Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ирвӕзын кодта рагзаманты

Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ирвӕзын кодта рагзаманты

Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ирвӕзын кодта рагзаманты

«О Хуыцау, тагъддӕр фӕзын ӕмӕ мӕ сӕрыл рахӕц. Ды дӕ ме ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ мӕ Ирвӕзынгӕнӕг» (ПС. 70:5).

1, 2. а) Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сӕ уӕларвон Фыдӕй ӕххуыс кӕд фӕкурынц? ӕ) Цавӕр фарст ӕвзӕры ӕмӕ йын дзуапп кӕм ссардзыстӕм?

ЛӔГ ӕмӕ ус улӕфынмӕ ацыдысты. Фӕлӕ сӕм уалынмӕ фӕхабар кодтой, сӕ 23-аздзыд чызг кӕй фесӕфт. Дызӕрдыггаг нӕ уыди, цыдӕр бӕллӕх ыл кӕй ӕрцыд. Уайтагъд сӕ дзаумӕттӕ амбырд кодтой ӕмӕ фӕстӕмӕ хӕдзармӕ ратындзыдтой. Ӕнӕхъӕн фӕндаг Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтой, ӕххуыс дзы куырдтой. 20-аздзыд ӕфсымӕрӕн дохтыр загъта, йӕ низ тынг уӕззау кӕй у ӕмӕ фӕстагмӕ йӕ бон змӕлын дӕр ӕмӕ дзурын дӕр кӕй нал уыдзӕн. Ӕфсымӕр куыддӕр дохтырӕй рацыд, афтӕ Йегъовӕмӕ скуывта. Иу хо иунӕгӕй хъомыл кӕны йӕ 12-аздзыд чызджы, фӕлӕ хӕринаг цӕмӕй балхӕна, уый дӕр ын нӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй куыст агуры. Хо зӕрдӕбынӕй Йегъовӕмӕ кувы. Ӕцӕгдӕр, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ исты уӕззау уавӕры куы бахауынц кӕнӕ сыл исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд ӕххуыс фӕкурынц сӕ уӕларвон Фыдӕй. Ды дӕр Йегъовӕйӕ искуы ӕххуыс куырдтай?

2 Уӕдӕ ’взӕры фарст: Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы фӕкурӕм, уӕд нын цымӕ нӕ куывдтытӕ фехъусы? Ацы фарстӕн дзуапп ссардзыстӕм 70-ӕм псаломы. Ныффыста йӕ, царды бирӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ чи бавзӕрста, ахӕм адӕймаг – Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Давид. Давид Йегъовӕмӕ кувы: «О Хуыцау, тагъддӕр фӕзын ӕмӕ мӕ сӕрыл рахӕц. Ды дӕ ме ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ мӕ Ирвӕзынгӕнӕг» (Пс. 70:5). Ацы псаломӕй базондзыстӕм, махӕн дӕр зын рӕстӕджыты нӕ бон цӕмӕн у Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндын, кӕй нӕ ирвӕзын кӕндзӕн, ууыл.

«Ды дӕ... мӕ Ирвӕзынгӕнӕг»

3. а) 70-ӕм псаломы Давид цавӕр ӕххуыс куры? ӕ) Давид Йегъовӕйыл йӕ ныфс кӕй дардта, уый 70-ӕм псаломы куыд равдыста?

