Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ мидхъӕлӕсмӕ хъус

Дӕ мидхъӕлӕсмӕ хъус

Дӕ мидхъӕлӕсмӕ хъус

«[Хуыцауы] Закъон кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмтӕ сӕхи ӕгъдауӕй, закъон куыд дзуры, афтӕ... фӕкӕнынц» (РОМӔГТӔМ 2:14).

1, 2. а) Бирӕтӕ цавӕр хъуыддӕгтӕй равдыстой, иннӕтыл кӕй тыхстысты, уый? ӕ) Адӕймаг иннӕтыл кӕй тыхсы, уымӕн Библийы цавӕр цӕвиттонтӕ ис?

МЕТРОЙЫ иу 20-аздзыд лӕппу бавзӕр. Уый фӕсур ӕмӕ рельсытыл ныххауд. Гыццыл дӕрддзӕфдӕр лӕууыд иу лӕг йӕ дыууӕ сывӕллонимӕ. Лӕппу бынмӕ ныххауд, уый куы ауыдта, уӕд йӕ сывӕллӕтты къухтӕ феуӕгъд кодта, ӕмӕ йӕ фӕстӕ ныггӕпп кодта. Лӕг рынчын лӕппуйы дыууӕ рельсы ’хсӕн авӕрдта, ӕмӕ йыл уӕлейӕ ныххуыссыд. Поезд, йӕ тормӕзтӕй хъыррыстгӕнгӕ, сӕ сӕрмӕ ӕрлӕууыд. Адӕм лӕджы хъайтар рахуыдтой, фӕлӕ йӕхӕдӕг та загъта: «Адӕймаг хъуамӕ хорз хъуыддӕгтӕ кӕна. Иннӕтӕ мӕ раппӕлой кӕнӕ мын кад кӕной, афтӕ уый тыххӕй нӕ бакодтон, фӕлӕ мӕ хӕларзӕрдӕйӕ».

2 Ӕвӕццӕгӕн ды дӕр зоныс ахӕм адӕймӕгты, иннӕтӕн баххуыс кӕныны тыххӕй йӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ чи уыд. Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы-иу бирӕтӕ, ӕппындӕр кӕй нӕ зыдтой, ахӕм адӕмы бамбӕхстой, цӕмӕй сӕ-иу мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаиккой. Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм, апостол Павел ӕмӕ йемӕ науыл чи уыд, уыцы 275 адӕймагыл цы хабар ӕрцыд, уый. Сӕ нау Мальтӕйы сакъадахмӕ ’ввахс куы ныппырх, уӕд бынӕттон цӕрджытӕ уыцы ӕнӕзонгӕ адӕммӕ ӕххуысмӕ фӕзындысты ӕмӕ сӕм «тынг хорз цӕстӕй ракастысты» (Хъуыддӕгтӕ 27:27–28:2). Кӕнӕ цы зӕгъӕн ис гыццыл израилаг чызгӕй та? Уымӕн йӕ цардӕн кӕд тӕссаг ницӕмӕй уыд, уӕддӕр зӕрдӕйӕ батыхст, уацары йӕ чи акодта, уыцы сириаг адӕмӕй иуыл (2 Паддзӕхты 5:1–4). Кӕнӕ ма ахъуыды кӕнӕм, Йесо хӕларзӕрдӕ самариаджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, ууыл. Сауджын ӕмӕ левит ӕрдӕгмард дзуттаг лӕджы фӕрсты ацыдысты, ӕмӕ йӕ хъуыды дӕр не ’ркодтой. Фӕлӕ йын самариаг, йӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр уыд, уымӕй баххуыс кодта. Ӕнусты дӕргъы ацы фӕсномыг ныхас цынӕ хуызон адӕмты зӕрдӕтӕ бацагайдта, ахӕм нӕй (Лукайы 10:29–37).

3, 4. Адӕм сӕхи уды хардзӕй иннӕтӕн кӕй феххуыс кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ эволюцийы теорийӕ цы ис зӕгъӕн?

