Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ахсджиаг хъуыдытӕ Галатӕгтӕм, Ефесӕгтӕм, Филиппӕгтӕм ӕмӕ Колоссӕгтӕм фыстӕджытӕй

Ахсджиаг хъуыдытӕ Галатӕгтӕм, Ефесӕгтӕм, Филиппӕгтӕм ӕмӕ Колоссӕгтӕм фыстӕджытӕй

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Ахсджиаг хъуыдытӕ Галатӕгтӕм, Ефесӕгтӕм, Филиппӕгтӕм ӕмӕ Колоссӕгтӕм фыстӕджытӕй

АПОСТОЛ Павел куы фехъуыста, иудейаг диныл хӕст адӕм Галатийы чырыстӕттӕй кӕйдӕрты раст динӕй фӕиппӕрд кодтой, уӕд «Галатийы ӕмбырдтӕм» ныффыста фыстӕг (Гал. 1:2). Павел сын радта цалдӕр бӕлвырд уынаффӕйы ӕмӕ сӕ фидарӕй бафӕдзӕхста. Уыцы фыстӕг фыст ӕрцыд н. э. 50–52 азты ’хсӕн.

Иу-дӕс азы фӕстӕ Павел ныффыста фыстӕджытӕ Ефес, Филипптӕ ӕмӕ Колоссты ӕмбырдтӕм, радта сын хорз уынаффӕтӕ ӕмӕ сын сӕ ныфс бафидар кодта. Уыцы фыстӕджытӕ ныффыста, Ромы «Йесо Чырыстийы тыххӕй ахст» куы уыд, уӕд (Еф. 3:1). Галатӕгтӕм, Ефесӕгтӕм, Филиппӕгтӕм ӕмӕ Колоссӕгтӕм фыстӕджыты цы фыст ис, уымӕй мах дӕр бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзыстӕм (Дзут. 4:12).

«НЫМАД ӔРЦЫДЫСТЫ РӔСТГӔНДЖЫТЫЛ». ЦӔЙ ФӔРЦЫ?

(Гал. 1:1–6:18)

Иудейаг диныл хӕст чи уыд, уыдон хинӕй архайдтой, цӕмӕй Павелы адӕмы цӕсты бафтыдтаиккой. Уымӕ гӕсгӕ Павелы бахъуыд, апостол кӕй у, уый сӕрыл сдзурын, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ цардӕй иуӕй-иу хабӕртты кой ракодта (Гал. 1:11–2:14). Сӕ ахуырӕдтӕ мӕнг кӕй сты, уый сбӕлвырд кӕныны тыххӕй Павел загъта: «Адӕймаг рӕстгӕнӕгыл нымад уый тыххӕй не ’рцӕуы, ӕмӕ, закъон цы домы, уый аразы, фӕлӕ Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕнды, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы» (Гал. 2:16).

Павел загъта, зӕгъгӕ, Чырысти, «закъоны дӕлбар чи ис, уыдоны балхӕдта» ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ссӕрибар кодта. Стӕй галатӕгты бафӕдзӕхста: «Фидар лӕуут ӕмӕ уӕхицӕй ногӕй цагъартӕ скӕнын ма бауадзут» (Гал. 4:4, 5; 5:1).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

3:16–18, 28, 29 – Авраамы бадзырд ма йӕ тыхы ис? О, ис. Закъоны бадзырд, Хуыцау Авраамимӕ цы бадзырд скодта, уый ивгӕ нӕ бакодта, фӕлӕ йӕ баххӕст кодта. Уымӕ гӕсгӕ, Закъоны бадзырд йӕ тыхы куы нал уыд, уӕд дӕр Авраамимӕ бадзырд йӕ тыхы баззад (Еф. 2:15). Уыцы бадзырд цы арфӕдзинӕдтӕ хъуамӕ ӕрхастаид, уыдон сӕ тыхы сты Авраамы ӕцӕг «байзӕддагӕн» – Йесо Чырыстийӕн, сӕйраг байзӕддагӕн, ӕмӕ, «Чырыстийы [чи] у», уыдонӕн.

