Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ удыхъӕд ивыс?

Дӕ удыхъӕд ивыс?

«Уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут» (РОМ. 12:2).

1, 2. Куыд ӕмӕ кӕм схъомыл стӕм, уый ныл куыд фӕзыны?

АЛКӔУЫЛ ДӔР нӕ тынг фӕзыны, куыд ӕмӕ кӕм схъомыл стӕм, цы адӕмы ’хсӕн ӕмӕ цы уавӕрты цӕрӕм, уый. Зӕгъӕм, уый фӕзыны, цавӕр уӕлӕдарӕс дарӕм, цавӕр хӕринӕгтӕ уарзӕм ӕмӕ нӕхи куыд фӕдарӕм, ууыл.

2 Фӕлӕ, цы хӕрӕм кӕнӕ нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм, уымӕй бирӕ ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ ис. Зӕгъӕм, сывӕллон куыд стыр кӕны, афтӕ йын фӕамонынц, уый хорз у, уый та – ӕвзӕр, зӕгъгӕ. Фӕлӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый фӕдыл алчи иухуызон хъуыдыйыл хӕст нӕ вӕййы. Цавӕр уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уый ма баст вӕййы не ’фсармыл дӕр. Библи дӕр афтӕ зӕгъы, ӕмӕ арӕх, «закъон кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмтӕ сӕхи ӕгъдауӕй, закъон куыд дзуры, афтӕ... фӕкӕнынц» (Ром. 2:14). Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ кӕд Хуыцау цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл бӕлвырд закъон нӕ радта, уӕд нӕ бон у, ӕмӕ ӕнӕ рахъуыды-бахъуыдыйӕ бакӕнӕм, гыццылӕй фӕстӕмӕ куыд сахуыр стӕм кӕнӕ нӕ алыварс адӕм куыд кӕнынц, афтӕ?

3. Чырыстӕттӕ цавӕр дыууӕ аххосаджы тыххӕй нӕ кӕнынц, ацы дунейы адӕм куыд кӕнынц, афтӕ?

3 Чырыстӕттӕ афтӕ нӕ кӕнынц. Ӕмӕ уымӕн ис ӕппынкъаддӕр дыууӕ ахсджиаг аххосаджы. Фыццаг уый, ӕмӕ Библи зӕгъы: «Вӕййы ахӕм фӕндаг, ӕмӕ адӕймагмӕ раст фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ фӕстагмӕ ӕркӕны мӕлӕтмӕ» (Ӕмб. 16:25). Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ бон нӕу алы хатт раст къахдзӕфтӕ кӕнын, ома нын ӕцӕгдӕр пайда чи фӕуыдзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссын (Ӕмб. 28:26; Йер. 10:23). Дыккаг та уый, ӕмӕ Библи ӕвдисы, ацы дунейы хорзыл ӕмӕ ӕвзӕрыл нымад цы у, уый «ацы цардӕвӕрды хуыцау» Хӕйрӕг кӕй амоны (2 Кор. 4:4; 1 Иоан. 5:19). Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ райгонд уа ӕмӕ нын арфӕ кӕна, уӕд хъуамӕ хъусӕм Ромӕгтӕм 12:2 стихы фыст фӕдзӕхстмӕ. (Бакӕс ӕй.)

4. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

4 Ромӕгтӕм 12:2 ис цалдӕр ахсджиаг хъуыдыйы: 1) нӕ удыхъӕд нӕ цӕмӕн хъӕуы ивын? 2) Нӕ удыхъӕд ивынмӕ цы хауы? 3) Нӕ бон куыд у нӕ удыхъӕд ивын? Цӕй уӕдӕ ацы фарстатӕм ӕркӕсӕм.

НӔ УДЫХЪӔД НӔ ЦӔМӔН ХЪӔУЫ ИВЫН?

5. Павел Ромӕгтӕм 12:2 цы уынаффӕ ныффыста, уый кӕмӕ хауд?

5 Апостол Павел н. э. 56 азы ромӕгтӕм куы фыста, уӕд ӕнӕуырнӕг адӕммӕ нӕ фыста, фӕлӕ, Ромы чи цард, уыцы сӕрст чырыстӕттӕм (Ром. 1:7). Павел сӕ разӕнгард кодта, «ацы дуне мауал фӕзмут», зӕгъгӕ. Цы «дуне»-йы кой сын кодта, уымӕ хаудысты Ромы паддзахады адӕмӕн се ’гъдӕуттӕ, сӕ цардыуаг, сӕ уагахаст, стӕй сӕ конд ӕмӕ сӕ уынд дӕр. Павел афтӕ кӕй загъта, «мауал фӕзмут», зӕгъгӕ, уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ромаг чырыстӕттӕй кӕуылдӕрты уыцы дуне нырма кӕй ӕндӕвта. Цымӕ куыд?

