Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕмы ӕхсӕн иудзинад. Куыд ис уымӕн гӕнӕн?

Адӕмы ӕхсӕн иудзинад. Куыд ис уымӕн гӕнӕн?

Адӕмы ӕхсӕн иудзинад. Куыд ис уымӕн гӕнӕн?

ДӔУМӔ гӕсгӕ, цы у «иудзинад»? Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ уый у, адӕм куы ницӕуыл фӕбыцӕу кӕнынц кӕнӕ кӕрӕдзиимӕ куы нӕ фӕтох кӕнынц. Зӕгъӕм, дыууӕ кӕнӕ фылдӕр паддзахады сабырдзинады тыххӕй бадзырд куы скӕнынц, уӕд зӕгъӕн вӕййы, ӕмӕ се ’хсӕн ис иудзинад. Фӕлӕ уый ӕцӕг иудзинад вӕййы? Алы хатт нӕ.

Историйы дӕргъы адӕм сабырдзинады тыххӕй скодтой мингай бадзырдтӕ, фӕлӕ-иу сӕ стӕй фехӕлдтой. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ хицӕуттӕ арӕхдӕр хъуыды кодтой сабырдзинад ӕмӕ иудзинадыл нӕ, фӕлӕ сӕхи пайдайыл. Стӕй ма иуӕй-иу паддзахӕдтӕ тӕрсынц, се ’фсад иннӕ паддзахӕдты ӕфсӕдтӕй лӕмӕгъдӕр куы уа, уӕд цы ’рцӕудзӕн, уымӕй.

Уӕдӕ дыууӕ бӕстӕйы кӕй нӕ хӕцынц, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ се ’хсӕн сабырдзинад ӕмӕ иудзинад ис. Дыууӕ адӕймаджы кӕрӕдзимӕ дамбацатӕ куы ныддариккой, уӕд афтӕ зӕгъӕн уаид, ӕмӕ се ’хсӕн сабырдзинад ис, сӕ кӕрӕдзи кӕй нӕ фехстой ӕрмӕст уый тыххӕй? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Раст ахӕм уавӕры сты бирӕ бӕстӕтӕ абон. Адӕм кӕрӕдзийыл кӕй нал ӕууӕндынц, уый тыххӕй тынгдӕр тӕрсынц, иу бон ядерон хӕст куы райдайа, уымӕй. Цымӕ исты арӕзт цӕуы, цӕмӕй ахӕм бӕллӕх ма ’рцӕуа?

Ядерон хӕцӕнгарз – иудзинады знаг

Бирӕтӕ сӕ ныфс дарынц, паддзахӕдтӕ ядерон хӕцӕнгарз кӕй нӕ парахат кӕндзысты, уый фӕдыл 1968 азы цы бадзырд скодтой, ууыл. Уыцы бадзырдмӕ гӕсгӕ, ядерон хӕцӕнгарз кӕмӕ нӕй, уыцы бӕстӕтӕ йӕ хъуамӕ ма аразой, ӕмӕ, цы бӕстӕтӕм ис, уыдон та йӕ хъуамӕ ма парахат кӕной. Ацы бадзырдыл сӕ къухтӕ ’рфыстой 180 бӕстӕйӕ фылдӕр ӕмӕ йӕ сӕйраг нысан у ядерон хӕцӕнгарз бынтондӕр фесафын.

Кӕд афтӕ зыны, ӕмӕ уыцы бадзырды нысан тынг хорз у, уӕддӕр чидӕртӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, уыцы бадзырд уый тыххӕй скодтой, цӕмӕй ядерон паддзахӕдтӕ сӕ бартӕ сфидар кӕной ӕмӕ, ядерон хӕцӕнгарз кӕмӕ нӕй, уыцы паддзахӕдты ахӕм хӕцӕнгарз саразын ма бауадзой. Уымӕ гӕсгӕ, тӕссаг у, бадзырдыл йӕ къух чи ’рфыста, уыцы паддзахӕдтӕй иуӕй-иутӕ сӕ хъуыды куы фӕивой. Зӕгъӕм, кӕцыдӕр бӕстӕтӕм раст нӕ кӕсы, ядерон хӕцӕнгарз сын аразын кӕй нӕ уадзынц, уый – куыд зӕгъынц, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕ уымӕй сӕ бон сӕхи бахъахъхъӕнын нӕ бауыдзӕн.

