Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау ӕмӕ адӕмы цӕсты рӕсугъд чи у, ахӕм чындзӕхсӕвтӕ

Хуыцау ӕмӕ адӕмы цӕсты рӕсугъд чи у, ахӕм чындзӕхсӕвтӕ

Хуыцау ӕмӕ адӕмы цӕсты рӕсугъд чи у, ахӕм чындзӕхсӕвтӕ

«Канӕйы уыд чындзӕхсӕв... Чындзӕхсӕвмӕ фӕхуыдтой Йесойы ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр» (ИОАННЫ 2:1, 2).

1. Йесо Канӕйы цы сарӕзта?

ЙЕСО Чырысти, йӕ мад ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ зыдтой, уаг ӕмӕ ӕгъдауыл цы чындзӕхсӕв вӕййы, уый Хуыцауы адӕмӕн стыр циндзинад кӕй хӕссы. Йесойы фӕрцы ма иу чындзӕхсӕв адӕмы хъуыдыты дӕр баззад – уым сарӕзта йӕ фыццаг диссаг (Иоанны 2:1–11). Ды дӕр, чи зоны, искуы уыдтӕ чырыстон чындзӕхсӕвы ӕмӕ дӕ рӕстӕг хорз арвыстай. Кӕнӕ та зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсыс дӕхи чындзӕхсӕвмӕ, йе та де ’мбӕлттӕй искӕмӕн ӕххуыс кӕныс, цӕмӕй йӕ чындзӕхсӕв дзӕбӕхӕй ацӕуа. Фӕлӕ уымӕн цы хъӕуы?

2. Библи чындзӕхсӕвты тыххӕй цы дзуры?

2 Ус ракурын кӕнӕ смой кӕнын кӕй фӕнды, уыдон Хуыцауы Ныхасы ссардзысты хорз уынаффӕтӕ (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстон чындзӕхсӕв куыд аразгӕ у, уый тыххӕй Библи бӕлвырдӕй ницы дзуры. Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ адӕмӕн се ’гъдӕуттӕ ӕмӕ сӕ бӕстӕйы закъӕттӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц. Дзырдӕн, рагон Израилы ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ, чындзӕхсӕв скӕнынӕн бирӕ цыдӕртӕ нӕ хъуыд – лӕппу-иу ӕрбакодта чызджы йӕхи кӕнӕ йӕ фыды хӕдзармӕ (Райдиан 24:67; Исай 61:10; Матфейы 1:24). Ууыл-иу ахицӕн чындзӕхсӕв, ӕмӕ дыууӕ уды нымад цыдысты лӕг ӕмӕ усыл. Уый тынг хицӕн кӕны абоны чындзӕхсӕвтӕй.

3. Канӕйы Йесо фысымтӕм цӕмӕй фӕкаст?

3 Афтӕмӕй-иу израилӕгтӕ базыдтой, лӕппу ӕмӕ чызг ус ӕмӕ лӕг кӕй систы, уый. Стӕй-иу фынгтӕ дӕр ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ-иу дзӕбӕх фӕбадтысты, Иоанны 2:1 куыд фыст у, афтӕ (Матфейы 22:2–10; 25:10; Лукайы 14:8). Ацы стихӕй бӕрӕг у, Йесо ахӕм чындзӕхсӕвы кӕй уыд ӕмӕ ма фысымтӕм дӕр кӕй фӕкаст. Фӕлӕ нӕ ацы ран зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ уӕд чындзӕхсӕвтӕ куыд кодтой, афтӕ сӕ абон нӕ кӕнынц.

4. Чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ сӕ чындзӕхсӕв куыд скӕнынц ӕмӕ цӕмӕн?