6, 7. Павелы рӕстӕджы Ромы чырыстӕттӕн зын цӕмӕн уыди?

6 Абон туристтӕ Роммӕ куы ’рцӕуынц, уӕд дзы фенынц, рагон кувӕндӕттӕй, зӕппӕдзтӕй, кады цыртытӕй, аренӕтӕй ӕмӕ театртӕй цы кӕлддзӕгтӕ баззад, уыдон. Кӕцыдӕртӕ дзы арӕзт уыдысты фыццаг ӕнусы. Ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы ис фылдӕр базонӕн рагон Ромы цард ӕмӕ дины тыххӕй. Историйы чингуыты ма ис бакӕсӕн, Ромы-иу бӕхуӕрдӕтты дугътӕ кӕй уагътой, гладиатортӕ-иу дзы кӕй хӕцыдысты, стӕй-иу дзы кӕй уыди алыхуызон спектакльтӕ ӕмӕ-иу уыцы спектакльты хатт ӕнӕгъдау митӕ дӕр кӕй ӕвдыстой. Ром уыди хъӕздыг горӕт, ӕмӕ дзы ӕхца бакусынӕн бирӕ фадӕттӕ уыд (Ром. 6:21; 1 Пет. 4:3, 4).

7 Кӕд ромӕгтӕн бирӕ кувӕндӕттӕ ӕмӕ хуыцӕуттӕ уыди, уӕддӕр сӕ фылдӕр сӕ хуыцӕуттӕй уыдысты тынг дард. Сӕ дин сӕйраджыдӕр конд уыд алыхуызон ӕгъдӕуттӕй. Уыцы ӕгъдӕуттӕ баст уыдысты, зӕгъӕм, сывӕллоны райгуырдимӕ, бинонтӕ скӕнынимӕ ӕмӕ зиӕнттимӕ. Уыцы ӕгъдӕуттӕн ӕмӕ кӕндтытӕн ромӕгты царды уыд ахсджиаг бынат. Ахъуыды-ма кӕн, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй, Ромы цы чырыстӕттӕ цард, уыдонӕн куыд зын уыдаид. Бирӕтӕ сӕ уыцы мӕнг дины ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты гыццылӕй фӕстӕмӕ. Ӕмӕ цӕмӕй чырыстӕттӕ суыдаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди сӕ цард фӕивын. Суанг ма сӕ донаргъуыды фӕстӕ дӕр хъуыдаид цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ кӕнын.

8. Чырыстӕттӕн абоны дунейы тӕссаг цӕмӕй у?

8 Ромы паддзахады куыд уыд, раст афтӕ абоны дунейы дӕр чырыстӕттӕн у тӕссаг. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ацы дунейы зондахаст алкӕм дӕр ахъардта. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 2:2, 3; 1 Иоанны 2:16.) Ацы дунейы адӕммӕ цы фӕндтӕ ис, цы зондыл ӕмӕ ӕгъдауыл хӕст сты, уый мах алы бон дӕр уынӕм, ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ тӕссаг у, дуне нӕ йӕхи хуызӕн куы скӕна, уымӕй. Уӕдӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнгдӕр нӕ хъус ӕрдарӕм Хуыцауы Ныхасы фыст фӕдзӕхстмӕ, «ацы дуне мауал фӕзмут» ӕмӕ «уӕ удыхъӕд ивут», зӕгъгӕ. Уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?

НӔ УДЫХЪӔД ИВЫНМӔ ЦЫ ХАУЫ?

9. Донаргъуыд райсыны размӕ бирӕтӕ цавӕр ивындзинӕдтӕ скӕнынц?

9 Адӕймаг Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ йӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразын куы райдайы, уӕд райдайы Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын. Цы базоны, уымӕ гӕсгӕ йӕ царды ивындзинӕдтӕ скӕны: мӕнг дины ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзы ӕмӕ райдайы йӕ удыхъӕд ног кӕнын ӕмӕ алцӕмӕй дӕр Чырыстийы фӕзмын (Еф 4:22–24). Куыд ӕхсызгон нын у, ахӕм ивындзинӕдтӕ алы аз дӕр сӕдӕгай минтӕ кӕй скӕнынц, ӕмӕ стӕй сӕхи Йегъовӕ Хуыцауӕн кӕй снывонд кӕнынц ӕмӕ донаргъуыд кӕй райсынц! Ӕмӕ уый Йегъовӕйӕн дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, стыр цины хос у (Ӕмб. 27:11). Фӕлӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын: уыцы хъуыддӕгты йеддӕмӕ нӕ ӕндӕр ницы хъӕуы ивын?

