Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

«Мӕ хӕдзар алкӕддӕр уыди мемӕ»

«Мӕ хӕдзар алкӕддӕр уыди мемӕ»

ИУГОНД ШТАТТЫ 1929 азы августы ӕмӕ сентябры уыди тынг стыр зиу – аххӕссыд ӕнӕхъӕн бӕстӕйыл ӕмӕ дзы архайдта 10 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр. Уыдон адӕмӕн байуӕрстой 250 000 чиныджы ӕмӕ буклеты. Уыцы хъусынгӕнджыты ’хсӕн уыди 1 000 чиныгхӕссӕджы бӕрц. Чиныгхӕсджыты нымӕцыл уыцы азты тынг бафтыд. «Бюллетены» * фыст уыд, зӕгъгӕ, стыр диссаг у, 1927 азӕй 1929 азмӕ пионерты нымӕц ӕртӕ хатты кӕй фӕфылдӕр, уый.

1929 азы кӕрон экономикон системӕ ӕнӕнхъӕлӕджы фӕцудыдта. «Сау дыццӕг» кӕй схуыдтой, уыцы бон (1929 азы 29 октябрь) Нью-Йорчы, алыхуызон ӕргътӕм йӕ хъус чи дары, уыцы биржӕйы ӕргътӕ афтӕ тынг ӕрхаудысты, ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр райдыдта экономикон кризис, схуыдтой йӕ «Стыр депресси». Мингай банктӕ се ’хца фесӕфтой. Фермӕтӕ сӕ куыст ӕрлӕууын кодтой. Стыр заводтӕ сӕхгӕдтой. Милуангай адӕймӕгтӕ ӕнӕ куыстӕй баззадысты. 1933 азы-иу Иугонд Штатты алы бон дӕр 1 000 хӕдзары сӕ хицӕуттӕй ист ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ бон нал уыд сӕ хӕдзары тыххӕй кредит фидын.

Цымӕ ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнджытӕн уыцы зын рӕстӕг цы баххуыс кодта? Иу уый, ӕмӕ-иу сӕ машинӕтӕ афтӕ скодтой, цӕмӕй дзы цӕрӕн уыдаид. Уыцы «хӕдзӕртты» тыххӕй сӕ нӕдӕр арендӕ фидын хъуыди, нӕдӕр хъалон. Ахӕм машинӕтӕ (хуыдтой сӕ трейлертӕ) бирӕ пионертӕн стыр ӕххуыс фесты, цӕмӕй къаддӕр ӕхца хардз кодтаиккой ӕмӕ сӕ бон уыдаид дарддӕр лӕггад кӕнын *. Конгрессты рӕстӕг та сын уыцы машинӕтӕ уыдысты, фидын кӕм нӕ хъуыд, ахӕм уазӕгдзӕрӕнтӕ! 1934 азы «Бюллетены» бӕстон фыст уыд, куыд ис машинӕйӕ цӕрӕнбынат саразӕн – пец ӕмӕ дзы тухгӕ сынтӕг сӕвӕрӕн куыд ис, стӕй дзы цы ис саразӕн, цӕмӕй дзы дон уа ӕмӕ дзы уазал рӕстӕг та хъарм уа.

Ӕгас зӕххыл дӕр сӕрӕн хъусынгӕнджытӕ бавнӕлдтой сӕхицӕн цӕлхытыл хӕдзӕрттӕ аразынмӕ. «Ной наутӕ аразынӕн ӕппындӕр ницы зыдта,– загъта Виктор Блэкуэлл,– ӕмӕ ӕз дӕр ӕппындӕр ницы зыдтон, машинӕйӕ трейлер куыд саразӕн ис, уымӕн». Фӕлӕ йын уӕддӕр уыцы хъуыддаг бантыст.

Къӕвдаты рӕстӕг Индийы; трейлер бӕлӕгъмӕ тӕрынц, цӕмӕй йӕ доны иннӕ фарсмӕ аласой

Эйвери ӕмӕ Ловинья Бристовӕн дӕр уыди ахӕм хӕдзар. Эйвери загъта: «Ӕз уыдтӕн уӕртджын хӕфсы хуызӕн – мӕ хӕдзар алкӕддӕр уыди мемӕ». Эйвери ӕмӕ Ловинья пионертӕй лӕггад кодтой Харви ӕмӕ Энн Конроуимӕ, ӕмӕ уыдонӕн та уыд, йӕ къултӕ писийӕ сӕрст картонӕй ӕмбӕрзт кӕмӕн уыдысты, ахӕм трейлер. Иу ранӕй-иу иннӕмӕ цал хатты ацыдысты, уал хатты-иу уыцы картоны хӕйттӕ ӕрхаудысты. Эйвери загъта: «Уый размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр ахӕм трейлер ничи федта!» Фӕлӕ кӕд ахӕм уавӕрты цардысты, уӕддӕр, Эйверийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Харви, Энн ӕмӕ сӕ дыууӕ фыртмӕ кӕсгӕйӕ адӕймаг загътаид, «адонӕй амондджындӕр бинонтӕ нӕй», зӕгъгӕ. Харви Конроу ныффыста: «Никуы ницы хъуаг уыдыстӕм ӕмӕ йӕ ӕмбӕрстам, нӕ Хуыцау Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ ныл кӕй тыхсы». Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ сӕ цыппар дӕр сахуыр кодтой Галаады скъолайы, ӕмӕ сӕ Перумӕ миссионертӕй снысан кодтой.