4 Абон бирӕ бӕстӕты, ус ракурын кӕнӕ смой кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны хъӕуы хицауады закъон ӕххӕст кӕнын. Зӕгъӕм, иуӕй-иу рӕтты лӕппу ӕмӕ чызгӕн сӕ бон у закъонмӕ гӕсгӕ бацӕуын тӕрхонгӕнӕг, горӕты хицау кӕнӕ, хицауад уыцы бар кӕмӕн ратты, ӕндӕр ахӕм адӕймагмӕ, цӕмӕй сын сӕ цард баиу кӕна. Иуӕй-иутӕ растдӕр афтӕ бакӕнынц, фӕзӕгъынц сӕ хӕстӕджытӕй кӕнӕ сӕ чырыстон ӕмбӕлттӕй цалдӕрӕн, цӕмӕй сын загс кӕнгӕйӕ ӕвдисӕнтӕ уой кӕнӕ сын сӕ циныл фӕцин кӕной (Йереми 33:11; Иоанны 3:29). Иннӕты та стыр чындзӕхсӕв скӕнын нӕ бафӕнды, бирӕ цӕттӕ кӕнын ӕм кӕй хъӕуы ӕмӕ дзы стыр хӕрдзтӕ кӕй вӕййы, уый тыххӕй. Сӕ хиуӕттӕй, сӕ зонгӕтӕй цалдӕры фӕхонынц ӕмӕ гыццыл бадт саразынц. Чындзӕхсӕв куыд кӕнгӕ у, уый тыххӕй нӕм цыфӕнды хъуыды ма уа, уӕддӕр ма рох кӕнӕм, алы ’мбаргӕ чырыстонӕн дӕр йӕхи хъуыды кӕй ис (Ромӕгтӕм 14:3, 4).

5. Чырыстӕттӕй бирӕты цӕмӕн фӕфӕнды, цӕмӕй сын сӕ чындзӕхсӕвы раныхас бакӕсой?

5 Чырыстӕттӕй бирӕты фӕфӕнды, цӕмӕй сын сӕ чындзӕхсӕвы раныхас бакӕсой *. Уымӕн ӕмӕ ӕмбарынц, Йегъовӕ кӕй у бинонты царды бындурӕвӕрӕг ӕмӕ сын йӕ Ныхасы кӕй дӕтты хорз уынаффӕтӕ амондджын цардӕн (Райдиан 2:22–24; Марчы 10:6–9; Ефесӕгтӕм 5:22–33). Бирӕтӕ фӕхонынц сӕ чырыстон ӕмбӕлтты ӕмӕ сӕ хӕстӕджыты, цӕмӕй уыцы цины бон семӕ уой. Фӕлӕ ӕвзӕры иу фарст: чындзӕхсӕвы фӕдыл цы бирӕ закъӕттӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ ис, уыдонмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Ацы статьяйы мах ӕркӕсдзыстӕм, алыхуызон бӕстӕты чындзӕхсӕвтӕ куыд фӕкӕнынц, уымӕ. Ӕмӕ чи зоны, сымахмӕ цы ӕгъдӕуттӕ ис, уыдонӕй тынг хицӕн кӕной. Базондзынӕ ма, Хуыцауы лӕггадгӕнджыты сӕ зӕрдыл цавӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕ хъӕуы дарын, уый.

Бинонтӕ скӕнын закъонмӕ гӕсгӕ

6, 7. Ус ракурын кӕнӕ смой кӕнын кӕй фӕнды, уыдон закъӕттӕ цӕмӕн хъуамӕ зоной ӕмӕ уыцы закъӕттӕ куыд хъуамӕ ӕххӕст кӕной?

6 Кӕд бинонты цардӕн бындур Йегъовӕ ӕрӕвӕрдта, уӕддӕр ма фӕхъӕуы цавӕрдӕр закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕмӕ уый раст у. Йесо Чырысти загъта: «Уӕдӕ, кесӕры цы у, уый кесӕрӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (Марчы 12:17). Апостол Павел дӕр дзырдта: «Хуыцауӕй чи нӕу, ахӕм хицаудзинад нӕй. Уӕдӕ алы адӕймаг дӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс уӕд, уымӕн ӕмӕ сын цы бартӕ ис, уыдон сын Хуыцауӕй лӕвӕрд сты» (Ромӕгтӕм 13:1; Титмӕ 3:1).

