Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм музыкӕ

Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм музыкӕ

Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм музыкӕ

Музыкӕ нымайынц «иууыл рагондӕр ӕмӕ адӕймаджы зӕрдӕмӕ ӕппӕты хӕстӕгдӕр аивадыл». Куыд ӕвзаг, афтӕ музыкӕ дӕр у, адӕмы цӕрӕгойтӕй чи хицӕн кӕны, ахӕм диссаджы лӕвар. Музыкӕ цырын кӕны адӕймаджы ӕнкъарӕнтӕ. Музыкӕмӕ хъусгӕйӕ адӕймаг исы ӕхцондзинад ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр бирӕ рӕстӕг баззайы йӕ хъуыдыйы. Фӕлӕ иууыл сӕйрагдӕр уый у, ӕмӕ музыкӕ гӕнӕн ис Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕнӕ цӕуа, кӕнӕ та ма цӕуа.

БИБЛИ кӕсгӕйӕ ирдӕй зыны, израилӕгтӕ музыкӕ тынг кӕй уарзтой, уый. Иу дзырдуат куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй «Библи куы фыстой, уыцы заманты аивады иууыл зынгӕдӕр хуыз уыд музыкӕ» («Unger’s Bible Dictionary»). Израилӕгты ӕрвылбоны царды стыр бынат уыд куыд зарджытӕн, афтӕ цӕгъдынӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн кувӕг адӕм уыдысты, ӕмӕ сӕ кувынад та ӕнӕ цагъд ӕмӕ ӕнӕ зардӕй никуы фидыдта. Фӕлӕ уӕддӕр уӕды рӕстӕджы уӕлдай стыр ахадындзинад уыд зарыны аивадӕн дӕр.

Паддзах Давид левиттӕй иуӕй-иуты снысан кодта скинийы раз «зарӕггӕнджытыл къухдариуӕг кӕнынӕн», цалынмӕ йӕ фырт Соломон цы кувӕндон сарӕзта, уый Хуыцауӕн не снывонд кодтой, уӕдмӕ (1 Паралипоменон 6:31, 32, НД). Иегъовӕ се ’хсӕн кӕй уыд, уый ӕвдисӕг фӕдзӕхсты ковчег Иерусалиммӕ куы ’рбахастой, уӕд Давид левиттӕй цалдӕрӕн бахӕс кодта, цӕмӕй «Иегъовӕйӕн зарыдаиккой, арфӕ йын кодтаиккой ӕмӕ йӕ цытджын кодтаиккой». Сӕ Хуыцауы кадӕн куы зарыдысты, уӕд сын цагътой «хъисфӕндыртыл ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндыртыл... ӕрхуы тӕбӕгътӕ ӕмӕ... хӕтӕлтӕй». Уыцы лӕгтӕ «нысангонд ӕрцыдысты номхуындӕй, цӕмӕй кадджын кодтаиккой Иегъовӕйы, уымӕн ӕмӕ „ӕнусмӕ у Йӕ хорзӕх“» (1 Паралипоменон 16:4—6, 41, НД; 25:1).

Базард: «Ӕнусмӕ у Йӕ [Иегъовӕйы] хорзӕх» бирӕ хӕттыты фӕлхат цӕуы Псалмты. Библийы чингуытӕй музыкӕимӕ иууыл ӕнгомдӕр уыцы чиныг у баст. Цӕвиттон, 135-ӕм псалмы 26 стихӕй алкӕцыдӕр фӕуд кӕны уыцы ныхӕстӕй. Иу библииртасӕг афтӕ зӕгъы: «Уыцы ныхӕстӕ сты тынг аив ӕмӕ ӕнцон дзурӕн. Адӕймаг сӕ куыддӕр фехъусы, афтӕ сӕ бахъуыды кӕны».

Псалмты райдианы цы ныхӕстӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, музыкалон инструменттӕй тынг арӕх кӕй пайда кодтой, уый. 150-ӕм псалмы ахӕм инструменты кой цӕуы: трубатӕ (хӕтӕлтӕ), псалтир, гуслитӕ (хъисфӕндыртӕ), тимпан (далафӕндыр), хъисын цӕгъдӕн, орган (дӕстӕнон) ӕмӕ кимвалтӕ (музыкалон ӕрхуы тӕбӕгътӕ). Фӕлӕ дзы уӕддӕр адӕймаджы хъӕлӕсы хуызӕн ницы уыд. Пс 150:6-ӕм стих сиды: «Алы улӕфӕг стауӕд Хицауы!» (СПб).