6:2 – «Чырыстийы закъон» цы у? Уыцы закъонмӕ хауы, Йесо цыдӕриддӕр амыдта ӕмӕ фӕдзӕхста, уый. Сӕйраджыдӕр та ацы фӕдзӕхст: «Уӕ кӕрӕдзийы уарзут» (Иоан. 13:34).

6:8 – Сыгъдӕг уды цы фӕнды, уый куыд тауӕм? Хуыцауы сыгъдӕг уды цы фӕнды, уый таудзыстӕм, нӕ цард афтӕ куы аразӕм, цӕмӕй ныл уыцы сыгъдӕг уд сӕрибарӕй ӕндава. Уый тыххӕй хъуамӕ зӕрдиагӕй архайӕм, Хуыцау йӕ сыгъдӕг удӕй кӕмӕн арфӕ кӕны, уыцы хъуыддӕгты.

Зондзонӕнтӕ махӕн

1:6–9. Ӕмбырды исты хабӕрттӕ куы ’рцӕуа, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕныныл фӕстиат ма кӕной. Фидар бӕлвырдгӕнӕнты руаджы ӕмӕ Библийы фӕрцы сӕ бон у мӕнг хъуыдытӕ раст кӕнын.

2:20. Хуыцау Чырыстийы нывондӕн ӕрхаста махӕй алкӕй тыххӕй дӕр ӕмӕ нӕ алчидӕр уый хъуамӕ йӕхицӕн нымайа сӕрмагонд лӕварыл Хуыцауӕй (Иоан. 3:16).

5:7–9. Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ нӕ «хъыгдарынц ӕцӕгдзинады коммӕ кӕсын» ӕмӕ сӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм.

6:1, 2, 5. Фӕлтӕрд чырыстӕттӕ нын гӕнӕн ис баххуыс кӕной нӕ уаргъ хӕссынӕн, зӕгъӕм, ӕнӕзонгӕйӕ исты рӕдыд къахдзӕф куы саразӕм ӕмӕ уый фыдӕй исты бӕллӕхы куы бахауӕм, уӕд. Фӕлӕ дзырд чырыстон хӕстӕ ӕххӕст кӕныныл куы цӕуа, уӕд «алчидӕр йӕхи уаргъ ахӕсдзӕн» (Гал. 6:5, фип.).

«ӔППӔТ ДӔР ЧЫРЫСТИЙЫ ФӔРЦЫ ФӔСТӔМӔ ИУМӔ ӔРБАМБЫРД КӔНДЗӔН»

(Еф. 1:1–6:24)

Павел йӕ фыстӕджы ефесӕгтӕн сӕ хъус ӕрдардта чырыстон иудзинадмӕ ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, «афон куы ’рцӕуа, уӕд [Хуыцау] хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзӕн, бӕлвырдӕй та: уӕларвыл цы ис ӕмӕ зӕххыл цы ис,– ӕппӕт дӕр Чырыстийы фӕрцы фӕстӕмӕ иумӕ ӕрбамбырд кӕндзӕн». Чырысти «радта лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты», цӕмӕй нын ӕххуыс кӕной «уырнындзинады... иу зондмӕ» ӕрцӕуынӕн (Еф. 1:10; 4:8, 13).

Цӕмӕй чырыстӕттӕ Хуыцауӕн кад хӕссой ӕмӕ се ’хсӕн иудзинад уа, уый тыххӕй хъуамӕ сӕ «удыхъӕд ногмӕ раивой», хъуамӕ сӕм «Чырыстийы тас уа ӕмӕ кӕрӕдзийы коммӕ кӕсой». Хъуамӕ ма фидар фӕлӕууой «Хӕйрӕджы хинмиты ныхмӕ», ӕмӕ сӕ уый тыххӕй та хъӕуы сӕхи сифтонг кӕнын, Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй (Еф. 4:24; 5:21; 6:11).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

