Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Хуыцауы стыр хъуыддӕгтӕ» нӕ дисы ӕфтауынц

«Хуыцауы стыр хъуыддӕгтӕ» нӕ дисы ӕфтауынц

«Хуыцауы стыр хъуыддӕгтӕ» нӕ дисы ӕфтауынц

«Хъусӕм уыдоны нӕхи ӕвзӕгтӕй дзургӕ Хуыцауы стыр хъуыддӕгтыл» (КУЫСТЫТӔ 2:11).

1, 2. Н. э. 33 азы Иерусалимы Фӕндзайӕм бон цавӕр ӕнахуыр хабар ӕрцыд?

НӔ ЭРӔЙЫ 33 азы уалдзӕджы кӕрон иу хуыцаубон райсомӕй, Иерусалимы Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ — нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ — иу хӕдзары куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сыл ӕрцыд ӕнахуыр хабар. «Ӕвиппайды арвӕй ӕрыхъуыст иу гуыр-гуыр, цыма тыхджын зилгӕдымгӕйӕ, ӕмӕ, уыдон цы хӕдзары бадтысты, уый ӕгасӕйдӕр айдзаг кодта. Ӕмӕ сыл фӕзынд дихгонд ӕртхуыз ӕвзӕгтӕ... ӕмӕ се ’ппӕт дӕр зӕрдӕргъӕвд фесты Сыгъдӕг Удӕй, ӕмӕ дзурын систой ӕндӕр ӕвзӕгтӕй, Уд сӕ кӕй куыд арӕзта дзурынмӕ,— афтӕ» (Куыстытӕ 2:2—4, 15, НФ).

2 Уыцы хӕдзары раз ӕрӕмбырд тынг бирӕ адӕм. Се ’хсӕн уыдис ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕрцӕуӕг дингӕнӕг иудейтӕ, се ’ппӕт дӕр ӕрцыдысты Иерусалиммӕ Фӕндзайӕм бон бӕрӕг кӕнынмӕ. Уыдон куы фехъуыстой, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ сын сӕ мадӕлон ӕвзӕгтыл «Хуыцауы стыр хъуыддӕгты» тыххӕй кӕй дзурынц, уӕд фӕуыргъуыйау сты. Уымӕн куыд гӕнӕн уыдис, кӕд ӕмӕ, чи дзырдта, уыдон иууылдӕр уыдысты галилейӕгтӕ? (Куыстытӕ 2:5—8, 11).

3. Апостол Петр адӕмӕн Фӕндзайӕм бон цы радзырдта?

3 Уыцы галилейӕгтӕй иу уыд апостол Петр. Уый адӕмӕн радзырдта, зӕгъгӕ, цалдӕр къуырийы размӕ Йесойы ӕнӕхуыцау адӕм амардтой, фӕлӕ Хуыцау йӕ Фырты райгас кодта. Уый фӕстӕ Йесо фӕзынд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕм, афтӕ ма Петрмӕ ӕмӕ Иерусалимы уыцы хӕдзары раз цы адӕм уыдис, уыдонӕй иуӕй-иутӕм. Дӕс боны размӕ Йесо ацыд уӕлӕрвтӕм. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтыл дӕр сыгъдӕг уд уый ӕруагъта. Уӕдӕ цымӕ, Фӕндзайӕм бон чи бӕрӕг кодта, уыдонӕн уыцы хабӕрттӕ фӕахъаз сты? Бӕгуыдӕр. Ныр сӕ уырнындзинад хъуыддӕгтӕй куы ӕвдыстаиккой, уӕд Йесойы мӕлӕты руаджы сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцыдаиккой ӕмӕ «Сыгъдӕг Уды лӕвар» райстаиккой (Куыстытӕ 2:22—24, 32, 33, 38). Уыцы адӕм «Хуыцауы стыр хъуыддӕгты» тыххӕй цы фехъуыстой, уый сыл куыд фӕзынд? Уыцы хабар махӕн та куыд баххуыс кӕндзӕн, Иегъовӕйӕн куыд лӕггад кӕнӕм, уый сбӕлвырд кӕнынӕн?

Хъуыддагмӕ ӕрӕвнӕлдтой!

4. Иоилы пехуымпарӕдтӕй кӕцы сӕххӕст н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон?

