Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйӕн бар фӕдӕттыс, цӕмӕй дӕ фӕрса?

Йегъовӕйӕн бар фӕдӕттыс, цӕмӕй дӕ фӕрса?

Йегъовӕйӕн бар фӕдӕттыс, цӕмӕй дӕ фӕрса?

БИБЛИЙЫ ис, зӕрдӕйы арф чи ахъары, сӕдӕгай ахӕм фарстатӕ. Хуыцау Йегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр арӕх фӕпайда кӕны фарстатӕй ахсджиаг хабӕрттӕ ӕмбарын кӕнгӕйӕ. Зӕгъӕм, Йегъовӕ Каинмӕ радта цалдӕр фарстайы ӕмӕ йӕ афтӕмӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй ма фӕрӕдыдаид (Райд. 4:6, 7). Ӕндӕр хатт та Йегъовӕ фарстаты руаджы Исайы сразӕнгард кодта хорз хъуыддаг саразынмӕ. Йегъовӕ бафарста: «Кӕй арвитон? Чи ацӕудзӕн мах тыххӕй?» Ӕмӕ Исай загъта: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит» (Ис. 6:8).

Ӕппӕты хуыздӕр ахуыргӕнӕг Йесо Чырысти дӕр арӕхстджынӕй пайда кодта фарстатӕй. Евангелиты фыст ис, Йесо кӕй радта, уыцы фарстатӕй 280-йӕ фылдӕр. Хатт-иу Йесо фарстатӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй-иу йӕ ныхмӕ чи дзырдта, уыдонӕн сӕ бон мацыуал уыдаид зӕгъын. Фӕлӕ-иу фылдӕр хатт фарстатӕ лӕвӕрдта йӕ хъусджыты зӕрдӕтӕ бацагайыны тыххӕй; разӕнгард-иу сӕ кодта, цӕмӕй-иу лӕмбынӕг ахъуыды кодтаиккой, сӕ уырнындзинад цы уавӕры ис, ууыл (Матф. 22:41–46; Иоан. 14:9, 10). Апостол Павел ныффыста Чырыстон Грекъаг фыстытӕй 14 чиныджы ӕмӕ уый дӕр пайда кодта, адӕймаджы хъуыдытыл чи ’фтыдта, ахӕм фарстатӕй (Ром. 10:13–15). Зӕгъӕм, Ромы чырыстӕттӕм кӕй ныффыста, уыцы фыстӕджы ис бирӕ фарстатӕ. Павелы фарстатӕ йӕ кӕсджыты разӕнгард кодтой, цӕмӕй «Хуыцауы [ӕнӕкӕрон] хорздзинӕдтӕ, йӕ зонд ӕмӕ йӕ зонындзинӕдты» тыххӕй фылдӕр базоныныл архайдтаиккой ӕмӕ сын тынгдӕр аргъ кодтаиккой (Ром. 11:33).

Кӕд иуӕй-иу фарстатӕн дзуапп раттын уайтагъд фӕхъӕуы, уӕд иннӕтыл та фӕхъӕуы арф хъуыды кӕнын. Евангелитӕй бӕрӕг у, Йесо кӕй пайда кодта, хъуыдытыл-иу чи бафтыдта, бирӕ ахӕм фарстатӕй. Иу хатт Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бафӕдзӕхста: «Кӕсут, уӕхи хъахъхъӕнут фарисейты, стӕй Ироды ӕнхъизӕнӕй», ома сӕ цӕстмӕмитӕй ӕмӕ мӕнг ахуырӕдтӕй (Марчы 8:15; Матф. 16:12). Ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ нӕ бамбӕрстой ӕмӕ сӕ дзул рахӕссын кӕй ферох, уый тыххӕй кӕрӕдзийӕн уайдзӕф кӕнынмӕ фесты. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йесо семӕ куы ныхас кодта, уӕд фарстатӕй куыд пайда кодта, уымӕ. Уый сын загъта: «Дзул уӕм кӕй нӕй, уый тыххӕй кӕрӕдзийӕн уайдзӕф кӕнынмӕ цӕмӕн фестут? Ау, ныр дӕр ма йӕ нӕ зонут ӕмӕ йӕ не ’мбарут? Уӕ зонд ӕй нӕма ахсы? „Цӕстытӕ уыл куы ис, уӕд куыннӕ уынут? Ӕмӕ уыл хъустӕ куы ис, уӕд куыннӕ хъусут?“... Ау, ныр дӕр ма йӕ не ’мбарут?». Йесойы фарстатӕ сӕ сразӕнгард кодтой, йӕ ныхӕстӕ ӕцӕгдӕр цы нысан кӕнынц, ууыл ахъуыды кӕнынмӕ (Марчы 8:16–21).

