Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесо Хуыцауы рӕстдзинад куыд сбӕлвырд кодта?

Йесо Хуыцауы рӕстдзинад куыд сбӕлвырд кодта?

Йесо Хуыцауы рӕстдзинад куыд сбӕлвырд кодта?

«Хуыцау [Чырыстийы] ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй, йӕ тугыл чи ’ууӕнды, уыдоны йӕхиимӕ бафидауын кӕна. Афтӕ та уымӕн сарӕзта, цӕмӕй уымӕй равдиса йӕ рӕстдзинад» (РОМ. 3:25).

1, 2. а) Адӕм цы уавӕры сты, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис? ӕ) Ацы статьяйы цавӕр фарстатыл цӕудзӕн ныхас?

ӔВӔЦЦӔГӔН алчи дӕр зоны, Едемы цӕхӕрадоны фыццаг адӕм Хуыцауы ныхмӕ куыд рацыдысты, уый тыххӕй. Алчидӕр ӕй йӕхицӕй зоны, Адамы тӕригъӕд цӕмӕ ӕркодта, уый. Библийы уый тыххӕй фыст ис: «Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ром. 5:12). Раст цы у, уый аразыныл цасфӕнды ма архайӕм, уӕддӕр рӕдийдзыстӕм, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕуы, цӕмӕй нын Хуыцау нӕ рӕдыдтытӕ хатыр кӕна. Апостол Павел дӕр маст кодта: «Цы хорздзинад [мӕ] фӕфӕнды, уый нӕ саразын, цы ӕвзӕрдзинад мӕ нӕ фӕфӕнды, уый та ракӕнын. Мӕнӕ цы мӕгуыр дӕн!» (Ром. 7:19, 24).

2 Алчидӕр нӕ йӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахаста, уымӕ гӕсгӕ хорз уаид мӕнӕ ацы ахсджиаг фарстатӕн дзуапп базонын: Назаретаг Йесо йӕ туджы тӕригъӕд цӕуылнӕ рахаста? Донаргъуыд цӕмӕн райста? Йӕ хъуыддӕгтӕй куыд сбӕлвырд кодта Хуыцауы рӕстдзинад? Сӕйраджыдӕр та, йӕ мӕлӕт цы сбӕлвырд кодта?

Хуыцауы рӕстдзинад куыд сдзырддаг

3. Хӕйрӕг Евӕйы куыд асайдта?

3 Нӕ рагфыдӕлтӕ Адам ӕмӕ Евӕ ӕнӕзонд ми бакодтой, Хуыцауыл сӕхи кӕй атигъ кодтой ӕмӕ сӕхицӕн ӕндӕр хицауы – «Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи хуыйны... уыцы рагон калмы» – кӕй равзӕрстой, уымӕй (Рарг. 12:9). Ӕркӕсӕм, уыцы хабар куыд ӕрцыд, уымӕ. Хӕйрӕг сдзырддаг кодта, Йегъовӕ Хуыцау хорз хицау кӕй у, уый, Евӕйы куы бафарста: «Хуыцау уын ӕцӕгдӕр загъта, цӕхӕрадоны алы бӕласӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ?» Евӕ загъта, Хуыцау сын кӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй, цӕхӕрадоны астӕу цы бӕлас ис, уымӕ ма ’вналой, кӕннод амӕлдзысты. Фӕлӕ йын Хӕйрӕг загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут». Ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы сайӕгой схуыдта. Стӕй Евӕйы баууӕндын кодта, Хуыцау сӕ цыдӕр хорздзинад кӕй ӕмбӕхсы, ӕмӕ уыцы дыргъӕй куы бахӕра, уӕд Хуыцауы хуызӕн кӕй суыдзӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг кӕй скъуыддзаг кӕндзӕн, цы у хорз ӕмӕ ӕвзӕр (Райд. 3:1–5).

4. Адӕмӕн сӕ хицау Хӕйрӕг куыд сси?