4 Иерусалимы Йесойы ахуыргӕнинӕгтыл сыгъдӕг уд куы ’рцыд, уӕд сӕ рӕстӕг нал сӕфтой, ӕмӕ ирвӕзындзинады тыххӕй хъусын кӕнын райдыдтой, уыцы райсом хӕдзары раз чи сӕмбырд, уыдонӕн. Сӕ уацамындӕй сӕххӕст, Вафуилы фырт Иоил аст сӕдӕ азы размӕ цы пехуымпарад ныффыста, уый: «Ӕз мӕ [сыгъдӕг] уд ӕруадздзынӕн алы буарыл дӕр, ӕмӕ уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ пехуымпариуӕг кӕндзысты. Уӕ зӕрӕдтӕ уындзысты фынтӕ. Уе ’рыгон лӕппутӕ уындзысты цӕстылуайӕнтӕ. Ӕмӕ ма уыцы бонты суанг цагъартыл (нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймӕгтыл) дӕр ӕруадздзынӕн мӕ [сыгъдӕг] уд... Иегъовӕйы стыр ӕмӕ ӕвирхъау боны размӕ» (Иоил 1:1; 2:28, 29, 31; Куыстытӕ 2:17, 18, 20).

5. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ цы хуызы пехуымпариуӕг кодтой? (Кӕс фиппаинаг.)

5 Цымӕ Иоилы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбарын хъуыд, ӕмӕ та Хуыцау ногӕй пехуымпартӕ равзардзӕн, зӕгъӕм: Давиды, Иоилы ӕмӕ Деворӕйы хуызӕтты, цӕмӕй фидӕны цаутӕ уыдоны уылты хъусын кӕна? Нӕ. Чырыстон «фырттӕ» ӕмӕ «чызджытӕ», «цагъартӕ (нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймӕгтӕ)» уыцы хуызы пехуымпариуӕг кодтаиккой, ӕмӕ сӕ Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй разӕнгард кодтаид, цӕмӕй дзырдтаиккой, цы «стыр хъуыддӕгтӕ» сарӕзта ӕмӕ ма цы хъуамӕ сарӕзтаид, уыдон тыххӕй. Уыдон хъуамӕ дзырдтаиккой Стыр Хуыцауы номӕй *. Фӕндзайӕм бон цы ’рцыд, уый адӕмыл куыд фӕзынд? (Дзуттытӕм 1:1, 2).

6. Петрмӕ чи хъуыста, уыдонӕй бирӕтӕ цӕмӕ ӕрӕвнӕлдтой?

6 Уыцы адӕм Петры ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд хъуыддагмӕ ӕрӕвнӕлдтой. «Йӕ ныхас [ын] зӕрдиагӕй айстой», стӕй «донӕйаргъуыд райстой», ӕмӕ «сыл бафтыд уыцы бон ӕртӕ мин удгоймаджы бӕрц» (Куыстытӕ 2:41, НФ). Уӕдмӕ иудейтӕ ӕмӕ сын сӕ диныл цы ӕндӕр адӕмы минӕвӕрттӕ хӕцыдысты, уыдон зыдтой Фыстады сӕйраг ахуырӕдтӕ. Уыимӕ ма Петры ныхӕстыл кӕй баууӕндыдысты, уый фӕрцы донаргъуыд райстой «Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй» (Матфейы 28:19). Донаргъуыды фӕстӕ «уыдон ӕдзухдӕр уыдысты Апостолты ахуырады». Уыцы рӕстӕг ма уыдон райдыдтой иннӕтӕн дӕр хъусын кӕнын, ӕрӕджы сӕхӕдӕг цӕуыл баууӕндыдысты, уый тыххӕй. «Ӕмудӕй алыбон иумӕ уыдысты аргъуаны... Хуыцауы стаугӕйӕ, ӕмӕ уарзон уыдысты ӕгас адӕмӕн» (НФ). Сӕ хъусын кӕныны хъуыддаг дзӕгъӕлы нӕ уыд: «Иегъовӕ сӕм алы бон дӕр ӕфтыдта, чи хъуамӕ фервӕзтаид, ахӕмты» (НД) (Куыстытӕ 2:42, 46, 47). Бирӕ бӕстӕты, уыцы уырнджытӕ кӕм цардысты, уым фӕзындис чырыстӕтты ӕмбырдтӕ. Сӕ нымӕц та уымӕн фылдӕр кодта, ӕмӕ сӕхимӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд «хорз хабар» (НД) хъусын кӕнынӕй не ’рлӕууыдысты (Колоссӕгтӕм 1:23).