Иннӕ бӕллӕх та ма уый у, ӕмӕ алы паддзахадӕн дӕр бар ис, цӕмӕй куса ядерон энергетикӕйы фадыджы. Ӕмӕ иуӕй-иутӕ тӕрсынц, атомон электростанцӕтӕ аразыны ӕфсон паддзахӕдтӕ ядерон хӕцӕнгарз куы аразой, уымӕй.

Ядерон хӕцӕнгарз кӕмӕ ис, суанг уыцы паддзахӕдтӕн дӕр сӕ бон у уыцы бадзырд фехалын. Иуӕй-иу критиктӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, худӕг дӕр уаид афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ, бирӕ ядерон хӕцӕнгарз цы бӕстӕтӕм ис, уыдон уыцы хӕцӕнгарз кӕй фесафдзысты кӕнӕ йӕ кӕй фӕкъаддӕр кӕндзысты. Иу ран куыд фыст уыд, уымӕ гӕсгӕ, «цӕмӕй иууылдӕр сӕ хӕцӕнгарз фесафой кӕнӕ йӕ фӕкъаддӕр кӕной... уый тыххӕй, кӕрӕдзийы ныхмӕ цы бӕстӕтӕ сты, уыдоны ’хсӕн хъуамӕ уа хӕлардзинад, хъуамӕ кӕрӕдзийыл ӕууӕндой, ӕмӕ афтӕ кӕй уыдзӕн, ууыл та зынтӕй ис баууӕндӕн».

Кӕд-иу адӕм иудзинадмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ тырныдтой, уӕддӕр сын дзы никуы ницы рауад. Фӕлӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыдонмӕ уый диссаг нӕ кӕсы, уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис: «Фӕндаггон лӕгӕн йӕхи къахдзӕфтӕ дӕр йӕ бар не сты» (Йереми 10:23). Библи ма комкоммӕ дзуры: «Ис фӕндаг, ӕмӕ адӕймагмӕ кӕсы раст, фӕлӕ йӕ кӕрон цӕуы мӕлӕтмӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 16:25). Зӕххон хицауӕдтӕн бирӕ нӕ бантыст, цӕмӕй адӕмы баиу кӕной. Фӕлӕ нын уӕддӕр ныфс ис.

Ӕцӕг иудзинад – кӕй фӕрцы?

Библийы уылты Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, дуне иудзинадмӕ кӕй ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ адӕмы фӕрцы нӕ. Сфӕлдисӕг сӕххӕст кӕндзӕн, адӕмӕн сӕ бон цы нӕу, уый. Хуыцауы фӕнд у, цӕмӕй ӕппӕт дунейы адӕм дӕр сабырӕй ӕмӕ фӕрнӕй цӕрой. Иуӕй-иутӕм уый кӕсы аргъауы хуызӕн. Фӕлӕ Хуыцауӕн райдианы дӕр йӕ фӕнд уыд, цӕмӕй адӕм цардаиккой сабырӕй ӕмӕ фӕрнӕй *. Библийы бирӕ стихтӕй зыны, Хуыцауӕн йӕ фӕнд кӕй нӕ аивта – фӕнды йӕ, цӕмӕй адӕмы иудзинадмӕ ’ркӕна. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ:

• «Ӕрцӕут ӕмӕ бакӕсут Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕм, зӕххыл диссаджы хъуыддӕгтӕ куыд аразы. Зӕххы кӕронмӕ хӕстытӕ уромы, сӕтты ӕрдын ӕмӕ арц, бӕхуӕрдӕттӕ судзы артӕй» ПСАЛОМ 46:8, 9.

• «Мӕ сыгъдӕг хохыл фыддзинад ӕмӕ зиан нӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ дӕттӕ денджыз куыд дзаг кӕнынц, афтӕ зӕхх байдзаг уыдзӕн Йегъовӕйы тыххӕй зонындзинӕдтӕй» ИСАЙ 11:9.

• «Уый мӕлӕт ӕнустӕм фесафдзӕн, ӕмӕ Иунӕг Кадджын Хуыцау Йегъовӕ ныссӕрфдзӕн цӕссыгтӕ се ’ппӕт цӕсгӕмттӕй дӕр. Ӕмӕ ӕгас зӕххыл йӕ адӕмӕй худинаджы къӕм сисдзӕн, уымӕн ӕмӕ уый Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта» ИСАЙ 25:8.

• «Мах, зӕрдӕ нын куыд бавӕрдта, афтӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ» 2 ПЕТРЫ 3:13.

• «[Хуыцау] сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» РАРГОМАД 21:4.