3 70-ӕм псаломы райдианы дӕр ӕмӕ кӕроны дӕр Давид кувы Йегъовӕмӕ ӕмӕ дзы ӕххуыс куры. (Бакӕс Псалом 70:1–5.) Лӕгъстӕ йын кӕны, «тагъддӕр» мӕм фӕзын ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн, зӕгъгӕ. 2–4 стихты Давид кувы фондз хъуыддаджы тыххӕй. Фыццаг ӕртӕ хауынц, марынмӕ йӕ чи хъавы, уыдонмӕ. Давид Йегъовӕйӕ куры, цӕмӕй йын йе знӕгты бакъуылымпы кӕна ӕмӕ сӕ фыдмиты тыххӕй фӕхудинаг уой. Иннӕ дыууӕ хъуыддаджы та фыст сты 4 стихы ӕмӕ хауынц Хуыцауы адӕммӕ. Давид кувы, цӕмӕй, Йегъовӕйы чи агуры, уыдон цин кӕной ӕмӕ йӕ кадджын кӕной. Ацы псаломы кӕрон ис ахӕм ныхӕстӕ: «Ды дӕ ме ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ мӕ Ирвӕзынгӕнӕг». Давид Йегъовӕйӕн афтӕ нӕ загъта, «ды у ме ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ мӕ Ирвӕзынгӕнӕг», зӕгъгӕ, фӕлӕ, «ды дӕ ме ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ мӕ Ирвӕзынгӕнӕг», ӕмӕ уымӕй равдыста, йӕ ныфс ыл тынг кӕй дардта. Уый ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Хуыцау ын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл.

4, 5. 70-ӕм псаломӕй Давиды тыххӕй цы базыдтам ӕмӕ фидарӕй нӕ бон цӕуыл у ӕууӕндын?

4 70-ӕм псаломӕй Давиды тыххӕй цы ис базонӕн? Йе знӕгтӕ йӕ марынмӕ куы хъавыдысты, уӕд йӕ ныфс йӕхиуыл нӕ дардта ӕмӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр йӕ къухмӕ нӕ райста. Уырныдта йӕ, Йегъовӕ хуыздӕр кӕй зоны, йе знӕгтӕн ын кӕд ӕмӕ цы бакӕнын хъӕуы, уый (1 Сам. 26:10). Давид ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕны, чи йӕ агуры, уыдонӕн ӕмӕ сӕ кӕй ирвӕзын кӕны (Дзут. 11:6). Зыдта, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн стыр циндзинад кӕй хӕссы сӕ уӕларвон Фыды тыххӕй иннӕтӕн дзурын ӕмӕ йӕ афтӕмӕй кадджын кӕнын (Пс. 5:11; 35:27).

5 Мах дӕр Давидау фидарӕй ӕууӕндӕм, Йегъовӕ «не ’ххуысгӕнӕг ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг» кӕй у, ууыл. Уӕдӕ зын уавӕрты куы бахауӕм ӕмӕ тынг куы стыхсӕм, уӕд фӕкувӕм Йегъовӕмӕ, цӕмӕй нӕм ӕххуысмӕ тагъддӕр фӕзына (Пс. 71:12). Фӕлӕ нын цымӕ Йегъовӕ куыд баххуыс кӕны? Ууыл аныхас кӕныны размӕ уал ӕркӕсӕм, Давид-иу тыхст уавӕры куы уыд, уӕд-иу ӕй Йегъовӕ куыд фервӕзын кодта.

Фервӕзын ӕй кодта йе знӕгтӕй

6. Кӕцӕй зыдта Давид, рӕстгӕнӕг адӕймагӕн Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕны?

6 Давид, йӕ рӕстӕджы Фыстадӕй цы хӕйттӕ уыд, уыдонӕй зыдта, рӕстгӕнӕг адӕймагӕн Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕны. Йегъовӕ Ной ӕмӕ йӕ бинонты бахъахъхъӕдта, Доны хъаймӕты ӕнӕхуыцау дуне куы фесӕфта, уӕд (Райд. 7:23). Содом ӕмӕ Гоморрӕйы фыдзӕрдӕ цӕрджытыл сондон ӕмӕ зынг куы ныккалдта, уӕд рӕстгӕнӕг Лоты йӕ дыууӕ чызгимӕ фервӕзын кодта (Райд. 19:12–26). Уый фӕстӕ та Йегъовӕ сӕрбӕрзонд фараоны йе ’фсадимӕ Сырх денджызы фӕдӕлдон кодта, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ адӕмы мӕлӕтӕй фервӕзын кодта (Рац. 14:19–28). Уӕдӕ диссаг нӕу, ӕндӕр псаломы та Давид Йегъовӕйы тыххӕй кӕй загъта, «чи нӕ ирвӕзын кӕны, уыцы Хуыцау», зӕгъгӕ (Пс. 68:20).

