Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг»

«Сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг»

«Сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау у нӕлгоймаг» (1 КОР. 11:3).

13 ЗАРӔГ Чырысти махӕн у фӕзминаг

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫ *

1. Хо цалынмӕ не смой кодта, уӕдмӕ цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕна?

ЧЫРЫСТӔТТӔЙ алкӕмӕн дӕр йӕ хицау у Йесо Чырысти. Уый у алцӕмӕй ӕххӕст хицау. Фӕлӕ чырыстон сылгоймаг мой куы скӕны, уӕд йӕ хицау свӕййы ӕнӕххӕст нӕлгоймаг. Ӕмӕ йын уый тыххӕй йӕ сӕрыхицауы коммӕ кӕсын, гӕнӕн ис, алы хатт ӕнцон ма уа. Уӕдӕ хо смой кӕнынмӕ куы хъава, уӕд хорз уаид, куы ахъуыды кӕнид ахӕм фарстатыл: «Ацы ’фсымӕр хорз бинонты хистӕр кӕй уыдзӕн, уый цӕмӕй у бӕрӕг? Хуыцауы хъуыддӕгтӕ йӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕры? Кӕд нӕ, уӕд мӕм афтӕ цӕмӕн кӕсы, ӕмӕ, нӕ цард куы баиу кӕнӕм, уӕд уый фӕстӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты ӕвӕрын райдайдзӕн ӕмӕ мӕнӕн дӕр уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕндзӕн?» Хорз ма уаид, хо куы ахъуыды кӕнид ахӕм фарстатыл дӕр: «Мӕнмӕ та ис, бинонты царды чи хъӕуы, ахӕм миниуджытӕ? Фӕразон, рӕдау ӕмӕ уазӕгуарзон дӕн? Йегъовӕ ме ’ввахс Хӕлар у?» (Еккл. 4:9, 12). Хо куы смой кӕна, уӕд амондджын уыдзӕн ӕви нӕ, уый кӕнгӕ у, уый размӕ цавӕр уынаффӕтӕ рахӕсдзӕн, уымӕй дӕр.

2. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Нӕ хотӕ фӕзминаг сты, сӕ сӕрыхицӕутты коммӕ кӕй кӕсынц, уымӕй. Махӕн тынг ӕхсызгон у Йегъовӕйӕн ахӕм иузӕрдион хотимӕ иумӕ лӕггад кӕнын. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм дзуапп ӕртӕ фарстайӕн: 1) Чырыстон бинойнаг цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлы? 2) Цӕмӕн ӕй фӕнды йӕ сӕрыхицауы коммӕ кӕсын? 3) Чырыстон лӕг ӕмӕ чырыстон ус Йесойӕ, Авигейӕйӕ ӕмӕ Йесойы мад Марийӕйӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

ЧЫРЫСТОН БИНОЙНАГ ЦАВӔР ЗЫНДЗИНӔДТЫЛ СӔМБӔЛЫ?

3. Алы бинонтӕ дӕр зындзинӕдтыл цӕмӕн ӕмбӕлынц?

3 Бинонты цард у Хуыцауы лӕвар, фӕлӕ адӕм та ӕнӕххӕст сты (1 Иоан. 1:8). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Библийы фыст ис, дыууӕ адӕймаджы сӕ цард куы баиу кӕной, уӕд сӕ «царды [кӕй] фӕзындзӕн ног зындзинӕдтӕ» (1 Кор. 7:28). Ӕркӕсӕм, моймӕдзыд сылгоймаг цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлы, уыдонӕй иуӕй-иутӕм.

4. Хатт сылгоймаг афтӕ цӕмӕн фӕхъуыды кӕны, ӕмӕ, йӕ сӕрыхицаумӕ куы хъуса, уӕд ын уый йӕ кад дӕлӕмӕ кӕндзӕн?