3 Мах цӕрӕм «тынг уӕззау рӕстӕг». Бирӕтӕ сты «ӕгъатыр» ӕмӕ «хорздзинад нӕ уарзынц» (2 Тимофеймӕ 3:1–3). Фӕлӕ уӕддӕр иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фенӕм, адӕм иннӕтыл зӕрдӕйӕ кӕй батыхсынц, суанг ма махӕн нӕхиуыл дӕр. Адӕм сӕхи уды хардзӕй иннӕтӕн афтӕ арӕх феххуыс кӕнынц, ӕмӕ, зӕгъӕн ис, уый адӕймагӕн ис йӕ туджы.

4 Адӕмтӕ кӕд кӕрӕдзийӕ хуызӕй дӕр ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй дӕр хицӕн кӕнынц, уӕддӕр алы адӕммӕ дӕр ис уыцы миниуӕг – цӕттӕ сты сӕхи уды хардзӕй иннӕтӕн баххуыс кӕнынмӕ. Ӕмӕ ацы хъуыддаг эволюцийы теорийӕ бамбарын кӕнӕн ницы хуызы ис. Америкаг генетик Фрэнсис Коллинз загъта: «Эволюционисттӕ (ома, адӕм цӕрӕгойтӕй кӕй равзӕрдысты, ууыл чи ӕууӕнды, уыдон) зӕгъынц, зӕгъгӕ, цӕрӕгойтӕ ӕмӕ адӕм хъуыды кӕнынц ӕрмӕст сӕхиуыл ӕмӕ сӕхи хуызӕттыл (ома, уӕд хъуамӕ адӕм хъуыды кӕной ӕрмӕст сӕ бинонтыл, сӕ адӕмы хаттӕй чи у ӕмӕ сӕ диныл хӕст чи у, уыдоныл). Ӕмӕ ӕцӕгӕй та адӕмы конд афтӕ у, ӕмӕ сӕхицӕн фыдӕбон дӕр скӕнынц, фӕлӕ баххуыс кӕнынц, ӕппындӕр сӕм чи ницы бар дары ӕмӕ зонгӕ дӕр кӕй нӕ кӕнынц, суанг уыдонӕн дӕр. Цӕмӕн, уый эволюционисттӕн сӕ бон бамбарын кӕнын нӕу».

«Дӕ мидхъӕлӕс»

5. Адӕммӕ кӕсгӕйӕ арӕх цы вӕййы бафиппайӕн?

5 Адӕймаг йӕхи уды хардзӕй иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ цӕмӕн у, уый тыххӕй Фрэнсис Коллинз дзуры: «Нӕ мидхъӕлӕс нын фӕдзуры, цӕмӕй иннӕтӕн баххуыс кӕнӕм, уымӕй нын ӕппындӕр куы ницы пайда вӕййы, уӕд дӕр» *. Ацы ныхӕстӕ нын, чи зоны, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, апостол Павел ӕфсармы тыххӕй цы загъта, уый: «Закъон кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмтӕ сӕхи ӕгъдауӕй, закъон куыд дзуры, афтӕ куы фӕкӕнынц, уӕд уыдон, кӕд сын закъон нӕй, уӕддӕр сӕхӕдӕг сӕхицӕн сты закъон. Уымӕй уыдон ӕвдисынц, закъоны хъуыды сӕ зӕрдӕты фыст кӕй ис, ӕмӕ семӕ иумӕ ууыл дзурӕг у се ’фсарм дӕр, уымӕн ӕмӕ куы фӕхъуыды кӕнынц, уӕд сӕм сӕ зӕрдӕ фӕдзуры, зӕгъгӕ, раст нӕ бакодтай, кӕнӕ та – раст бакодтай» (Ромӕгтӕм 2:14, 15).

6. Адӕм иууылдӕр Сфӕлдисӕджы раз дзуапп цӕмӕн дӕттынц?