Ацы ныхӕстӕ иууылдӕр ӕнӕмӕнгӕй сӕххӕст уыдзысты. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕмӕ ис уыцы тых ӕмӕ зонд, цӕмӕй адӕмы иудзинадмӕ ’ркӕна (Лукайы 18:27). Стӕй йӕ фӕндгӕ дӕр кӕны. Библи зӕгъы, уый кӕй у Хуыцауы «хорз фӕндон... цӕмӕй... уӕларвыл цы ис ӕмӕ зӕххыл цы ис,– ӕппӕт дӕр Чырыстийы фӕрцы фӕстӕмӕ иумӕ ӕрбамбырд кӕна» (Ефесӕгтӕм 1:8–10).

Хуыцау, «рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы... ног зӕххӕй» цы ныфс ӕвӕры, уый ӕрмӕст бӕллиц нӕу (2 Петры 3:13). Зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уый тыххӕй Йегъовӕ Хуыцау зӕгъы: «Фӕстӕмӕ [мӕм] ӕнӕсӕххӕстӕй не ’рбаздӕхдзӕн, фӕлӕ сараздзӕн, мӕнӕн ӕхсызгон цы у, уый, ӕмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, цӕй тыххӕй йӕ арвыстон, уый» (Исай 55:11).

Иудзинад Хуыцауы Ныхасы фӕрцы

Фыццаг статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй динтӕ адӕмы кӕрӕдзийы ныхмӕ цы скодтой, ӕндӕр сӕ иудзинадмӕ не ’ркодтой. Ацы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Уымӕн ӕмӕ нӕ кӕд уырны, Сфӕлдисӕг кӕй ис, уӕд хъуамӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ’хсӕн сабырдзинад ӕмӕ иудзинад ма уа? Ӕнӕмӕнгӕй!

Дин адӕмы кӕй дихтӕ кӕны, уый нӕдӕр Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ нӕдӕр йӕ Ныхасы аххос у. Аххосджын сты динтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕндоны фарс не сты, фӕлӕ иудзинад ӕрфидар кӕнынӕн адӕм сӕхӕдӕг цы ’рхъуыды кодтой, уый фарс. Йесо йӕ заманы дины разамонджыты схуыдта «цӕстмӕхъустӕ» ӕмӕ сын загъта: «Пехуымпар Исай сымах тыххӕй рӕстытӕ дзырдта: „Ацы адӕм мӕ кадджын кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕтӕ та дард сты мӕнӕй. Дзӕгъӕлы мын кувынц, уымӕн ӕмӕ цы амонынц, уыдон адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ йеддӕмӕ ницы сты“» (Матфейы 15:7–9).

Уыцы динтӕй уӕлдай ӕцӕг дин адӕмы иу кӕны. Пехуымпар Исай дзырдта: «Фӕстаг бонты афтӕ уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзар цы хохыл ис, уый фидар ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн иннӕ хӕхтӕй уӕлдӕр ӕмӕ къуылдымтӕй суыдзӕн бӕрзонддӕр; ӕмӕ йӕм адӕм цӕудзысты ӕмӕ цӕудзысты. Ӕмӕ сӕ цирхътӕ гутӕттӕм рацӕгъддзысты ӕмӕ сӕ ӕрцытӕ та – ӕхсӕдӕн хӕсгӕрдтӕм. Иу адӕм иннӕ адӕммӕ цирхъ нал сисдзысты, ӕмӕ хӕцын дӕр нал ахуыр кӕндзысты» (Исай 2:2, 4).

Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 230 бӕстӕйӕ фылдӕры хъусынц, Йегъовӕ Хуыцау сын иудзинады тыххӕй цы амоны, уымӕ. Цӕй фӕрцы ис се ’хсӕн иудзинад? Апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ уӕм «уӕд уарзондзинад, уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Колоссӕгтӕм 3:14). Павел «бӕттын»-ӕн цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта, уый амоны, адӕймаджы буары уӕнгтӕ кӕрӕдзийыл кӕй фӕрцы хӕцынц, уыцы уӕнгбӕттӕн нуӕрттӕ. Уыдон сты ставд бӕндӕнау фидар ӕмӕ ӕххуыс сты дыууӕ ахсджиаг хъуыддагӕн: буары уӕнгтӕ сӕ бынӕттӕй иппӕрд кӕнын нӕ уадзынц ӕмӕ стӕгдары стджытӕ кӕрӕдзийыл бӕттынц.