4 Хӕйрӕджы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ адӕм ӕнӕ Хуыцауӕй куы цӕрой, уӕд амондджындӕр уыдзысты. Адам Хуыцауы раст хицаудзинады фарс не слӕууыд, фӕлӕ йӕ усмӕ байхъуыста ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр уыцы дыргъӕй бахордта. Афтӕмӕй Адам Йегъовӕйы раз рӕстгӕнӕгыл нымад нал уыд ӕмӕ ӕппӕт адӕмы дӕр тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты ӕфсондзы бын бакодта. Адамы аххосӕй ма адӕмӕн сӕ хицау сси Хӕйрӕг, «а дунейы хуыцау» (2 Кор. 4:4, «Ног Фӕдзӕхст», 2004 аз; Ром. 7:14).

5. а) Йегъовӕ йӕ ныхасӕн хицау кӕй у, уый куыд равдыста? ӕ) Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕн ныфс цӕмӕй бавӕрдта?

5 Йегъовӕ йӕ ныхасӕн хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн мӕлӕты тӕрхон рахаста (Райд. 3:16–19). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ Хуыцауы фӕндон нал сӕххӕст уыдаид. Уымӕн гӕнӕн нӕ уыд! Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн тӕрхон куы хаста, уӕд сӕ байзӕддӕгтӕн ныфс бавӕрдта, рухс фидӕн сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй. Хуыцау загъта, кӕй фӕзындзӕн «байзӕддаг», ӕмӕ йын Хӕйрӕг йӕ зӕвӕтыл кӕй фӕхӕцдзӕн. Фӕлӕ зӕрдӕвӕрд Байзӕддагӕн йӕ хъӕдгом байгас уыдзӕн ӕмӕ Хӕйрӕгӕн йӕ «сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн» (Райд. 3:15). Библи Йесо Чырыстийы тыххӕй афтӕ дӕр уымӕн зӕгъы: «Хуыцауы Фырт дӕр уымӕн ӕрцыд, цӕмӕй Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехала» (1 Иоан. 3:8). Фӕлӕ Йесо йӕ хъуыддӕгтӕй ӕмӕ йӕ мӕлӕтӕй Хуыцауы рӕстдзинад куыд сбӕлвырд кодта?

Йесо донаргъуыд цӕмӕн райста

6. Йесо йӕ туджы тӕригъӕд кӕй нӕ рахаста, уый кӕцӕй зонӕм?

6 Йесо йӕ лӕджы кары куы бацыд, уӕд хъуамӕ ӕххӕст Адамы ӕмсӕр суыдаид (Ром. 5:14; 1 Кор. 15:45). Уымӕ гӕсгӕ Йесо хъуамӕ райгуырдаид ӕххӕстӕй. Цымӕ уый гӕнӕн куыд уыд? Зӕд Гавриил Йесойы мад Марийӕйӕн уыцы хабар бӕлвырд бамбарын кодта: «Иунӕг Стыр Хуыцау дӕ йӕ сыгъдӕг удӕй схайджын кӕндзӕн ӕмӕ дӕ йӕ тыхы фӕрцы йӕ дӕлбазыр бакӕндзӕн. Гъе уый тыххӕй, цы лӕппу дын райгуыра, уый хондзысты Хуыцауӕй ӕрвыст, Хуыцауы Фырт» (Лук. 1:35). Йесо нырма гыццыл куы уыд, уӕд ын Марийӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ райгуырдимӕ баст хабӕрттӕ радзырдта. Иухатт Йесойы йӕ мад ӕмӕ йӕ кӕнгӕ фыд Иосиф куы агуырдтой ӕмӕ йӕ Хуыцауы кувӕндоны куы ссардтой, уӕд сын загъта: «Нӕ йӕ зыдтат, ӕз мӕ Фыды хӕдзары кӕй дӕн? Ӕндӕр кӕм хъуамӕ уыдаин?» (Лук. 2:49). Бӕрӕг у, Йесо йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ дӕр кӕй зыдта, Хуыцауы Фырт кӕй у, уый. Уымӕ гӕсгӕ йын уымӕй ахсджиагдӕр ницы уыд, цӕмӕй Хуыцауы рӕстдзинад сбӕлвырд уыдаид.