6 Павелы фыстӕгӕй ромӕгтӕм бӕрӕг у, адӕм дзуапп кӕй дӕттынц Хуыцауы раз, уымӕн ӕмӕ нӕ алыварс цы дуне ис, уый дзурӕг у Сфӕлдисӕг кӕй ис, ууыл ӕмӕ йӕ миниуджытыл. Афтӕ уыд «дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ» (Ромӕгтӕм 1:18–20; Псалом 19:1–4). Ӕцӕгдӕр, бирӕтӕ се Сфӕлдисӕгыл ӕппындӕр нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кӕнынц. Фӕлӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын адӕм йӕ рӕстдзинадӕн аргъ кӕной ӕмӕ се ’взӕр хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кӕной (Ромӕгтӕм 1:22–2:6). Дзуттӕгтӕн уый ӕнӕмӕнг хъуыддаг уыд, уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау Моисейы уылты радта Закъон. Фӕлӕ «Хуыцауы... ныхӕстӕ» лӕвӕрд кӕмӕн не ’рцыдысты, суанг уыцы адӕмы дӕр хъуамӕ уырныдтаид, Хуыцау кӕй ис, уый (Ромӕгтӕм 2:8–13; 3:2).

7, 8. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ адӕм иууылдӕр, раст цы у, уый кӕй ӕмбарынц ӕмӕ уый цӕуыл дзурӕг у?

7 Алы адӕймаг дӕр, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый кӕй ӕмбары, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ алкӕй дӕр уырна, Хуыцау кӕй ис, ӕмӕ уый хъуамӕ йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уа. Рӕстдзинад цы у, уый кӕй ӕмбарӕм, уымӕй зыны, ӕфсарм нӕм кӕй ис. Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн: сывӕллӕттӕ рӕгъ-рӕгъ лӕууынц, цӕмӕй хъеллаугӕнӕныл ахъеллау кӕной. Уалынмӕ иу сывӕллон, ӕнхъӕлмӕ чи каст, уыдонмӕ кӕсгӕ дӕр нӕ фӕкодта, афтӕмӕй ӕппӕты разӕй алӕууыд. Сывӕллӕттӕ уайтагъд хъӕр кӕнын райдыдтой, хӕрӕмттӕ ма кӕн, зӕгъгӕ. Ныр та ма ахъуыды кӕн: куыд бамбарӕн ис, ӕмӕ сывӕллӕттӕ, уыцы зонд сын ничи бацамыдта, афтӕмӕй равдыстой, раст цы у, уый кӕй ӕмбарынц? Уый дзурӕг у ууыл, ӕмӕ рӕстдзинады ӕнкъарӕн ис сӕ зӕрдӕйы. Павел ныффыста: «Закъон кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмтӕ сӕхи ӕгъдауӕй, закъон куыд дзуры, афтӕ куы фӕкӕнынц, уӕд уыдон, кӕд сын закъон нӕй, уӕддӕр сӕхӕдӕг сӕхицӕн сты закъон». Павел, «кӕд афтӕ кӕнынц», зӕгъгӕ, нӕ загъта – цыма уый стӕм хатт вӕййы, уыйау. Уый загъта «фӕкӕнынц» ӕмӕ «куы». Уымӕй йӕ зӕгъын фӕндыд, уый стӕм хабар кӕй нӕу. Адӕм «сӕхи ӕгъдауӕй, закъон куыд дзуры, афтӕ... фӕкӕнынц», ома, рӕстдзинады ӕнкъарӕн сӕ зӕрдӕйы кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ ӕххӕст кӕнынц Хуыцауы Ныхасы фыст закъӕттӕ.