«Хуыцауы дзырд... хъаруджын у»

7. а) Абон адӕмтӕ Иегъовӕйы организацимӕ цӕмӕн цӕуынц? ӕ) Куыд хъуыды кӕныс, ӕгас дунейы ӕмӕ кӕм цӕрыс, уым ма Хуыцауы адӕмы нымӕц фылдӕр кӕндзӕн? (Кӕс фиппаинаг.)

7 Абон Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Уыдоны дӕр хъӕуы Хуыцауы Ныхас бӕстон ахуыр кӕнын. Афтӕмӕй базонынц, Иегъовӕ кӕй у «тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йӕ ӕнувыд уарзт ӕмӕ йӕ рӕстдзинад» (Рацыд 34:6; Куыстытӕ 13:48). Базонынц ма, Иегъовӕ Йесо Чырыстийы нывондӕн кӕй радта адӕмы алы тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынӕн (1 Иоанны 1:7). Стӕй Хуыцауӕй фӕбузныг вӕййынц, «рӕстыты ӕмӕ зылынты» кӕй ӕгас кӕндзӕн, уый тыххӕй куы базонынц, уӕд (Куыстытӕ 24:15, НФ). Уыдон бирӕ бауарзынц уыцы «стыр хъуыддӕгтӕ» Аразӕджы, ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй бафӕнды уыцы диссаджы хабӕртты тыххӕй хъусын кӕнын. Уый фӕстӕ Хуыцауӕн нывонддзырд радтынц, донаргъуыд райсынц ӕмӕ дарддӕр архайынц «Хуыцауы бамбарыныл» * (Колоссӕгтӕм 1:10ӕ; 2 Коринфӕгтӕм 5:14).

8—10. а) Хуыцауы Ныхас хъаруджын кӕй у, уый иу чырыстон сылгоймаджы хабарӕй куыд рабӕрӕг? ӕ) Ацы хабарӕй цы базыдтай Иегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй? (Рацыд 4:12).

8 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ Библи ахуыргӕнгӕйӕ цы зонындзинӕдтӕ райсынц, уыдон уӕлӕнгай нӕ вӕййынц. Цы базонынц, уый сӕ зӕрдӕты, сӕ туджы ахъары, аивы сын сӕ зонд (Дзуттытӕм 4:12, НФ). Цӕвиттон, иу сылгоймаг, Камиллӕ, зӕгъгӕ, куыста зӕрӕдты хӕдзары рынчынгӕсӕй. Цы рынчынтӕм касти, уыдонӕй иу уыд Иегъовӕйы Ӕвдисӕн, йӕ ном Марфӕ, зӕгъгӕ. Марфӕ зӕронд кӕй уыди ӕмӕ рохгӕнаг кӕй сси, уый тыххӕй йӕм ӕдзух хъуыди кӕсын. Иууыл ын хъуыди дзурын, хӕрын ӕй кӕй хъӕуы, уый. Хатт ма-иу дзы ныхъуырын дӕр айрох. Фӕлӕ уӕддӕр иу хъуыддаг, фӕстӕдӕр ӕй базондзыстӕм, Марфӕ дзӕбӕх хъуыды кодта.

9 Иухатт Марфӕ Камиллӕйы кӕугӕ федта. Цыдӕр ӕй тыхсын кодта, ӕмӕ ууыл йӕ цӕссыг калдта. Марфӕ йӕ йӕ хъӕбысы акодта, стӕй йын загъта, цӕмӕй иумӕ Библи ахуыр кӕной. Фӕлӕ цымӕ Марфӕйӕн ахӕм уавӕры йӕ бон уыд искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын? Фӕстӕдӕр куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уыд! Марфӕ бирӕ цыдӕртӕ нал хъуыды кодта, фӕлӕ йӕ нӕ ферох йӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцау ӕмӕ ма Библийӕ цы диссаджы хабӕрттӕ базыдта, уыдон. Ахуыры рӕстӕджы-иу Марфӕ Камиллӕйӕн дзырдта, цӕмӕй кӕса алы абзац дӕр, стихтӕ Библийы агура, фарстытӕ кӕса ӕмӕ сын дзуаппытӕ дӕтта. Афтӕ ахуыр кодтой цасдӕр рӕстӕг, ӕмӕ кӕд Марфӕ ӕнӕбон уыд, уӕддӕр Камиллӕ сгуыхти Библийы ахуыры. Марфӕ ӕмбӕрста, Камиллӕ кӕй хъуамӕ ӕмбӕла, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдонимӕ. Уый йӕ ахуыргӕнинагӕн балӕвар кодта къаба ӕмӕ дзабыртӕ, цӕмӕй Паддзахады залмӕ цӕм ацыдаид, ахӕм аив дарӕс ын уыдаид.

