Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ бон у фылдӕр адӕмы фӕдзӕхсын?

Дӕ бон у фылдӕр адӕмы фӕдзӕхсын?

Ссӕдзӕм ӕнусы райдианы фӕзынд, дзургӕ кӕм нӕ кӕнынц, ахӕм кино, «Балц Маркет-стритыл», зӕгъгӕ (A Trip Down Market Street). Ӕвдыст дзы цыди уӕды рӕстӕджы горӕт Сан-Францискойы цард. Уыцы кино чи систа, уыдон камерӕ трамваймӕ бафидар кодтой ӕмӕ йӕ, адӕм ӕмӕзмӕлд кӕм кодтой, уыцы уынгмӕ сарӕзтой. Кинойы равдыстой бӕхуӕрдӕттӕ ӕмӕ уӕды заманы машинӕтӕ, стӕй ӕлхӕнджыты ӕмӕ, газеттӕ чи уӕй кодта, ахӕм лӕппуты.

Уыцы кино адӕймаджы хъуыдытыл бафтауы. Цӕмӕн? 1906 азы 18 апрелы Сан-Францискойы уыди стыр зӕххӕнкъуыст, ӕмӕ ма уый аххосӕй зынг дӕр сирвӕзт. Цалдӕр мин адӕймаджы дзы фӕмард, горӕты центрӕн та йӕ фылдӕр хай бынтондӕр ныппырх. Ӕмӕ уыцы кино та, ӕвӕццӕгӕн, уый хӕдразмӕ систой. Кинойы кӕй равдыстой, уыцы адӕмӕй чидӕртӕ, ӕвӕццӕгӕн, цалдӕр боны йеддӕмӕ нал фӕцардысты. Кино чи систа, уыдонӕй сӕ иуы байзӕддаг, Скотт Майлз, загъта: «Цалдӕр бон раздӕр уыцы адӕм уым рацу-бацу кодтой, ӕмӕ сӕм цы ӕнхъӕлмӕ каст, уый сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд. Сӕ тӕригъӕдӕй зӕрдӕ скъуыдтӕ кодта, фӕлӕ сын кӕй бон цы уыд».

1906 азы зӕххӕнкъуысты аххосӕй ӕмӕ, зынг кӕй сирвӕзт, уый аххосӕй Сан-Францискойы центрӕн йӕ фылдӕр хай бынтондӕр ныппырх, ӕмӕ адӕмы та зӕххӕнкъуысты тыххӕй рагацау нӕ бафӕдзӕхстой

Уыцы хабарӕй нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у зондӕн райсын. Махӕн дӕр нӕ зӕрдӕ риссы, нӕ алыварс цы адӕм ис, уыдоныл. Сӕ хабӕрттӕ, сӕ царды кӕйттӕ кӕнынц ӕмӕ сӕм цы бӕллӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый та сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕй. Нӕ йӕ ӕмбарынц, тагъд ацы фыддуне кӕй фесӕфдзӕн, ӕмӕ, абон сӕ рӕстӕг цӕуыл хардз кӕнынц ӕмӕ цытӕ уарзынц, уыдӕттӕн сӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн. Фӕлӕ кӕд зӕххӕнкъуыст ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕуы, уӕд махӕн та, цы цыбыр рӕстӕг ма баззад, уыцы рӕстӕджы фадат ис, цӕмӕй адӕмы фӕдзӕхсӕм, тагъд Йегъовӕ ацы дунейыл йӕ фыдӕх кӕй ныккалдзӕн, уымӕй. Ӕвӕццӕгӕн, алы къуыри дӕр цасдӕр рӕстӕг хӕдзарӕй-хӕдзармӕ фӕхъусын кӕныс. Фӕлӕ дӕ бон нӕ уаид фылдӕр адӕмы фӕдзӕхсын?

ЙЕСО АЛКӔДДӔР ЦӔТТӔ УЫД ХЪУСЫН КӔНЫНМӔ

Ацы хъуыддаджы нын фӕзминаг у Йесо. Уый алкӕддӕр цӕттӕ уыд хъусын кӕнынмӕ. Хъусын кодта, кӕуыл ӕмбӕлд, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр, зӕгъӕм, фӕндагыл кӕуыл фембӕлд, уыцы хъалонисӕгӕн науӕд, сихорафон цъайы размӕ цы сылгоймаг ӕрбацыд, уымӕн (Лук. 19:1–5; Иоан. 4:5–10, 21–24). Йӕ фӕллад суадзынӕн-иу рӕстӕг куы рахицӕн кодта, уӕд дӕр-иу цӕттӕ уыд, цӕмӕй-иу адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй радзырдтаид. Ӕмӕ-иу семӕ уӕлӕнгӕйтты нӕ аныхас кодта, фӕлӕ-иу сын бирӕ цыдӕртӕ бамбарын кодта, уымӕн ӕмӕ сын тӕригъӕд кодта (Мар. 6:30–34). Абон хъусынгӕнджытӕ Йесойау алы фадатӕй дӕр куыд пайда кӕнынц, цӕмӕй адӕмы фӕдзӕхсой?