4 Иуӕй-иу сылгоймӕгтӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ, дӕ сӕрыхицаумӕ куы хъусай, уӕд дын уый дӕ кад дӕлӕмӕ кӕндзӕн. Чи зоны, афтӕ уымӕн фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ, кӕм схъомыл сты, уым адӕм ахӕм зондыл хӕст сты. Марисоль цӕры Америкӕйы Иугонд Штатты. Уый зӕгъы: «Ӕз кӕм схъомыл дӕн, уым-иу сылгоймӕгтӕн ӕдзух дзырдтой, алы хъуыддаджы дӕр лӕджы ӕмсӕр кӕй хъуамӕ уой. Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ бинонты хистӕрӕй нӕлгоймаджы кӕй сӕвӕрдта, ӕмӕ йӕ ус йӕ коммӕ кӕй хъуамӕ кӕса, фӕлӕ лӕг йӕ усӕн кӕй хъуамӕ кад кӕна. Фӕлӕ мын, раст зӕгъгӕйӕ, хатт зын вӕййы мӕ сӕрыхицауы коммӕ кӕсын».

5. Иуӕй-иу нӕлгоймӕгтӕ цавӕр рӕдыд хъуыдыйыл вӕййынц хӕст?

5 Фӕлӕ ма вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ лӕг фӕхъуыды кӕны, сылгоймаг нӕлгоймагӕй дӕлдӕр кӕй у. Хо Ивон цӕры Хуссар Америкӕйы, ӕмӕ афтӕ загъта: «Махмӕ фыццаг нӕлгоймӕгтӕ бахӕрынц, уый фӕстӕ та – сылгоймӕгтӕ. Гыццыл чызджытӕ хъуамӕ зоной хӕринаг кӕнын дӕр, ӕфснайын дӕр. Гыццыл лӕппуйы та паддзахы бынаты сӕвӕрынц, ӕмӕ йӕ мад ӕмӕ йӕ хотӕ алцыдӕр йӕ бӕсты фӕаразынц». Иу азиаг хо та, Инлин, зӕгъгӕ, загъта: «Махмӕ афтӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, сылгоймаг зондджын уа кӕнӕ йӕм цавӕрдӕр курдиӕттӕ уа, уый ӕнӕмӕнг нӕу. Хъуамӕ, дам, ӕрмӕстдӕр хӕдзары куыстытӕ кӕна, ӕмӕ йын уый бар дӕр нӕй, цӕмӕй, цы хъуыды кӕны, уый йӕ сӕрыхицауӕн дзура». Фӕлӕ, йӕ бинойнаджы чи нӕ уарзы ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ чи нӕ архайы, ахӕм сӕрыхицау йӕ бинойнаджы цард ӕнад кӕны. Уый Йесойы нӕ фӕзмы, ӕмӕ дзы Йегъовӕ дӕр райгонд нӕ уыдзӕн (Еф. 5:28, 29; 1 Пет. 3:7).

6. Чырыстон бинойнаг цы хъуамӕ араза, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ’ввахсдӕр кӕна?

6 Айразмӕйы статьяйы куыд загъд уыди, афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй чырыстон нӕлгоймаг йӕ бинонтыл тыхса, стӕй сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ӕххуыс кӕна (1 Тим. 5:8). Фӕлӕ-иу моймӕдзыд сылгоймаг йӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕна, цӕмӕй-иу Библи алы бон дӕр кӕса, арф ыл хъуыды кӕна ӕмӕ Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кува. Фӕлӕ уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Сылгоймагӕн бирӕ аразинӕгтӕ кӕй вӕййы, уый тыххӕй, чи зоны, афтӕ фӕхъуыды кӕны, зӕгъгӕ, фӕллад дӕн, стӕй мын рӕстӕг дӕр нӕй, цӕмӕй уыцы хъуыддӕгтӕ аразон. Фӕлӕ-иу сын уӕддӕр хъуамӕ рӕстӕг ссара. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ уӕм (Хъуыд. 17:27).

7. Усӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ сӕрыхицауы нымайа ӕмӕ йӕ коммӕ кӕса?

7 Усӕн алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы йе ’нӕххӕст сӕрыхицауы коммӕ кӕсын ӕмӕ йӕ нымайын. Фӕлӕ йӕ куы ӕмбара, уый дзы Йегъовӕ кӕй домы, стӕй дзы уый цӕмӕн домы, уыимӕ разы куы уа, уӕд ын ӕнцондӕр уыдзӕн афтӕ кӕнын.

СЫЛГОЙМАДЖЫ ЦӔМӔН ФӔФӔНДЫ ЙӔ СӔРЫХИЦАУЫ КОММӔ КӔСЫН?

8. Ефесӕгтӕм 5:22–24 стихтӕм гӕсгӕ, чырыстон сылгоймаджы цӕмӕн фӕфӕнды йӕ сӕрыхицауы коммӕ кӕсын?

8 Чырыстон сылгоймаг йӕ сӕрыхицауы коммӕ уымӕн фӕкӕсы, ӕмӕ йын уый Йегъовӕ бафӕдзӕхста. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:22–24.) Уый йӕ уӕларвон Фыдыл ӕууӕнды, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, кӕй йӕ уарзы ӕмӕ, йӕ пайдайӕн цы у, ӕрмӕстдӕр ын уый кӕй аразын кӕны (Дык. з. 6:24; 1 Иоан. 5:3).

9. Чырыстон сылгоймаг йӕ сӕрыхицауы коммӕ куы фӕкӕсы, уӕд уый сӕ бинонтыл куыд фӕзыны?

9 Ацы дуне сылгоймӕгты ахӕм зондыл аразы, цӕмӕй Йегъовӕйы закъӕттӕ мацӕмӕ дарой ӕмӕ хъуыды кӕной, сӕ лӕгты коммӕ куы кӕсой, уӕд сын уый сӕ кад дӕлӕмӕ кӕй кӕндзӕн. Фӕлӕ, афтӕ чи хъуыды кӕны, уыдон нӕ уарзӕгой Хуыцауы нӕ зонынц. Йегъовӕ йӕ зынаргъ чызджытӕн, сӕ кад сын дӕлӕмӕ цы кӕны, ахӕмӕй ницы аразын кӕны. Хо, Йегъовӕ йын цы дзуры, уый куы араза, уӕд сӕ хӕдзары уыдзӕн фарн ӕмӕ иудзинад (Пс. 119:165). Уӕд йӕхӕдӕг, йӕ сӕрыхицау ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ уыдзысты амондджын.

10. Кэролы ныхӕстӕй зондӕн райсӕн цы ис?

10 Ус йӕ лӕджы коммӕ куы кӕса, уӕд равдисдзӕн, Йегъовӕйы кӕй уарзы ӕмӕ йӕ кӕй нымайы. Хо Кэрол цӕры Хуссар Америкӕйы. Уый афтӕ загъта: «Зонын ӕй, мӕ сӕрыхицау кӕй рӕдидзӕн. Стӕй уыцы рӕдыдтытӕм цы цӕстӕй ракӕсын, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕимӕ мын цы хӕлардзинад ис, уымӕн аргъ кӕнын ӕви нӕ. Уымӕ гӕсгӕ архайын, цӕмӕй мӕ лӕджы коммӕ кӕсон, уымӕн ӕмӕ мӕ фӕнды мӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ рухс кӕнын».

11. Анисӕн цы ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕ лӕгӕн хатыр кӕна, ӕмӕ йӕ ныхӕстӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у?

