Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хъахъхъӕнӕгимӕ лӕггад кӕнын

Хъахъхъӕнӕгимӕ лӕггад кӕнын

Хъахъхъӕнӕгимӕ лӕггад кӕнын

«О Иегъовӕ, ӕнӕхъӕн бон лӕууын хъахъхъӕнӕг мӕсыджы сӕр, ӕмӕ алы ӕхсӕв дӕр дӕн мӕ хъахъхъӕнӕн бынаты» (ИСАЙ 21:8, НД).

1. Цавӕр диссаджы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй лӕууы Иегъовӕ йӕхӕдӕг ӕвдисӕн?

ИЕГЪОВӔ у стыр фӕндты Хуыцау. Йӕ ныхмӕ цы зӕд растад, Сайтан Хӕйрӕг, уымӕн йӕ бон нӕу Йе стыр фӕнд фехалын: Йӕ ном скадджын кӕнын ӕмӕ дзӕнӕтон зӕххыл хицауиуӕггӕнӕг диссаджы Паддзахад ӕрӕвӕрын (Матфейы 6:9, 10). Уыцы хицауиуӕгады рӕстӕджы адӕймагад ӕцӕгдӕр уыдзӕн арфӕгонд. Хуыцау «ӕнустӕм скуынӕг кӕндзӕн мӕлӕт, ӕмӕ Хицау Иегъовӕ ныссӕрфдзӕн цӕстысыгтӕ алкӕйы цӕсгомӕй дӕр». Амондджын, иугонд адӕм ӕнустӕм цӕрдзысты сабырӕй ӕмӕ фӕрнӕй (Исай 25:8, АМТ; 65:17—25). Уыцы диссаджы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, уымӕн ӕвдисӕнӕй лӕууы Иегъовӕ йӕхӕдӕг!

2. Иегъовӕ адӕмӕй кӕй равзӕрста ӕвдисӕнтӕй?

2 Фӕлӕ Ӕппӕтхъомысджын Сфӕлдисӕгӕн ма ис ӕвдисӕнтӕ адӕмӕй дӕр. Чырыстийы райгуырды размӕ цы «ӕвдисӕнты ӕврагъ» (НД) уыд, суанг Авелӕй, уый згъордта фӕразондзинады дугъы, ӕмӕ арӕх ӕвзӕр уавӕрты. Абон сӕ ӕнаипп цӕвиттон фидар кӕны иузӕрдион чырыстӕтты. Йесо Чырысти у хъӕбатыр ӕвдисӕны ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон (Дзуттытӕм 11:1—12:2). Ӕрхъуыды ма кӕн, Понтий Пилаты раз фӕстаг хатт ӕвдисӕнад куыд лӕвӕрдта, уый. Йесо загъта: «Ӕз уымӕн райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон» (Иоанны 18:37). Иузӕрдион чырыстӕттӕ н. э. 33 азӕй суанг н. э. 2000 азы онг фӕзмынц Йесойы цӕвиттон ӕмӕ ӕвдисӕн лӕууынц, «Хуыцауы стыр хъуыддӕгтыл» ныфсджынӕй дзургӕйӕ (Куыстытӕ 2:11).

Вавилоны сектӕтӕ

3. Сайтан Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕндоны тыххӕй лӕвӕрд ӕвдисӕнады ныхмӕ куыд лӕууы?

3 Миназты дӕргъы ӕппӕты карздӕр ныхмӕлӕууӕг Сайтан Хӕйрӕг йӕ фыдмитӕй архайдта Хуыцауы ӕвдисӕнты ӕвдисӕнад гуырысхойаг скӕныныл. Куыд «мӕнгдзинады фыд», афтӕ ацы «стыр кӕфхъуындар, рагон калм... ӕппӕт дунейы сайы». Уый карзӕй тох кӕны «Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ хъахъхъӕнджытимӕ», уӕлдайдӕр та ацы фӕстаг бонты (Иоанны 8:44; Раргомад 12:9, 17).

4. Стыр Вавилон куыд фӕзынд?