8 Ӕмӕ адӕм афтӕ сты бирӕ бӕстӕты. Иу профессор загъта, зӕгъгӕ, вавилойнӕгты, египетӕгты ӕмӕ грекъӕгты, стӕй Австралийы ӕмӕ Америкӕйы бынӕттон цӕрджыты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ, «ӕвзӕрыл нымад уыдис, искӕй ӕфхӕрын, марын, гадзрахатӕй цӕуын, сайын; хорзыл та – ацӕргӕтӕм, сывӕллӕттӕм ӕмӕ рынчынтӕм хорз зӕрдӕ дарын». Профессор Коллинз та ныффыста: «Куыд зыны, афтӕмӕй алы адӕмтӕ дӕр ӕмбарынц, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый». Ацы ныхӕстӕ дын дӕ зӕрдыл Ромӕгтӕм 2:14 не ’рлӕууын кодтой?

Де ’фсарм дын цы дзуры?

9. Цы у ӕфсарм ӕмӕ нӕ рагацау куыд фӕдзӕхсы?

9 Библийӕ бӕрӕг у, адӕймагӕн йе ’фсарм кӕй ӕххуыс кӕны, цы аразы, уымӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн. Уый у йӕ мидхъӕлӕс, ӕмӕ йын фӕдзуры, раст кӕны ӕви нӕ. Павел дӕр уый кой кодта: «Мемӕ иумӕ сыгъдӕг уды фӕрцы ӕвдисӕн лӕууы ме ’фсарм дӕр» (Ромӕгтӕм 9:1). Зӕгъӕм, цыдӕр хъуыддаг дӕ аскъуыддзаг кӕнын хъӕуы, уӕд дын дӕ мидхъӕлӕс, чи зоны, рагацау зӕгъа, куыд растдӕр уыдзӕн бакӕнын, уый. Де ’фсарм дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цы саразынмӕ хъавыс, ууыл ахъуыды кӕнай ӕмӕ бамбарай, уыцы хъуыддаг куы бакӕнай, уӕд дӕхи куыд хатдзынӕ.

10. Адӕймагӕн ӕфсарм кӕй ис, уый арӕхдӕр куыд рабӕрӕг вӕййы?

10 Арӕхдӕр адӕймагмӕ йе ’фсарм сдзуры, исты куы саразы, уый фӕстӕ. Давид Саулӕй куы ’мбӕхст, уӕд ын фадат фӕзынд, цӕмӕй, Хуыцау паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, уый фӕхудинаг кодтаид, ӕмӕ афтӕ кӕнгӕ дӕр бакодта. Уый фӕстӕ «Давидӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт» (1 Самуилы 24:1–5; Псалом 32:3, 5). Ацы ран дзырд «ӕфсарм», зӕгъгӕ, нӕй. Фӕлӕ йӕхи афтӕ кӕй хатыд, уымӕй бӕрӕг у, йе ’фсарм ӕм кӕй дзырдта. Не ’ппӕтдӕр ӕй зонӕм, ӕфсарм ӕнцой куы нӕ фӕдӕтты, уый цы у, уый – цыдӕр-иу сарӕзтам, ӕмӕ-иу уый фӕстӕ нӕхи фӕсмонӕй бахордтам. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ-иу сӕ хъалонтӕ нӕ бафыстой, фӕлӕ-иу сӕ стӕй се ’фсарм уыйонг скодта, ӕмӕ-иу сӕ бафыстой. Иннӕтӕ та-иу сӕ цардӕмбалӕн басастысты, гадзрахатӕй йыл кӕй рацыдысты (Дзуттӕгтӕм 13:4). Фӕлӕ адӕймаг йе ’фсармы коммӕ куы кӕса, уӕд нӕ тыхсдзӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл нӕ худдзӕн.