11 Усмӕ афтӕ куы фӕкӕсы, ӕмӕ, цӕуыл мӕт кӕны, уый ӕмӕ йе ’нкъарӕнтӕ йӕ лӕгмӕ нымады дӕр не сты, уӕд ын йӕ лӕджы нымайын ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсын зындӕр вӕййы. Ахӕм уавӕры куыд ис бакӕнӕн? Хо Анис загъта: «Ӕз фӕархайын, цӕмӕй-иу мӕ лӕгмӕ ма смӕсты уон. Мӕ зӕрдыл фӕдарын, не ’ппӕт дӕр кӕй рӕдийӕм. Ӕмӕ мӕ фӕфӕнды, цӕмӕй-иу ын Йегъовӕйау зӕрдӕйӕ хатыр кӕнон. Куы йын ныххатыр кӕнын, уӕд ӕрсабыр вӕййын» (Пс. 86:5). Ус йӕ лӕджы рӕдыдтытӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд ын йӕ коммӕ кӕсын дӕр ӕнцондӕр вӕййы.

БИБЛИЙЫ КӔЙ КОЙ ИС, УЫДОНӔЙ ЦӔУЫЛ АХУЫР КӔНӔМ?

12. Библийы цавӕр адӕймӕгты кой ис?

12 Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, чидӕр кӕйдӕр коммӕ куы фӕкӕсы, уӕд уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ лӕмӕгъ адӕймаг у ӕмӕ йын йӕхи хъуыды нӕй. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Библийы ис, иннӕты коммӕ чи каст, бирӕ ахӕм адӕймӕгты кой. Фӕлӕ сӕ лӕмӕгъ схонӕн нӕ уыд. Ӕркӕсӕм, Йесойӕ, Авигейӕйӕ ӕмӕ Марийӕйӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕ.

13. Йесо Йегъовӕйы коммӕ цӕмӕн кӕсы? Бамбарын ӕй кӕн.

13 Йесо Йегъовӕйы нымайы ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсы. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕхӕдӕг ницы зоны ӕмӕ ницы ӕмбары. Адӕмы-иу куыд ахуыр кодта ӕмӕ сын алцыдӕр куыд хуымӕтӕгӕй ӕмбарын кодта, уымӕй бӕрӕг у, тынг зондджын кӕй у (Иоан. 7:45, 46). Йегъовӕ зыдта, Йесо алцӕмӕ дӕр кӕй арӕхсы. Ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ бар радта, цӕмӕй йын ӕххуыс кодтаид, ӕппӕт дӕр куы фӕлдыста, уӕд (Ӕмб. 8:30; Дзут. 1:2–4). Ӕмӕ Йесо куы райгас, уӕд ын Йегъовӕ радта «ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр» (Матф. 28:18). Фӕлӕ кӕд Йесо курдиатджын у, уӕддӕр Йегъовӕйы разамынд фӕагуры, уымӕн ӕмӕ йӕ Фыды уарзы (Иоан. 14:31).

14. Лӕгӕн цӕуыл дзурӕг у: а) Йегъовӕ сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый; б) Ӕмбисӕндты 31 сӕры цы фыст ис, уый?

14 Лӕг цӕуыл ахуыр кӕны? Лӕг йӕ усӕн йӕ сӕрыхицау кӕй у, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕ сылгоймӕгты нӕлгоймӕгтӕй дӕлдӕр ӕвӕры. Зӕгъӕм, Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдоны ’хсӕн ис сылгоймӕгтӕ дӕр (Гал. 3:26–29). Йегъовӕ йӕ Фыртӕн радта бартӕ, ӕмӕ уымӕй равдыста, кӕй йыл ӕууӕнды. Ӕмӕ ӕмбаргӕ лӕг дӕр йӕ бинойнагӕн дӕтдзӕн бартӕ. Библийы фыст ис, сӕрӕн ус цавӕр хъуыддӕгтӕ фӕаразы, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, йӕ бон у йӕ хъус дарын, цӕмӕй хӕдзары алцыдӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ уа. Йӕ бон у зӕхх балхӕнын ӕмӕ йӕ ауӕй кӕнын, стӕй базарады хъуыддӕгты архайын. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 31:15, 16, 18.) Ус цагъар нӕу. Ӕмӕ йын ис бар йӕ хъуыды зӕгъынӕн дӕр. Йӕ лӕг ыл ӕууӕнды ӕмӕ йӕм байхъусы. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 31:11, 26, 27.) Лӕг йӕ бинойнагӕн куы фӕкад кӕны, уӕд бинойнагӕн ӕхсызгон вӕййы йӕ коммӕ кӕсын ӕмӕ йӕ нымайын.