7. Йесойӕн цавӕр буар уыд?

7 Йесойы Хуыцауы хъуыддӕгтӕ зонын кӕй фӕндыд, уый бӕрӕг уыд, Хуыцауӕн иумӕ кӕм куывтой, уырдӕм-иу ӕдзухдӕр кӕй цыд, уымӕй. Ӕххӕст зонд ын кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ-иу хорз ӕмбӕрста, цыдӕриддӕр хъуыста ӕмӕ Дзуттаг Фыстыты цыдӕриддӕр каст, уый (Лук. 4:16). Стӕй ма йын уыд ӕххӕст буар дӕр, ӕмӕ йӕ бон уыд йӕ цард адӕмы тыххӕй раттын. Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд Хуыцаумӕ куывта ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, Псаломы 40:6–8 цы ныхӕстӕ ис фыст, уыдоныл (Лук. 3:21; бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:5–10) *.

8. Аргъауӕг Иоанны цӕуылнӕ фӕндыд, цӕмӕй Йесо донаргъуыд райстаид?

8 Аргъауӕг Иоанны райдианы нӕ фӕндыд, цӕмӕй Йесо донаргъуыд райстаид. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Иоанн донаргъуыд лӕвӕрдта, Моисейы Закъоны сӕрты-иу чи ахызт ӕмӕ ууыл чи фӕсмон кодта, уыцы дзуттӕгтӕн. Иоанн Йесойӕн йӕ хӕстӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ зыдтаид, Йесо рӕстгӕнӕг кӕй уыд ӕмӕ йӕ фӕсмон кӕнын кӕй ницӕуыл хъуыд, уый. Фӕлӕ йын Йесо бамбарын кодта, цӕмӕн ӕй хъӕуы донаргъуыд райсын: «Афтӕ [нын] ӕмбӕлы, раст цыдӕриддӕр у, уый сӕххӕст кӕнын» (Матф. 3:15).

9. Йесо донаргъуыд кӕй райста, уымӕй цы равдыста?

9 Йесо ӕххӕст кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, зыдта, йӕ бон кӕй уыд, цӕмӕй йын Адамау ӕххӕст цот уыдаид. Фӕлӕ Йесо ууыл хъуыды дӕр никуы акодта, уымӕн ӕмӕ уый Йегъовӕйы фӕндон нӕ уыд. Хуыцау ӕй зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй зӕрдӕвӕрд Байзӕддаджы, кӕнӕ Мессийӕйы, хӕстӕ сӕххӕст кодтаид. Уыцы хӕстӕм хауди, цӕмӕй йе ’ххӕст цард нывондӕн ӕрхастаид. (Бакӕс Исай 53:5, 6, 12.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕй уӕлдай Йесойы донаргъуыдӕн уыд ӕндӕр нысаниуӕг. Йӕхи йӕ Йегъовӕйӕн нывонд кӕнын нӕ хъуыд, уымӕн ӕмӕ уыди Израилы адӕмӕй – йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыцы адӕмӕй. Донаргъуыд кӕй райста, уымӕй равдыста, Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, Фыстады Мессийӕйы тыххӕй куыд фыст у, афтӕ.

10. Мессийӕйы хӕстӕм цы хауди ӕмӕ, Йесо Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ цы цӕстӕй каст?

10 Йегъовӕйы фӕндон уыд, цӕмӕй Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодтаид, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кодтаид ӕмӕ сын бацамыдтаид, цӕмӕй уыдон дӕр фидӕны ахӕм куыст кодтаиккой. Йесо ма цӕттӕ уыд, кӕй йӕ ӕфхӕрдзысты ӕмӕ йӕ ӕгъатыр мардӕй кӕй амардзысты, уымӕ дӕр. Афтӕмӕй равдыста, Йегъовӕ Хуыцауы раст хицаудзинады фарс кӕй лӕууы. Йесо йӕ уӕларвон Фыды ӕцӕгдӕр кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ фӕндон цингӕнгӕйӕ ӕххӕст кодта ӕмӕ йӕхи нывондӕн ӕхсызгонӕй радта (Иоан. 14:31). Стӕй ма зыдта, йе ’ххӕст цардӕй ахӕсты аргъ куы бафида, уӕд уый фӕрцы Хуыцауӕн йӕ бон кӕй уыдзӕн адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй ссӕрибар кӕнын. Цымӕ Хуыцау Йесойӕ райгонд уыд, уыцы стыр хӕс сӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уый тыххӕй? Куыннӕ!