7 Бирӕ бӕстӕты ус курын кӕнӕ смой кӕныны бар кӕмӕн ис ӕмӕ кӕмӕн нӕй, уыцы уынаффӕ рахӕссы кесӕр, ома хицауад. Уӕдӕ кӕд, чырыстӕттӕн Библимӕ гӕсгӕ сӕ бон у бинонтӕ скӕнын, уӕд хъуамӕ хицауады закъон ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кӕной: ЗАГС-ы къухтӕ ӕрфыссой ӕмӕ загсы кусӕгӕй гӕххӕтт райсой. Паддзах Август бардзырд куы радта, цӕмӕй йӕ «паддзахады цы адӕм цард, уыдон иууылдӕр сӕхи ныффыстаиккой», уӕд Иосиф ӕмӕ Мӕрийӕ дӕр ацыдысты Вифлееммӕ «сӕхи ныффыссынмӕ» (Лукайы 2:1–5).

8. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ закъонмӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ усыл нымад кӕд ӕрцӕуынц ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куыд архайынц?

8 Чырыстӕттӕ сӕ цард закъонмӕ гӕсгӕ куы баиу кӕнынц, уӕд Хуыцауы цӕсты свӕййынц лӕг ӕмӕ ус. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дыккаг хатт чындзӕхсӕв нал фӕкӕнынц, стӕй иумӕ 25 кӕнӕ 50 азы кӕй фӕцардысты, уый бӕрӕг кӕнгӕйӕ кӕрӕдзийӕн ногӕй дзырд нал фӕдӕттынц (Матфейы 5:37). (Иуӕй-иу аргъуантӕм раст нӕ кӕсы, закъонмӕ гӕсгӕ цы чындзӕхсӕвтӕ скӕнынц, уыдон. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, дыууӕ адӕймаджы лӕг ӕмӕ ус свӕййынц, сауджын сыл куы саргъауы, ус ӕмӕ сӕ лӕг куы схоны, ӕрмӕстдӕр уӕд.) Бирӕ бӕстӕты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй кӕмӕндӕрты хицауад бар ратты, загсы кусӕгӕн цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнынӕн. Уавӕртӕ куы фӕамонынц, уӕд ма уыцы ӕфсымӕр раныхас дӕр бакӕсы, загс сын куы скӕны, уӕд. Уыцы раныхас бакӕсынӕн хорз бынат у Паддзахады зал. Уым фӕкувӕм Йегъовӕйӕн, бинонты царды бындурӕвӕрӕгӕн.

9. а) Загс скӕныны фӕстӕ ма чырыстӕтты, гӕнӕн ис, цы бафӕнда? ӕ) Чындзӕхсӕв чи кӕны, уыдонӕн хистӕр нӕлгоймӕгты бон куыд у баххуыс кӕнын?

9 Иннӕ бӕстӕты та закъон домы, цӕмӕй дыууӕ адӕймаджы загс скӕной паддзахадон галуаны (зӕгъӕм, мэрийы) кӕнӕ сӕ къухтӕ ӕрфыссой хицауады кусӕджы раз. Загс скӕныны фӕстӕ чырыстӕттӕй бирӕтӕн Паддзахады залы вӕййы раныхас, уыцы бон кӕнӕ дыккаг бон. (Хъуамӕ загсӕй раныхасмӕ бирӕ рӕстӕг ма рацӕуа, уымӕн ӕмӕ загс скӕныны фӕстӕ дыууӕ уды Хуыцау ӕмӕ адӕмы цӕсты свӕййынц лӕг ӕмӕ ус.) Цӕмӕй Паддзахады залы раныхас уа, уый тыххӕй хъӕуы бафӕрсын ӕмбырды комитеты ӕфсымӕрты. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ базоной, ӕмбырды сын хорз ном ис ӕви нӕ, стӕй зал сӕрибар кӕд вӕййы, уый (1 Коринфӕгтӕм 14:33, 40). Ӕфсымӕр ӕмӕ хойы зал саив кӕнын куы фӕнда, уӕд ма ууыл дӕр аныхас кӕндзысты. Стӕй ма хистӕр нӕлгоймӕгтӕ рахӕсдзысты уынаффӕ, ӕмбырдӕн ӕй фехъусын кӕндзысты ӕви нӕ.