Йесо Йегъовӕйы коммӕ кӕй кӕсы, уымӕй ус цӕуыл ахуыр кӕны? (кӕс 15 абзац)

15. Ус Йесойы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕны?

15 Ус цӕуыл ахуыр кӕны? Йесо бирӕ хъуыддӕгтӕ сарӕзта, фӕлӕ йӕхи Йегъовӕйы дӕлбар бакӕнын худинагыл нӕ нымайы (1 Кор. 15:28; Фил. 2:5, 6). Раст афтӕ, алыхуызон хъуыддӕгтӕм хорз чи арӕхсы ӕмӕ Йесойы чи фӕзмы, уыцы бинойнагмӕ худинаг нӕ кӕсдзӕн, йӕ сӕрыхицауы коммӕ кӕй кӕсы, уый. Уый-иу йӕ сӕрыхицауы фарсмӕ ’рбалӕудзӕн, кӕй йӕ уарзы, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ фыццаджыдӕр Йегъовӕйы кӕй уарзы ӕмӕ йӕ кӕй нымайы, уый тыххӕй.

Авигейӕ Давидӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн хӕринӕгтӕ арвыста, ӕмӕ йӕм уый фӕстӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕрбацыд. Йӕ сӕрӕй йын зӕххы онг акуывта ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ масты фӕдыл ма ацӕуа ӕмӕ тӕригъӕд ма сараза (кӕс 16 абзац)

16. 1 Самуилы 25:3, 23–28 стихтӕм гӕсгӕ, Авигейӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

16 Авигейӕйӕн йӕ сӕрыхицау Навал уыди хиуарзон, сӕрбӕрзонд адӕймаг ӕмӕ хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зыдта. Фӕлӕ уӕддӕр Авигейӕ нӕ архайдта, цӕмӕй йӕ цардӕмбалӕй фервӕзтаид. Йӕ бон уыд Давиды ӕмӕ йӕ адӕмы бауадзын, цӕмӕй йын йӕ лӕджы амардтаиккой. Фӕлӕ Авигейӕ бацархайдта, цӕмӕй Навалы ӕмӕ се стыр бинонты бахъахъхъӕдтаид. Ахъуыды-ма кӕн, цы хъӕбатырдзинад равдыста, 400 гӕрзифтонг нӕлгоймаджы раз куы ’рлӕууыд, уӕд. Авигейӕ Давидимӕ уӕзданӕй ныхас кодта ӕмӕ дзы хатыртӕ куырдта, йӕ сӕрыхицау цы сарӕзта, уый тыххӕй. (Бакӕс 1 Самуилы 25:3, 23–28.) Давид бамбӕрста, Авигейӕ йын уынаффӕ кӕй радта, уый Йегъовӕйӕ кӕй уыд, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй стыр рӕдыдӕй кӕй бахызта.

17. Давид Авигейӕмӕ цы цӕстӕй ракаст, уымӕй лӕг цӕуыл ахуыр кӕны?

17 Лӕг цӕуыл ахуыр кӕны? Авигейӕ уыди ӕмбаргӕ сылгоймаг. Ӕмӕ йӕм Давид кӕй байхъуыста, уымӕй раст бакодта. Уый фӕрцы ӕнаххос адӕмы туг нӕ ныккалдта. Лӕгӕн йӕ бон у Давиды бафӕзмын. Исты ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын ӕй куы хъӕуа, уӕд лӕмбынӕг ахъуыды кӕндзӕн, йӕ бинойнаг цы дзуры, ууыл. Ӕмӕ, чи зоны, уый фӕрцы уынаффӕ хӕсгӕйӕ нӕ фӕрӕдидзӕн.