11. Йегъовӕ Йесойы Мессийӕйыл, кӕнӕ Чырыстийыл, кӕй банымадта, уый куыд равдыста?

11 Цыппар Евангелийы дӕр фыст ис, Йесо Иорданы цӕугӕдонӕй куы рахызт, уӕд Йегъовӕ Хуыцау кӕй равдыста, райгонд дзы кӕй у, уый. Аргъауӕг Иоанн загъта: «Ӕз федтон, сыгъдӕг уд уӕларвӕй бӕлоны хуызы куыд ӕрцӕйцыд ӕмӕ [Йесойыл] куыд ӕрӕнцад. [...] Ӕмӕ ӕз уыцы хабар федтон ӕмӕ ӕвдисӕн лӕууын, уый кӕй у Хуыцауы Фырт» (Иоан. 1:32–34). Уыцы рӕстӕг ма Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр загъта: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Матф. 3:17; Марчы 1:11; Лук. 3:22).

Мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззад

12. Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг цы хъуыддагыл хӕст уыд?

12 Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг адӕмы зынгзӕрдӕйӕ ахуыр кодта йӕ Фыды тыххӕй ӕмӕ йӕ раст хицаудзинады тыххӕй. Зӕрдӕвӕрд зӕххыл ӕппынӕдзух къахӕй кӕй цыд, уымӕ гӕсгӕ-иу бафӕллади, фӕлӕ йӕ уӕддӕр ницы къуылымпы кодта, цӕмӕй рӕстдзинад бӕстон амыдтаид (Иоан. 4:6, 34; 18:37). Йесо адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта. Рынчынты-иу кӕй сдзӕбӕх кодта, бирӕ адӕмы-иу кӕй бафсӕста ӕмӕ ма-иу суанг мӕрдты дӕр кӕй райгас кодта, уымӕй ӕвдыста, фидӕны Паддзахад адӕмӕн цы сараздзӕн, уый (Матф. 11:4, 5).

13. Йесо кувыны тыххӕй цы бацамыдта?

13 Йесо ууыл никуы архайдта, ӕмӕ адӕмы кӕй ахуыр кодта ӕмӕ сӕ кӕй дзӕбӕх кодта, уый тыххӕй йын кад кодтаиккой, фӕлӕ сӕрныллӕгӕй Йегъовӕйы кадджын кодта (Иоан. 5:19; 11:41–44). Йесо ма нын бацамыдта, фыццаджыдӕр цӕй тыххӕй хъӕуы кувын, уый дӕр. Зӕгъӕм, хъуамӕ кувӕм, цӕмӕй Хуыцауы ном срухс уа ӕмӕ Хӕйрӕджы хицаудзинад ивд ӕрцӕуа Хуыцауы раст хицаудзинадӕй ӕмӕ, йӕ «фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уа зӕххыл дӕр» (Матф. 6:9, 10). Йесо ма нӕ баразӕнгард кодта, цӕмӕй ацы куывдмӕ гӕсгӕ архайӕм ӕмӕ «фыццаджыдӕр агурӕм Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад» (Матф. 6:33).

14. Кӕд Йесо ӕххӕст уыд, уӕддӕр ӕй цӕмӕн хъуыд ӕппӕт тыхтӕй архайын Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕныныл?