7–9. а) Давид цӕмӕн ӕууӕндыд, Йегъовӕйӕн йӕ бон йӕ адӕмы фервӕзын кӕнын кӕй у, ууыл? ӕ) Давид, кӕй фервӕзт, уый тыххӕй бузныг кӕмӕй уыд?

7 Давид ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕмӕ уыйбӕрц хъару кӕй ис, ӕмӕ йӕ фервӕзын кӕна. Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты йӕ «ӕнусон къухтӕй» куыд ирвӕзын кӕны, уый Давид йӕхиуыл бавзӕрста (Дык. з. 33:27). Иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фервӕзын кодта Йегъовӕ Давиды йе «знӕт знӕгты» къухӕй (Пс. 18:17–19, 48). Ӕркӕсӕм ын йӕ цардӕй иу хабармӕ.

8 Давид хӕсты йӕхи хъӕбатырӕй равдыста ӕмӕ йыл Израилы сылгоймӕгтӕ кады зарӕг скодтой. Уый тыххӕй йӕм паддзах Саул афтӕ тынг райдыдта хӕлӕг кӕнын, ӕмӕ йыл дыууӕ хатты йӕ арц фехста (1 Сам. 18:6–9). Фӕлӕ дыууӕ хатты дӕр Давид йӕхи фӕиуварс кодта. Цы йын баххуыс кодта? Йӕ хӕстон фӕлтӕрддзинад ӕмӕ йӕ цӕрдӕгдзинад? Нӕ. Давид уымӕн фервӕзт, ӕмӕ «Йегъовӕ уыд йемӕ». (Бакӕс 1 Самуилы 18:11–14.) Фӕстӕдӕр, Саул Давиды филистимӕгты къухӕй амарынмӕ куы хъавыд ӕмӕ йын дзы куы ницы рауад, уӕд «Саул бамбӕрста, Йегъовӕ Давидимӕ кӕй уыдис, уый» (1 Сам. 18:17–28).

9 Давид, кӕй фервӕзт, уый тыххӕй бузныг кӕмӕй уыд? 18-ӕм псаломы разныхасы фыст ис, зӕгъгӕ, Давид «ацы зарӕджы ныхӕстӕ Йегъовӕйӕн дзырдта, Йегъовӕ йӕ... Саулы къухӕй куы фервӕзын кодта, уӕд». Давид йӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ равдыста зарӕджы: «Йегъовӕ у мӕ айнӕг къӕдзӕх, мӕ фидар мӕсыг ӕмӕ мӕ Ирвӕзынгӕнӕг. Мӕ Хуыцау у мӕ къӕдзӕх. Ӕз мӕхи йе уазӕг бакӕндзынӕн» (Пс. 18:2). Йегъовӕйӕн йӕ бон йӕ адӕмы фервӕзын кӕнын кӕй у, уый нын нӕ уырнындзинад нӕ фидар кӕны? (Пс. 35:10).

Баххуыс ын кодта, рынчын куы уыд, уӕд

10, 11. 41-ӕм псаломы Давид цы низы кой кӕны, уымӕй рынчын кӕд уыд, уый куыд ис базонӕн?

10 41-ӕм псаломӕй куыд зыны, афтӕмӕй иухатт паддзах Давид тынг фӕрынчын ӕмӕ ӕруатон. Цасдӕр рӕстӕг тынг ӕвзӕр кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йе знӕгтӕй иуӕй-иутӕ ӕнхъӕлдтой, зӕгъгӕ, «йӕ къахыл нал слӕудзӕн» (7, 8 стихтӕ). Давид афтӕ кӕд фӕрынчын? Ацы псаломы цы хабӕртты кой ис, уыдон, чи зоны, Давид уӕззау уавӕры куы уыд, уӕд ӕрцыдысты – йӕ фырт Авессалом ын йӕ бынат бацахсынмӕ куы хъавыд, уыцы рӕстӕг (2 Сам. 15:6, 13, 14).