1:4–7 – Сӕрст чырыстӕттӕ гуырд куы нӕма уыдысты, уымӕй бирӕ раздӕр ӕвзӕрст куыд ӕрцыдысты? Хуыцау уыдоны хицӕнтӕй нӕ равзӕрста, фӕлӕ куыд къорд, афтӕ. Ацы хабар ӕрцыд, тӕригъӕдджын адӕмы дуне куы нӕма фӕзынд, уӕд. Райдианы 3:15 цы пехуымпарад ис, уый загъд уыд, цалынмӕ фыццаг тӕригъӕдджын адӕймаг йӕ мады гуыбыны нӕ сӕвзӕрд, уӕдмӕ. Ӕмӕ ацы пехуымпарады зыны Хуыцауы фӕндон, Чырыстийӕн йӕ фӕдылдзӕуджытӕй чидӕртӕ уӕлӕрвты йемӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты (Гал. 3:16, 29).

2:2 – «Ацы дунейы ӕгъдау» уӕлдӕфы хуызӕн куыд у ӕмӕ дунейыл йӕ бар куыд цӕуы? «Дунейы ӕгъдау» – ӕгоммӕгӕс ӕмӕ хивӕнд зондахаст – уӕлдӕфау ис алкӕмдӕр (1 Кор. 2:12). Дунейыл та йӕ бар афтӕ цӕуы, кӕнӕ йӕ тых уый мидӕг ис, ӕмӕ алы ран дӕр хъары, бауромӕн ын нӕй.

2:6 – Кӕд сӕрст чырыстӕттӕ нырма зӕххыл сты, уӕд сӕ бон куыд у, ӕмӕ «уӕлӕрвты» уой? Ацы стихы дзырд «уӕлӕрвтӕ», Хуыцау сӕрстытӕн зӕрдӕ цы уӕларвон бынтӕй бавӕрдта, уымӕ нӕ хауы. Уый амоны, «зӕрдӕвӕрд сыгъдӕг удӕй» уыцы чырыстӕттыл мыхуыр ӕвӕрд кӕй ӕрцыд ӕмӕ сӕ уый фӕрцы Хуыцау йӕхимӕ кӕй баввахс кодта, уымӕ (Еф. 1:13, 14).

Зондзонӕнтӕ махӕн

4:8, 11–15. Йесо Чырысти «акодта уацайрӕгты», ома Сайтаны къухӕй байста нӕлгоймӕгты ӕмӕ сӕ чырыстон ӕмбырдӕн лӕвӕрттӕй радта, цӕмӕй ӕмбырд фидар кӕной. Разамынд нын чи дӕтты, уыдонмӕ куы хъусӕм ӕмӕ ӕмбырды цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдон куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд «уарзондзинады... рӕздзыстӕм ӕмӕ алцӕмӕй дӕр Чырыстийы хуызӕн... суыдзыстӕм» (Дзут. 13:7, 17).

5:22–24, 33. Ус йӕ лӕгӕн ӕрмӕст йӕ коммӕ хъуамӕ ма кӕса, фӕлӕ ма йӕ хъуамӕ нымайгӕ дӕр кӕна. Уый зӕгъӕн уыдзӕн, «сабыр ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕды» хицау куы уа, йӕ лӕгӕн куы аргъ кӕна, йӕ фыдкой куы нӕ кӕна ӕмӕ куы архайа, цӕмӕй йӕ лӕгӕн йӕ хъуыддӕгтӕ йӕ къухы бафтой (1 Пет. 3:3, 4; Тит. 2:3–5).

5:25, 28, 29. Лӕг йӕхимӕ куыд «зилы», афтӕ хъуамӕ зила йӕ усмӕ дӕр – хъуамӕ архайа, цӕмӕй йӕ ус мацы хъуаг уа, йе ’нкъарӕнтыл ын хъуыды кӕна ӕмӕ йын йӕ уырнындзинадыл тыхса. Лӕг хъуамӕ йӕ усимӕ фаг рӕстӕг ӕрвита, узӕла йыл ӕмӕ йӕ мадӕр ныхасӕй хъыг кӕна, мадӕр хъуыддагӕй.