14 Чырыстийӕн йӕ мӕлӕты рӕстӕг куыд хӕстӕг кодта, афтӕ тынгдӕр ӕмбӕрста, ахӕм уӕззау хӕс кӕй хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, уый. Карз фӕлварӕнты фидар фӕлӕууыдаид ӕмӕ ӕгъатыр мӕлӕтӕй амардаид ӕви нӕ, уымӕй кӕнгӕ уыд, йӕ Фыды фӕндон сӕххӕст уыдаид ӕмӕ йӕ ном срухс уыдаид, уый. Йесо йӕ мӕлӕтӕй фондз боны размӕ Хуыцаумӕ куывта: «Ныр мӕ уд катай кӕны, ӕмӕ цы зӕгъон? Мӕ Фыд, ацы сахат мӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй мӕ фервӕзын кӕн. Уӕвгӕ, ӕз цӕугӕ дӕр ацы сахаты тыххӕй ӕркодтон». Чырысти йӕ фыдӕн йӕ сагъӕстӕ куы радзырдта, уӕд йе ’ргом сарӕзта, ӕппӕты ахсджиагдӕр цы уыд, уымӕ: «Мӕ Фыд, скадджын кӕн дӕ ном». Ӕмӕ йын уӕд Йегъовӕ дӕр загъта: «Скадджын ӕй кодтон, ӕмӕ йӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн» (Иоан. 12:27, 28). Ӕцӕгдӕр, Йесо цӕттӕ уыд, иу адӕймаг дӕр кӕй никуы бавзӕрста, ахӕм карз фӕлварӕнтыл сӕмбӕлынмӕ. Фӕлӕ нӕ бон фидарӕй зӕгъын у, йӕ уӕларвон Фыды ныхӕстӕ йӕ кӕй бафидар кодтой, цӕмӕй йӕ бон уыдаид сбӕлвырд кӕнын, Йегъовӕ Дун-дунейы хицау уа, уый бар ын кӕй ис. Ӕмӕ уый йӕ къухы дӕр бафтыд!

Йесойы мӕлӕты фӕрцы цы сӕххӕст?

15. Йесо йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ цӕмӕн загъта, ӕппӕт дӕр сӕххӕст, зӕгъгӕ?

15 Йесойы хъӕдыл куы байтыгътой ӕмӕ йӕ уд куы иста, уӕд загъта: «Ӕппӕт дӕр сӕххӕст!» (Иоан. 19:30). Чырысти йӕ донаргъуыдӕй йӕ мӕлӕты онг Хуыцауы ӕххуысӕй цас цыдӕртӕ сфӕрӕзта! Куы амард, уӕд стыр зӕххӕнкъуыст ӕрцыд ӕмӕ Ромы ӕфсады хицау загъта: «Ацы адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыд» (Матф. 27:54). Уый дӕр уыди, Йесойы мӕлӕты аххосджын чи уыд, уыдонӕй ӕмӕ йӕхи цӕстӕй федта, Чырысти йӕхи Хуыцауы Фырт кӕй хуыдта, уый тыххӕй йыл адӕм куыд худтысты, уый. Йесо бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта ӕмӕ сбӕлвырд кодта, Хӕйрӕг сайӕгой кӕй у. Хуыцауы хицаудзинады фарс чидӕриддӕр лӕууы, уыдоны тыххӕй Сайтан загъта: «Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн» (Иов 2:4). Чырысти иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕй равдыста, Адам ӕмӕ Евӕйӕн дӕр сӕ бон кӕй уыд иузӕрдионӕй баззайын, уыдонӕн сӕ фӕлварӕн ӕнцондӕр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та, Йесо йӕ хъуыддӕгтӕй ӕмӕ йӕ мӕлӕтӕй сбӕлвырд кодта, Йегъовӕйӕ хуыздӕр хицау кӕй нӕй. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:11.) Цымӕ ма Йесо Чырыстийы мӕлӕты фӕрцы исты сӕххӕст? Куыннӕ!

16, 17. а) Рагзаманты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ рӕстгӕнджытыл нымад цӕй фӕрцы ӕрцыдысты? ӕ) Йегъовӕ йӕ Фырты куыд схорзӕхджын кодта, иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый тыххӕй, ӕмӕ Йесо Чырысти ныр цы аразы?

