Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, «фӕллад адӕймаджы» бафидар кӕндзыстут?

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, «фӕллад адӕймаджы» бафидар кӕндзыстут?

Анжелӕ *, 30 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы ӕмӕ моймӕдзыд чи нӕу, ахӕм хо, ӕнхъӕлмӕ кӕсы хистӕр нӕлгоймӕгтӕм ӕмӕ гыццыл тыхсы. Анжелӕ хъуыдытӕ кӕны: «Цымӕ мын цы зӕгъдзысты? Зонын ӕй, цалдӕр хатты ӕмбырды нӕ уыдтӕн, фӕлӕ ӕнӕхъӕн бон куысты зӕрӕдтӕм кӕсгӕйӕ афтӕ бафӕллайын, ӕмӕ мӕм хъарутӕ бынтондӕр нал баззайы. Стӕй мӕ рынчын мадыл дӕр куыннӕ хъуамӕ мӕт кӕнон».

Анжелӕйы чи хъуамӕ бабӕрӕг кодтаид, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕй иу ды куы уыдаис, уӕд ын йӕ ныфсыл ныфс куыд бафтыдтаис? Фыццаджыдӕр та, дӕхи куыд бацӕттӕ кодтаис, цӕмӕй Анжелӕйы хуызӕн «фӕллад адӕймаджы» бафидар кодтаис? (Йер. 31:25).

ДЕ ’ФСЫМӔРЫ УАВӔРТЫЛ АХЪУЫДЫ КӔН

Хатт нӕ алчидӕр бафӕллайы куысты кӕнӕ йын Хуыцауы организацийы цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнгӕйӕ. Зӕгъӕм, пехуымпар Данел федта, йӕ бон бамбарын кӕй нӕ уыд, ахӕм цӕстылуайӕн, ӕмӕ йӕ «хъару асаст» (Дан. 8:27). Фӕлӕ йӕм цасдӕры фӕстӕ Хуыцау рарвыста зӕды, Гавриилы, ӕмӕ уый Данелӕн алцыдӕр бамбарын кодта ӕмӕ йын загъта, Йегъовӕ йын йӕ куывдтытӕ кӕй фехъуыста. Стӕй ма йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуыцауӕн раздӕрау «тынг зынаргъ» кӕй у (Дан. 9:21–23). Цасдӕры фӕстӕ Данелмӕ фӕзынд ӕндӕр зӕд ӕмӕ йын уый дӕр зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ загъта (Дан. 10:19).

Ӕмбырдӕй искӕй бабӕрӕг кӕныны размӕ уал ын-иу йӕ уавӕртыл ахъуыды кӕн

Ды дӕр фӕллад йе та ныфссаст ӕфсымӕр кӕнӕ хойы бабӕрӕг кӕнын куы фӕнд кӕнай, уӕд уал ын-иу йӕ уавӕртыл ахъуыды кӕн. Цавӕр зындзинӕдтӕ ӕвзары? Мыййаг, уыцы зындзинӕдты тыххӕй йӕ ныфс нӕ асаст? Цавӕр хорз миниуджытӕ йӕм ис? Хистӕр нӕлгоймагӕй 20 азӕй фылдӕр чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр, Ричард, загъта: «Ӕз фӕхъуыды кӕнын, ме ’фсымӕртӕм цы хорз миниуджытӕ ис, уыдоныл. Цалынмӕ сӕ нӕ бабӕрӕг кӕнын, уӕдмӕ уал лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын сӕ уавӕртыл. Ӕмӕ мын уӕд ӕнцондӕр вӕййы, чи сын баххуыс кӕндзӕн, ахӕм ныхӕстӕ ссарын ӕмӕ сӕ бафидар кӕнын». Кӕд искӕй бабӕрӕг кӕнын дыууӕ хистӕр нӕлгоймагӕй фӕнд кӕнут, уӕд хорз уаид, уыцы адӕймаджы уавӕртыл иумӕ куы аныхас кӕниккат.