10 Марфӕ Камиллӕйӕн афтӕ зӕрдиагӕй кӕй ӕххуыс кодта ӕмӕ йын диссаджы цӕвиттон кӕй равдыста, стӕй ма уырнындзинады фидар кӕй уыд, уый йын йӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта. Уый ӕрцыд ахӕм хъуыдымӕ: Марфӕ йын Библийӕ цы амыдта, уый у тынг ахсджиаг, уымӕн ӕмӕ, кӕд ӕппӕт дӕр ферох кодта, уӕддӕр йӕ зӕрдыл лӕууыдысты, Фыстадӕй цы базыдта, уыдӕттӕ. Фӕстӕдӕр Камиллӕйы ӕндӕр ранмӕ куы аивтой, уӕд бамбӕрста, цыдӕр аразын ӕй кӕй хъӕуы. Куыддӕр ын фадат фӕци, афтӕ ацыд Паддзахады залмӕ, йӕ уӕлӕ скодта Марфӕйы лӕвар къаба ӕмӕ дзабыртӕ. Уым кӕмӕндӕр загъта, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕной. Камиллӕ Хуыцауы хъуыддаджы басгуыхт ӕмӕ донаргъуыд райста.

Фӕнды нӕ Иегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын

11. Уацамынды зӕрдиагӕй кӕй архайӕм, уымӕй уӕлдай ма куыд ис равдисӕн, Хуыцауы Паддзахады хабарӕн нӕ зӕрдӕйы бынат кӕй ис, уый?

11 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты ӕхсӕз милуанӕй фылдӕр, ӕмӕ уыдон, Марфӕ ӕмӕ Камиллӕйау, ӕгас дунейы дӕр хъусын кӕнынц «паддзахады тыххӕй хорз хабар» (Матфейы 24:14, НД; 28:19, 20). Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттау, уыдонӕн дӕр сӕ зӕрдӕтӕ агайынц «Хуыцауы стыр хъуыддӕгтӕ». Уыдон аргъ кӕнынц Иегъовӕйы ном кӕй хӕссынц ӕмӕ сын йӕ сыгъдӕг уд кӕй дӕтты, уымӕн. Уӕдӕ уыдон кӕнынц «Хуыцауы аккаг» хъуыддӕгтӕ, «алцӕмӕйдӕр... [ын йӕ] зӕрдӕ ӕлхӕнынц» ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕй царды алы къабазы дӕр пайда кӕнынц. Уымӕ хауы, Хуыцау конд ӕмӕ уынды тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ сфидар кодта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын дӕр (Колоссӕгтӕм 1:10а; Титмӕ 2:10).

12. Цавӕр бӕлвырд уынаффӕ ис 1 Тимофеймӕ 2:9, 10 конд ӕмӕ уынды тыххӕй?

12 О, Иегъовӕ ӕддаг бакасты тыххӕй радта уагӕвӕрдтӕ. Цалдӕры тыххӕй дзы фыссы апостол Павел: «[Фӕнды мӕ], цӕмӕй устытӕ дӕр, аив дарӕсы, ӕфсӕрмыгӕнгӕйӕ ӕмӕ ӕдӕгъдауӕй рӕсугъд кӕной сӕхи дзыккуты быдӕй нӕ, сызгъӕринӕй нӕ, налхъуытӕй нӕ, зынаргъ дарӕсӕй нӕ, фӕлӕ хорз хъуыддӕгтӕй, куыд у аив устытӕн, хорз намысӕн сӕхи снывонд кӕнджытӕн, афтӕ [«сӕхи Хуыцауы куыстӕн чи снывонд кодта, ахӕм устытӕн», НФ *. Ацы ныхӕстӕ нын цӕуыл дзурӕг сты? (1 Тимофеймӕ 2:9, 10).

