Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕттӕ дӕ дзуапп раттынмӕ?

Цӕттӕ дӕ дзуапп раттынмӕ?

Цӕттӕ дӕ дзуапп раттынмӕ?

ИСКУЫ ахӕм уавӕры бахаудтӕ, ӕмӕ дӕ дӕ дины сӕрыл дзурын бахъуыд? Мӕнӕ цы ’рцыд 16-аздзыд хо Сусанӕйыл, цӕры Парагвайы. Этикӕйы урочы чидӕр загъта, зӕгъгӕ, дам, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ не ’ууӕндынц нӕдӕр Рагон Фӕдзӕхстыл, нӕдӕр Йесо Чырыстийыл ӕмӕ нӕдӕр Марийӕйыл. Чидӕртӕ та афтӕ дӕр загътой, Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты фанатиктӕ ӕмӕ дохтыртӕм бацӕуыны бӕсты мӕлӕтыл дӕр разы кӕй сты. Сусанӕйы бынаты ды куыд бакодтаис?

Сусанӕ йӕ хинымӕр Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ йӕ къухыл схӕцыд. Урочы кӕрон кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ ахуыргӕнӕгӕй бар ракуырдта, цӕмӕй бацӕттӕ кӕна доклад, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй. Ахуыргӕнӕг сразы. Дыууӕ къуырийы дӕргъы Сусанӕ йӕхи цӕттӕ кодта. Йӕ докладӕн ӕрмӕг систа брошюрӕйӕ «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Чи сты? Цӕуыл ӕууӕндынц?».

Ӕрхӕццӕ ис уыцы бон. Йӕ доклады Сусанӕ радзырдта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ цӕмӕн хуыйнынц, уый. Бамбарын ма кодта, фидӕны тыххӕй нӕ цавӕр ныфс ис ӕмӕ туг цӕуылнӕ уадзӕм, уый дӕр. Стӕй къласӕн загъта, цӕмӕй йӕм фарстытӕ дӕттой. Сӕ фылдӕр сӕ къухтыл схӕцыдысты. Ахуыргӕнӕджы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, Сусанӕ, хӕрзӕрыгон чызг, фарстытӕн дзуапп Библийӕ кӕй лӕвӕрдта, уый.

Иу лӕппу загъта, иухатт Паддзахады залы кӕй уыд ӕмӕ дзы иунӕг дзуары ныв дӕр кӕй нӕ федта. Ахуыргӕнӕджы бацымыдис кодта, Паддзахады залы дзуары нывтӕ цӕуылнӕ ис, уый. Сусанӕ бакаст Псалом 115:4–8 ӕмӕ Рацыд 20:4. Ахуыргӕнӕгмӕ уый тынг диссаг фӕкаст: «Ӕмӕ кӕд Библи дзуары нывты ныхмӕ у, уӕд нӕ аргъуанты уыйбӕрц дзуары нывтӕ цӕмӕн ис?»

Сӕ ныхас ахаста 40 минуты. Уый фӕстӕ Сусанӕ йе ’мкъласонтӕн загъта, йӕ бон сын кӕй у равдисын видеофильм «Никакой крови. Медицина идет навстречу». Иууылдӕр сразы сты. Ахуыргӕнӕг дӕр сразы ӕмӕ дыккаг бонмӕ баныхас кодтой. Видеофильммӕ куы бакастысты, уӕд Сусанӕ радзырдта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ туг уадзыны бӕсты цавӕр мадзӕлттӕй пайда кӕнынц, уыдоны тыххӕй. Ахуыргӕнӕг афтӕ бакодта: «Ӕз ӕй нӕ зыдтон, туг бауадзыны бӕсты ахӕм бирӕ мадзӕлттӕ кӕй ис. Стӕй хи ӕнӕ тугӕй дзӕбӕх кӕнын хуыздӕр кӕй у, уый дӕр нӕ зыдтон». Стӕй Сусанӕйы бафарста: «Ӕмӕ уыцы мадзӕлттӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты йеддӕмӕ никӕмӕн ис пайда кӕнӕн?» Алкӕмӕн дӕр сӕ йӕ бон кӕй у пайда кӕнын, уый куы базыдта, уӕд загъта: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ма мӕм куы ’рбацӕуой, уӕд хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй семӕ аныхас кӕнон».