11 Зӕгъӕм, Давид дзырдта, йӕ зӕрдӕ кӕуыл дардта ӕмӕ къӕбӕр кӕимӕ хордта, уыцы хӕлар ыл гадзрахатӕй кӕй рацыд, уый тыххӕй (9 стих). Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны Давиды цардӕй иу хабар. Давидӕн уыд, йӕ ныфс кӕуыл дардта, иу ӕхӕм уынаффӕгӕнӕг, Ахитофел. Фӕлӕ Авессалом йӕ фыды ныхмӕ куы рацыд, уӕд Ахитофел дӕр змӕнтджыты фарс фӕци ӕмӕ паддзахы ныхмӕ рацыд (2 Сам. 15:31; 16:15). Ӕрмӕст-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, паддзах рынчынӕй хуыссы ӕмӕ йӕ бон ӕппындӕр ницы у, йӕ бон нӕу уатӕй растын дӕр. Уымӕй уӕлдай ма зоны, йӕ алыварс йе знӕгтӕ йӕ мӕлӕтмӕ кӕй бӕллынц, цӕмӕй сӕ фыдвӕндтӕ сӕ къухы бафтой (5 стих).

12, 13. а) Давиды фидарӕй цы уырныдта? ӕ) Хуыцау Давиды куыд фидар кодта?

12 Давид алкӕддӕр йӕ ныфс дардта Йегъовӕйыл, йӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл. Уый зыдта, рӕстгӕнӕг куы фӕрынчын уа, уӕд ӕй Хуыцау кӕй нӕ ныууадздзӕн. Давид загъта: «Бӕллӕхы бон ӕй Йегъовӕ фервӕзын кӕндзӕн. Рынчын куы уа, уӕд ын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн. Рынчынӕй йӕ ды фидар кӕндзынӕ» (Пс. 41:1, 3). Давид афтӕ кӕй зӕгъы, «Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн», зӕгъгӕ, уымӕй дӕр зыны, Йегъовӕйыл йӕ ныфс фидарӕй кӕй дары, уый. Давид зыдта, Йегъовӕ йӕ кӕй фервӕзын кодтаид. Куыд?

13 Давид уымӕ не ’нхъӕлмӕ каст, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ йӕ низӕй диссаджы хуызы фервӕзын кӕндзӕн. Уый фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ йын кӕй «ӕххуыс кӕндзӕн», ома рынчын куы уа, уӕд ын тых кӕй ратдзӕн. Ӕмӕ йӕ ахӕм ӕххуыс та ӕнӕмӕнгӕй хъуыди. Йӕ ныфс ын ӕрмӕст йӕ низ нӕ саста, фӕлӕ ма йӕ алыварс йе знӕгтӕ йӕ фыдкой кӕй кодтой, уый дӕр (5, 6 стихтӕ). Йегъовӕ-иу Давиды, ӕвӕццӕгӕн, фидар кодта, йӕ зӕрдыл-иу ын ныфсдӕттӕг хъуыдытӕ кӕй ӕрлӕууын кодта, уымӕй. Давид загъта: «Ды мын баххуыс кодтай, рӕстӕй кӕй цӕрын, уый тыххӕй» (12 стих). Давидӕн ма, ӕвӕццӕгӕн, тых лӕвӕрдта уый дӕр, ӕмӕ кӕд тынг рынчын уыд ӕмӕ йе знӕгтӕ йӕ фыдкой кодтой, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ рӕстгӕнӕгыл кӕй нымадта. Ӕппынфӕстаг йӕ низӕй фервӕзт. Рынчын адӕмӕн Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕны, уый дын дӕ ныфсыл ныфс не ’фтауы? (2 Кор. 1:3).

Цух ӕй ницӕмӕй ныууагъта

14, 15. Давид ӕмӕ йӕ адӕм бирӕ цӕмӕйдӕрты цух кӕд баййӕфтой ӕмӕ сын чи ӕмӕ куыд баххуыс кодта?