«Ӕз дӕ фӕрсдзынӕн»

Хуыцау Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Иовмӕ фарстатӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй йын йӕ зондахаст сраст кодтаид. Бирӕ фарстаты руаджы Йегъовӕ Иовӕн равдыста, йе Сфӕлдисӕгимӕ абаргӕйӕ кӕй ницы у, уый (Иов, 38–41 сӕртӕ). Цымӕ Йегъовӕ уымӕ ӕнхъӕлмӕ каст, цӕмӕй йын Иов йӕ алы фарстайӕн дӕр дзуапп раттаид? Ӕвӕццӕгӕн, нӕ. Зӕгъӕм, куы йӕ бафарста, «зӕххӕн бындур куы ӕвӕрдтон, уӕд кӕм уыдтӕ?», зӕгъгӕ, уӕд ӕй, ӕвӕццӕгӕн, фӕндыд, цӕмӕй Иов арфдӕр ахъуыды кодтаид. Иу-цалдӕр ахӕм фарстайы йӕм куы радта, уӕд Иовӕн йӕ бон ницыуал уыд зӕгъын. Ӕрмӕст ма загъта: «Цы дын хъуамӕ зӕгъон? Мӕ къух мӕ дзыхыл ӕвӕрын» (Иов 38:4; 40:4). Иов бамбӕрста, Йегъовӕйы цы зӕгъын фӕндыд, уый ӕмӕ йӕхи ӕрныллӕг кодта. Йегъовӕ Иовы ӕрмӕст сӕрныллӕгдзинадыл нӕ ахуыр кодта, фӕлӕ ма йын йӕ зондахаст дӕр сраст кодта. Куыд?

Кӕд Иов «ӕнӕфау ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕймаг» уыд, уӕддӕр хатт йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ раст кӕй не ’мбӕрста. Зӕгъӕм, Елиуй дӕр ын бауайдзӕф кодта, «Хуыцауы нӕ, фӕлӕ йӕхи кӕй хуыдта раст», уый тыххӕй (Иов 1:8; 32:2; 33:8–12). Уӕдӕ Йегъовӕ фарстаты руаджы Иовӕн йӕ зондахаст сраст кодта. Хуыцау Иовмӕ тыхдымгӕйы астӕуӕй ӕрдзырдта: «Уый мын чи зыгъуыммӕ кӕны мӕ фӕнд ӕнӕмбаргӕ ныхӕстӕй? Тыхджын лӕгау-ма дӕ астӕу ӕрбалвас, ӕз дӕ фӕрсдзынӕн, ды та мын дзуапп дӕтт» (Иов 38:1–3). Йегъовӕ йын фарстаты фӕрцы радзырдта йӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй ӕмӕ йын афтӕмӕй бамбарын кодта, куыд ӕгӕрон сты йӕ зонд ӕмӕ йӕ тых. Иов уыцы хабӕртты фӕрцы бамбӕрста, Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ алыхатт дӕр раст кӕй вӕййынц. Цӕй диссаджы хабар ӕрцыд Иовыл – Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау ӕм йӕхӕдӕг фарстатӕ лӕвӕрдта!

Йегъовӕйӕн куыд дӕтдзыстӕм фадат, цӕмӕй нӕ фӕрса

Цымӕ Библийы цы фарстатӕ ис фыст, уыдон махӕн дӕр исты пайда сты? Куыннӕ ма! Уыцы фарстатыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый стыр арфӕдзинӕдтӕ ’рхӕсдзӕн. Хуыцауы Ныхасы, зӕрдӕмӕ чи хъары, ахӕм фарстатӕ кӕй ис, уый фӕрцы дзы ис стыр тых. Ӕцӕгдӕр, «Хуыцауы ныхасы... ис стыр тых... базоны зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ» (Дзут. 4:12). Фӕлӕ нын цӕмӕй уыцы фарстатӕ фылдӕр пайда хӕссой, уый тыххӕй сӕ хъуамӕ нӕхимӕ дӕттӕм, цыма нӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг фӕрсы, афтӕ (Ром. 15:4). Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

«Ау, ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн?» (Райд. 18:25). Авраам ацы фарста Йегъовӕйӕн радта, Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн тӕрхон куы рахаста, уӕд. Авраам фидарӕй ӕууӕндыд, Йегъовӕ ӕнӕраст тӕрхон кӕй никуы рахӕссы ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ кӕй нӕ фесафдзӕн. Ацы фарстайӕ бӕрӕг у, Авраам дызӕрдыг дӕр кӕй нӕ кодта, Йегъовӕ рӕстӕй кӕй архайы.