АЛЫ ФАДАТӔЙ ДӔР ПАЙДА КӔНЫНЦ

Меликӕ цӕры, хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕнынц, ахӕм бирӕуӕладзыгон хӕдзары. Йӕ сыхӕгтӕй бирӕтӕ сты фӕсарӕйнаг студенттӕ. Сӕ телефонты номыртӕ фыст никуы сты, стӕй сӕ нӕмттӕ дӕр, хӕдзары бахизӕны цы номхыгъд вӕййы, уым фыст не сты. Уымӕ гӕсгӕ ацы хо алы фадатӕй дӕр пайда кӕны, цӕмӕй, бахизӕны кӕнӕ лифты кӕуыл фембӕлы, уыдонимӕ Библийы тыххӕй ныхас кӕнын райдайы. Меликӕ афтӕ зӕгъы: «Кӕм цӕрын, уыцы хӕдзар мӕ участокыл нымайын». Йемӕ алы ӕвзӕгтыл литературӕ фӕхӕссы, ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕй бирӕтӕ райсынц трактаттӕ ӕмӕ журналтӕ. Стӕй сын равдисы, нӕ сайтмӕ, jw.org, куыд ис бацӕуӕн, уый дӕр. Ӕмӕ уый фӕрцы цалдӕр адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта.

Нӕ хо Соня дӕр хъусын кӕнынӕн алы фадатӕй дӕр пайда кӕны. Уыцы хо кусы медицинон центры, ӕмӕ йӕхицӕн ахӕм нысан сӕвӕрдта, цӕмӕй йе ’мкусджытӕй алкӕимӕ дӕр аныхас кӕна. Фыццаг уал сӕм йӕ хъус фӕдары ӕмӕ базоны, цӕуыл тыхсынц ӕмӕ сӕ цы цымыдис кӕны, уый. Стӕй сӕм сихорафон бацӕуы ӕмӕ семӕ аныхас кӕны. Афтӕмӕй йе ’мкусджытӕй дыууӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Иуӕй-иу хатт та сихоры рӕстӕг бацӕуы приемнимӕ ӕмӕ уым адӕмимӕ фӕныхас кӕны.

ДЫ ДӔР АЛЫ ФАДАТӔЙ ПАЙДА КӔН

1906 азы Сан-Францискойы зӕххӕнкъуысты удӕгасӕй чи баззад, уыдонӕй иу чидӕр загъта, иу горӕтыл дӕр ӕмӕ иу штатыл дӕр ахӕм стыр бӕллӕх никуы ӕрцыд, зӕгъгӕ. Фӕлӕ, «Хуыцауы чи нӕ зоны», уыдонмӕ тагъд йӕ мастисӕн бон цы бӕллӕх ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыимӕ абаргӕйӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр бӕллӕхтӕ ӕрцыд, уыдон ницы сты (2 Фес. 1:8). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй адӕм сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы уаг аивой ӕмӕ сӕ йе ’вдисӕнтӕ цӕмӕй фӕдзӕхсынц, уый сӕ зӕрдӕмӕ айсой (2 Пет. 3:9; Рарг. 14:6, 7).

Дӕ хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ дӕ бон у алы фадатӕй дӕр пайда кӕнын, цӕмӕй хъусын кӕнай?

Махӕй алкӕмӕ дӕр ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ нӕ бон у адӕмӕн, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый ӕмбарын кӕнын. Адӕм хъуамӕ бамбарой, царды цӕмӕ тырнынц ӕмӕ сӕ рӕстӕг цӕуыл ӕрвитынц, уыдӕттӕ кӕй ницы сты ӕмӕ сӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй хъӕуы (Соф. 2:2, 3). Уӕдӕ дӕ бон нӕ уаид алы фадатӕй дӕр пайда кӕнын, цӕмӕй де ’мкусджытӕн ӕмӕ дӕ сыхӕгтӕн, стӕй, дӕ хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ кӕуыл фембӕлыс, уыдонӕн дӕр хъусын кӕнай? Ӕппӕт хъарутӕй архайдзынӕ, цӕмӕй фылдӕр адӕмы фӕдзӕхсай?