Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хӕстӕн кӕрон

Хӕстӕн кӕрон

Хӕстӕн кӕрон

«Махыл цӕуы 12-гай азтӕ. Махӕн нӕ бон нӕу политикӕ кӕнӕ хӕстыл бандавын, фӕлӕ мах фӕнды цӕрын! Мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм сабыр цардмӕ. Цымӕ йӕ ӕрӕййафдзыстӕм?» (Фӕндзӕм къласы ахуыргӕнинӕгтӕ).

«Мах фӕнды скъолайы ахуыр кӕнын, нӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ нӕ хӕстӕджытӕм уазӕгуаты цӕуын, ӕмӕ нӕ исчи адава, уымӕй нӕ нӕ фӕнды тӕрсын. Ныфс мӕ ис, хицӕуттӕ нӕ кӕй фехъусдзысты. Мах фӕнды хуыздӕр цӕрын. Фӕнды нӕ, цӕмӕй сабырдзинад уа» (Альхаи, 14 азы).

АЦЫ зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, мидхӕстӕй афӕдзгӕйтты чи хъизӕмар кӕны, уыцы лӕппу ӕмӕ чызг-фӕсивӕды сыгъдӕг бӕллицтӕ. Бирӕ сӕ ницы хъӕуы, ӕрмӕст сабыр ӕмӕ ӕдас цӕрд. Фӕлӕ уыцы бӕллиц сӕххӕст кӕнын ӕнцон нӕу. Хӕстӕн кӕрон куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕгмӕ фӕцӕрдзыстӕм?

Фӕстаг азты ӕхсӕнадӕмон организацитӕ архайынц, цӕмӕй иуӕй-иу мидхӕстытӕ бауромой ӕмӕ ныхмӕхӕцӕг къордтӕ сабырдзинады бадзырдтыл сӕ къухтӕ ӕрфыссой. Уыцы бадзырдтӕ ӕххӕст кӕнынӕн иуӕй-иу бӕстӕтӕ арвитынц сӕ фидауынгӕнӕг тыхтӕ. Фӕлӕ алы паддзахадмӕ ӕхца нӕ вӕййы ӕмӕ алы паддзахады нӕ фӕфӕнды, кӕрӕдзийы ныхмӕ хӕцӕг адӕмӕн ӕнӕуынондзинад ӕмӕ ӕнӕууӕнк сӕ туджы афтӕ кӕм ахъары, ӕмӕ цыфӕнды бадзырд дӕр бирӕ кӕм нӕ ахӕссы, уыцы дард бӕстӕты уаг ӕмӕ фӕтк фидар кӕнын. Арӕх хӕст ногӕй ныггуыпп кӕны, сабырдзинады бадзырдыл къухтӕ ӕрфыссынӕй цалдӕр къуырийы, йе та цалдӕр мӕйы фӕстӕ. Стокгольмы сабырдзинады фарстатӕ иртасӕг ӕхсӕнадӕмон институт куыд бафиппайдта, афтӕмӕй «сабырдзинад зын ӕрӕвӕрӕн у, кӕрӕдзийы ныхмӕ хӕцӕг адӕмы хӕцын куы фӕнда ӕмӕ сӕм уымӕн алцыдӕр куы уа, уӕд».

Уыцы иу рӕстӕг, зӕххы къорийы алы хӕйтты адӕмы ӕддӕг-мидӕг чи ауайын кӕны, уыцы зыниуварсгӕнӕн быцӕутӕ чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц Библийы пехуымпарад. Раргомады чиныджы дзырдӕуы историйы уӕззау дугыл, ахӕсгӕ нысаниуӕг цы барӕгӕн ис, уый «зӕххӕй фарн куы сиса», уыцы рӕстӕгыл (Раргомад 6:4). Ӕнӕбанцайгӕ хӕстытӕ сты хицӕн хӕйттӕй конд нысанӕн йӕ иу хай ӕмӕ ӕвдисынц, мах кӕй цӕрӕм, Библийы «фӕстаг бонтӕ» чи хуыйны, уыцы рӕстӕджы * (2 Тимофеймӕ 3:1). Фӕлӕ нын Хуыцауы Ныхас зӕрдӕ ӕвӕры, ацы фӕстаг бонтӕ кӕй сты сабыр царды райдиан.