4 Иу-4 000 азы размӕ, Нойы рӕстӕджы цы Доны хъаймӕт уыд, уый фӕстӕ Сайтан спайда кодта Нимродӕй, «тыхджын цуанонӕй Иегъовӕйы ныхмӕ» (Уӕвынад 10:9, 10, НД). Нимроды стыр горӕт, Вавилон, сси хӕйрӕджыты дины центр. Иегъовӕ Вавилоны мӕсыгамайджыты ӕвзаг куы схӕццӕ кодта, уӕд адӕм ахӕлиу сты ӕппӕт зӕххыл ӕмӕ семӕ ахастой сӕ мӕнг дин дӕр. Афтӕмӕй Вавилон сси, Раргомады чиныг стыр Вавилон кӕй хоны, уыцы мӕнг дины дунеон империйы бынат. Уыцы чиныг дзуры, ацы рагон динон системӕ тӕрхонгонд кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй (Раргомад 17:5; 18:21).

Ӕвдисӕнты наци

5. Иегъовӕ ӕвдисӕнӕн цавӕр наци скодта ӕмӕ йӕ уацары акӕнын цӕмӕн бауагъта?

5 Нимроды бонтӕй 500 азы куы рацыд, уӕд Иегъовӕ иузӕрдион Авраамы байзӕддӕгтӕй скодта Израилы наци, цӕмӕй уый уыдаид Йе ’вдисӕн зӕххыл (Исай 43:10, 12). Уыцы нацийӕ бирӕтӕ Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтой. Фӕлӕ ӕнусты дӕргъы сыхаг адӕмты мӕнг уырнындзинӕдтӕ фехӕлдтой Израилы адӕмы, ӕмӕ Иегъовӕимӕ цӕдисы цы адӕм уыдысты, уыдон дзы аздӕхтысты ӕмӕ райдыдтой мӕнг хуыцӕуттӕн кувын. Уымӕ гӕсгӕ н. э. агъоммӕ 607 азы Вавилоны ӕфсӕдтӕ Навуходоносоры сӕргълӕудӕй ныппырх кодтой Иерусалим ӕмӕ йӕ кувӕндон, дзуттӕгтӕн та сӕ фылдӕр бахаудысты Вавилоны уацары.

6. Иегъовӕйы пехуымпар-хъахъхъӕнӕг цавӕр хорз хабар фехъусын кодта ӕмӕ уый кӕд сӕххӕст?

6 Уый мӕнг динӕн цӕй стыр уӕлахиздзинад уыд! Фӕлӕ Вавилоны хицауиуӕгад бирӕ нӕ ахаста. Уыцы цауӕй иу-200 азы размӕ Иегъовӕ ратта бардзырд: «Ацу, сӕвӕр хъахъхъӕнӕджы, цӕмӕй, цы уына, уый дзура». Уыцы хъахъхъӕнӕг хъуамӕ цавӕр хабар фехъусын кодтаид? «Басаст! Басаст Вавилон, ӕмӕ йын уый йӕ хуыцӕутты гуымирытӕ иууылдӕр пырхытӕй зӕхмӕ ӕрӕппӕрста!» (Исай 21:6, 9, НД). Н. э. агъоммӕ 539 азы ацы пехуымпарад ӕцӕгдӕр сӕххӕст. Хъомысджын Вавилон басаст, ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ, Хуыцауимӕ цӕдисы цы адӕм уыдысты, уыдонӕн сӕ бон уыд сӕ райгуырӕн бӕстӕм раздӕхын.

7. а) Иегъовӕ дзуттӕгты кӕй бафхӕрдта, уымӕй цӕуыл сахуыр сты? ӕ) Уацарӕй цы дзуттӕгтӕ рацыдысты, уыдон-иу цавӕр къӕппӕджыты бахаудысты ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркодта?