18. Ус Авигейӕйы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕны?

18 Ус цӕуыл ахуыр кӕны? Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йӕ чи нымайы, уыцы сылгоймагӕн йӕ бинонтӕ вӕййынц амондджындӕр, йӕ сӕрыхицау Йегъовӕйӕн куы нӕ фӕлӕггад кӕны кӕнӕ, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, ахӕм чырыстон куы вӕййы, уӕд дӕр. Ахӕм сылгоймаг нӕ фӕархайы, цӕмӕй цыфӕндыйӕ дӕр йӕ лӕгӕй фервӕза. Фӕлӕ йӕ фӕнымайы, йӕ коммӕ фӕкӕсы ӕмӕ афтӕмӕй фӕархайы, цӕмӕй йӕ лӕджы Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонын бафӕнда (1 Пет. 3:1, 2). Фӕлӕ лӕг куы нӕ ива, уӕддӕр Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыдзӕн, ус йӕ сӕрыхицауы кӕй нымайы ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй у.

19. Ус йӕ лӕджы коммӕ кӕд нӕ бакӕсы?

19 Ус йӕ лӕджы коммӕ нӕ бакӕсдзӕн, йӕ лӕг ын Библийы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ куы халын кӕна, зӕгъӕм, йе ’нӕуырнӕг сӕрыхицауы куы фӕнда, цӕмӕй асайа, адава кӕнӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ араза, уӕд. Чырыстӕттӕ иууылдӕр, уыимӕ моймӕдзыд хотӕ дӕр, фыццаджыдӕр хъуамӕ Йегъовӕйы коммӕ кӕсой. Хо не сразы уыдзӕн, йӕ лӕг ын Библийы уагӕвӕрдтӕ куы халын кӕна, уӕд ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй, фӕлӕ фидарӕй бамбарын кӕндзӕн, афтӕ цӕуылнӕ кӕны, уый (Хъуыд. 5:29).

кӕс 20 абзац *

20. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ Марийӕйӕн йӕ Хӕлар кӕй уыд?

20 Марийӕйӕн Йегъовӕ уыд йӕ Хӕлар. Куыд зыны, афтӕмӕй Марийӕ Фыстад хорз зыдта. Аргъауӕг Иоанны мад Елизаветӕимӕ куы ныхас кодта, уӕд 20 хаттӕй фылдӕр скодта Дзуттаг Фыстыты кой (Лук. 1:46–55). Стӕй ма ахъуыды кӕнӕм: кӕд Марийӕ Иосифимӕ фидыд уыд, уӕддӕр Йегъовӕйы зӕд фыццаг Иосифмӕ нӕ, фӕлӕ Марийӕмӕ фӕзынд ӕмӕ йын загъта, лӕппу йын кӕй райгуырдзӕн ӕмӕ уый Хуыцауы Фырт кӕй уыдзӕн (Лук. 1:26–33). Йегъовӕ Марийӕйы хорз зыдта ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ Фырты йын кӕй уарздзӕн ӕмӕ йыл кӕй батыхсдзӕн. Ӕмӕ, Йесо куы амард ӕмӕ фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уӕд уый фӕстӕ дӕр Йегъовӕ Марийӕйӕн уыди йӕ Хӕлар (Хъуыд. 1:14).

21. Марийӕйы тыххӕй Библийы цы фыст ис, уымӕй лӕг цӕуыл ахуыр кӕны?