6:10–13. Цӕмӕй «уӕларвон фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ» фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи сифтонг кӕнӕм, Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй.

«ДАРДДӔР ДӔР РАЗМӔ ЦӔУӔМ»

(Фил. 1:1–4:23)

Павел филиппӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уымӕй бӕрӕг у, куыд бирӕ сӕ уарзы. Уый загъта: «Ӕдзухдӕр уый тыххӕй фӕкувын, цӕмӕй уӕ уарзондзинад фылдӕрӕй-фылдӕр кӕна, ӕмӕ бӕлвырдӕй зонат ӕмӕ хорз ӕмбарат, цы у Хуыцауы фӕндон». Цӕмӕй сӕхиуыл ма фервӕссыдаиккой, уый тыххӕй сӕ Павел баразӕнгард кодта: «Дарддӕр дӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕппӕт хъарутӕй архайут уӕ ирвӕзындзинадыл» (Фил. 1:9; 2:12).

Фӕлтӕрд чырыстӕтты Павел разӕнгард кодта, цӕмӕй тырной сӕ нысанмӕ, ома «райсой, Хуыцау сӕ... кӕмӕ ӕрхуыдта, уыцы хӕрзиуӕг – уӕларвон цард». Уый загъта: «Цы нын бантыст, ууыл ма ’рлӕууӕм, фӕлӕ куыд сахуыр стӕм, афтӕ дарддӕр дӕр размӕ цӕуӕм» (Фил. 3:14–16).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

1:23 – Цавӕр дыууӕ хъуыддаджы ӕлвӕстой Павелы сӕхимӕ ӕмӕ цавӕр сӕрибардзинадмӕ бӕллыд? Павел ахӕм уавӕрты уыд, ӕмӕ йӕ сӕхимӕ ӕлвӕстой дыууӕ хъуыддаджы: цард ӕмӕ мӕлӕт (Фил. 1:21). Павел комкоммӕ нӕ загъта, уыцы дыууӕйӕ цы равзӕрстаид, фӕлӕ бамбарын кодта, тынгдӕр ӕй цы фӕндыд, уый: «Цӕмӕй ссӕрибар уон ӕмӕ уон Чырыстиимӕ» (Фил. 3:20, 21; 1 Фес. 4:16). Сӕрибар та суыдаид Чырыстийы ӕрцыды рӕстӕджы, Йегъовӕ йын цы хӕрзиуӕг ӕрцӕттӕ кодта, уый куы райстаид, уӕд (Матф. 24:3).

2:12, 13 – Хуыцау афтӕ куыд бакӕны, «цӕмӕй нӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнӕм»? Сыгъдӕг уд нын нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зондыл афтӕ бандавы, ӕмӕ нӕ бафӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйӕн ӕппӕт тыхтӕй лӕггад кӕнӕм. Уӕдӕ «ӕппӕт хъарутӕй... нӕ ирвӕзындзинадыл» куы архайӕм, уӕд нын алкӕддӕр ӕххуыс уыдзӕн.

Зондзонӕнтӕ махӕн

1:3–5. Кӕд филиппӕгтӕ мӕгуыр уыдысты, уӕддӕр нын фӕзминаг сты сӕ рӕдаудзинадӕй (2 Кор. 8:1–6).

2:5–11. Йесойы цӕвиттонӕй куыд зыны, афтӕмӕй сӕрныллӕгдзинад лӕмӕгъдзинадыл дзурӕг нӕу, фӕлӕ удыхъӕды фидардзинадыл. Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕ сбӕрзонд кӕны, сӕрныллӕг чи у, уыдоны (Ӕмб. 22:4).