Музыкӕйы руаджы нӕ бон не ’нкъарӕнтӕ ӕргом кӕнын кӕй у, уымӕ гӕсгӕ, Библи фыст куы цыдис, уыцы заманты адӕм сӕ зӕрдӕйы рыст ӕмӕ хъыгдзинад уагътой хъарджытӕ ӕмӕ ӕрхӕндӕг зарджытӕй. Фӕлӕ рагон Израилы адӕмы зарджыты ’хсӕн ахӕм зарджытӕ бирӕ нӕ уыд. Библион энциклопеди «Фыстады ӕмбарынад»-ы дзырдӕуы: «Адӕм се ’нкъарӕнтӕ хъисфӕндыры аив зӕлтӕй кӕнӕ рӕсугъд ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхасӕй нӕ, фӕлӕ ӕнкъард зардӕй ӕргом кодтой ӕрмӕстдӕр хъарджыты» *.

Йесо йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ ӕхсӕвы йӕ иузӕрдион апостолтимӕ зарыд Иегъовӕйы кады зарджытӕ; ӕвӕццӕгӕн, Аллилуиайы Псалмтӕ (112—117-ӕм псалмтӕ). Куыд тынг бафидар кодтаид уый Йесойы ахуыргӕнинӕгты сӕ Ахуыргӕнӕджы мӕлӕты размӕ! Уый ӕддейӕ фӕд-фӕдыл фондз хатт кӕй базарыдысты, «уымӕн ӕмӕ ӕнусмӕ у Йӕ хорзӕх», зӕгъгӕ, уый сын ӕнӕмӕнг радта тых Дунескӕнӕг Хуыцау Иегъовӕйӕн дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынӕн (Псалом 117:1—4, 29).

I ӕнусы Ефесы ӕмӕ Колоссы цы чырыстӕттӕ цард, уыдон дӕр зарыдысты «кады зарджытӕ ӕмӕ кады ныхӕстӕ» Хуыцауӕн. Уый йеддӕмӕ ма уыцы «кады ӕмӕ кувыны зарджытӕ» зарыдысты сӕ зӕрдӕты дӕр (Ефесӕгтӕм 5:19; Колоссӕгтӕм 3:16, НФ). Сӕ зарджытӕй дӕр ӕмӕ сӕ дзыхы ныхасӕй дӕр кад кодтой Хуыцауӕн. Уӕдӕ Йесо дзӕгъӕлы загъта, «зӕрдӕйы дзагӕй дзуры дзых», зӕгъгӕ? (Матфейы 12:34).

Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм музыкӕ

Библийы цы музыкӕйы кой цӕуы, уыдонӕй алкӕцы нӕ цыд Хуыцауы зӕрдӕмӕ. Ӕрхъуыды ма кӕнӕм, Синайы хохрӕбын, Моисей Закъон, уыимӕ Дӕс фӕдзӕхсты дӕр, кӕм райста, уым цы хабар ӕрцыд, уый. Моисей хохӕй куы ’рцӕйцыд, уӕд цы фехъуыста? «Уый нӕу уӕлахиздзауты зард», «уый нӕу, састы чи баззад, уыдоны зард дӕр», фӕлӕ «ӕндӕр зарӕджы зӕлтӕ» сты. Уыцы музыкӕ баст уыд гуымирытӕн кувынадимӕ, ӕмӕ уый тыххӕй уым чи зарыд ӕмӕ чи цагъта, уыдонӕй 3 000 адӕймаджы баййӕфта Хуыцауы азар — фӕмард сты (Рацыд 32:18, 25—28, НД).

Адӕмӕн сӕ бон у алыхуызон музыкӕ мысын, цӕгъдын ӕмӕ йӕм ӕхсызгонӕй хъусын, фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ цыфӕнды музыкӕ дӕр цӕуы Хуыцауы зӕрдӕмӕ. Цӕуылнӕ? Ацы фарст нын ӕмбарын кӕны апостол Павел: «Иуылдӕр тӕригъӕд ракодтой ӕмӕ цухгонд сты Хуыцауы кадӕй» (Ромӕгтӕм 3:23). Музыкалон уацмыстӕ арӕх фыст вӕййынц, адӕймаджы уд ӕнӕмӕлгӕ кӕй у, ууыл. Уым арӕх фестауынц муртаттаг тыллӕджы, хорӕрзады, цот кӕныны бардуӕгты ӕмӕ Мариайы, куыд „Хуыцауы мады“. Фӕлӕ уыцы уырнындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ худинаг кӕнынц ӕцӕгады Хуыцауы, уымӕн ӕмӕ уыдон сты, йӕ Ныхас Библи цы дзуры, уый ныхмӕ (Дыккаг закъон 18:10—12; Иезекиль 18:4; Лукайы 1:35, 38).