10. Кӕд хо ӕмӕ ӕфсымӕр загс скодтой, уӕд раныхасы хъус ӕрдарын цӕмӕ хъӕудзӕн?

10 Раныхас цы хистӕр нӕлгоймаг кӕса, уый хъуамӕ дзура зӕрдӕбынӕй, уырнындзинад фидар кӕна. Кӕд хо ӕмӕ ӕфсымӕр раныхасы размӕ загс скодтой, уӕд хъуамӕ зӕгъа, зӕгъгӕ, ныр кесӕры закъонмӕ гӕсгӕ сты лӕг ӕмӕ ус. Кӕд ЗАГС-ы кӕрӕдзийӕн дзырд нӕ раттой, уӕд уый скӕнӕн уыдзӕн раныхасы рӕстӕг *. Кӕд о, уӕд дӕр сӕ бон у Йегъовӕ ӕмӕ ӕмбырды раз дӕр дзырд раттын, ӕрмӕст сӕ ныхасӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, уыцы дзырд уый размӕ кӕй радтой ӕмӕ кӕй «баиу сты» (Матфейы 19:6; 22:21).

11. Иуӕй-иу рӕтты дыууӕ адӕймаджы сӕ цард куыд баиу кӕнынц ӕмӕ уый сӕ чындзӕхсӕвы раныхасыл куыд фӕзыны?

11 Кӕмдӕрты та закъонмӕ гӕсгӕ къух ӕрфыссынӕй дарддӕр ницы хъӕуы. Дыууӕ уды лӕг ӕмӕ усыл нымад ӕрцӕуынц, ЗАГС-мӕ, сӕ къухтӕ кӕуыл ӕрфыссынц, ахӕм гӕххӕтт куы бадӕттынц ӕмӕ йыл ЗАГС-ы кусӕг йӕ къух куы ӕрӕвӕры, уӕд. Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй загс чи скодта, уыдонӕй кӕмӕндӕрты фӕлтӕрд ӕфсымӕр Паддзахады залы бакӕсы раныхас. Раныхасмӕ чи ’рбацӕуа, уыдонӕн зӕгъдзӕн, зӕгъгӕ, гыццыл раздӕр загс скодтой. Раныхасы рӕстӕг дзырд куы дӕттой, уӕд зӕгъӕн ис, 10-ӕм абзацы цы фыст ис ӕмӕ йӕм цы фиппаинаг ис, уый. Уазджытӕ сын сӕ циныл фӕцин кӕндзысты ӕмӕ, раныхасы Библийӕ цы уынаффӕтӕ уа, уыдонӕй бафидар уыдзысты (Соломоны зарӕг 3:11).

Чындзӕхсӕв ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ ӕмӕ закъонмӕ гӕсгӕ

12. Кӕцыдӕр бӕстӕты дыууӕ адӕймаджы сӕ цард куыд баиу кӕнынц ӕмӕ ма сӕ уый фӕстӕ цы саразын фӕхъӕуы?