11. Алы хатт дӕр ӕфсарммӕ хъусын тӕссаг цӕмӕн у? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

11 Цымӕ нӕ алы хатт дӕр хъӕуы не ’фсарммӕ хъусын? Ӕфсарммӕ, мидхъӕлӕсмӕ хъусын ӕвзӕр нӕу, фӕлӕ нӕ уый фӕсайын дӕр зоны. О, «нӕ мидӕг цы адӕймаг ис, уый» нӕ рӕдийын дӕр фӕкӕндзӕн (2 Коринфӕгтӕм 4:16). Ӕркӕсӕм Библийӕ иу хабармӕ. Стефан, иузӕрдион чырыстон, «уыд тынг хӕларзӕрдӕ ӕмӕ хъӕбатыр адӕймаг». Дзуттӕгтӕй йӕ чидӕртӕ Иерусалимӕй ракодтой ӕмӕ йӕ дуртӕй амардтой. Уым хӕстӕг лӕууыд Савл (фӕстӕдӕр сси апостол Павел). Савл, «Стефаны кӕй амардтой, уый... растыл нымадта». Чи йӕ мардта, уыцы дзуттӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, дызӕрдыг дӕр нӕ кодтой, раст кӕй кодтой, ууыл, ӕмӕ сӕм сӕ мидхъӕлӕс ницы дзырдта. Уый зӕгъӕн уыд Савлӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ ма уый фӕстӕ дӕр «Хицауы ахуыргӕнинӕгтӕм мӕстӕй фыхт ӕмӕ сӕ марынвӕнд скодта». Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ йӕ мидхъӕлӕс кодта сайгӕ (Хъуыддӕгтӕ 6:8; 7:57–8:1; 9:1).

12. Не ’фсармыл нын цы бандавы?

12 Цымӕ Савлы ӕфсармыл афтӕ цы бандӕвтаид? Иу, йӕ алыварс цы адӕм уыдысты, уый. Зӕгъӕм, махӕй бирӕтыл ӕрцыд ахӕм хабар, ӕмӕ-иу телефонӕй куы ныхас кодтам, уӕд-иу уайтагъд нӕ бамбӕрстам кӕимӕ дзурӕм, фыртимӕ ӕви фыдимӕ. Чи зоны, фыртӕн йӕ хъӕлӕс ӕнӕуи дӕр йӕ фыды хъӕлӕсы хуызӕн у. Фӕлӕ ма йын йӕ ныхасыгъӕдыл бандӕвта йӕ фыды ныхасыгъӕд дӕр. Афтӕ Савлыл дӕр, чи зоны, бандӕвта, Йесойӕ йе сӕфт чи уыдта ӕмӕ йын йӕ ахуырӕдты ныхмӕ чи уыд, ӕдзух уыцы дзуттӕгты ’хсӕн кӕй уыд, уый (Иоанны 11:47–50; 18:14; Хъуыддӕгтӕ 5:27, 28, 33). Уӕдӕ, Савлӕн йӕ мидхъӕлӕсыл, ома йе ’фсармыл ӕндӕвтой, йӕ алыварс цы адӕм уыд, уыдон.

13. Адӕймагӕн йе ’фсармыл, кӕй ӕхсӕн цӕры, уыдон куыд бандавынц?

13 Адӕймагӕн ма йе ’фсармыл бандавы, кӕй ӕхсӕн цӕры, уыцы адӕмы ӕгъдау дӕр – адӕймагӕн йӕ ныхас, кӕй ӕхсӕн вӕййы, уыдоны ныхасы хуызӕн куыд свӕййы, раст афтӕ (Матфейы 26:73). Афтӕ уыд сӕ хабар рагон ассириӕгтӕн дӕр. Уыдон уыдысты тынг хӕстмондаг адӕм. Уӕды заманы конд нывты фенӕн ис, уацайрӕгтӕн цы ӕгъатыр митӕ кодтой, уый (Наум 2:11, 12; 3:1). Ионӕйы рӕстӕджы Ниневийы цӕрджытӕ «сӕ рахиз къух сӕ галиу къухӕй ӕвзарын нӕ фӕрӕзтой», ома, Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ раст цы уыд ӕмӕ цы нӕ уыд, уый нӕ зыдтой. Ӕрмӕст ма ахъуыды кӕн, Ниневийы чи схъомыл, уымӕн йе ’фсармыл, кӕй ӕхсӕн цард, уыдоны зондахаст куыд тынг бандӕвтаид! (Ионӕ 3:4, 5; 4:11). Уӕдӕ абон дӕр адӕймагӕн йе ’фсармыл бандавы, йӕ алыварс цы адӕм ис, уыдоны зондахаст.

Раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарыныл ахуыр кӕнӕм

14. Ӕфсармӕй хайджын кӕй стӕм, уый, Райдианы 1:27 цы фыст ис, уыимӕ куыд баст у?

14 Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы схайджын кодта ӕфсармӕй. Мах дӕр ӕфсарм нӕ туджы уыдонӕй рахастам. Райдианы 1:27 фыст ис, Хуыцау адӕмы йӕхимӕ гӕсгӕ кӕй сфӕлдыста. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ бакастӕй стӕм Хуыцауы хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцау у ӕнӕуынгӕ уд, мах та стӕм туг ӕмӕ стӕгӕй конд буар. Мах Хуыцауы хуызӕн афтӕ стӕм, ӕмӕ уымӕ цы миниуджытӕ ис, уыцы миниуджытӕ ис махмӕ дӕр. Уыдонӕй иу у, рӕстдзинады ӕнкъарӕн нӕ зӕрдӕйы кӕй ис ӕмӕ нӕм ӕфсарм кӕй ис. Уый ӕвдисы, кӕй хъӕуы архайын, цӕмӕй, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарыныл ахуыр кӕнӕм. Уый тыххӕй та хъуамӕ Сфӕлдисӕджы хуыздӕр базонӕм ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм.

15. Нӕ уӕларвон Фыды зонын нӕ цӕмӕн хъӕуы?

15 Библи нын ӕргом кӕны, Йегъовӕ кӕй у Царддӕттӕг, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ у алкӕй Фыд дӕр (Исай 64:8). Иузӕрдион чырыстӕттӕн – уӕларвыл цӕрыны ныфс сӕ ис ӕви зӕххыл дзӕнӕты – сӕ бон у, ӕмӕ сӕ ныййарӕг фыдимӕ куыд фӕныхас кӕнынц, афтӕ ныхас кӕной Хуыцауимӕ, сӕ уӕларвон Фыдимӕ (Матфейы 6:9). Хъуамӕ нӕ фӕнда нӕ уӕларвон Фыдмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнын ӕмӕ алцӕмӕдӕр уый цӕстӕй кӕсын (Иаковы 4:8). Фӕлӕ бирӕтӕ ууыл хъуыды дӕр нӕ кӕнынц. Уыдон сты уыцы дзуттӕгты хуызӕн, Йесо афтӕ кӕмӕн загъта: «Сымах ын йӕ хъӕлӕс дӕр никуы фехъуыстат ӕмӕ йын йӕ цӕсгом дӕр никуы федтат, ӕмӕ йӕ ныхас дӕр уӕ зӕрдӕты нӕй» (Иоанны 5:37, 38). Мах никуы фехъуыстам Хуыцауы хъӕлӕс, фӕлӕ, куыд хъуыды кӕны, уый нӕ бон у базонын, йӕ Ныхас ын куы кӕсӕм, уӕд. Афтӕмӕй та Хуыцауы хуызӕн уыдзыстӕм ӕмӕ, уый куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕндзыстӕм.

16. Иосифы хабарӕй куыд зыны, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарыныл ахуыр кӕнын ӕмӕ мидхъӕлӕсы коммӕ кӕсын ахсджиаг кӕй у, уый?