Музыкӕ лӕмбынӕг ӕвзар

Абон хорз музыкӕ равзарын ӕнцон нӕу. Компакт-дискты ӕддаг цъӕрттӕ афтӕ конд сты, ӕмӕ ӕлхӕнджыты разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй сӕ ӕлхӕной, цавӕрфӕнды музыкӕ дзы ма уа фыст, уӕддӕр. Фӕлӕ Хуыцауы лӕггадгӕнӕг йе Сфӕлдисӕджы зӕрдӕхудты цӕмӕй ма бацӕуа, ууыл кӕд хъуыды кӕны, уӕд рӕузондӕй нӕ архайдзӕн, фӕлӕ йӕхи хиздзӕн, мӕнг динты ахуырӕдтыл чи бындуриуӕг кӕны, йе та ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ хӕйрӕджыты тыххӕй цы зарджытӕ ӕмӕ музыкӕ ис, уымӕй.

Альберт радзырдта, Африкӕйы чырыстон миссионерӕй куы лӕггад кодта, уӕд-иу ын искуы иу стӕм хатт кӕй уыд фортепианойыл цӕгъдыны фадат. Фӕлӕ-иу уыйхыгъд ӕдзухдӕр хъуыста, йемӕ кӕй ӕрласта, бирӕ рӕстӕг чи цӕгъды, ахӕм фыстытӕм. Альберт фӕстӕмӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕм ӕрыздӕхт ӕмӕ ныр лӕггад кӕны цӕуӕг цӕстдарӕгӕй. Ӕмӕ йын ныр музыкӕмӕ хъусынӕн дӕр ис хӕрз гыццыл рӕстӕг. Уый дзуры: «Композитортӕй иууыл тынгдӕр Бетховены уарзын. Бирӕ азты йын фембырд кодтон йӕ симфонитӕ, йӕ концерттӕ, йӕ сонататӕ ӕмӕ йӕ квартеттӕ». Куы сӕм фӕхъусы, уӕд ын уый ӕрхӕссы стыр ӕхцондзинад. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алчи иухуызон музыкӕ нӕ уарзы, фӕлӕ мах чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Павелы фӕдзӕхст: «Хӕргӕ кӕнат, нуазгӕ кӕнат, ӕви ӕндӕр исты кусат, алцыдӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн» (1 Коринфӕгтӕм 10:31).

Кӕмӕн нывонд кӕнын мӕ цард

Сюзи сӕрӕй-къӕхтӕм аныгъуылд музыкӕйы. «6-аздзыдӕй райдыдтон цӕгъдын фортепианойыл, 10-аздзыдӕй хъисын фӕндырыл, 12-аздзыдӕй та дыууадӕстӕнон фӕндырыл»,— дзуры уый. Фӕстӕдӕр Сюзи бацыд Лондоны Къаролты музыкалон колледжмӕ ӕмӕ уым ахуыр кодта дыууадӕстӕнон фӕндырыл цӕгъдын. Цыппар азы дӕргъы ахуыр кодта зындгонд испайнаг фӕндырдзӕгъдӕгмӕ. Иу аз та ахуыр кодта Парижы консерваторийы, ӕмӕ райста кадджын къӕпхӕн ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндырыл цӕгъдӕджы ӕмӕ фортепианойыл цӕгъдыны ахуыргӕнӕджы дипломтӕ.

Уыцы иурӕстӕг Сюзи цӕуын райдыдта Лондоны Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕй иумӕ. Уым Сюзи федта, Ӕвдисӕнтӕ кӕрӕдзийыл куыд зӕрдӕбынӕй аудынц ӕмӕ куыд тыхсынц, уый. Цадӕггай рӕзын райдыдта йӕ уарзондзинад Иегъовӕмӕ ӕмӕ йӕм фӕзынд Хуыцауӕн лӕггад кӕныны фӕнд. Йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн Сюзи райдыдта агурын фадӕттӕ. Уый Иегъовӕйӕн нывонддзырд радта ӕмӕ донаргъуыд райста. Ныр Сюзи дзуры: «Музыканты куыст афтӕ у, ӕмӕ адӕймаг йӕ цард ӕгасӕй дӕр уымӕн хъуамӕ снывонд кӕна, ӕмӕ уый цы нысан кӕны, уый та мӕхицӕй зонын». Чырыстийы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ Хуыцауы Паддзахады хорз уацхъуыд хъусын кӕнын куы райдыдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ йын концерттӕ дӕттынӕн бирӕ рӕстӕг нал ис (Матфейы 24:14; Маркы 13:10).