7 Сӕ райгуырӕн бӕстӕм цы дзуттӕгтӕ ӕрыздӕхтысты, уыдон цы бавзӕрстой, уый сын фаг уыд, цӕмӕй аиуварс кодтаиккой гуымирытӕн кувынад ӕмӕ кӕлӕнтимӕ баст дин. Фӕлӕ азтӕ куыд цыдысты, афтӕ-иу бахаудысты ӕндӕр къӕппӕджыты. Иутыл ӕндӕвта грекъаг философи. Иннӕтӕ се ’ргом фылдӕр аздӕхтой Хуыцауы Ныхасмӕ нӕ, фӕлӕ адӕмы ӕгъдӕуттӕм. Ӕртыккӕгтыл та бандӕвта национализм (Маркы 7:13; Куыстытӕ 5:37). Йесойы райгуырдмӕ наци ногӕй аздӕхт сыгъдӕг кувынадӕй. Кӕд ӕмӕ иуӕй-иу дзуттӕгтӕ байхъуыстой, Йесо цы хорз уацхъуыд хъусын кодта, уымӕ, уӕддӕр ӕй адӕм ӕмткӕй нӕ райстой, ӕмӕ сӕ Хуыцау уымӕ гӕсгӕ ныууагъта (Иоанны 1:9—12; Куыстытӕ 2:36). Израиль нал уыд Хуыцауы ӕвдисӕн, ӕмӕ та н. э. 70 азы Иерусалим ӕмӕ йӕ кувӕндон ногӕй ӕрцыдысты пырх, фӕлӕ сӕ ацы хатт ныппырх кодта Ромы ӕфсад (Матфейы 21:43).

8. Иегъовӕйы ӕвдисӕн чи сси ӕмӕ Павелы фӕдзӕхст уыцы ӕвдисӕнӕн йӕ афоныл цӕмӕн уыд?

8 Уалынмӕ райгуырд чырыстон «Хуыцауы Израиль», ӕмӕ ныр уый уыд Хуыцауы ӕвдисӕн адӕмтӕн (Галатӕгтӕм 6:16). Сайтан уайтагъд сфӕнд кодта уыцы ног, духовон адӕмы раст фӕндагӕй аздахын. I ӕнусы кӕронмӕ ӕмбырдты бӕрӕг уыд аздӕхджыты ӕндӕвдад (Раргомад 2:6, 14, 20). Йӕ афоныл уыд Павелы фӕдзӕхст: «Кӕсут ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй уӕ мачи аздаха философийӕ ӕмӕ афтид сайдӕй, адӕймаджы рагон таурӕгътӕм гӕсгӕ, дунейы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, фӕлӕ Чырыстимӕ гӕсгӕ нӕ» (Колоссӕгтӕм 2:8).

9. Павел куыд фӕдзӕхста, афтӕмӕй цавӕр цаутӕ ӕркодтой чырыстон дунейы фӕзындмӕ?

9 Ӕппынфӕстаг грекъаг философи, Вавилоны динон цӕстӕнгӕстӕ ӕмӕ фӕстӕдӕр та адӕймаджы «зондджындзинад» эволюцийы теорийы ӕмӕ Библи критикӕ кӕныны хуызы бандӕвтой, йӕхи чырыстон чи хуыдта, уыдонӕй бирӕтӕн сӕ диныл. Рауад растдӕр Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Ӕз зонын, мӕ ацыды фӕстӕ уӕм кӕй ӕрбацӕудзысты хъӕхъхъаг [«тугдзых», НФ] бирӕгътӕ, дзугӕн тӕригъӕд чи нӕ кӕны; ӕмӕ сымахӕн уӕхицӕй сыстдзысты адӕм, кӕцытӕ дзурдзысты мӕнг, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты акӕной сӕ фӕдыл» (Куыстытӕ 20:29, 30). Ахӕм аздӕхынады фӕстиуӕгӕн фӕзынд чырыстон дуне.

10. Цавӕр цаутӕй у бӕрӕг, иууылдӕр кӕй нӕ райстой чырыстон дунейы аздӕхӕг кувынад?