16 Иосифыл Потифары хӕдзары цы хабар ӕрцыд, уымӕй зыны, афтӕ кӕнын раст кӕй у, уый. Потифары усы фӕндыд, цӕмӕй Иосиф йемӕ ӕмуат ӕрцыдаид. Кӕд уыцы рӕстӕджы Библийӕн ӕмӕ Дӕс фӕдзӕхстӕн сӕ кой дӕр нӕма уыд, уӕддӕр Иосиф загъта: «Куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм ӕвзӕр хъуыддаг ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд куыд хъуамӕ саразон?» (Райдиан 39:9). Афтӕ, йӕ бинонтӕй кӕй ӕфсӕрмы кодта, уымӕн нӕ бакодта – уыдон цардысты дард. Уый фыццаджыдӕр хъуыды кодта Хуыцауыл, цӕмӕй йӕ зӕрдӕхудты ма бацыдаид. Иосиф зыдта, Хуыцау ӕмкъайады тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый – иу лӕгӕн хъуамӕ уа иу ус, ӕмӕ хъуамӕ уой «иу буар». Ӕвӕццӕгӕн, фехъуыста, Авимелех куыд фӕци, Ревеккӕйӕн лӕг ис, уый куы базыдта, уӕд. Йӕхицӕн дзы ус куы скодтаид, уӕд тӕригъӕд ракодтаид ӕмӕ йӕ адӕмы бӕллӕхы баппӕрстаид. Хъуыддаг тӕригъӕдмӕ не ’рцыд. Ӕмӕ Йегъовӕ се ’ппӕтӕн дӕр кӕй раарфӕ кодта, уымӕй бӕрӕг у, хӕтындзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Иосиф уыцы хабӕрттӕ кӕй зыдта, уый йын баххуыс кодта, цӕмӕй йе ’фсарм ма фесӕфтаид ӕмӕ ӕнӕгъдау ми ма бакодтаид (Райдиан 2:24; 12:17–19; 20:1–18; 26:7–14).

17. Нӕ уӕларвон Фыды фӕзмын махӕн Иосифӕй ӕнцондӕр цӕмӕн у?

17 Нӕ уавӕр Иосифы уавӕрӕй у бирӕ хуыздӕр. Махмӕ ис Библи ӕнӕхъӕнӕй. Уымӕй нӕ бон у базонын, нӕ уӕларвон Фыд куыд хъуыды кӕны, стӕй цы уарзы ӕмӕ цы нӕ уарзы, уый. Цас хуыздӕр зонӕм Фыстад, уыйас ӕввахсдӕр кӕнӕм Хуыцаумӕ ӕмӕ уыйас тынгдӕр кӕнӕм уый хуызӕн. Афтӕмӕй нын нӕ мидхъӕлӕс хуыздӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, нӕ уӕларвон Фыд куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнӕм. Уыцы мидхъӕлӕс нын цы дзура, уым ирдӕй-ирддӕр зындзӕн Хуыцауы фӕндон (Ефесӕгтӕм 5:1–5).

18. Кӕд нӕ раздӕры цардӕн аивӕн нал ис, уӕддӕр нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарыныл ахуыр кӕнӕм?