Сусанӕ ӕнхъӕлдта, 20 минуты йеддӕмӕ нӕ ныхас кӕндзӕн, фӕлӕ йе ’мкъласонтимӕ сӕ ныхас ахаста ӕртӕ сахаты. Иннӕ къуыри та сӕ дины тыххӕй радзырдтой ӕндӕр ахуыргӕнинӕгтӕ. Доклады фӕстӕ сӕм раттой бирӕ фарстытӕ, фӕлӕ сын сӕ бон дзуапп раттын нӕ бацис. Ахуыргӕнӕг сӕ бафарста: «Афтӕ цӕмӕн у, ӕмӕ Сусанӕйӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнӕн, йӕ бон баци нӕ фарстытӕн дзуапп раттын, сымахӕн та нӕ?»

«Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи ахуыр кӕнынц, мах та нӕ»,– уыд сӕ дзуапп.

Ахуыргӕнӕг Сусанӕйы ’рдӕм аздӕхт ӕмӕ загъта: «Сымах ӕцӕгдӕр зонут Библи ӕмӕ архайут, цӕмӕй цӕрат, цы фыст дзы ис, уымӕ гӕсгӕ. Уӕллӕй, раппӕлинаг стут!»

Фыццаг хатт, урочы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кой куы скодтой, уӕд Сусанӕйӕн йӕ бон уыд, ӕмӕ мацы загътаид. Фӕлӕ йӕ дины сӕрыл кӕй сдзырдта, уымӕй бакодта, сириӕгтӕ уацары кӕй акодтой, уыцы гыццыл израилаг чызгау. Уыцы чызг лӕггад кодта Сирийы ӕфсады хистӕр Нееманы хӕдзары. Нееман ахӕм ӕвзӕр низӕй рынчын уыди, ӕмӕ йӕ буар иууылдӕр фехӕлд. Израилаг чызг ын йӕ усӕн загъта: «Тӕхуды, Самарийы цы пехуымпар ис, уымӕ куы ацӕуид мӕ хицау! Уӕд ӕй уый йӕ хъотырӕй сдзӕбӕх кӕнид». Чызг нӕ фӕтарстис ӕцӕг Хуыцауы кой ракӕнын. Ӕмӕ уый фӕрцы йӕ хицау Нееман сси Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг (2 Пад. 5:3, 17).

Сусанӕ дӕр нӕ фӕтарст Йегъовӕ ӕмӕ Йегъовӕйы адӕмы тыххӕй радзурын. Йӕ дины сӕрыл кӕй сдзырдта, уымӕй бакодта, Фыстады куыд фыст ис, афтӕ: «Уӕ Хицау Чырыстийы уӕ зӕрдӕты кадджын кӕнут, алкӕддӕр цӕттӕ ут, уӕ ныфсы тыххӕй уӕ чидӕриддӕр фӕрса, уыдонӕн дзуапп раттынмӕ. Ӕрмӕст сын дзуапп дӕттут сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй» (1 Пет. 3:15). Дӕ дины тыххӕй дӕ чи фӕрса, уымӕн дзуапп раттынмӕ цӕттӕ дӕ ӕмӕ дӕ дзурын куы бахъӕуа, уӕд, мыййаг, фӕтӕрсдзынӕ?

[Ныв 17 фарсыл]

Ацы брошюрӕ ӕмӕ дын видеофильм баххуыс кӕндзысты, дӕ дины тыххӕй дӕ чи фӕрса, уыдонӕн дзуапп раттынӕн