10 Сыгъдӕг кувынадыл ӕцӕгӕй ӕнувыд чи уыд, уыдоны хъуыд «тох кӕнын, Сыгъдӕджытӕн иу хатт лӕвӕрд чи фӕци, уыцы уырниады [уырнындзинады] сӕрыл» (Иудӕйы 3, НФ). Цымӕ сыгъдӕг кувынады ӕмӕ Иегъовӕйы тыххӕй ӕвдисӕн кӕныны куыст зӕххыл ӕрлӕудзӕн? Нӕ. Растӕг Сайтаны ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ фесафыны рӕстӕг куы ӕрхӕстӕг, уӕд рабӕрӕг, иууылдӕр кӕй нӕ райстой чырыстон дунейы аздӕхӕг кувынад. XIX ӕнусы дыккаг ӕмбисы Питтсбурджы, Пенсильванийы (АИШ-ы), арӕзт ӕрцыд сыгъдӕгзӕрдӕ библииртасджыты къорд, ӕмӕ уый сси Хуыцауы нырыккон ӕвдисӕнты апп. Ацы чырыстӕттӕ се ’ргом здӕхтой, ацы дунеон системӕйӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕстӕг, уымӕн Сыгъдӕг Фыстады цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдонмӕ. Библийы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ ацы дунейы «кӕрон» райдыдта 1914 азы, ӕмӕ йӕ бӕрӕггӕнӕн уыд, фыццаг дунеон хӕст кӕй райдыдта, уый (Матфейы 24:3, 7). Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ уый фӕстӕ уӕларвӕй ӕппӕрст кӕй ӕрцыдысты, уымӕн ис уырнинаг бӕлвырдгӕнӕнтӕ. XX ӕнусы ӕнӕнымӕц бӕллӕхтӕ ирдӕй ӕвдисынц Сайтаны архайд ӕмӕ, Йесо уӕларвон Паддзахады Паддзах кӕй сси ӕмӕ ӕнӕуынгӕ хуызы не ’хсӕн кӕй ис, уый нысаны сӕххӕст (Матфейы 24-ӕм ӕмӕ 25-ӕм сӕртӕ; Маркы 13-ӕм сӕр; Лукайы 21-ӕм сӕр; Раргомад 12:10, 12).

11. Сайтан цӕуыл архайдта, фӕлӕ йӕ фӕндтӕ куыд фехӕлдысты?

11 1918 азы июны Сайтан тугдзых бирӕгъау архайдта, уыцы рӕстӕгмӕ цалдӕр бӕстӕйы чи хъусын кодта, уыцы библииртасджыты фесафыныл, цӕмӕй зӕххыл сӕ фӕд дӕр мауал баззадаид. Уымӕй уӕлдай ма агуырдта сӕ закъонон корпораци, Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы, Библиты ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнад, скуынӕг кӕныны мадзӕлттӕ дӕр. I ӕнусы Йесойыл мӕнг ӕвдисӕн куыд бакодтой, афтӕ Ӕхсӕнады бӕрнон разамонджыты дӕр фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ адӕмы хицауады ныхмӕ ардауынц, ӕмӕ сӕ ахӕстоны сбадын кодтой (Лукайы 23:2). Фӕлӕ 1919 азы ацы разамонджыты рауагътой,ӕмӕ сын уый ратта дарддӕр лӕггад кӕныны фадат. Фӕстагмӕ сӕ сраст кодтой.

«Хъахъхъӕнӕг» лӕууы йӕ бынаты

12. Абон Иегъовӕйы хъахъхъӕнӕджы къорд, кӕнӕ «хъахъхъӕнӕг», чи у ӕмӕ йын йӕ хъуыддагмӕ цавӕр ахаст ис?

