин кӕндзысты, мӕлӕты уацарӕй чи ссӕрибар уыдзӕн, уыцы адӕмыл-иу куы сӕмбӕлой, уӕд. Фӕлӕ, чи райгас уыдзӕн, уыдон сӕхӕдӕг куыд цин кӕндзысты, уый нӕ бон нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын дӕр нӕу.

Чи амард, уыцы миллиардгай адӕймӕгтӕ куы райгас уой, уӕд зӕхх ахӕм циндзинадӕй байдзаг уыдзӕн, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Мард чи уыд, уыдон та ногӕй уыдзысты удӕгас адӕмы ’хсӕн (Мар. 5:39–42; Рарг. 20:13). Йӕ зынаргъ хиуӕттӕ кӕмӕн амардысты, уыдон уыцы диссаджы хабӕрттыл куы хъуыды кӕной, уӕд сын уый абон дӕр уыдзӕн удӕнцойы хос.

Мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд ма цымӕ исчи истӕуыл маст кӕндзӕн? Библи зӕгъы, нӕ, зӕгъгӕ. Исайы 25:8 фыст ис, Йегъовӕ кӕй «фесафдзӕн мӕлӕт ӕнустӕм». Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, мӕлӕт цы маст ӕрхӕссы, уымӕн дӕр йӕ кой нал уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы пехуымпарады дарддӕр фыст ис: «Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ се ’ппӕтӕн дӕр сӕ цӕссыгтӕ сӕ рустӕй ныссӕрфдзӕн». Кӕд ныр дӕ цардӕмбалы зианыл тынг маст кӕныс, уӕд фидӕны та, мӕрдтӕ куы райгас уой, уыцы рӕстӕг, дӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыдзӕн.

Хуыцау ног дунейы цы стыр хъуыддӕгтӕ сараздзӕн, уыдон иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон кӕронмӕ бамбарын нӕу. Йегъовӕ зӕгъы: «Арв зӕххӕй уӕлдӕр куыд у, афтӕ мӕ фӕндӕгтӕ дӕр уӕлдӕр сты уӕ фӕндӕгтӕй ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ – уӕ хъуыдытӕй» (Ис. 55:9). Йесо райгасдзинады тыххӕй цы загъта, ууыл куы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй равдисдзыстӕм, мах дӕр Йегъовӕйыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм, Авраам ыл куыд ӕууӕндыд, афтӕ. Ныртӕккӕ чырыстӕттӕй алкӕмӕн дӕр ӕппӕты сӕйрагдӕр у Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ уӕд «ӕрцӕуинаг дунейы цӕрыны аккаг... суыдзысты», чи райгас уыдзӕн, уыдонимӕ иумӕ (Лук. 20:35).

НӔ НЫФСӔН ИС ФИДАР БЫНДУР

Фидӕны цы уыдзӕн ӕмӕ куыд уыдзӕн, ууыл ма мӕт кӕн, фӕлӕ хъуыды кӕн, цы диссаджы ныфс дын ис, ууыл. Адӕмӕн сӕ фылдӕрмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕм разӕй хорзӕй ницы ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Фӕлӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры рухс фидӕнӕй. Йегъовӕ нын нӕ фӕндтӕ ӕмӕ нӕ бӕллицтӕ бӕлвырдӕй куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый нӕ зонӕм, фӕлӕ нын сӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл хъуамӕ дызӕрдыг дӕр ма кӕнӕм. Апостол Павел ныффыста: «Цы уынай, уый ныфс нал у, уымӕн ӕмӕ адӕймаг цы уына, уымӕй ма афтӕ зӕгъӕн и, ӕмӕ йӕ уымӕй ныфс ис? Фӕлӕ нӕ кӕд, цы нӕ уынӕм, уымӕй ис ныфс, уӕд ӕм фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм» (Ром. 8:24, 25). Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй куы ӕууӕндай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Ӕмӕ уӕд дӕхи цӕстӕй фендзынӕ, Йегъовӕ дын «дӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ [куыд] сӕххӕст кӕндзӕн». Хуыцау «алкӕмӕн дӕр ратдзӕн, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» (Пс. 37:4; 145:16; Лук. 21:19).

Йегъовӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, ууыл фидарӕй ӕууӕнд

Йесойы мӕлӕт куы ’рхӕстӕг, уӕд йӕ апостолтӕ тынг ӕрӕнкъард сты ӕмӕ, дарддӕр куыд уыдзысты, ууыл мӕт кодтой. Фӕлӕ сӕ Йесо ныфс бауагъта ахӕм ныхӕстӕй: «Ма тыхсут. Ӕууӕндут Хуыцауыл, ӕмӕ мӕныл дӕр ӕууӕндут». Стӕй ма сын загъта: «Сидзӕрӕй уӕ нӕ ныууадздзынӕн. Ӕрцӕудзынӕн уӕм» (Иоан. 14:1–4, 18, 27). Йӕ ныхӕстӕ йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн ӕнусты дӕргъы дӕр стыр ныфсы хос уыдысты ӕмӕ сӕ хъарутӕ уагътой. Йӕ зынаргъ хиуӕттӕ кӕмӕн амардысты ӕмӕ сӕ фенынмӕ чи бӕллы, уыдон дӕр хъуамӕ сӕ ныфс сӕттын ма бауадзой. Йегъовӕ ӕмӕ сӕ йӕ Фырт «сидзӕрӕй» ницы хуызы ныууадздзысты. Ӕмӕ ууыл ды дӕр фидарӕй ӕууӕнд!

^ 3 абз. Нӕмттӕ ивд сты.