Абон дӕр, гӕнӕн ис, чидӕртӕ фӕхъуыды кӕнынц, Йегъовӕ фидӕны йӕ тӕрхӕттӕ куыд ӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. Зӕгъӕм, Армагеддоны бӕлвырдӕй чи фервӕздзӕн кӕнӕ Йегъовӕ кӕй райгас кӕндзӕн. Ахӕм хъуыдытӕ нӕ ӕгӕр куы тыхсын кӕной, уӕд-иу нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм Авраамы фарста. Мах зонӕм, Йегъовӕ зӕрдӕхӕлар Фыд кӕй у ӕмӕ Авраамау фидарӕй ӕууӕндӕм, алкӕддӕр раст тӕрхон кӕй кӕны, стӕй тӕригъӕдгӕнаг кӕй у. Ӕппӕт адӕттӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй фидӕны хабӕрттыл ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм, нӕ ныфс дызӕрдыггаг хъуыдытӕй ма сӕттӕм ӕмӕ уый тыххӕй иннӕтимӕ ма быцӕу кӕнӕм.

«Куы мӕт кӕнат, уӕд уӕ уымӕй йӕ цардыл иу гыццыл дӕр исчи бафтаудзӕн?» (Матф. 6:27). Йесо ацы фарста куы радта, уӕд ӕм хъуыста бирӕ адӕм, се ’хсӕн уыдысты йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр. Чырыстийы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ сӕ сагъӕстӕ Йегъовӕйы бар хъуамӕ кодтаиккой. Ацы фыддунейы фӕстаг бонты адӕм бирӕ зындзинӕдтӕ ’взарынц, фӕлӕ сыл ӕгӕр куы хъуыды кӕнӕм, уӕддӕр нӕ цардыл нӕдӕр ӕфтаугӕ бакӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ нӕдӕр хуыздӕр фӕкӕндзыстӕм.

Нӕхиуыл кӕнӕ нӕ хиуӕттыл куы мӕт кӕнӕм, уӕд-иу нӕ зӕрдыл дарӕм Йесойы фарста. Уый нын баххуыс кӕндзӕн нӕ зындзинӕдтӕм раст цӕстӕй кӕсынӕн. Стӕй ӕгӕр нал тыхсдзыстӕм ӕмӕ ӕнкъард хъуыдытӕн бар нал дӕтдзыстӕм, цӕмӕй нын нӕ тых басӕттой. Чырысти нын зӕрдӕ бавӕрдта, нӕ уӕларвон Фыд – уӕларвон мӕргъты чи ӕфсады ӕмӕ быдыры дидинджытӕ чи срӕсугъд кӕны, уый – кӕй зоны, цы хъуаг стӕм, уый (Матф. 6:26–34).

«Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг йӕ роны зынг бавӕра ӕмӕ йӕ уӕлӕдарӕс ма басудза?» (Ӕмб. 6:27). Ӕмбисӕндты чиныджы фыццаг фараст сӕры дзырд цӕуы, фыд йӕ фыртӕн зонд куыд амоны, уый тыххӕй. Ацы фарста ӕвдисы, хӕтындзинад хорзӕй кӕй ницӕмӕ ’ркӕны, уый (Ӕмб. 6:29). Адӕймаг куы бафиппайа, искӕй зӕрдӕйы уарзондзинад кӕй цырен кӕны,– афтӕмӕй та йын цардӕмбал ис кӕнӕ та бинонты хабарыл хъуыды дӕр нӕ кӕны,– кӕнӕ йӕм исты ӕнӕгъдау хъуыдытӕ куы фӕзына, уӕд хъуамӕ ацы фарста йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна, цӕмӕй йӕхи ӕнӕгъдау хъуыддагӕй бахиза. Ацы фарстайыл хъуыды кӕнӕн ис, нӕ зӕрдӕйы цыфӕнды ’взӕр фӕнд ма сӕвзӕра, уӕддӕр. Ӕвӕдза, куыд раст сты Библийы ныхӕстӕ, цы байтауай, уый ӕркӕрддзынӕ, зӕгъгӕ! (Гал. 6:7).