13. а) Цы у «аив дарӕс»? ӕ) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Иегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ алкӕмӕндӕр йӕ бон у цӕрын?

13 Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, чырыстӕттӕ «аив дарӕсы» кӕй хъуамӕ цӕуой. Нӕ сын ӕмбӕлы ронбӕгъдӕй цӕуын. Стӕй хъуамӕ сӕхимӕ дӕр зилой. Алы адӕймаджы бон дӕр у, кӕд мӕгуыр у, уӕддӕр, ацы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын, аив ӕмӕ сыгъдӕг дарӕсы цӕуын. Цӕвиттон, Цӕгат Америчы бӕстӕтӕй иуы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты конгресмӕ бахауынӕн алы аз дӕр бахъӕуы бирӕ километртӕ тархъӕдты цӕуын, уый фӕстӕ та цалдӕр сахаты бӕлӕгъты ленк кӕнын. Иуӕй-иутӕ та дзы хатт доны дӕр ныххауынц кӕнӕ сӕ дарӕс аскъуынынц. Уый тыххӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ бынатыл куы сӕмбӕлынц, уӕд сӕ конд бынтон зӕрдӕмӕдзӕугӕ нӕ вӕййы. Фӕлӕ конгрессы размӕ ссарынц рӕстӕг, цӕмӕй сӕ дарӕсмӕ ӕркӕсой: цӕппузыртӕ ӕмӕ скъуыдтытӕ бахуыйой, ныхсой сӕ ӕмӕ сыл иту сӕвӕрой. Уыдон стыр аргъ кӕнынц, Иегъовӕ сӕ йӕ фынгмӕ кӕй фӕхуыдта, уымӕн, ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ дарӕс уа аив.

14. а) Цы нысан кӕны, зӕгъгӕ, уӕлӕдарӕс хъуамӕ уа «ӕфсӕрмыгӕнгӕйӕ ӕмӕ ӕгъдауыл»? ӕ) «Йӕхи Хуыцауы куыстӕн чи снывонд кодта», ахӕм адӕмӕн цы уӕлӕдарӕс ӕмбӕлы дарын?

14 Дарддӕр Павел фыссы, нӕ уӕлӕдарӕс «ӕфсӕрмыгӕнгӕйӕ ӕмӕ ӕгъдауыл» кӕй хъуамӕ уа, уый тыххӕй. Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ ныл хъуамӕ ма уа ӕгӕр ирд, ӕнахуыр, ӕгӕр нарӕг, цыбыр, гом дзаумӕттӕ. Нӕ дарӕсӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, йӕхи «Хуыцауы куыстӕн чи снывонд кодта» (НФ), ахӕм адӕм кӕй стӕм. Ацы хъуыддаг хъуыдыйаг у. Раст нӕу, адӕймаг аив дарӕсы ӕрмӕст ӕмбырдмӕ куы цӕуид, ӕндӕр искуы та ӕфсармы сӕрты куы хизид. Не ’ддаг бакаст хъуамӕ ӕфсармыл уа, уымӕн ӕмӕ мах алкӕддӕр стӕм чырыстӕттӕ ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ — бон 24 сахаты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, куыстӕн дӕр ӕмӕ скъоламӕ цӕуынӕн дӕр ис хицӕн дарӕс. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ дарӕсы хъуамӕ уа ӕфсарм, намыс ӕмӕ уӕзданы хъомыс. Хуыцауы адӕм кӕй стӕм, уый нӕ уӕлӕдарӕсӕй алкӕддӕр бӕрӕг куы уа, уӕд нӕ кондӕй ӕфсӕрмы нӕ кӕндзыстӕм ӕмӕ кӕдфӕндыдӕр нӕ бон уыдзӕн Хуыцауы тыххӕй дзурын (1 Петры 3:15).

«Ма уарзут дунейы»

15, 16. а) Ацы дунейы адӕмы сӕ конд ӕмӕ сӕ уындӕй цӕуылнӕ хъуамӕ фӕзмӕм? (1 Иоанны 5:19)? ӕ) Нӕ конд ӕмӕ нӕ уынд ӕнахуыр цӕуылнӕ хъуамӕ уой?