21 Лӕг цӕуыл ахуыр кӕны? Чырыстон лӕгӕн ӕхсызгон вӕййы, йӕ бинойнаг Библи хорз куы фӕзоны. Афтӕ йӕм нӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йӕхи уӕлдӕр ӕвӕры. Уый ӕмбары, йӕ ус Библи ӕмӕ дзы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон хорз кӕй зоны, уый сӕ бинонтӕн стыр ӕххуыс кӕй у. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ус цыфӕнды ахуыргонд куы уа, уӕддӕр бинонты уырнындзинад фидар кӕнын у лӕджы хӕс (Еф. 6:4).

Йесойы мад Марийӕ Фыстад кӕй иртӕста ӕмӕ йыл кӕй хъуыды кодта, уымӕй усӕн фӕзминаг куыд у? (кӕс 22 абзац) *

22. Ус Марийӕйы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕны?

22 Ус цӕуыл ахуыр кӕны? Кӕд сӕйраджыдӕр лӕджы хӕс у йӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уа, уӕддӕр ус йӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ йӕ уырнындзинад фидар кӕна (Гал. 6:5). Уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕна, цӕмӕй Библи йӕхӕдӕг кӕса, иртаса йӕ ӕмӕ йыл арф хъуыды кӕна. Уый фӕрцы Йегъовӕйы уарздзӕн, нымайдзӕн ӕй ӕмӕ йын йӕ лӕджы коммӕ кӕсын ӕхсызгон уыдзӕн.

23. Чырыстон бинойнаг коммӕгӕс кӕй вӕййы, уый йӕхицӕн, йӕ бинонтӕн ӕмӕ ӕмбырдӕн цы пайда ӕрхӕссы?

23 Йегъовӕйы чи уарзы, уыцы сылгоймаг йӕ сӕрыхицауы коммӕ фӕкӕсы ӕмӕ йӕ фӕнымайы. Ӕмӕ ахӕм сылгоймаг, Йегъовӕ цы ӕгъдау сфидар кодта, уый чи ницӕмӕ дары, уыцы сылгоймӕгтӕй амондджындӕр вӕййы. Стӕй фӕзминаг вӕййы ӕрыгон нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ ӕрыгон сылгоймӕгтӕн. Ус йӕ лӕджы коммӕ куы кӕса, уӕд уый фӕрцы ӕрмӕст сӕ бинонты ’хсӕн нӕ уыдзӕн фарн, фӕлӕ ӕмбырды дӕр (Тит. 2:3–5). Абон Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн сӕ фылдӕр сты сылгоймӕгтӕ (Пс. 68:11). Ӕмӕ уӕлдай нӕу, нӕлгоймӕгтӕ стӕм ӕви сылгоймӕгтӕ – алкӕмӕн дӕр йӕ бон у бирӕ цыдӕртӕ аразын, цӕмӕй ӕмбырды уа фарн ӕмӕ иудзинад. Ӕмӕ иннӕ статьяйы ууыл аныхас кӕндзыстӕм.

131 ЗАРӔГ «Хуыцау цы баиу кодта, уый»

^ 5 абз. Йегъовӕ бинонтӕн цы ӕгъдау сфидар кодта, уымӕ гӕсгӕ ус хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа ӕмӕ йӕ коммӕ кӕса. Чырыстон лӕг ӕмӕ чырыстон ус куыд равдисдзысты, уыцы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый? Бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзысты, Йесойы цӕвиттонмӕ ӕмӕ, Библийы цы сылгоймӕгты кой ис, уыдоны цӕвиттонтӕм куы ’ркӕсой, уӕд.

^ 68 абз. НЫВ. Марийӕ Аргъауӕг Иоанны мад Елизаветӕимӕ куы ныхас кодта, уӕд йӕ бон уыд Дзуттаг Фыстытӕй скъуыддзӕгтӕ дзурын.

^ 70 абз. НЫВ. Цӕмӕй чырыстон бинойнагӕн йӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй хъуамӕ Библи иртасынӕн рӕстӕг хицӕн кӕна.