12 Афтӕмӕй, «рӕстӕджыты фӕуд» куы райдыдта, уӕд та Иегъовӕ ногӕй сӕвӕрдта йӕ хъахъхъӕнӕджы, цӕмӕй хъусын кӕна, Йӕ фӕндты сӕххӕстимӕ цы цаутӕ сты баст, уыдоны тыххӕй (Данелы 12:4, БГТ; 2 Тимофеймӕ 3:1). Абоны онг уыцы хъахъхъӕнӕджы къорд, ома сӕрст чырыстӕттӕ, Хуыцауы Израиль, архайы, растдӕр Исай пехуымпарадон хъахъхъӕнӕджы куыд афыста, афтӕ: «Уый хъуыста зӕрдиагӕй, лӕмбынӕг. Ӕмӕ домбайау ныхъхъӕр кодта: „О Иегъовӕ, ӕнӕхъӕн бон лӕууын хъахъхъӕнӕг мӕсыджы сӕр, ӕмӕ алы ӕхсӕв дӕр дӕн мӕ хъахъхъӕнӕн бынаты“» (Исай 21:7, 8, НД). Уый у, йӕ хӕс цӕсгомджынӕй чи ӕххӕст кӕны, ахӕм хъахъхъӕнӕг!

13. а) Иегъовӕйы хъахъхъӕнӕг цавӕр хабар хъусын кодта? ӕ) Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, стыр Вавилон басаст, зӕгъгӕ?

13 Ацы хъахъхъӕнӕг цы федта? Иегъовӕйы хъахъхъӕнӕг, йе ’вдисӕнты къорд та ногӕй фехъусын кодта: «Басаст! Басаст Вавилон, ӕмӕ йын уый [Иегъовӕ] йӕ хуыцӕутты гуымирытӕ иууылдӕр пырхытӕй зӕхмӕ ӕрӕппӕрста!» (Исай 21:9, НД). Ацы хатт, Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ, йӕ бӕрзонд бынатӕй ӕрхауд стыр Вавилон, мӕнг дины дунеон импери (Иереми 50:1—3; Раргомад 14:8). Ӕмӕ диссаг нӕу, Стыр хӕст (уӕд Фыццаг дунеон хӕст афтӕ хуыдтой) кӕй райдыдта чырыстон дунейы! Дыууӕрдыгӕй дӕр сауджынтӕ ӕндзӕрстой хӕсты арт, сӕ фӕсивӕды хуыздӕрты хӕстмӕ цӕуын кӕй разӕнгард кодтой, уымӕй. Худинаджы хъуыддаг! 1919 азы стыр Вавилонӕн йӕ бон ницы сси бакӕнын, цӕмӕй Библииртасджытӕ (афтӕ хуындысты уӕд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ) ӕнцад лӕууыдаиккой ӕмӕ цӕмӕй ма райдыдтаиккой, ныр дӕр ма цы ӕппӕтдунеон хъусын кӕныны куыст цӕуы, уый (Матфейы 24:14). Н. э. агъоммӕ VI ӕнусы Израиль уацарӕй куы ссӕрибар, уӕд уый рагон Вавилоны басаст куыд нысан кодта, афтӕ ацы хъуыддагӕй дӕр бӕлвырд кодта, стыр Вавилон кӕй басаст, уый.

14. Иегъовӕйы хъахъхъӕнӕджы къорд цавӕр журналӕй пайда кӕны ӕмӕ йын Иегъовӕ куыд арфӕ кӕны?