«Ды чи дӕ, ӕмӕ искӕй цагъарӕн тӕрхонгӕнӕг уай?» (Ром. 14:4). Йӕ фыстӕджы ромӕгтӕм Павел ныффыста, фыццаг ӕнусы ӕмбырды цы зындзинӕдтӕ сӕвзӕрд, уыдоны тыххӕй. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ се ’мчырыстӕттӕн тӕрхон кодтой сӕ хъуыддӕгты тыххӕй, уымӕн ӕмӕ уыдысты алыхуызон адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ схъомыл сты алыхуызон уавӕрты. Павелы фарста сын сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ фидыдтаиккой, тӕрхон та Йегъовӕйы бар уагътаиккой.

Абон дӕр Йегъовӕйы адӕм сты алыхуызон адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ схъомыл сты алыхуызон уавӕрты. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ схайджын кодта диссаджы иудзинадӕй. Цымӕ мах дӕр архайӕм, цӕмӕй уыцы иудзинад ма фехалӕм? Кӕд, не ’фсымӕр цы уынаффӕ рахӕссы, уымӕ ӕвиппайды рамӕсты вӕййӕм, уӕд куыд хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам, уӕлдӕр Павел цы фарста радта, ууыл!

Фарстаты фӕрцы Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм

Ацы цӕвиттонтӕй бӕрӕг у, Хуыцауы Ныхасы цы фарстатӕ ис, уыдон адӕймаджы кӕй фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй йӕ зӕрдӕмӕ ныккӕса. Уӕлдӕр цы фарстатыл ныхас кодтам, уыдоныл лӕмбынӕгдӕр куы ахъуыды кӕнӕм (цы уавӕрты фыст ӕрцыдысты ӕмӕ кӕмӕн), уӕд нӕ бон уыдзӕн уыцы фарстатӕй нӕхи уавӕртӕм гӕсгӕ пайда кӕнын. Библи кӕсгӕйӕ ма ссардзыстӕм, стыр ӕххуыс нын чи фӕуыдзӕн, бирӕ ӕндӕр ахӕм фарстатӕ. (Кӕс рамкӕ 14 фарсыл).

Хуыцауы Ныхасы цы фарстатӕ ис, уыдоныл арф куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ цард Йегъовӕйы раст уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ аразӕм. Йегъовӕ Иовмӕ фарстатӕ лӕвӕрд куы фӕци, уӕд Иов загъта: «Ӕз дын дӕ кой хъуыстон, фӕлӕ дӕ ныр уынын мӕхи цӕстӕй» (Иов 42:5). Иов Йегъовӕйы хуыздӕр базыдта, раст цыма йӕ цӕстыты раз уыд, уыйау. Ахуыргӕнинаг Иаков дӕр загъта: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иак. 4:8). Цӕй уӕдӕ Хуыцауы Ныхас ӕмӕ дзы цы фарстатӕ ис, уыдон нын ӕххуыс кӕнӕнт, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕйы ноджы хуыздӕр «уынӕм»!

[Рамкӕ 14 фарсыл]

Ацы фарстатӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты алцӕмӕдӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсынӕн?

▪ «Йегъовӕйӕн судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ ӕхсызгондӕр сты ӕви, Йегъовӕйы ныхасмӕ хъусай, уый?» (1 Сам. 15:22).

▪ «Ау... цӕстытӕ чи скодта, уый ницы уыны?» (Пс. 94:9).

▪ «Дӕхицӕн кад куы агурай, уӕд уый кад у?» (Ӕмб. 25:27).

▪ «Кӕй смӕсты дӕ, уымӕй раст дӕ?» (Ионӕ 4:4).

▪ «Адӕймаг дуне ӕгасӕй дӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ цард та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у?» (Матф. 16:26).

▪ «Чи нӕ фӕхицӕн кӕндзӕн Чырыстийы уарзтӕй?» (Ром. 8:35).

▪ «Цы нӕ райстай, ахӕмӕй дӕм исты ис?» (1 Кор. 4:7).

▪ «Рухсӕн талынгимӕ цы ис иумӕйагӕй?» (2 Кор. 6:14).

[Ныв 15 фарсыл]

Иов Йегъовӕйы фарстатӕй цӕуыл сахуыр?