Бирӕты фӕхъӕуы Хӕйрӕджы дуне ныууадзын ӕмӕ сӕхи аивын (кӕс 9 абзац)

10. Удыхъӕд аивынӕн ӕнӕуи цыдӕр фӕхуыздӕр кӕнын фаг цӕуылнӕ нӕу?

10 Раст зӕгъгӕйӕ, удыхъӕд аивынӕн фаг нӕу ӕнӕуи цыдӕр фӕхуыздӕр кӕнын. Иу дзырдуаты фыст ис, зӕгъгӕ, Ромӕгтӕм 12:2 стихы дзырдбаст «удыхъӕд ивын» амоны, адӕймаг Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ зондахаст кӕй ног кӕны, уымӕ (Vine’s Expository Dictionary). Уӕдӕ, чырыстон цы хъуамӕ аива, уымӕ ӕрмӕст уый нӕ хауы, ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ, ӕнӕуаг ныхас ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ мауал кӕна. Библи чи нӕ зоны, ахӕм адӕмӕй дӕр чидӕртӕ уыцы хъуыддӕгтӕй сӕхи фӕхизынц. Уӕдӕ мах, чырыстӕттӕ, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕхи фӕивӕм?

11. Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цы хъӕуы, цӕмӕй адӕймаг йӕ удыхъӕд аива?

11 «Уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут»,– ныффыста Павел. Библийы дзырд «зонд» фӕамоны, адӕймагӕн йӕ бон хъуыды кӕнын кӕй у, уымӕ, стӕй йӕ зондахастмӕ ӕмӕ, куыд арф хъуыды кӕны, уымӕ дӕр. Павел ма йӕ фыстӕджы райдианы ныффыста, «ӕнаккаг зондыл» хӕст чи уыд, ахӕм адӕмы тыххӕй. Уыдон уыдысты «хӕрам ӕмӕ ӕнӕхуыцау, зыд, фыдзӕрдӕ, хӕлӕггӕнаг, лӕгмартӕ, загъдуарзаг», стӕй сайдтой ӕмӕ ма ӕндӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ дӕр кодтой (Ром. 1:28–31). Уӕдӕ йӕ ӕмбарӕм, ахӕм адӕмы ’хсӕн чи схъомыл, уыцы чырыстӕтты Павел цӕмӕн разӕнгард кодта, уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут, зӕгъгӕ.

«Ныууадзут алы... маст, знӕт, хъӕр-хъӕлӕба, ӕфхӕрӕн ныхас, стӕй, ӕвзӕрӕй цыдӕриддӕр ис, уый» (Еф. 4:31).

12. Абон адӕмӕн сӕ фылдӕр цавӕр зондыл хӕст сты ӕмӕ ахӕм зондахастӕй чырыстӕттӕн тӕссаг цӕмӕн у?

12 Хъыгагӕн, Павел цы адӕмы кой кодта, ахӕм адӕм абон алкӕм дӕр ис. Уыдон афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ абон уыцы рӕстӕг нал у, цӕмӕй цавӕрдӕр ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрай кӕнӕ искӕмӕн амонай, куыд цӕра, уый. Ахуыргӕнджытӕй ӕмӕ ныййарджытӕй бирӕтӕ сывӕллӕтты сӕхи бар ауадзынц. Афтӕ дӕр ма сын амонынц, зӕгъгӕ, алы адӕймаг дӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Йӕхи уырнӕг адӕймаг чи хоны, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ бон у, сӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы, афтӕ кӕнын ӕмӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм хъусын ӕнӕмӕнг нӕу (Пс. 14:1). Чырыстонӕн ахӕм зондахастӕй тӕссаг у. Къӕрцхъус куы нӕ уа, уӕд ӕй, чи зоны, Хуыцауы организацийы разамындмӕ хъусын мауал фӕнда. Кӕнӕ та йӕ зӕрдӕмӕ исты куы нӕ фӕцӕуа, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ хъуыр-хъуыр кӕнын райдайа. Йе та нын ирхӕфсӕнтӕ, Интернет ӕмӕ уӕлдӕр ахуыры тыххӕй Библимӕ гӕсгӕ цы уынаффӕтӕ фӕдӕттынц, уыдонӕй, чи зоны, алкӕцыимӕ разы ма уа.