14 Хъахъхъӕнӕджы къорд йӕ хӕс алкӕддӕр ӕххӕст кодта зӕрдиагӕй ӕмӕ йӕ ӕдзухдӕр фӕндыд, раст цы у, уый аразын. 1879 азы июлы Библииртасджытӕ мыхуыр кӕнын райдыдтой ацы журнал, уӕд хуынд «Сионы Хъахъхъӕнӕг мӕсыг ӕмӕ Чырысти ӕнӕуынгӕ хуызы адӕмы ’хсӕн кӕй уыдзӕн, уый уацхӕссӕг». Алы рауагъды дӕр 1879 азӕй 1938 азы 15 декабры онг фыццаг сыфыл уыд ахӕм ныхӕстӕ: «„Хъахъхъӕнӕг! ӕхсӕвӕй ма цас баззад?“ (Исай 21:11 *. 120 азы дӕргъы «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» зӕрдиагӕй йӕ хъус дары дунеон цаутӕм ӕмӕ сӕ пехуымпарадон нысаниуӕгмӕ (2 Тимофеймӕ 3:1—5, 13). Хуыцауы хъахъхъӕнӕджы къорд ӕмӕ йемӕ «ӕндӕр фыстӕ» ӕнтыстджынӕй пайда кӕнынц ацы журналӕй, адӕймагадӕн хъусынгӕнгӕйӕ, тагъд Чырыстийы Паддзахады уылты бӕлвырдгонд кӕй ӕрцӕудзӕн, Иегъовӕйӕн хицауиуӕг кӕныны бар кӕй ис, уый (Иоанны 10:16). Цымӕ Иегъовӕ арфӕ кӕны ацы «ӕвдисӕнӕн»? Бӕгуыдӕр, 1879 азы «Хъахъхъӕнӕг мӕсыджы» тираж уыд 6 000 экземпляры, ныр та ӕппӕт дунейы мыхуыргонд цӕуы 22 000 000 экземплярӕй фылдӕр 132 ӕвзагыл; уыимӕ 121 ӕвзагыл мыхуыры цӕуы иу рӕстӕджы. Ӕмӕ куыд раст у, ӕгас дунейыл ӕппӕты фылдӕр цы динон журнал парахат кӕнынц, уый кӕй кадджын кӕны ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйы ном!

Сыгъдӕг кӕныны хъуыддаг сындӕггай цӕуы

15. 1914 азы размӕ цавӕр сыгъдӕг кӕныны хъуыддаг райдыдта?

15 1914 азы размӕ, цалынмӕ Чырысти уӕларвыл хицауиуӕг кӕнын нӕма райдыдта, уӕдмӕ 40 азы дӕргъы Библииртасджытӕ сӕрибар кодтой чырыстон дунейы ӕнӕбиблион ахуырӕдтӕй, зӕгъӕм, сывӕллӕтты аргъауын, ӕнӕмӕлгӕ уды ахуырад, сыгъдӕггӕнӕн, хъизӕмӕрттӕ судзгӕ зындоны ӕмӕ Ӕртӕуон Хуыцауы тыххӕй ахуырад. Фӕлӕ цӕмӕй се ’ппӕт мӕнг ӕмбарынӕдтӕй ссыгъдӕг уыдаиккой, уый тыххӕй бахъуыд фылдӕр рӕстӕг. Цӕвиттонӕн, 1920-ӕм азты Библииртасджытӕй бирӕтӕ дардтой, дзуар ӕмӕ кады худ ныв кӕм уыдысты, ахӕм хъуырӕгънӕг, стӕй ма бӕрӕг кодтой Цыппурс ӕмӕ ӕндӕр муртаттаг бӕрӕгбӕттӕ. Фӕлӕ цӕмӕй кувынад сыгъдӕг уыдаид, уый тыххӕй хъуамӕ гуымирытӕн кувынадӕй иу фӕд дӕр мауал баззадаид. Чырыстон уырнындзинад ӕмӕ цардыуагӕн хъуамӕ уа иунӕг бындур — Хуыцауы Ныхас, Библи (Исай 8:19, 20; Ромӕгтӕм 15:4). Хуыцауы Ныхасмӕ нӕдӕр бафтауӕн ис, нӕдӕр дзы аппарӕн ис, уымӕн ӕмӕ уый раст нӕу (Дыккаг закъон 4:2; Раргомад 22:18, 19).

16, 17. а) Цалдӕр дӕсазы хъахъхъӕнӕджы къорд цавӕр мӕнг цӕстӕнгасыл хӕцыд? ӕ) «Египеты» «нывондхӕссӕн» ӕмӕ «цӕджындзӕн» сӕ раст нысаниуӕг цы у?