14 Давид Израилы паддзах куы сси, уӕд йӕ фынгыл алкӕддӕр уыд хӕринаг ӕмӕ нуӕзты хуыздӕр. Йӕ бон уыди йӕ хӕдзары бирӕ адӕм дӕр суазӕг кӕнын (2 Сам. 9:10). Фӕлӕ Давид зыдта, хӕринаг хъуаг цы у, уый дӕр. Йӕ фырт Авессалом йӕ ныхмӕ куы рацыд ӕмӕ йын йӕ бынат бацахсынмӕ куы хъавыд, уӕд Давид йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй кӕимӕдӕрты Иерусалимӕй алыгъд. Се знӕгтӕй ӕмбӕхстысты Галаады зӕххы, Иорданы цӕугӕдоны хурыскӕсӕн фарс (2 Сам. 17:22, 24). Давид ӕмӕ йӕ адӕмы хъуыди хӕринаг, дон ӕмӕ ма ӕндӕр цыдӕртӕ дӕр. Уыцы ӕдзӕрӕг быдыры ӕппӕт уыдӕттӕ куыд хъуамӕ ссардтаиккой?

15 Ӕппынфӕстаг Давид ӕмӕ йӕ адӕм ӕрцыдысты Маханаиммӕ. Уым фембӕлдысты Сови, Махир ӕмӕ Верзеллийыл. Хыцауы ӕвзӕрст паддзахӕн баххуыс кӕныны тыххӕй уыцы ӕртӕ хъӕбатыр нӕлгоймаджы цӕттӕ уыдысты сӕ цард раттынмӕ дӕр. Уымӕн ӕмӕ Авессалом паддзах куы суыдаид, уӕд, Давидӕн чи ’ххуыс кодта, уыдоны се ’ппӕты дӕр ӕнӕмӕнгдӕр карзӕй бафхӕрдтаид. Уыцы ӕртӕ иузӕрдион нӕлгоймаджы уыдтой Давид ӕмӕ йӕ адӕмы уавӕр ӕмӕ сын ӕрбахастой, цыдӕриддӕр сӕ хъуыд, уый. Зӕгъӕм, хуыссӕнтӕ, мӕнӕу, хъӕбӕрхор, цӕкуытӕ, хъӕдур, мыд, нӕлхӕ ӕмӕ фыстӕ. (Бакӕс 2 Самуилы 17:27–29.) Сови, Махир ӕмӕ Верзеллий афтӕ иузӕрдион ӕмӕ уазӕгуарзон кӕй уыдысты, уый Давиды зӕрдӕ тынг бацагайдта. Уӕдӕ сын куыд хъуамӕ ферох кодтаид уыцы хорздзинад?

16. Давид ӕмӕ йӕ адӕм сӕйраджыдӕр кӕмӕй хъуамӕ уыдаиккой бузныг, кӕй сын баххуыс кодтой, уый тыххӕй?

16 Давид ӕмӕ йӕ адӕм сӕйраджыдӕр кӕмӕй хъуамӕ уыдаиккой бузныг, кӕй сын баххуыс кодтой, уый тыххӕй? Давид хорз зыдта, Йегъовӕ йӕ адӕмыл кӕй тыхсы. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты зӕрдӕйы кӕй сӕвӕры, ома сӕ кӕй сразӕнгард кӕны, цӕмӕй баххуыс кӕной, йӕ адӕмӕй ӕххуысхъуаг чи у, уыдонӕн. Давид хъуыды кодта, Галаады зӕххыл цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдӕттыл. Уый хорз ӕмбӕрста, уыцы ӕртӕ нӕлгоймаджы рӕдаудзинад Йегъовӕйы уарзондзинадыл дзурӕг кӕй уыд. Йӕ царды кӕрон Давид загъта: «Ӕз уыдтӕн ӕрыгон ӕмӕ базӕронд дӕн, фӕлӕ никуы федтон рӕстгӕнӕджы [йӕхи дӕр] рохуаты баззайгӕ ӕмӕ йӕ цоты къӕбӕр кургӕ» (Пс. 37:25). Стыр ныфсы хос дын нӕу, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕххуысхъуаг кӕй никуы ныууадзы, уый? (Ӕмб. 10:3).

«Йегъовӕ зоны... куыд хъӕуы ирвӕзын кӕнын»

17. Йегъовӕйы тыххӕй раст цавӕр ныхӕстӕ сты?