Библийы, Псаломы 45:10, дзырдӕуы, зӕгъгӕ, цӕмӕй ӕцӕг сабырдзинад уа, уый тыххӕй хӕстӕн кӕрон скӕнын хъӕуы канд иу бӕстӕйы нӕ, фӕлӕ ӕгас зӕххыл дӕр. Уыцы псалмы ма дзырдӕуы, рагзаманты цы хӕцӕнгарзӕй пайда кодтой, уыдон скуынӕг кӕныныл дӕр: ӕрдын ӕмӕ джебогъ. Абон цы хӕцӕнгарзӕй пайда кӕнынц, уый дӕр хъуамӕ куынӕггонд ӕрцӕуа, цӕмӕй адӕмӕн искӕд сӕ бон суа сабыр цӕрын.

Ӕппынфӕстаг, хӕсты арт нӕмгуытӕ ӕмӕ хӕцӕнгарзы аххосӕй не сфӕйлауы, фӕлӕ ӕнӕуынондзинад ӕмӕ кӕрӕфдзинады аххосӕй. Хӕсты сӕйраг аххосаг вӕййы кӕрӕфдзинад, ӕнӕуынондзинад та арӕх ахизы фыдракӕндтӕм. Ацы мӕлӕтхӕссӕг ӕнкъарӕнтӕй фервӕзынӕн адӕм хъуамӕ сӕ зонд фӕивой. Уыдон хъуамӕ сахуыр уой сабырдзинады фӕндӕгтыл. Уӕдӕ рагзаманты цӕрӕг пехуымпар Исай раст дзуры, зӕгъгӕ, хӕст ӕрмӕстдӕр уӕд нал уыдзӕн, ӕмӕ адӕм хӕцын куы нал ахуыр кӕной (Исай 2:4).

Фӕлӕ мах абон цӕрӕм, стырты дӕр ӕмӕ гыццылты дӕр сабырдзинадӕн аргъ кӕнын нӕ, фӕлӕ хӕстӕн табу кӕнын кӕм ахуыр кӕнынц, ахӕм дунейы. Хъыгагӕн ма суанг сывӕллӕтты дӕр ахуыр кӕнынц марын.

Уыдон сахуыр сты марын

Альхаийы 14-аздзыдӕй ӕфсадӕй рарвыстой. Дӕс азы йедтӕмӕ йыл нӕ цыд, афтӕ йӕ боевиктӕ семӕ тыххӕй акодтой ӕмӕ йӕ Калашниковы автоматӕй (АК-47) ӕхсын сахуыр кодтой. Альхаи бар-ӕнӕбары сси салдат, лӕбурджытимӕ-иу адӕммӕ бабырста ӕмӕ-иу сӕм хӕлцӕй цы ссардта, уый-иу ратӕлӕт кодта, хӕдзӕрттыл та-иу арт бафтыдта. Уымӕй уӕлдай ма, уый мардта ӕмӕ сахъат кодта адӕмы. Абон Альхаийӕн тынг зын у хӕст ферох кӕнын ӕмӕ сабыр цард кӕнын. Эйбрахам дӕр, ӕндӕр гыццыл салдат, сахуыр марын ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд йӕ хотых радтын. Уый дзуры: «Мӕ хӕцӕнгарз мын куы байсой ӕмӕ мӕ куы асурой, уӕд ӕй нӕ зонын цы араздзынӕн, мӕхицӕн хӕринаг куыд амал кӕндзынӕн».

300 мин гыццыл салдатӕй фылдӕр — лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ — нырма дӕр хӕцынц ӕмӕ мӕлынц, нӕ зӕххы къори нын туджы зӕйты бын чи кӕны, уыцы ӕнӕбанцайгӕ мидхӕстыты. Мӕнӕ цы дзуры боевикты иу раздзог: «Уыдон хъусынц бардзырдтӕм, нӕ хъуыды кӕнынц сӕ устытӕм кӕнӕ сӕ бинонтӕм аздӕхыныл; уыдон ницӕмӕй тӕрсынц». Фӕлӕ уыцы сывӕллӕтты фӕнды хуыздӕр цӕрын, ӕмӕ уый аккаг дӕр сты.

Хъӕздыг бӕстӕты цӕрӕг адӕмӕн чи зоны, ӕмӕ зын сфӕлгондзӕн уа, гыццыл салдӕттӕ цы фыдуавӕры сты, уый. Кӕд афтӕ у, уӕддӕр ныгуылӕн бӕстӕты цӕрӕг сывӕллӕттӕй бирӕтӕ хӕцын ахуыр кӕнынц сӕ хъарм хӕдзӕртты. Куыд?

Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕм Хосейы, цӕры Испанийы хуссар-скӕсӕны. Ацы ӕнахъом лӕппу хӕцыд скӕсӕйнаг хъӕбысхӕстытӕй. Цыппурсмӕ йын йӕ фыд балӕвар кодта самурайы хъама ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Уый ма уарзта видеохъӕзтытӕ дӕр, уӕлдайдӕр та фыдмитӕ кӕм уыд, уыдон. 2000 азы 1 апрелы йын бантыст саразын, йӕ видеохъайтар цы арӕзта, уый. Афтӕ сызнӕт ис ӕмӕ йын йӕ фыд цы хъама балӕвар кодта, растдӕр уымӕй амардта йӕ фыд, йӕ мад ӕмӕ йӕ кӕстӕр хойы. «Мӕн бафӕндыд, дунейы иунӕгӕй куы баззадаин; мӕ ныййарджытӕ мӕ мӕхи бар куы ныууагътаиккой»,— загъта уый пъӕлицӕйӕгтӕн.

Фыддзинад кӕм ис, уыцы хъӕзтытӕ адӕймагыл куыд ӕндавынц, ууыл дзургӕйӕ, автор ӕмӕ ӕфсӕддон афицер Дэйв Гроссман загъта: «Нӕ зӕрдӕтӕ афтӕ фӕхъӕбӕр вӕййынц, ӕмӕ искӕмӕй хъазӕнхъул скӕнӕм, рис ӕмӕ йын маст ӕвзарын кӕнгӕйӕ: фыддзинадыл ӕлгъ нӕ фӕкӕнӕм, фӕлӕ нын ӕхсызгон вӕййы. Мах ахуыр кӕнӕм марын, ӕмӕ ахуыр кӕнӕм уымӕй ӕхцондзинад исын».

Альхаи ӕмӕ Хосе дӕр сахуыр сты марын. Сӕ иуы дӕр нӕ фӕндыд, ӕмӕ лӕгмар суыдаид, фӕлӕ цӕуыл сахуыр сты, уый сын сӕ зонд сзыгъуыммӕ кодта. Ахӕм ахуыр — сывӕллӕтты ахуыр кӕной ӕви стырты — тауы фыдӕхы ӕмӕ хӕсты мыггӕгтӕ.

Ахуыр кӕнын хӕстыл нӕ, фӕлӕ сабырдзинадыл

Цалынмӕ адӕм марын ахуыр кӕнынц, уӕдмӕ сабырдзинад ӕрӕвӕрӕн нӕй. Бирӕ ӕнусты размӕ пехуымпар Исай ныффыста: «[Хуыцауы] амындтӕм куы хъусис! Уӕд дӕ фарн уаид цӕугӕдонау» (Исай 48:17, 18). Адӕм Хуыцауы Ныхасӕй бӕлвырд зонындзинӕдтӕ куы райсынц ӕмӕ Хуыцауы закъон уарзын куы сахуыр вӕййынц, уӕд сын фыддзинад ӕмӕ хӕст ӕнӕуынон свӕййынц. Ныййарджытӕ хъуамӕ бӕлвырд кӕной сӕ сывӕллӕттӕ цы хъӕзтытӕй хъазынц, уыдон фыдмитӕм амидин кӕнынц ӕви нӕ. Хистӕртӕн дӕр сӕ бон у ахуыр кӕнын ӕнӕуынондзинад ӕмӕ кӕрӕфдзинадыл уӕлахиз кӕнын. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ арӕх фенынц, Хуыцауы Ныхасӕн адӕмы цард ивыны тых кӕй ис, уый (Дзуттытӕм 4:12).

Ӕркӕсӕм Ортенсьюйы цӕвиттонмӕ. 23 азы йыл куы цыд, уӕд ӕй гӕрзифтонг къорд тыххӕй акодта. «Уым цӕуыл ахуыр кодтой, уый руаджы нӕм хъуамӕ фӕзындаид адӕмы марыны фӕндон ӕмӕ сӕ марынмӕ дӕр хъуамӕ нӕ ныфс хастаиккам»,— дзуры уый. Ортенсью архайдта дӕргъвӕтин мидхӕсты Африкӕйы. «Хӕст мыл йӕ ностӕ ныууагъта,— дзуры уый.— Суанг ма абон дӕр хъуыды кӕнын, цы митӕ кодтон, уыдон иууылдӕр. Мӕхи фӕсмонӕй хӕрын, тыххӕй мын цытӕ аразын кодтой, ууыл».