БАЦАРХАЙ, ЦӔМӔЙ ДЕ ’ФСЫМӔРӔН ДЕМӔ НЫХАС КӔНЫН ӔНЦОН УА

Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, адӕймаг йе ’нкъарӕнты тыххӕй ӕргом дзурын ӕфсӕрмы кӕй фӕкӕны. Зӕгъӕм, кӕй бӕрӕг кӕнай, уыцы ӕфсымӕрӕн зын куы уа, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый тыххӕй дзурын, уӕд цы ис саразӕн? Дӕ мидбылты йӕм зӕрдиагӕй куы бахудай ӕмӕ йын цалдӕр зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхасы куы зӕгъай, уӕд ын ӕнцондӕр уыдзӕн демӕ ӕргом ныхас кӕнын. Майкл хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕны 40 азӕй фылдӕр. Ӕмбырдӕй искӕй куы фӕбӕрӕг кӕны, уӕд арӕх йӕ ныхас райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бирӕ кадджын хӕстӕ ис, фӕлӕ сын уӕлдай ӕхсызгондӕр вӕййы, ӕфсымӕрты хӕдзары кӕй фӕбӕрӕг кӕнынц ӕмӕ семӕ хуыздӕр кӕй базонгӕ вӕййынц, уый. Ӕмӕ ӕз дӕр ӕхсызгонӕй ӕнхъӕлмӕ кастӕн нӕ фембӕлдмӕ».

Искӕй бӕрӕг кӕнгӕйӕ уал фыццаг дӕ бон у йемӕ иумӕ скувын. Кувгӕ-кувын дӕ бон у уыцы адӕймаджы хорз миниуджыты кой ракӕнын, зӕгъӕм, йӕ уырнындзинад, йӕ уарзондзинад ӕмӕ йӕ фидардзинады кой. Апостол Павел дӕр-иу афтӕ кодта, йе ’фсымӕрты тыххӕй-иу куы куывта, уӕд (1 Фес. 1:2, 3). Де ’фсымӕры хорз миниуджыты кой куы ракӕнай, уӕд уӕ дыууӕйӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн уӕ фембӕлдмӕ раст цӕстӕй ракӕсын, ӕмӕ уӕ ныхас хуыздӕр рауайдзӕн. Уыцы ныхӕстӕй де ’фсымӕры, чи зоны, ныфс дӕр бауадзай. Иу фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймаг, Рей, афтӕ зӕгъы: «Хатгай нӕ алкӕмӕй дӕр айрох вӕййы, хорзӕй нын цы ӕнтысы, уый. Ӕмӕ нын ӕй исчи нӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууын кӕны, уӕд нӕ ныфсыл ныфс бафты».

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ ЙӔ БАФИДАР КӔН

Павелау дӕуӕн дӕр дӕ бон у де ’фсымӕртӕн, «Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы хорздзинӕдтӕй» хай кӕнын. Уӕдӕ-иу кӕй бӕрӕг кӕнай, уыимӕ-иу Библийӕ исты хорз хъуыдыйыл аныхас кӕн. Ӕмӕ уый тыххӕй хатт иу стих равзарын дӕр фаг вӕййы (Ром. 1:11). Зӕгъӕм, ӕфсымӕр у ныфссаст ӕмӕ йӕхимӕ ницӕйаг кӕсы. Дӕ бон у йемӕ бакӕсын псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ, «ӕз сдӕн, лалым фӕздӕгмӕ куыд свӕййы, афтӕ», зӕгъгӕ. Кӕд уыцы псаломзарӕггӕнӕг ныфссаст уыди, уӕддӕр загъта, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ кӕй нӕ ферох кодта (Пс. 119:83, 176). Ацы ныхӕстӕ цыбыртӕй куы равзарат, уӕд-иу ын зӕгъ, кӕй нӕ дызӕрдыг кӕныс, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ кӕй «нӕ ферох кодта», ууыл.

Ӕмӕ, зӕгъӕм, хо ӕмбырдтӕм нал цӕуы кӕнӕ Хуыцауӕн раздӕрау зынгзӕрдӕйӕ нал лӕггад кӕны, уӕд уый та куыд ис бафидар кӕнӕн? Чи зоны, йӕ ныфсыл ныфс бафта, иумӕ сӕфт драхмӕйы тыххӕй фӕсномыг ныхас куы равзарат, уӕд (Лук. 15:8–10). Уыцы драхмӕ, ома ӕвзист ӕхца, ӕвӕццӕгӕн, уыди, бирӕ ӕвзист ӕхцатӕй конд чи уыд, ахӕм зынаргъ хъуырылдаргӕ рӕхысы хай. Уыцы цӕвиттоны фӕрцы хуыздӕр бамбардзӕн, ӕмбырды цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр стыр аргъ кӕй ис ӕмӕ уый дӕр Хуыцауӕн зынаргъ кӕй у. Уый фӕстӕ йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, Йегъовӕ йӕ гыццыл фыстӕй алкӕуыл дӕр куыд тыхсы, ууыл дӕр афтӕ кӕй тыхсы.