3:13. «Фӕстейӕ цы баззад», уыдон гӕнӕн ис, ӕмӕ уой стыр бынат, хъӕздыг бинонты ’хсӕн ӕвӕлмӕцгӕ цард кӕнӕ та, кӕуыл ӕрфӕсмон кодтам ӕмӕ «ӕхсад кӕмӕй ӕрцыдыстӕм», суанг уыцы уӕззау тӕригъӕдтӕ дӕр (1 Кор. 6:11). Мах хъуамӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ферох кӕнӕм, ома, раздӕр цы уыд, уый тыххӕй нӕхи мауал хӕрӕм, ӕмӕ «нӕ хъарутӕ раттӕм, разӕй цы ис, уымӕ».

«УЫРНЫНДЗИНАДЫ ӔРФИДАР УТ»

(Кол. 1:1–4:18)

Павел колоссӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым ӕргом кӕны мӕнг ахуыргӕнджыты ӕнӕраст хъуыдытӕ. Уый дзуры, ирвӕзындзинад Закъон ӕххӕст кӕнынӕй кӕнгӕ кӕй нӕу, фӕлӕ уырнындзинады кӕй лӕууӕм, уымӕй. Павел колоссӕгты разӕнгард кӕны, цӕмӕй Чырыстийӕн «дарддӕр дӕр йӕ коммӕ кӕсой» ӕмӕ «йӕ мидӕг уидӕгтӕ ауадзой, ууыл рӕзой ӕмӕ уырнындзинады ӕрфидар уой» (Кол. 1:23; 2:6, 7).

«Фӕлӕ ма уӕм уымӕй уӕлдай, уӕд уарзондзинад, уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл. Ӕмӕ уадз уӕ зӕрдӕтӕ коммӕгӕс уӕнт Чырыстийы фарнӕн»,– фыста Павел. Ноджы ма сын дзырдта: «Цыфӕнды ма аразат, аразут ӕй зӕрдӕбынӕй, цыма йӕ адӕймагӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн аразут, афтӕ». Ӕмбырдӕй чи нӕу, уыдоны тыххӕй та сын загъта: «Ӕддагӕттимӕ зондджынӕй архайут» (Кол. 3:14, 15, 23; 4:5).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

2:8 – Цы сты «ацы дунейы уагӕвӕрдтӕ»? Уыдон сты, Сайтаны дуне цы уагӕвӕрдтыл ӕнцайы, уыцы хъуыддӕгтӕ, ома ацы дунейы сӕйрагыл нымад цы у, цӕй фӕдыл цӕуы, цы йӕ разӕнгард кӕны, уыдӕттӕ (1 Иоан. 2:16). Уыцы хъуыддӕгтӕм хауынц ацы дунейы философи, мулкмӕ бӕллын ӕмӕ мӕнг динтӕ.

4:16 – Лаодикийӕгтӕм ӕрвыст фыстӕг Библимӕ хаст цӕуылнӕ ’рцыд? Ӕвӕццӕгӕн уымӕн, ӕмӕ, абон ахсджиаг цы у, ахӕм хъуыдытӕ дзы нӕ уыд. Кӕнӕ та дзы, Библимӕ хаст фыстӕджыты цы фыст уыд, уымӕй уӕлдай ницы уыд.

Зондзонӕнтӕ махӕн

1:2, 20. Хуыцау йе стыр хорзӕхӕй цы ахӕсты аргъ бафыста, уый фӕрцы нӕ бон у, ӕмӕ нӕхи фӕсмонӕй мауал хӕрӕм ӕмӕ йӕ разы сыгъдӕг цӕсгомимӕ ӕрлӕууӕм. Стӕй ма уый фӕрцы нӕ зӕрдӕйы фӕзыны фарн.

2:18, 23. «Йӕхи иннӕты цӕстмӕ сӕрныллӕг [чи] ӕвдисы», уый архайы, цӕмӕй иннӕты дисы бафтауа, зӕгъӕм, фырхуымӕтӕг цард фӕкӕны кӕнӕ йӕхи хъизӕмарӕй фӕмары. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ахӕм адӕймаг «йӕ зӕххон зондӕй... йӕ сӕр бӕрзӕндты... хӕссы».