Ортенсьюйӕн иу ӕфсӕддон Библийы тыххӕй куы радзырдта, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Дисы йӕ бафтыдта Псаломы 45:10 фыст Хуыцауы зӕрдӕвӕрд, зӕгъгӕ, хӕстытӕн кӕрон скӕндзӕн. Библи цас фылдӕр ахуыр кодта, уыйас ӕй къаддӕр фӕндыд хӕцын. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ йӕ дыууӕ хӕларимӕ ӕфсадӕй рарвыстой, ӕмӕ сӕ цард Иегъовӕ Хуыцауӕн снывонд кодтой. «Библийы ӕцӕгад мын баххуыс кодта ме знӕгты бауарзынӕн,— дзуры Ортенсью.— Ӕз ӕй бамбӕрстон, хӕсты кӕй хӕцыдтӕн, уымӕй Иегъовӕйы ныхмӕ тӕригъӕд кӕй кодтон, уымӕн ӕмӕ Хуыцау дзуры, иннӕ адӕмы кӕй ма хъуамӕ марӕм. Афтӕ уарзынӕн мӕн хъуыди мӕ зондахаст фӕивын ӕмӕ адӕммӕ хорз цӕстӕй кӕсын».

Ахӕм хабӕрттӕ бӕлвырд кӕнынц, Библийы ахуырад ӕцӕгдӕр ахъаз кӕй у фарнӕн. Уый диссаг нӕу. Пехуымпар Исай дзырдта, Хуыцауы ахуырад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийыл баст кӕй сты. Уый дзырдта: «Дӕ фыртты се ’ппӕты дӕр ахуыр кӕндзӕн Иегъовӕ, ӕмӕ уыдон уыдзысты фӕрнӕйдзаг» (Исай 54:13). Уыцы пехуымпар ма дзырдта, зӕгъгӕ, ахӕм рӕстӕг уыдзӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр Иегъовӕ Хуыцауы раст динмӕ ивылдзысты, цӕмӕй йын йӕ фӕндӕгтыл цӕуын сахуыр уой. Уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн? «Сӕ цирхътӕ гутонтӕм рацӕгъддзысты ӕмӕ сӕ ӕрцытӕ та — ӕхсӕдӕн хӕсгӕрдтӕм. Иу адӕм иннӕ адӕммӕ цирхъ нал сисдзысты, ӕмӕ хӕцын дӕр нал ахуыр кӕндзысты» (Исай 2:2—4).

Ацы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ ӕгас дунейы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ахуырадон куысты фӕрцы милуангай адӕм фӕуӕлахиз сты адӕмы хӕстмӕ амидингӕнӕг ӕнӕуынондзинадыл.

Сабыр дуне ӕнӕмӕнг уыдзӕн

Ахуырадӕй дарддӕр ма Хуыцау сфидар кодта, ӕгас дунейы дӕр сабырдзинад кӕй фӕрцы уыдзӕн, ахӕм хицауад кӕнӕ «паддзахад». Банысан кӕнын хъӕуы уый, ӕмӕ Библи Хуыцауы ӕвӕрд Хицауы, Йесо Чырыстийы, хоны «Фарны Кънйаз». Уый нын ноджы фылдӕр ныфс дӕтты, «Йӕ хицауиуӕгад ӕмӕ йӕ сабырдзинадӕн кӕрон [кӕй] нӕ уыдзӕн» (Исай 9:6, 7).

Чырыстийы хицаудзинады рӕстӕджы хӕстытӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл нӕ бон цӕмӕ гӕсгӕ у ӕууӕндын? Пехуымпар Исай дарддӕр дзуры: «Ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕ уый йӕ зынгзӕрдӕйӕ скӕндзӕн» (Исай 9:7). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй зӕххыл сабырдзинад уа, ӕмӕ уый йӕ бон саразын дӕр у. Йесо ацы зӕрдӕвӕрдыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕны. Уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта кувын, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа ӕмӕ Хуыцауы фӕндон зӕххыл ӕххӕст кӕна (Матфейы 6:9, 10). Ацы диссаджы курдиат куы сӕххӕст уа, уӕд зӕххы цъарыл хӕст никуыуал уыдзӕн.

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый тыххӕй дӕ фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ базонын кӕд фӕнды, уӕд бакӕс чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад»-ы 11-ӕм сӕр, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд.

[Ныв 5 фарсыл]

Библийы ахуырад ахъаз у ӕцӕг фарнӕн.