12 Кӕцыдӕр бӕстӕты дыууӕ уды сӕ цард баиу кӕнынц, бынӕттон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ. Нӕ ныхас ууыл нӕу, ӕмӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг ӕнӕуи иумӕ цӕрынц, йе та сӕ къухтӕ не ’рфыстой, афтӕмӕй лӕг ӕмӕ усы цард кӕнынц. Уый иуӕй-иу рӕтты ӕвзӕрыл нӕ нымайынц, фӕлӕ уӕддӕр закъонмӕ гӕсгӕ уый бынтон раст нӕу *. Мах дзурӕм, бынӕттон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ дӕр ӕмӕ закъонмӕ гӕсгӕ дӕр раст чи у, ахӕм чындзӕхсӕвы тыххӕй. Уымӕ фӕхауы, чызджы тыххӕй ирӕд кӕй бафидынц кӕнӕ хуын кӕй скӕнынц, уый. Афтӕмӕй хицауады закъонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ нымад вӕййынц лӕг ӕмӕ усыл. Уый фӕстӕ ма фӕхъӕуы къухтӕ дӕр ӕрфыссын ӕмӕ райсын ӕвдисӕндар кӕнӕ гӕххӕтт. Дыууӕ уды сӕ цард кӕй иу кӕнынц, уый гӕххӕттыл кӕй фидар кӕнынц, уый сӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты бахъахъхъӕны. Зӕгъӕм, сылгоймаг ӕмӕ сывӕллӕттӕ ӕнӕ дарӕгӕй куы баззайынц, уӕд. Кӕд ӕмбырды чидӕртӕ, бынӕттон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ бацардысты, фӕлӕ сӕ къухтӕ не ’рфыстой, уӕд сын зӕгъын хъӕуы, цӕмӕй сӕ къухтӕ ӕрфыссой, цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр. Дзырдӕн, раздӕр Моисейы Закъон куыд домдта, афтӕмӕй-иу дыууӕ адӕймаджы сӕ цард куы баиу кодтой кӕнӕ-иу сывӕллон куы райгуырд, уӕд-иу уыцы хабар фыст ӕрцыд (Матфейы 1:1–16).

13. Бынӕттон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ сӕ цард чи баиу кӕны, уыдонӕн ма раныхас цӕмӕн вӕййы?

13 Сӕ цард бынӕттон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ ӕмӕ закъонмӕ гӕсгӕ чи баиу кӕны, уыдон нымад вӕййынц лӕг ӕмӕ усыл. Ӕмӕ уӕлдӕр куыд дзырдтам, афтӕ сӕ куы бафӕнда, цӕмӕй сын Паддзахады залы раныхас уа ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырд раттой, уӕд раныхасы зӕгъын хъӕудзӕн, зӕгъгӕ, хицауады закъонмӕ гӕсгӕ сты лӕг ӕмӕ ус. Чындзӕхсӕв иу хатт куыд вӕййы, афтӕ раныхас дӕр хъуамӕ уа иу хатт. Хорз уаид, чындзӕхсӕв ӕмӕ раныхас дӕр иу бон куы уаиккой, уӕд уый кад ӕрхӕсдзӕн чырыстон чындзӕхсӕвӕн.

14. Кӕд бынӕттон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ дӕр ӕмӕ закъонмӕ гӕсгӕ дӕр ис цард баиу кӕнӕн, уӕд чырыстонӕн йӕ бон цы у равзарын?

14 Иуӕй-иу бӕстӕты, сӕ цард бынӕттон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ чи баиу кӕны, уыдон закъонмӕ гӕсгӕ кӕд лӕг ӕмӕ усыл нымад вӕййынц, уӕддӕр ма дзы вӕййы загс дӕр. Уым хицауады кусӕджы раз сӕ къухтӕ ӕрфыссынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырд дӕр раттынц. Чырыстӕттӕй иуӕй-иуты бафӕнды сӕ цард баиу кӕнын, бынӕттон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ закъонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ сӕ цард фӕнды бынӕттон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ баиу кӕной, фӕнды закъонмӕ гӕсгӕ, уӕддӕр ӕй хицауад нымайы растыл. 9 ӕмӕ 10-ӕм абзацты куыд кастыстӕм, афтӕмӕй ацы ран дӕр ис раныхас бакӕсӕн ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырд раттӕн. Ацы хъуыддаджы сӕйрагдӕр у, цӕмӕй Хуыцау ӕмӕ адӕмы зӕрдӕхудты ма бацӕуой (Лукайы 20:25; 1 Петры 2:13, 14).