Афтӕ зӕгъӕн ис уарзондзинадӕй дӕр. Ацы миниуӕгӕн, ӕрмӕст уыцы тых нӕй, ӕмӕ адӕмы кӕрӕдзи марынӕй урома. Чырыстимӕ цы уарзондзинад уыд, ахӕм уарзондзинады фӕрцы алыхуызон адӕм кӕрӕдзи ӕмбаргӕйӕ цӕрынц. Зӕгъӕм, уыцы уарзондзинады фӕрцы ӕххӕст кӕнынц, «сызгъӕрин уагӕвӕрд» кӕй хонынц, уый. Матфейы 7:12 куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Йесо Чырысти загъта: «Уӕдӕ уӕ алы хъуыддаджы дӕр куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр». Ацы уагӕвӕрд бирӕтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй иннӕтӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй мауал кӕсой.

«Уе ’хсӕн уарзондзинад куы уа»

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй сты, уый ӕвдисынц, кӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ Ахуыргӕнӕджы ныхас: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уе ’хсӕн уарзондзинад куы уа» (Иоанны 13:35). Ахӕм уарзондзинад сӕм кӕй ис, уый-иу диссаджы хуызы равдыстой змӕст рӕстӕджыты. Зӕгъӕм, 1994 азты Руандӕйы геноциды рӕстӕджы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ равдыстой, кӕрӕдзи кӕй уарзынц. Хуту адӕмыхаттӕй чи уыд, уыцы Ӕвдисӕнтӕ ирвӕзын кодтой, тутси адӕмыхаттӕй чи уыд, уыцы Ӕвдисӕнты, кӕд сӕ уый тыххӕй маргӕ дӕр акодтаиккой, уӕддӕр.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ адӕм сӕхи хъарутӕй афтӕ саразой, цӕмӕй иууылдӕр кӕрӕдзи уарзой ӕмӕ се ’хсӕн иудзинад уа. Библимӕ гӕсгӕ, уыцы хъуыддаг скӕнын йӕ бон у Хуыцауӕн, ӕмӕ йӕ кӕнгӕ дӕр бакӕндзӕн, йӕхӕдӕг кӕй снысан кодта, уыцы рӕстӕджы. Фӕлӕ абон дӕр адӕмӕн сӕ бон у, ӕмӕ уарзондзинад сӕ уӕлӕ дарӕсау скӕной, ома кӕрӕдзи уарзой, ӕмӕ се ’хсӕн иудзинад уа.

Фарон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иу миллиард сахатӕй фылдӕр адӕмимӕ ныхас кодтой Библийы тыххӕй ӕмӕ, царды цы пайда у, уый тыххӕй. Милуангай адӕмы ’хсӕн фӕзынд иудзинад, Хуыцауы Ныхасӕй цы базыдтой, уый фӕрцы. Раздӕр фыдызнӕгтӕ чи уыдысты, уыдоны – араббӕгтӕ ӕмӕ дзуттӕгты, сомихӕгтӕ ӕмӕ туркӕгты, немыцӕгтӕ ӕмӕ уырыссӕгты – ныридӕгӕн иу кӕны уарзондзинад.

Хуыцауы Ныхас Библи адӕмы куыд иу кӕны, уый тыххӕй дӕ фылдӕр базонын фӕнды? Уӕд, дӕ хорзӕхӕй, зӕгъ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕмӕн кӕнӕ, 2 фарсыл цы адристӕ ис, уыдонӕй иуыл ныффысс.

[Фиппаинаг]

^ 12 абз. Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый фӕдыл фылдӕр бакӕсӕн ис чиныджы «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 3 сӕры. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Хицӕнгонд текст 4 фарсыл]

Адӕм сабырдзинады тыххӕй скодтой мингай бадзырдтӕ, фӕлӕ-иу сӕ стӕй фехӕлдтой

[Хицӕнгонд текст 7 фарсыл]

Дунейы хицӕуттӕн цы не ’нтысы, уый адӕмӕн ӕнтысы Библийы уагӕвӕрдты фӕрцы

[Ныв 5 фарсыл]

Хуыцауы Ныхас ӕвдисы, кӕй фӕрцы ис гӕнӕн, ӕмӕ адӕмы ’хсӕн ӕцӕг иудзинад уа

[Ныв 7 фарсыл]

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хуту ӕмӕ тутсийы адӕмыхӕттытӕй иумӕ аразынц Паддзахады зал