Музыкӕ йӕ царды ахӕм ахсджиаг бынат куы нал ахсы, уӕд Сюзи йӕхи куыд хаты? «Хаттӕй-хатт ӕрӕнкъард вӕййын, цӕгъдынӕн мын бирӕ рӕстӕг кӕй нал ис, уый тыххӕй,— дзуры Сюзи,— фӕлӕ уӕд сбадын ӕмӕ цӕгъдын райдайын ӕмӕ мӕ зӕрдӕ барухс вӕййы. Музыкӕ у Иегъовӕйы лӕвар. Ӕмӕ ныр, мӕ царды сӕйрагдӕр бынат Хуыцауӕн лӕггад кӕнын куы ахсы, уӕд музыкӕйӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын» (Матфейы 6:33).

Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм музыкӕ

Зӕххыл ис ӕхсӕз милуаны бӕрц Иегъовӕйы Ӕвдисӕны, ӕмӕ уыдонимӕ иумӕ Альберт ӕмӕ Сюзи дӕр Иегъовӕ Хуыцауы кадджын кӕнынц зӕрджытӕй. 234 бӕстӕйы Паддзахады Залты цы чырыстон фембӕлдтӕ фӕцӕуы, уыдон, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, райдайынц ӕмӕ фӕвӕййынц Иегъовӕйы кады зарджытӕй. Фыстадӕй ист зарджыты ныхӕстӕ кӕм аив ӕмӕ сабыр, кӕм хъӕлдзӕг ӕмӕ цардбӕллон, кӕм та лирикон мелодитимӕ кад хӕссынц Иегъовӕ Хуыцауӕн.

Ӕмбырдмӕ чи ӕрбацӕуы, уыдон ӕмхъӕлӕсӕй фӕзарынц, Иегъовӕ сыл кӕй ауды, уый тыххӕй (44-ӕм зарӕг). Фӕзарынц Иегъовӕйы кады зарджытӕ (190-ӕм зарӕг). Сӕ зарджыты ирдӕй зыны, чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ сӕ ахастытӕ, чырыстон фӕндагыл цӕуын ӕмӕ чырыстон миниуджытыл кусын сын стыр циндзинад кӕй хӕссы, ӕмӕ йӕ стыр бӕрндзинадыл дӕр кӕй нымайынц, уый. Тынг ӕхсызгон у, азиаг, австралиаг, европӕйаг, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Африкӕйаг композитортӕ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, алыхуызон стильтыл цы зарджытӕ ныффыстой, уыдонмӕ хъусын *.

«Сзарут Хицауӕн ног зарӕг; сзарут Хицауӕн ӕппӕт зӕхх! Зарут Хицауӕн, арфӕ кӕнут Уый номӕн»,— ахӕм ныхӕстӕй райдайы, псаломзарӕггӕнӕджы рӕстӕджы цы диссаджы паддзахадон гимн зарыдысты, уый. «Хъусын кӕнут бонӕй-бонмӕ Йӕ ирвӕзындзинад! Хъусын кӕнут Йӕ кад адӕмты ’хсӕн, ӕппӕт адӕмыхӕттыты ӕхсӕн Йӕ диссӕгтӕ!» (Псалом 95:1—3). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй дӕм хӕстӕг чи цӕры, уыдон дӕр афтӕ фӕкадджын кӕнынц Хуыцауы ӕмӕ дӕумӕ дӕр сидынц, цӕмӕй семӕ иумӕ зарай Иегъовӕйы кады зарджытӕ. Хонынц дӕ сӕ Паддзахады Залмӕ. Уым ды сахуыр уыдзынӕ, Иегъовӕйы, йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм музыкӕйӕ кадджын кӕнын.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 7 абз. Мыхуыры йӕ рауагъта Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнад, (англ.).

^ 22 абз. Уыцы зарджытӕ иууыл иумӕ сты Хъахъхъӕнӕг Мӕсыджы Ӕхсӕнады уагъд зарджыты ӕмбырдгонды «Зарут Иегъовӕйы кадӕн», (уырыс.).

[Ныв 31 фарсыл]

Зарут Иегъовӕйы кадӕн.