16 Ацы принцип куыд ахсджиаг у, уый нын равдисдзӕн иу цӕвиттон. 1886 азы Ч. Т. Расселл чиныг «Хуыцауы ӕнусты пълан» куы рауагъта, уӕд уым уыд, адӕймагады дугтӕ Египеты Хеопсы пирамидӕимӕ чи баста, ахӕм диаграммӕ. Куыд хъуыды кодтой, афтӕмӕй фараон Хуфуйы (Хеопсы) цыртдзӕвӕн уыд, Исайы 19:19, 20-ӕм стихты цы цӕджындзы кой цӕуы, растдӕр уый. Уым та дзырдӕуы: «Уыцы бон Хицауӕн нывондхӕссӕн лӕудзӕн Египеты зӕххы астӕу, ӕмӕ цыртдзӕвӕн [«цӕджындз», НД] Хицауӕн — йӕ арӕнтыл. Ӕмӕ Египеты зӕххы уый уыдзӕн нысан ӕмӕ ӕвдисӕн Хицау Саваофы тыххӕй». Цавӕр бастдзинад хъуамӕ уыдаид пирамидӕ ӕмӕ Библийы ’хсӕн? Уыцы рӕстӕджы куыд хъуыды кодтой, афтӕмӕй Хеопсы пирамидӕйы кӕцыдӕр ахизӕнты дӕргъ амыдта, Матфейы 24:21-ӕм стихы цы «стыр зындзинады» тыххӕй дзырдӕуы, уый райдианмӕ. Иуӕй-иу Библииртасджытӕ райдыдтой нымайын пирамидӕйы алыхуызон хӕйтты дӕргъ, цӕмӕй сбӕрӕг кодтаиккой, зӕгъӕм, уӕларвмӕ цы бон ацӕудзысты, уый!

17 Дурӕй конд Библи кӕй хуыдтой, уымӕн аргъ кодтой цалдӕр дӕсазы, цалынмӕ 1928-ӕм азы 15-ӕм ноябры ӕмӕ 1-ӕм декабры номырты «Хъахъхъӕнӕг мӕсыг» бӕлвырд нӕ равдыста, Иегъовӕйы кӕй нӕ хъуыд Библийы ӕвдисӕнад сфидар кӕнынӕн, муртаттаг фараонтӕ кӕй сарӕзтой ӕмӕ хӕйрӕджыты астрологийы нысӕнттӕ кӕм уыд, ахӕм дурӕй цыртдзӕвӕн. Уымӕй уӕлдай Исайы пехуымпарад комкоммӕ ӕмбарын нӕ хъуыд. Раргомады 11:8-ӕм стихы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй «Египет» нысан кӕны Сайтаны дуне. «Хицауӕн нывондхӕссӕн» нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, ацы дунейы рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ чи сты, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ цы зӕрдӕмӕдзӕугӕ нывӕндтӕ хӕссынц, уыдон (Ромӕгтӕм 12:1; Дзуттытӕм 13:15, 16). «[Египеты] арӕнтыл» цы цӕджындз ис, уый у, «Египеты», ома дунейы, ӕвдисӕнӕй чи лӕууы ӕмӕ йӕ тагъд чи ныууадздзӕн, уыцы сӕрст чырыстӕтты ӕмбырд — «ӕцӕгады цӕджындз ӕмӕ фидардзинад» (1 Тимофеймӕ 3:15).

18. а) Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Библи чи иртасы, уыдонӕн Иегъовӕ дарддӕр алыхуызон фарстытӕ хуыздӕр куыд ӕмбарын кӕны? ӕ) Кӕд чырыстонӕн Библийыл бындуриуӕггӕнӕг ног ӕмбарынад зын бамбарӕн у, уӕд ын уымӕ цавӕр ахаст хъуамӕ уа?