Кад кӕнут ӕмкъайадӕн

15, 16. Ӕмкъайадӕн кад кӕнын куыд хъӕуы?

15 Персы паддзахмӕ йӕ ус куы нӕ байхъуыста, уӕд ын йӕ сӕйраг уынаффӕгӕнӕг Мемухан иу цыдӕр бауынаффӕ кодта, цӕмӕй алы ус дӕр йӕ лӕгӕн кад кӕна (Есфир 1:20). Фӕлӕ чырыстон сылгоймӕгты паддзахы бардзырдтӕ нӕ хъӕуы, уыдоны сӕхи фӕнды сӕ лӕгтӕн кад кӕнын. Уӕдӕ чырыстон лӕгтӕ дӕр кад кӕнынц сӕ устытӕн ӕмӕ сӕ ’ппӕлынц (Ӕмбисӕндтӕ 31:11, 30; 1 Петры 3:7). Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн кад кӕнын райдайынц бирӕ азты фӕстӕ нӕ, фӕлӕ чындзӕхсӕвы бонӕй.

16 Чындзӕхсӕвы бон ӕрмӕст лӕг ӕмӕ ус не ’вдисдзысты, ӕмкъайадӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый. Хистӕр нӕлгоймагӕн раныхас куы уа, уӕд уымӕн дӕр йӕ ныхасӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, уыцы ахсджиаг хъуыддагӕн кӕй кад кӕны. Йӕ ныхас хъуамӕ здӕхт уа сиахс ӕмӕ чындзмӕ. Хъуамӕ ӕнӕхъӕугӕ хъазӕн ныхӕстӕ ӕмӕ таурӕгътӕ ма кӕна, стӕй сиахс ӕмӕ чындзы кой ӕгӕр ма кӕна, цӕмӕй уыдоны дӕр ӕмӕ уазджыты дӕр ма ӕфсӕрмы кӕна. Уый бӕсты бацархайдзӕн, цӕмӕй йӕ ныхас зӕрдӕмӕдзӕугӕ уа, ныфсыл ныфс ӕфтауа, ӕмӕ ӕргом здахдзӕн Хуыцаумӕ, бинонты цардӕн бындур чи ӕрӕвӕрдта, уымӕ, ӕмӕ йӕ диссаджы уынаффӕтӕм. Хистӕр нӕлгоймаг йӕ раныхасӕй кад хӕсдзӕн Йегъовӕйӕн.

17. Чырыстӕттӕ сӕ чындзӕхсӕвтӕ закъонмӕ гӕсгӕ цӕмӕн фӕкӕнынц?

17 Ацы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй чындзӕхсӕв скӕныны тыххӕй закъонмӕ гӕсгӕ фӕхъӕуы бирӕ цыдӕртӕ саразын. Уыцы хабӕрттӕй иуӕй-иутӕ, ӕвӕццӕгӕн, сымахмӕ ӕндӕрхуызон фӕкӕнынц. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ чындзӕхсӕвтӕ фӕкӕнӕм хицауады закъонмӕ гӕсгӕ (Лукайы 20:25). Павел нын дзуры: «Уӕдӕ алкӕмӕн дӕр цы ’мбӕлы, уый йын дӕттут: хъалон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн хъалон, фиддон кӕмӕн ӕмбӕлы, уымӕн фиддон... кад кӕнын кӕмӕн хъӕуы, уымӕн кад кӕнут» (Ромӕгтӕм 13:7). Уӕдӕ чырыстӕттӕ чындзӕхсӕвы бонӕй фӕстӕмӕ бинонты цардмӕ хъуамӕ кӕсой Хуыцауы цӕстӕй.