17 Рагзаманты Йегъовӕ ӕрмӕст Давидӕн нӕ баххуыс кодта, фӕлӕ ма йӕ лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕн. Йегъовӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕр бирӕ хӕттыты равдыста, кӕй зоны, «иузӕрдион ыл чи у, уыдоны фӕлварӕнтӕй куыд хъӕуы ирвӕзын кӕнын», уый (2 Пет. 2:9). Ӕркӕсӕм-ма ноджыдӕр дыууӕ цӕвиттонмӕ.

18. Езекийы бонты Йегъовӕ йӕ адӕмы куыд фервӕзын кодта?

18 Ассириӕгты тыхджын ӕфсад Иудӕмӕ куы бабырста ӕмӕ Иерусалиммӕ куы ӕртхъирӕн кодта, уӕд паддзах Езеки куывта: «Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, бахиз нӕ... цӕмӕй, зӕххыл цы паддзахӕдтӕ ис, уыдон иууылдӕр базоной, ды, Йегъовӕ, иунӕг Хуыцау кӕй дӕ» (Ис. 37:20). Езеки фыццаджыдӕр хъуыды кодта Хуыцауы ном ӕмӕ кадыл. Йегъовӕ йын йӕ зӕрдӕбын куывд фехъуыста. Иунӕг зӕд иу ӕхсӕвмӕ амардта 185 мин ассириаджы, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты фервӕзын кодта (Ис. 37:32, 36).

19. Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ бӕллӕхӕй цӕй фӕрцы фервӕзтысты?

19 Йесо йӕ мӕлӕтӕй цалдӕр боны раздӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты бафӕдзӕхста, Иудейыл стыр бӕллӕх кӕй ӕрцӕудзӕн. (Бакӕс Лукайы 21:20–22.) Йесойы ныхӕстӕ ӕххӕст кӕнын райдыдтой 30 азӕй фылдӕры фӕстӕ. Н. э. 66 азы дзуттӕгтӕ сызмӕстой ӕмӕ Ромы ӕфсад, сӕ сӕргъы Цестий Галл, афтӕмӕй, Иерусалимы ныхмӕ рацыд. Ромӕгтӕ иу ран кувӕндоны сисы бын бакъахтой, фӕлӕ стӕй ӕнӕнхъӕлӕджы фӕстӕмӕ аздӕхтысты. Иузӕрдион чырыстӕттӕ бамбӕрстой, уый хорз фадат кӕй уыд, Йесо цы бӕллӕхы кой кодта, уымӕй сӕхи бахизынӕн, ӕмӕ хӕхтӕм алыгъдысты. Н. э. 70 азы Ромы ӕфсад фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ Иерусалимӕй дур-дурыл нал ныууагъта. Чырыстийы фӕдзӕхстмӕ чи байхъуыста, уыдон уыцы ӕвирхъау бӕллӕхӕй фервӕзтысты (Лук. 19:41–44).

20. Нӕ ныфс цӕмӕн хъуамӕ дарӕм Йегъовӕйыл, «нӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл»?

20 Йегъовӕ рагзаманты йӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кодта, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый нӕ уырнындзинад тынг бафидар кӕндзӕн ӕмӕ йыл нӕ ныфс тынгдӕр дардзыстӕм. Абон цыфӕнды зындзинӕдтӕ ма ’взарӕм ӕмӕ ныл сомбон цыфӕнды бӕллӕх ма ’рцӕуа, уӕддӕр мах нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр дарӕм Йегъовӕйыл, «нӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл». Уӕдӕ нӕ куыд ирвӕзын кӕны Йегъовӕ? Ацы статьяйы райдианы кӕй кой ракодтам, уыдон цы баисты? Уый базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

Бахъуыды кодтай?

70-ӕм псалом нын нӕ ныфс куыд фидар кӕны?

• Давид рынчын куы уыд, уӕд ын Йегъовӕ куыд баххуыс кодта?

• Йегъовӕ йӕ адӕмы се знӕгтӕй кӕй ирвӕзын кӕны, уый цавӕр цӕвиттонтӕй зыны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 6 фарсыл]

Йегъовӕ Езекийы куывд фехъуыста