Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕцӕгдӕр ӕй Иосиф Флавий ныффыста?

Ӕцӕгдӕр ӕй Иосиф Флавий ныффыста?

Фыццаг ӕнусы цӕрӕг дзуттаг историк Иосиф Флавий йӕ зындгонд чиныджы ныффыста «Йесойы, Чырысти кӕй хуыдтой, уый ӕфсымӕр Иаковы» мӕлӕты тыххӕй («Иудейские древности», 20-ӕм чиныг). Ахуыргӕндтӕй бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ ацы ныхӕстыл ӕууӕндӕн ис. Фӕлӕ сӕ иуӕй-иутӕ дызӕрдыг кӕнынц, Флавий ма йӕ чиныджы Чырыстийы тыххӕй цы ныффыста, ууыл. Уыцы скъуыддзаджы, хонынц ӕй, «Свидетельство Флавия» (Testimonium Flavianum), зӕгъгӕ, фыст ис:

«Раст уыцы рӕстӕг цард Йесо, зондджын адӕймаг, кӕд ӕй, уӕвгӕ, адӕймаг схонӕн ис, уӕд. Уый сарӕзта диссаджы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сси, рӕстдзинадмӕ зӕрдиагӕй чи хъуыста, уыцы адӕмы ахуыргӕнӕг. Дзуттӕгтӕй дӕр ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй дӕр йӕ фӕдыл тынг бирӕты акодта. Уый уыди Чырысти. Нӕ дзырддзӕугӕ лӕгты ныхасмӕ гӕсгӕ йын Пилат тӕрхон рахаста, цӕмӕй йӕ крестыл байтыгътаиккой. Фӕлӕ йӕ раздӕр чи уарзта, уыдон ыл сӕ зӕрдӕ нӕ сивтой. Ӕртыккаг бон та сӕм ногӕй удӕгасӕй фӕзынд, пехуымпартӕ уый тыххӕй ӕмӕ, цы бирӕ диссӕгтӕ сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй куыд дзырдтой, раст афтӕ. Абоны онг дӕр ма ис, чырыстӕттӕ чи хуыйнынц, ахӕм адӕм, ӕмӕ сӕхи афтӕ хонынц Уый номӕй» (Иосиф Флавий, Иудейские древности, перевод Г. Генкеля).

16 ӕнусы кӕронӕй ныры онг стыр быцӕутӕ цӕуы, ацы ныхӕстыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый фидарӕй кӕй уырны ӕмӕ сӕ Иосиф Флавий кӕй ныффыста, ууыл чи дызӕрдыг кӕны, уыдоны хсӕн. Уыцы быцӕу равзарын сфӕнд кодта французаг историк ӕмӕ классикон литературӕ иртасӕг Серж Барде, уымӕн ӕмӕ хабар цыппар ӕнусмӕ афтӕ схӕццӕтӕ ис, ӕмӕ йын бамбарӕн бынтондӕр нал уыд. Цы иртасӕн куыст скодта, уый ныммыхуыр кодта, «Свидетельство Флавия»-йы тыххӕй кӕй ныффыста, уыцы чиныджы (Le Testimonium Flavianum—​Examen historique considérations historiographiques).

Иосиф Флавий чырыстон диныл хӕст нӕ уыд. Уый уыди дзуттаг историк, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй Йесойы «Чырысти» схуыдтаид. Барде ӕмбарын кӕны, Флавий Йесойы афтӕ кӕй схуыдта, уый грекъаг ӕвзаджы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ раст кӕй у. Барде ма зӕгъы, зӕгъгӕ, иудаизмы ӕмӕ чырыстон дины ӕмхуызонӕй цы ис, уый куы нӕ рох кӕнӕм, уӕд, «Флавий дзырд Чырыстийӕ кӕй пайда кӕны, уым диссагӕй ницы ис». Диссаг нӕ, фӕлӕ дзы афтӕ кӕй пайда кӕны, уый ӕмбарын кӕны алцыдӕр, ӕмӕ уыцы хъуыддаг та «критиктӕн сӕ фылдӕрмӕ нымады дӕр нӕу».

Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы скъуыддзаг фӕстӕдӕр чидӕр текстмӕ бахастаид ӕмӕ йӕ Флавийы къухӕй фыст схуыдтаид? Йӕ иртасӕнтӕм гӕсгӕ Барде скодта ахӕм хатдзӕг, зӕгъгӕ, хъуыддаг ӕцӕгдӕр афтӕ куы уыдаид, уӕд уый уыдаид стыр диссаг. Флавий куыд фыста, афтӕ фыссынӕн адӕймагмӕ хъуамӕ ахӕм диссаджы курдиат уыдаид, ӕмӕ «рагон дунейы дыккаг ахӕм хъуамӕ ма уыдаид», ӕндӕр ныхасӕй, адӕймаг хъуамӕ «Флавийӕ къаддӕр Флавий» ма уыдаид.

Ацы текст Флавий йӕхӕдӕг кӕй ныффыста, ууыл ахуыргӕндтӕ цӕмӕн дызӕрдыг кӕнынц? Уымӕн йӕ аххосаг цӕй мидӕг ис, уый Барде ӕмбарын кӕны афтӕ, ӕмӕ, «кӕд рагон тексттӕн сӕ фылдӕрыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнынц, уӕддӕр „Свидетельство“-йыл дызӕрдыг кӕнынц ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй, ӕмӕ кӕмӕдӕр цыдӕр фарстатӕ ’взӕры». Уымӕй Барде уый зӕгъынмӕ хъавы, ӕмӕ ахуыргӕндтӕ цалдӕр ӕнусы дӕргъы хӕст кӕуыл сты, уыцы хъуыдытӕм иртасӕнты руаджы не ’рцыдысты, уымӕн ӕмӕ иртасӕнтӕй бӕрӕг у, текст Флавий кӕй ныффыста, уый. Фӕлӕ хабар уый мидӕг ис, ӕмӕ уыцы ахуыргӕндтӕм цавӕрдӕр «сусӕг фӕндтӕ» ис.

Ахуыргӕндтӕ «Свидетельство Флавия»-йы тыххӕй цы хъуыды кӕнынц, ууыл Бардейы иртасӕнтӕ фӕзындзысты ӕви нӕ, уый нырма бӕрӕг нӕу. Барде цы хатдзӕгтӕ скодта, уыдонимӕ сразы ис, иудаизм ӕмӕ рагон чырыстон дины хабӕрттӕ хорз чи зоны, ахӕм зындгонд диниртасӕг Пьер Жольтрен. Бирӕ рӕстӕг Жольтрен дӕр хъуыды кодта, ӕмӕ «Свидетельство» Флавийы текстмӕ хаст ӕрцыд, стӕй ма суанг худгӕ дӕр кодта, Флавийы фыст ӕй чи хуыдта, уыдоныл. Фӕлӕ стӕй йӕ хъуыды аивта, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Бардейы иртасӕн куысты фӕрцы. Жольтрен загъта, цӕмӕй «амӕй фӕстӕмӕ афтӕ мачиуал дзура, ӕмӕ Флавийы „Свидетельство“-йыл ӕууӕндӕн нӕй».

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Йесойы Чырыстийыл кӕй нымайынц, уымӕн ис ноджы фидардӕр бӕлвырдгӕнӕн – Библийы цы фыст ис, уый (2 Тим. 3:16).