18. ЗАГС-ы фӕстӕ ма цы саразӕн ис ӕмӕ уый тыххӕй фылдӕр базонӕн кӕм ис?

18 Чырыстӕттӕй бирӕтӕ ЗАГС-ы фӕстӕ фынгтӕ дӕр ӕрӕвӕрынц. Йесо Чырысти дӕр уыди ахӕм чындзӕхсӕвы бадты. Ӕмӕ кӕд исчи ахӕм бадт аразынвӕнд кӕны, уӕд ын Библийы фӕдзӕхстытӕ куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уыцы бон Хуыцауӕн ӕрхӕсса кад, сиахсӕн, чындзӕн ӕмӕ ӕмбырдӕн та циндзинад? Ууыл ныхас цӕудзӕн иннӕ статьяйы *.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 5 абз. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм чындзӕхсӕвты вӕййы 30-минутон раныхас, «Хуыцауы цӕсты рӕсугъд ӕмкъайад», зӕгъгӕ. Вӕййы дзы Библийӕ хорз уынаффӕтӕ. Раныхас арӕзт у чиныг «Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у» ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕндӕр литературӕйыл. Ацы раныхас тынг баххуыс кӕны усгурӕн ӕмӕ чындзӕн, стӕй сӕ уазджытӕн дӕр.

^ 10 абз. Кӕд бынӕттон закъӕттӕ ӕндӕр ницы домынц, уӕд дӕлдӕр лӕвӕрд цӕуы, Хуыцауы чи скадджын кӕндзӕн, ахӕм дзырд. Сиахсы ныхӕстӕ: «Ӕз [сиахсы ном] мӕ цард иу кӕнын демӕ [чындзы ном], цӕмӕй дӕ уарзон ӕмӕ дыл аудон, чырыстон лӕгтӕн Хуыцауы закъон Сыгъдӕг Фыстады куыд амоны, афтӕ, цалынмӕ а-зӕххыл цӕрӕм, уӕдмӕ, Хуыцау ӕмкъайадӕн цы уаг сфидар кодта, уымӕ гӕсгӕ». Чындзы ныхӕстӕ: «Ӕз [чындзы ном] мӕ цард иу кӕнын демӕ [сиахсы ном], цӕмӕй дӕ уарзон, аудон дыл, аргъ ӕмӕ дын кад кӕнон чырыстон устытӕн Хуыцауы закъон Сыгъдӕг Фыстады куыд амоны, афтӕ, цалынмӕ а-зӕххыл цӕрӕм, уӕдмӕ, Хуыцау ӕмкъайадӕн цы уаг сфидар кодта, уымӕ гӕсгӕ».

^ 12 абз. Ахӕм чындзӕхсӕвты тыххӕй бакӕсӕн ис 1962 азы 1 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы (англ.) 287 фарсыл.

^ 18 абз. Кӕс ма статья «Пусть ваша свадьба пройдет радостно и благопристойно», 2006 азы 15 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 28 ф. (уыр.).

Бахъуыды кодтай?

• Чындзӕхсӕвтӕ хицауады закъӕттӕ ӕмӕ Библийы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕнӕм?

• Чырыстӕттӕ загс куы скӕной, уӕд ма йӕ хӕдфӕстӕ цы саразӕн ис?

• Раныхас Паддзахады залы цӕмӕн вӕййы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 8 фарсыл]

Рагон дзуттаг чындзӕхсӕв: лӕппу-иу чызджы ӕрбакодта йӕхи кӕнӕ йӕ фыды хӕдзармӕ

[Ныв 11 фарсыл]

Бынӕттон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ сӕ цард чи баиу кӕны, уыцы чырыстӕттӕн ма сӕ фӕндмӕ гӕсгӕ вӕййы раныхас Паддзахады залы