16 Чырысти зӕхмӕ куы нӕ ма ’рцыд, уӕдмӕ дӕр Йегъовӕйӕн бирӕ лӕггадгӕнджытӕ уыд. Хуыцау сӕ нымадта рӕстгӕнджытыл ӕмӕ сӕ ныфс уыд, фидӕны сӕ кӕй райгас кӕндзӕн (Ис. 25:8; Дан. 12:13). Фӕлӕ сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн йӕ бон цӕй фӕрцы уыдаид тӕригъӕдджын адӕмы ахӕм арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕнын? Библи нын ӕмбарын кӕны: «Хуыцау [Йесо Чырыстийы] ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй, йӕ тугыл чи ’ууӕнды, уыдоны йӕхиимӕ бафидауын кӕна. Афтӕ та уымӕн сарӕзта, цӕмӕй равдыстаид йӕ рӕстдзинад, уымӕн ӕмӕ Хуыцау быхста адӕмӕн ӕмӕ, ивгъуыд заманты цы тӕригъӕдтӕ кодтой, уыдон сын хатыр кодта. Уый йӕ фӕндыд, ӕмӕ абон равдиса йӕ рӕстдзинад, цӕмӕй уа раст, Йесойыл чи ’ууӕнды, уый рӕстгӕнӕгыл куы банымайа, уӕд дӕр» (Ром. 3:25, 26) *.

17 Йегъовӕ Йесойы райгас кодта ӕмӕ йын радта, зӕхмӕ ’рцӕуыны размӕ йын цы бынат уыд, уымӕй бӕрзонддӕр бынат. Ӕмӕ ныр Йесо ис уӕлӕрвты ӕмӕ у ӕнӕмӕлгӕ зӕд (Дзут. 1:3). Чырысти у Хистӕр сауджын ӕмӕ Паддзах ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ӕххуыс кӕны Хуыцауы рӕстдзинады фарс лӕууынӕн. Ӕмӕ куыд бузныг стӕм нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйӕ, йӕ рӕстдзинады фарс чи лӕууы ӕмӕ йын йӕ Фыртау иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны, уый тыххӕй! (Бакӕс Псалом 34:3; Дзуттӕгтӕм 11:6.)

18. Иннӕ статьяйы ныхас цӕуыл цӕудзӕн?

18 Авелӕй райдайгӕйӕ Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ сӕ ныфс Хуыцауыл дардтой ӕмӕ сӕ фидарӕй уырныдта, зӕрдӕвӕрд Байзӕддаг кӕй фӕзындзӕн, уый, ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕйы ӕввахс хӕлӕрттӕ уыдысты. Йегъовӕ зыдта, йӕ Фырт ыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй кӕй баззайдзӕн ӕмӕ йӕ мӕлӕты руаджы «дуне йӕ тӕригъӕдтӕй [кӕй] ссыгъдӕг кӕндзӕн» (Иоан. 1:29). Чырыстийы мӕлӕт абон дӕр адӕмӕн пайда у (Ром. 3:26). Дӕуӕн та Чырыстийы нывонд цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн? Ууыл ныхас цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 7 абз. Псалом 40:6–8 апостол Павел ӕрхаста грекъаг Септуагинтӕйы тӕлмацӕй ӕмӕ дзы ис ахӕм ныхӕстӕ, зӕгъгӕ «мын ӕрцӕттӕ кодтай буар». Ацы ныхӕстӕ рагон Дзуттаг Фыстыты не сты.

^ 16 абз. Кӕс «Кӕсджыты фарстатӕ», 6 ӕмӕ 7 фӕрстӕ.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Хуыцауы рӕстдзинад куыд сдзырддаг ис?

• Йесо донаргъуыд кӕй райста, уымӕй цы равдыста?

• Йесойы мӕлӕты фӕрцы цы сӕххӕст?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 9 фарсыл]

Йесо донаргъуыд цӕмӕн райста, уый зоныс?