Не ’мчырыстӕттӕн ӕхсызгон вӕййы, Библийы цы бакӕсынц, уый тыххӕй дзурын. Уӕдӕ-иу ӕрмӕст дӕхӕдӕг ма дзур. Ӕфсымӕр кӕнӕ хойы уавӕрмӕ чи хауы, ахӕм стих куы бакӕсат, уӕд-иу дзы сӕйраг ныхӕстӕ рахицӕн кӕн ӕмӕ-иу ӕй бафӕрс, цӕуыл дзурӕг ын сты, уымӕй. Зӕгъӕм, 2 Коринфӕгтӕм 4:16 куы бакӕсат, уӕд ӕй дӕ бон у бафӕрсын: «Дӕуӕн та Йегъовӕ дӕ хъарутӕ куыд сног кӕны?» Ахӕм фарстайы фӕрцы уӕ ныхас афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ «кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уыдзыстут» (Ром. 1:12).

Не ’мчырыстӕттӕн ӕхсызгон вӕййы, Библийы цы бакӕсынц, уый тыххӕй дзурын

Де ’мчырыстоны ма, чи зоны, бафидар кӕнай, Библийы цы адӕмы кой ис, уыдонӕй искӕуыл йемӕ куы аныхас кӕнай, уӕд. Равзар, уый хуызӕн уавӕры чи уыд, ахӕм адӕймӕгты цӕвиттонтӕ. Йӕхимӕ чи ныхъхъуыста, уыимӕ дӕ бон у аныхас кӕнын, зӕгъӕм, Аннӕйы кӕнӕ Епафродиты цӕвиттоныл – кӕд-иу сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ ныфс асаст, уӕддӕр Хуыцауӕн зынаргъ уыдысты (1 Сам. 1:9–11, 20; Фил. 2:25–30). Библийы ма цӕуы ӕндӕр адӕмы кой дӕр, ӕмӕ дӕ бон у уыцы адӕмы цӕвиттонтӕй дӕр искӕцыйыл аныхас кӕнын.

УЫЙ ФӔСТӔ ДӔР СӔ МА РОХ КӔН

Кӕй бабӕрӕг кӕныс, уыдоны-иу уый фӕстӕ дӕр ма рох кӕн, зӕрдиагӕй сыл тыхс (Хъуыд. 15:36). Зӕгъӕм, ӕфсымӕр кӕнӕ хоимӕ ныхас куы фӕуай, уӕд-иу йемӕ хъусын кӕнынмӕ ацӕуыныл баныхас кӕн. Иу фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймаг, Бернард, кӕй бабӕрӕг кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй уый фӕстӕ искӕй куы фены, уӕд ӕй фӕлмӕнӕй афӕрсы, цы уынаффӕтыл аныхас кодтам, уыдон дын баххуыс кодтой, зӕгъгӕ. Ды дӕр ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотыл афтӕ зӕрдиагӕй куы тыхсай, уӕд-иу базондзынӕ, исты ӕххуыс ма сӕ хъӕуы ӕви нӕ.

Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты тынг хъӕуы, цӕмӕй сыл хистӕр нӕлгоймӕгтӕ тыхсой, ӕмбарой сӕ ӕмӕ сӕ уарзой. Ӕмӕ сӕ уый абон куыд тынг хъӕуы, афтӕ никуыма (1 Фес. 5:11). Уӕдӕ-иу ӕмбырдӕй искӕй бабӕрӕг кӕнын куы фӕнд кӕнай, уӕд уал ын-иу йӕ уавӕртыл ахъуыды кӕн. Хуыцаумӕ-иу уый тыххӕй скув. Уыцы адӕймагӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ-иу бацӕттӕ кӕн. Ӕмӕ уӕд, «фӕллад адӕймаджы» кӕмӕй бафидар кӕнай, ахӕм ныхӕстӕ ссардзынӕ!

^ 2 абз. Нӕмттӕ ивд сты.