15 1 Иоанны 2:15, 16 цы уынаффӕ ис, уый дӕр нын у конд ӕмӕ уынды тыххӕй фӕтк. Уым фыст ис: «Ма уарзут дунейы, нӕдӕр дунейы цы ис, уый: чи уарзы дунейы, уымӕ нӕй Фыды уарзондзинад; уымӕн ӕмӕ ӕппӕт, цы ис дунейы: буары фӕндон, цӕстыты фӕндон ӕмӕ царды хъалдзинад не сты Фыдӕй, фӕлӕ ацы дунейӕ».

16 Ӕвӕдза, цӕй хорз ныхӕстӕ сты! Абон ацы дунейы адӕм кӕрӕдзи тынг сафынц, ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ кӕсӕм, цӕмӕй нӕ уӕлӕ цы кӕнӕм, уый нын ацы дуне ма амона. Фӕстаг рӕстӕджы адӕм цы дарӕс райдыдтой дарын, уый ӕфсармыл дзурӕг нӕу. Стӕй хъуыддаджы лӕуд адӕм ӕмӕ адӕмы цӕсты кадджын кӕй куыст у, уыдон арӕх цы дарӕсы фӕцӕуынц, уый дӕр чырыстӕттӕн фӕзминаг нӕу. «Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, «ацы дугмӕ гӕсгӕ хи... дарӕн» кӕй нӕй, кӕд нӕ фӕнды Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ «нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы ахуырад» рӕсугъд кӕнын, уӕд (Ромӕгтӕм 12:2, НФ; Титмӕ 2:10).

17. а) Дзаумӕттӕ куы ӕлхӕнай, уӕд дӕ цавӕр фарстытыл хъӕуы ахъуыды кӕнын? ӕ) Бинонты хистӕр йӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дара, йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ цавӕр дзаумӕтты цӕуынц, уымӕ?

17 Исты дзаума куы ӕлхӕнай, уӕд уал раздӕр ахъуыды кӕн: мӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕ цӕуы? Ахӕм дзаумӕттӕ уымӕн уарзын, ӕмӕ сӕ мӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм зындгонд артист дары? Кӕнӕ ахӕм дарӕсы цавӕрдӕр ӕвзӕргӕнджыты къордты уӕнгтӕ ӕмӕ йӕхи къӕйныхӕй чи ’вдисы, уыдон цӕуынц? Хорз уаид, цы ӕлхӕнӕм, уымӕ лӕмбынӕг куы кӕсиккам. Кӕд къаба кӕнӕ дӕллаггуыр ӕлхӕнӕм, уӕд ӕгӕр цыбыр нӕу? Йӕ хуыд та? Чырыстон ӕй скӕндзӕн? Аив у? Стӕй ӕгӕр ӕлхъывд нӕу? Ахӕм дарӕсы мӕ чи фена, уымӕ чъизи хъуыдытӕ нӕ фӕзындзӕн? Ӕгӕр уӕрӕх нӕу? Ахъуыды кӕн: мӕ уӕлӕдарӕс къуылымпыйы хос никӕмӕн фӕуыдзӕн? (2 Коринфӕгтӕм 6:3, 4). Ацы фарст нын цӕмӕн у сагъӕссаг? Уымӕн ӕмӕ Библийы дзырдӕуы: «Чырысти дӕр йӕхи удыдзӕбӕхӕн... нӕ царди» (Ромӕгтӕм 15:3, НФ). Чырыстон бинонты хистӕртӕ хъуамӕ сӕ хъус дарой, сӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ сӕ устытӕ цы дзаумӕтты цӕуынц, уымӕ. Уарзагзӕрдӕ бинонты хистӕр Хуыцауӕй кӕй ӕфсӕрмы кӕны, уый тыххӕй-иу, куы бахъӕуа, уӕд-иу хъуамӕ уайдзӕф дӕр бакӕна (Иаковы 3:13).

18. Лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ кӕсай дӕ конд ӕмӕ дӕ уындмӕ?