18 Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ нын Иегъовӕ тынгдӕр ӕргом кӕны ӕцӕгад, уыимӕ нын хуыздӕр ӕмбарын кӕны йӕ пехуымпарадон ныхас (Фӕсномыг ныхӕстӕ 4:18). Фӕстаг азты нӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй лӕмбынӕгдӕр ӕркастаиккам ахӕм фарстытӕм: цы у, цалынмӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ цы мыггаг нӕ аивгъуыйдзӕн, уый; фӕсномыг ныхас фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй; цы у ӕнаккагдзинад ӕмӕ сыгъдӕг ран кӕд лӕудзӕн; ног цӕдис; Йесойы хуызы фӕивд ӕмӕ кувӕндоны цӕстылуайӕн Иезекилы чиныгӕй. Иуӕй-иу хатт гӕнӕн ис, стихтӕ бӕлвырддӕр ӕмбӕрстгонд куы ’рцӕуынц, уӕд уый зын райсӕн вӕййы, фӕлӕ ахӕм ӕмбарынад цӕмӕн фӕхъӕуы, уый йӕ афоныл рабӕрӕг вӕййы. Кӕд чырыстон стихы ног ӕмбарынад ӕххӕстӕй не ’мбары, уӕд хорз уаид, пехуымпар Михейау сӕрныллӕгӕй куы зӕгъид: «Ӕз ӕнхъӕлмӕ кӕсын мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцаумӕ» (Михей 7:7, АМТ).

19. Ацы фӕстаг бонты сӕрст баззайӕггаг ӕмӕ се ’мбӕлццӕттӕ, ӕндӕр фыстӕ, домбайау хъӕбатыр кӕй сты, уый куыд ӕвдисынц?

19 Ӕрхъуыды ма кӕн, хъахъхъӕнӕг «домбайау [кӕй] ныхъхъӕр кодта: „О Иегъовӕ, ӕнӕхъӕн бон лӕууын хъахъхъӕнӕг мӕсыджы сӕр, ӕмӕ алы ӕхсӕв дӕр дӕн мӕ хъахъхъӕнӕн бынаты“» (Исай 21:8, НД). Сӕрст баззайӕггаг домбайау хъӕбатырӕй мӕнг дины хъуыддӕгтӕ ӕргом кӕны ӕмӕ адӕмӕн амоны фӕндаг сӕрибардзинадмӕ (Раргомад 18:2—5). Куыд «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар», афтӕ уый бирӕ ӕвзӕгтыл уадзы Библитӕ, журналтӕ ӕмӕ ӕндӕр публикацитӕ ӕмӕ афтӕмӕй «афоныл хӕринаг» дӕтты (Матфейы 24:45). Уый къухдариуӕг кӕны «тынг бирӕ адӕмы... ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ фӕлтӕртӕй, ӕмӕ адӕмтӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» ӕмбырд кӕныны хъуыддагыл. Ацы адӕм дӕр сыгъдӕггонд цӕуынц Йесойы ӕлхӕнӕг тугӕй ӕмӕ Хуыцауӕн хъӕбатырӕй «лӕггад кӕнынц ӕхсӕвӕй-бонӕй» (НД) (Раргомад 7:9, 14, 15). Фӕстаг аз, Иегъовӕйы сӕрст Ӕвдисӕнты гыццыл къордӕй ма зӕххыл чи цӕры, уыдон ӕмӕ се ’мбӕлццӕттӕ, ома тынг бирӕ адӕм, цавӕр дыргътӕ ӕрӕмбырд кодтой? Уый тыххӕй дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинаг]

^ 14 абз. 1939 азы 1 январӕй ивд ӕрцыд ахӕм ныхӕстӕй: «„Базондзысты йӕ, Ӕз Иегъовӕ кӕй дӕн“ (Иезекиль 35:15, АМТ)».

Хъуыды ма кӕныс?

Бирӕ азты дӕргъы Иегъовӕ цавӕр ӕвдисӕнты ӕвӕрдта?

Стыр Вавилон куыд фӕзынд?

Иегъовӕ Иерусалим, йӕ ӕвдисӕнты нацийы сӕйраг горӕт, н. э. агъоммӕ 607 азы ӕмӕ н. э. 70 азы пырх кӕнын цӕмӕн бауагъта?

Иегъовӕйы хъахъхъӕнӕджы къорд ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттӕ цавӕр зондахастыл сты хӕст?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 18 фарсыл]

«О Иегъовӕ, ӕнӕхъӕн бон лӕууын хъахъхъӕнӕг мӕсыджы сӕр».

[Нывтӕ 20 фарсыл]

Иегъовӕйы хъахъхъӕнӕджы къорд йӕ хӕс ӕххӕст кӕны цӕсгомджынӕй.