Пионертӕй ма лӕггад кодтой ӕндӕр бинонтӕ дӕр, Джусто ӕмӕ Винченцӕ Баттаино, зӕгъгӕ. Сывӕллон сын кӕй уыдзӕн, уый куы базыдтой, уӕд сӕ машинӕйӕ (Форд А, 1929 азы уагъд) сарӕзтой хӕдзар. Уый размӕ-иу цардысты пъалаткӕты, ӕмӕ уыимӕ абаргӕйӕ сӕ ног хӕдзар уыди «замманай уазӕгдзӕрӕны хуызӕн». Чызг сын куы райгуырд, уӕд дарддӕр дӕр Иугонд Штатты цӕрӕг италиӕгтӕн хъусын кодтой.

Бирӕтӕ хорз хабармӕ зӕрдиагӕй хъуыстой. Фӕлӕ мӕгуыр кӕй уыдысты ӕмӕ сын куыст кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕйы тыххӕй мысайнаг арӕх нӕ лӕвӕрдтой. Уый бӕсты-иу хъусынгӕнджытӕн радтой алыхуызон хӕринӕгтӕ ӕмӕ дзауматӕ. Иухатт дыууӕ пионеры гӕххӕттыл ныффыстой, цы-иу сын радтой, уыдӕттӕ, ӕмӕ сӕ нымӕц рауад 64. Уыцы хыгъд уыд «хъӕууон дуканийы уӕйгӕнинӕгты хыгъды хуызӕн»!

Фред Андерсон фембӕлд, нӕ чингуытӕй кӕцыдӕртӕ райсын кӕй фӕндыд, иу ахӕм фермерыл. Уый Фредӕн ӕхцайы бӕсты радта йӕ мады кӕсӕнцӕстытӕ. Фред иннӕ фермӕмӕ куы бахӕццӕ, уӕд уым дӕр фембӕлд, нӕ литературӕ кӕй бацымыдис кодта, ӕндӕр ахӕм нӕлгоймагыл. Уый йын загъта: «Кӕсӕнцӕстытӕ мӕм куы уаид, уӕд бӕргӕ истытӕ бакӕсин». Фӕлӕ йын не ’фсымӕр йӕ сыхаг фермеры кӕсӕнцӕстытӕ куы радта, уӕд йӕ бон баци кӕсын. Гъемӕ уый дӕр чингуытӕ ӕмӕ кӕсӕнцӕстыты тыххӕй мысайнаг зӕрдиагӕй радта.

Герберт Эббот йӕ машинӕйы дардта, бирӕ бынат чи нӕ ахста ӕмӕ-иу карчы цъиуты кӕм ласта, ахӕм къопп. Ӕртӕ кӕнӕ-иу цыппар куы баисты, уӕд-иу сӕ дуканимӕ ахаста, ауӕй-иу сӕ кодта ӕмӕ-иу уый фӕрцы йӕ машинӕйы артаг ныккодта. «Ӕнӕ ӕхцайӕ искуы баззадыстут, зӕгъгӕ нӕ исчи куы бафӕрса, уӕд зӕгъдзыстӕм „куыннӕ“,– ныффыста Герберт.– Фӕлӕ-иу нӕ уый дӕр нӕ баурӕдта. Нӕ машинӕйы артаг уыдаид, уый йеддӕмӕ размӕ цыдыстӕм, нӕ ныфс-иу Йегъовӕйыл сӕвӕрдтам, афтӕмӕй».

Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дардтой ӕмӕ фидарӕй кӕй архайдтой, уый фӕрцы уыцы уӕззау рӕстӕджыты Хуыцауӕн дарддӕр дӕр лӕггад кодтой. Иухатт Максвелл ӕмӕ Эмми Льюис сӕ трейлерыл кӕдӕмдӕр куы фӕцӕйцыдысты, уӕд тыхдымгӕ райдыдта ӕмӕ тӕрккъӕвда ныккалдта. Уыцы тыхдымгӕ иу бӕлас афӕлдӕхта, бӕлас сӕ трейлерыл ӕрхауд ӕмӕ йӕ дыууӕ дихы фӕкодта. Фӕлӕ дзы уыдон афоныл рагӕпп кодтой ӕмӕ сыл ницы ӕрцыд. «Уыцы хабӕрттӕ зындзинӕдтыл нӕ нымадтам, фӕлӕ гыццыл къуылымпыдзинӕдтыл,– ныффыста Максвелл.– Ӕмӕ, нӕ хъуыддаг ныууагътаиккам, ахӕм хъуыды нӕ сӕрмӕ уадзгӕ дӕр никуы бакодтам. Разӕй нӕм ӕнхъӕлмӕ каст стыр куыст ӕмӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ дарддӕр кодтаиккам». Максвелл ӕмӕ Эмми зындзинӕдтӕй нӕ фӕтарстысты, ӕмӕ се ’мбӕлтты ӕххуысӕй сӕ трейлер ногӕй сарӕзтой.

Абон дӕр адӕм цӕрынц тынг уӕззау рӕстӕджы. Фӕлӕ уӕддӕр милуангай Ӕвдисӕнтӕ Йегъовӕйӕн удуӕлдайӕ лӕггад кӕнынц. Бирӕ азты размӕ Хуыцауӕн чи лӕггад кодта, уыцы пионертау махӕн дӕр нӕ фидар фӕнд у дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кӕнын, цалынмӕ Йегъовӕ нӕ зӕгъа, фаг у, зӕгъгӕ, уӕдмӕ.

^ 3 абз. Ныр хуыйны «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг».

^ 5 абз. Уыцы рӕстӕг пионертӕн сӕ фылдӕр никуы куыстой. Уыдон Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ истой къаддӕр аргъӕй ӕмӕ сын адӕм литературӕйы тыххӕй цы мысайнӕгтӕ лӕвӕрдтой, уыдонӕй цардамӕлттӕ кодтой.