13. Ӕцӕгӕй цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, ууыл цӕмӕн хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

13 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй «ацы дуне мауал фӕзмӕм», уӕд хъуамӕ нӕхи ма рӕстытӕ кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй ахъуыды кӕнӕм, ӕцӕгӕй цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, ууыл, ома, нӕ зӕрдӕйы цы ис, цӕмӕ тырнӕм ӕмӕ цӕмӕн аргъ кӕнӕм, уыдӕттыл. Мидӕгӕй цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый иннӕтӕ нӕ уынынц, ӕмӕ нӕ, чи зоны, ӕппӕлой, фидар чырыстон дӕ, зӕгъгӕ. Фӕлӕ, Библийӕ цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ нӕхи ӕцӕгдӕр фӕивтам ӕмӕ дарддӕр дӕр ивӕм ӕви нӕ, уый ӕрмӕстдӕр нӕхӕдӕг зонӕм. (Бакӕс Иаковы 1:23–25.)

НӔ БОН КУЫД У НӔ УДЫХЪӔД ИВЫН?

14. Фӕивын нӕ цы хъӕуы, уый нӕ бон куыд у базонын?

14 Цӕмӕй афтӕ зӕгъӕн уа, ӕмӕ адӕймаг аивта, уый тыххӕй хъуамӕ аива, йӕ зӕрдӕйы цы ис, ома, мидӕгӕй цавӕр у, уый. Цы нын баххуыс кӕндзӕн уыцы хъуыддаджы? Библи куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд базонӕм, Йегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ цы цӕстӕй ракӕсӕм, уымӕй бӕрӕг вӕййы, нӕ зӕрдӕйы цы ис. Уый фӕрцы бамбарӕм, цы нӕ хъӕуы фӕивын, цӕмӕй архайӕм Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ, йӕ цӕсты ӕххӕст цы у, уымӕ гӕсгӕ (Ром. 12:2; Дзут. 4:12).

15. Йегъовӕ нӕ кӕй ивы, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

15 Бакӕс Исайы 64:8. Пехуымпар Исай цы абарст скодта, уым ис ахсджиаг хъуыды. Дурынгӕнӕджы къухты ӕлыг куыд ивы, афтӕ мах дӕр Йегъовӕйы къухты ивӕм. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ цӕсгом ӕмӕ нӕ гуырыконд ивы. Хуыцау нын ивы нӕ удыхъӕд. Ӕмӕ йӕ къухты фӕлмӕн ӕлыг куы уӕм, ома йӕм куы хъусӕм, уӕд нын ивдзӕн нӕ зӕрдӕ ӕмӕ нӕ зонд. Ӕмӕ афтӕмӕй нӕ бон уыдзӕн дунейы зондахасты ныхмӕ тох кӕнын. Цымӕ нӕ Йегъовӕ цӕй фӕрцы ивы?

16, 17. а) Бамбарын кӕн, дурынгӕнӕджы рӕсугъд мигӕнӕн саразын куы фӕфӕнды, уӕд ӕлыгимӕ куыд фӕархайы, уый. ӕ) Хуыцауы Ныхас нын куыд ӕххуыс кӕны нӕхи афтӕ фӕивынӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы цӕсты кадджын мигӕнӕнтӕ суӕм?

16 Дурынгӕнӕджы рӕсугъд мигӕнӕн саразын куы фӕфӕнды, уӕд спайда кӕны хӕрзхъӕд ӕлыгӕй. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр фӕхъӕуы дыууӕ хъуыддаджы саразын. Фыццаг уал хъуамӕ ӕлыг ныхса ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕна. Уый фӕстӕ та йӕ хъуамӕ уыйбӕрц донимӕ сызмӕнта, ӕмӕ дзы дурын куы араза, уӕд ӕлыг ӕгӕр хъӕбӕр дӕр ма разына ӕмӕ ӕгӕр фӕлмӕн дӕр.