18 Ӕмӕ цы зӕгъӕн ис, нӕ алыварс чи ис, уыдон нын не ’фсармыл куыд ӕндавынц, уый тыххӕй та? Раздӕр ныл, чи зоны, ӕндӕвтой, нӕ хӕстӕджыты ӕмӕ, кӕй ӕхсӕн схъомыл стӕм, уыдоны зондахаст ӕмӕ хъуыддӕгтӕ. Гӕнӕн ис, ӕмӕ уый аххосӕй нӕ мидхъӕлӕс ныммынӕг кӕнӕ та фӕивта – йӕ «ныхас», нӕ алыварс чи ис, уыдоны «ныхасы» хуызӕн сси. Нӕ раздӕры цард нӕ бон аивын нӕу. Фӕлӕ нӕ бон у, ӕмӕ ӕвзарӕм ахӕм ӕмбӕлттӕ ӕмӕ уӕм ахӕм адӕмы ’хсӕн, не ’фсармыл нын хорзырдӕм чи бандава. Сӕйрагдӕр у, цӕмӕй арӕхдӕр ныхас кӕнӕм иузӕрдион чырыстӕттимӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон рагӕй фӕстӕмӕ дӕр архайынц, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыды хуызӕн уой. Уымӕн тынг хорз фадат сты ӕмбырды фембӕлдтӕ, стӕй, фембӕлдты размӕ ӕмӕ фембӕлдты фӕстӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ кӕй фӕныхас кӕнӕм, уый. Нӕ бон у, ӕмӕ нӕ хъус дарӕм, не ’мчырыстӕтты зондахастыл ӕмӕ, алы хъуыддагмӕ дӕр цы цӕстӕй кӕсынц, ууыл Библийы уагӕвӕрдтӕ куыд тынг ӕндавынц, уымӕ. Зӕгъӕм, цыфӕнды гыццыл хъуыддаджы дӕр хъусынц, се ’фсарм сын цы дзуры, уымӕ – уый сын раст амоны, Хуыцау сӕ цы фӕндӕгтыл кӕны ӕмӕ алцӕмӕ дӕр цы цӕстӕй кӕсы. Рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй арфдӕр ӕмбарӕм Библийы уагӕвӕрдтӕ, ӕмӕ уый фӕрцы та тынгдӕр кӕндзыстӕм Хуыцауы хуызӕн. Нӕ мидхъӕлӕс нӕ уӕларвон Фыды уагӕвӕрдтӕм хъусын куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты сӕ хорз хъуыддӕгты куы фӕзмӕм, уӕд нын не ’фсарм цы дзура, ууыл нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм ӕмӕ йӕ коммӕ ӕнӕзивӕгдӕрӕй кӕсдзыстӕм (Исай 30:21).

19. Ӕфсармимӕ баст фарстытӕй ма ноджы цавӕртыл аныхас кӕндзыстӕм?

19 Фӕлӕ уӕддӕр бирӕты хъӕуы алы бон дӕр тох кӕнын, цӕмӕй сын се ’фсарм куыд дзуры, афтӕ кӕной. Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, цавӕр уавӕрты бахауынц чырыстӕттӕ, ууыл. Уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ хуыздӕр бамбардзыстӕм, адӕймаг исты фарст куы фескъуыддзаг кӕны, уӕд ын йе ’фсарм куыд феххуыс кӕны, уый. Базондзыстӕм, иу фарсты фӕдыл чырыстӕттӕ алыхуызон уынаффӕтӕ цӕмӕн рахӕссынц. Ӕмӕ аныхас кӕндзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын не ’фсарм куыд дзуры, афтӕ кӕнӕм (Дзуттӕгтӕм 6:11, 12).

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. Гарварды университеты профессор-астроном Оуэн Гингрич уый тыххӕй фыссы: «Адӕм сӕхи уды хардзӕй иннӕтӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый фӕдыл ӕвзӕры фарст... ӕмӕ ацы фарстӕн, ахуыргӕндтӕ цӕрӕгойты дуне иртасгӕйӕ цы сбӕлвырд кодтой, уый руаджы бӕлвырд дзуапп раттӕн нӕй. Йӕ дзуапп ын агурын хъӕуы ӕндӕр ран. Уый баст у, Хуыцау адӕймаджы кӕмӕй схайджын кодта, уыцы миниуджытимӕ – сӕ иу у ӕфсарм, цӕсгом».

Цы базыдтай?

• Алы адӕмтӕ дӕр, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый цӕмӕн ӕмбарынц, ома сӕм ӕфсарм цӕмӕн ис?

• Не ’фсарм нын цы дзуры, уымӕ нӕ алы хатт дӕр хъусын цӕуылнӕ хъӕуы?

• Куыд у нӕ бон, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарыныл ахуыр кӕнын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 13 фарсыл]

Давидӕн йе ’фсарм ӕнцой нӕ лӕвӕрдта...

фӕлӕ Савлӕй уый зӕгъӕн нӕ уыд

[Ныв 14 фарсыл]

Нӕ бон у, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарыныл ахуыр кӕнын