18 Мах адӕмӕн цы хабар хӕссӕм, уый цӕуы Иегъовӕйӕ. Иегъовӕ та у ӕгъдау ӕмӕ сыгъдӕгдзинадӕн ӕмбисонды цӕвиттон (Раргомад 4:8). Библи нын амоны, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм «уарзон сывӕллӕттау» (Ефесӕгтӕм 5:1, НФ). Мах нӕ уӕларвон Фыды нӕ уӕлӕдарӕс ӕмӕ нӕ уындӕй кӕнӕ кадджын кӕндзыстӕм, кӕнӕ — худинаг. Дзырд дӕр ыл нӕй, не ’ппӕты дӕр фӕнды йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын! (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

19. «Хуыцауы стыр хъуыддӕгты» тыххӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уый хорз цӕмӕй у?

19 Цы «стыр хъуыддӕгтӕ» базыдтай, уый тыххӕй дын дӕ зӕрдӕ цы дзуры? Ӕвӕдза, куыд амондджын стӕм, ӕцӕгад кӕй базыдтам! Йесо Чырысти йӕ туг мах тыххӕй кӕй ныккалдта, ууыл кӕй ӕууӕндӕм, уый руаджы нын Хуыцау нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны (Куыстытӕ 2:38). Афтӕмӕй Хуыцауы раз нӕ цӕсгом у сыгъдӕг. Мах мӕлӕтӕй нӕ тӕрсӕм, ныфс кӕмӕн нӕй уыдонау. Зонӕм ӕй, Йесо нын ныфс кӕй бавӕрдта, иу бон «ӕппӕт ингӕнты уӕвджытӕ фехъусдзысты... [йӕ] хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (Иоанны 5:28, 29). Уыдӕттӕ та нын Иегъовӕ ӕргом кӕны йӕ хӕларзӕрдӕйӕ. Ӕмӕ дзы йӕ бирӕ лӕвӕрттӕй бузныг кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ фӕнды йӕ диссаджы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын, зӕрдиагӕй йӕ кадджын кӕнын ӕмӕ йын йе «стыр хъуыддӕгты» тыххӕй хъусын кӕнын.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 5 абз. Иегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн куы бахӕс кодта, фараонмӕ бацӕуын ӕмӕ йын йӕ адӕмы сӕрыл сдзурын, уӕд Моисейӕн загъта: «Ӕз дӕ фараонӕн сӕвӕрдтон Хуыцауӕй, де ’фсымӕр Аарон та суыдзӕн дӕ пехуымпар» (Рацыд 7:1). Аарон уыд пехуымпар, уый фидӕны цытӕ ’рцӕудзӕн, уыдӕттӕ нӕ дзырдта, фӕлӕ дзырдта Моисейы номӕй.

^ 7 абз. 2002 азы 28 мартъийы Ӕрымысӕн Изӕрмӕ ӕрбацыд тынг бирӕ адӕм, фӕлӕ дзы милуантӕ нырма Иегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕнынц. Мах не ’ппӕт дӕр зӕрдӕбынӕй кувӕм, цӕмӕй уыцы адӕм райдайой ӕппӕт тыхтӕй архайын ӕмӕ суой хорз хабар хъусынгӕнджытӕ.

^ 12 абз. Павелӕн, йӕ ныхас уыд сылгоймӕгтӕм, фӕлӕ уыцы уагӕвӕрдтӕ хауынц ӕмбырды нӕлгоймӕгтӕм дӕр ӕмӕ фӕсивӕдмӕ дӕр.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонмӕ цы адӕм ӕрцыди, уыдон цавӕр «стыр хъуыддӕгты» тыххӕй фехъуыстой ӕмӕ сыл уый куыд фӕзынд?

• Адӕм Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ куыд свӕййынц ӕмӕ ахуыргӕнинаг цы хъуамӕ араза?

• Нӕ конд ӕмӕ нӕ уындмӕ лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм?

• Чырыстон дзаумӕттӕ ӕлхӕнгӕйӕ цӕмӕ хъуамӕ кӕса?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 29 фарсыл]

Петр фехъусын кодта, Йесо кӕй райгас, уый тыххӕй.

[Нывтӕ 31 фарсыл]

Чырыстон ныййарджытӕ хъуамӕ кӕсой, сӕ сывӕллӕттӕ цы дарынц, уымӕ.

[Нывтӕ 32 фарсыл]

Дӕ конд ӕмӕ дӕ уындӕй Хуыцауы кадджын кӕныс?