17 Дӕ хъус-ма ӕрдар, дурынгӕнӕг ӕлыг ссыгъдӕг кӕнынӕн дӕр ӕмӕ йӕ кусынмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн дӕр донӕй кӕй спайда кӕны. Ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ бон вӕййы уыцы ӕлыгӕй цавӕрфӕнды мигӕнӕн дӕр саразын, суанг тынг тӕнцъар дӕр. Ӕлыг доны фӕрцы ссыгъдӕг вӕййы ӕмӕ сфӕлмӕн вӕййы. Раст афтӕ мах та ивӕм Хуыцауы Ныхасы фӕрцы. Библийы фӕрцы нӕхи «ссыгъдӕг кӕнӕм», Хуыцауы куы нӕма зыдтам, уӕд нын цы зондахаст уыд, уымӕй. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйӕн йӕ бон вӕййы, ӕмӕ нӕ хуыздӕрырдӕм ива, цӕмӕй нӕ кадджын мигӕнӕнтӕ сараза (Еф. 5:26). Йегъовӕ нӕ ӕдзухдӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй алы бон дӕр Библи кӕсӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕ ма цух кӕнӕм. Цымӕ цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыцы хъуыддӕгты фӕрцы Хуыцауӕн бар дӕттӕм, цӕмӕй нӕ хуыздӕрырдӕм ива (Пс. 1:2; Хъуыд. 17:11; Дзут. 10:24, 25).

Дӕ удыхъӕд куы ивай, уӕд дын зын хъуыддӕгтӕ лыг кӕнын раздӕрӕй хуыздӕр уайдзӕн (кӕс 18 абзац)

18. а) Цӕмӕй нӕ Хуыцауы Ныхас ива, уый тыххӕй йыл хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Цавӕр фарстатыл-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

18 Цӕмӕй нӕ Хуыцауы Ныхас ива, уый тыххӕй йӕ ӕрмӕст кӕсын ӕмӕ зонын фаг нӕу. Библи бирӕтӕ кӕсынц, ӕмӕ дзы бирӕ цыдӕртӕ зонынц. Чи зоны, хъусын кӕнгӕйӕ дӕр фембӕлыс ахӕм адӕмыл. Кӕмӕндӕрты сӕ бон у, ӕмӕ Библийӕ кӕцыдӕр скъуыддзӕгтӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ дӕр радзурой *. Фӕлӕ уый сӕ зондахастыл ӕмӕ сӕ цардыуагыл арӕх ӕппындӕр нӕ фӕзыны. Цымӕ цӕуылнӕ? Цӕмӕй Хуыцауы Ныхас адӕймагыл фӕзына ӕмӕ йӕ аива, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ йӕ зӕрдӕмӕ арф айса. Уӕдӕ-иу хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй-иу, Библийӕ цы базонӕм, ууыл ахъуыды кӕнӕм, зӕгъӕм, ахӕм фарстаты фӕрцы: «Ацы хабар ӕрмӕст цавӕрдӕр ахуырад кӕй нӕу, уый мӕ фидарӕй уырны? Рӕстдзинад кӕй у, уый мӕхи царды нӕ уынын? Цы базонын, уый ӕрмӕст иннӕтӕн фӕамонын ӕви дзы мӕхӕдӕг дӕр спайда кӕнын? Йегъовӕ комкоммӕ мӕнмӕ кӕй дзуры, уый ӕмбарын?» Ахӕм фарстатыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ тынгдӕр уарздзыстӕм. Цы базонӕм, уый-иу нӕ зӕрдӕмӕ арф куы айсӕм, уӕд-иу нӕ бафӕнддзӕн, цы хъӕуа, уый фӕивын, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм (Ӕмб. 4:23; Лук. 6:45).

19, 20. Библийӕ нын цавӕр уынаффӕ ӕрхӕсдзӕн пайда?

19 Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр аразӕм, Павел цы загъта, уый: «Зӕронд удыхъӕд йӕ митимӕ ныууадзут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут – уыцы удыхъӕд ног кӕны бӕлвырд зонындзинӕдты фӕрцы» (Кол. 3:9, 10). Ныронг дӕр нын ацы хъуыддаджы цыдӕртӕ бантыст. Ӕмӕ нын ноджы фылдӕр дӕр бантысдзӕн, Хуыцауы Ныхас нын цы дзуры, уый куы ӕмбарӕм ӕмӕ йӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд. Афтӕмӕй нӕ удыхъӕд ногмӕ куы раивӕм, уӕд уый фӕрцы нӕхи хъахъхъӕндзыстӕм Хӕйрӕджы къӕппӕджытӕй.

20 Апостол Петр нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны: «Ут коммӕгӕс сывӕллӕттӕ ӕмӕ... цы монцты фӕдыл цыдыстут, уыдоны фӕдыл мауал цӕут. Ӕмӕ... алы хъуыддаджы дӕр ут сыгъдӕг» (1 Пет. 1:14, 15). Ӕппӕт тыхтӕй куы архайӕм, цӕмӕй нӕ раздӕры зондахаст фӕивӕм, уӕд нын Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн. Ӕмӕ уый тыххӕй дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

^ 18 абз. Кӕс 1994 азы 1 февралы «Сторожевая башня», 10 фарс, 7 абзац.